kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

О мад, ныййарӕг мад !

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие на день матери, в 1-4 кл. 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«О мад, ныййарӕг мад !»

Мад..!


  1. Мад. Хœрз цыбыр дзырд. Фœлœ дзы œппœт дуне дœр бацœудзœн. Зœххыл мадœй зынаргъ-дœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рис.

Бирœ поэттœ скодтой зарджытœ мадыл.

Мады нывтœ. ( Зарœг: « Мад» - Баллаев).


  1. Мад! Цœй диссаджы дзырд у, œвœдза! Адœймаджы уœнгты бауарзы ныфс, хъару. Сывœллонœн йœ фыццаг ныхас вœййы « мама». Царды рухс нын фенын кœны мад. Цас œнœхуыссœг œхсœвтœ арвиты, цас уарзондзинад радты йœ хъœбулœн.

Æз – сылгоймаг, цардаразœг дœн,

Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.

Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,

Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.


Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы

Æз – хœдзары минбœркады фынг

Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,

Фарн мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.


Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,

Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.

Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,

Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур.


  1. Фœлœ ныййарœджы зындзинœдтœ цотœй иутœ нœ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скœнынц йœ фыдœбонœн.


  1. Раст у ирон œмбисонд: « Йœ ныййарœджы чи нœ уарзы, уый никœй бауарздзœн».


  1. Мад у œппœты хœрзты райдайœн, дунейы цард-

дœттœг. Уымœн йœ зынтœ авдœнœй райдайынц.


  1. « Ныййарœг мад цœстыгагуыйау хъахъхъœнын

хъœуы» - фыста Къоста.


« Мады ном – œнусон».

(Чеджемты Æ).


Зœххыл ис иунœг хœзна царды

Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.

Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.

Фœсуры зœрдœйы фœллад.



О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,

Ды кœныс кœстœрты œнгом.

Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,

Æнусон чи скœны дœ ном.


Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,

Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.

Куырттаты стыр комы уœрœхы

Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.


Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,

Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.

Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй

Мœ удмœ хур цыма œркаст.


Цы хорз у, чи сбуц кодта мады

Æмœ йын чи радта œгъдау,

Зœххыл уый дзыллœты нымады

Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.

Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы

Хœрзудтœн риссынœ тœрсы

Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.

Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.


  1. Цоты хœс у ныййарœджы буц дарын, йœ хъыджы

ма бацœуын.


Мадмœ.


Бирœ фœрœвдыдтай,

О гыцци, мœн.

Арœх – иу аргъœуттœ

Кодтай мœнœн.


Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,

Авдœн уызтай,

« Ахуысс мын, айрœз мын!»

Заргœ дзырдтай…


  1. Мад зынаргъ у. Мады уарз. Мадœн маст ма кœн. Мадœй бузныг у. Мадмœ хъус.


Мœ нана.

Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,

Цас уарзын нанайы,

Фыны дœр йœ фœлмœн худт

Цœстытыл фœуайы.


Зымœгмœ мын бавœры

Чырыны фœткъуытœ,

Хъулон хъœдуртœй мœнœн

Саразы фœрдгуытœ.


  1. Кœддœриддœр мадыл ауд. Мадимœ хœларœй цœр. Мадау хœлар зœрдœ у.


Нœ сœртœй уын ныллœг кувœм.



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 3 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
О мад, ныййарӕг мад !

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 09.05.2023

Номер свидетельства: 631034

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(130) "«Мады бæллиц-йæ хъæбулы амондджын фидæн» (Къостай «А-лол-лай»-мæ гæсгæ)."
    ["seo_title"] => string(73) "mady_baellits_iae_khaebuly_amonddzhyn_fidaen_kostai_a_lol_lai_mae_gaesgae"
    ["file_id"] => string(6) "621692"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1672088996"
  }
}
object(ArrayObject)#873 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) "Тема:"Малан дын най,на фыдалты авзаг"."
    ["seo_title"] => string(31) "tiemamalandynnainafydaltyavzagh"
    ["file_id"] => string(6) "275279"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1452535335"
  }
}
object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(185) "«Мады ад – ныфсдæттæг, мады уарзт – тыхдæттæг» Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ» гæсгæ"
    ["seo_title"] => string(80) "mady_ad_nyfsdaettaegh_mady_uarzt_tykhdaettaegh_kochysaty_mukharbiedzhy_aemdzaevg"
    ["file_id"] => string(6) "355935"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478444629"
  }
}
object(ArrayObject)#873 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(135) "Презентация к открытому уроку«Мады ад - ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг»"
    ["seo_title"] => string(80) "priezientatsiia_k_otkrytomu_uroku_mady_ad_nyfsdaettaegh_mady_uarzt_tykhdaettaegh"
    ["file_id"] => string(6) "355948"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478445796"
  }
}
object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(59) "Ныййар?г?й амонд...Ц?й диссаг у, ц?!"
    ["seo_title"] => string(40) "nyiiaraeghaei-amond-tsaei-dissagh-u-tsae"
    ["file_id"] => string(6) "267311"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(12) "meropriyatia"
    ["date"] => string(10) "1450353186"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства