kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ныййар?г?й амонд...Ц?й диссаг у, ц?!

Нажмите, чтобы узнать подробности

1 архайæг                  Адæймаг кацыфæнды дзырдуатдæ йæ къухмæ куы райсы,уæд бирæ хсæнæй сызгъæрин стъалыйау ферттивы иу цыбыр дзырд, кæцы арæзт у æрмæстдæр æртæ дамгъæйæ. Кæд йæ арæзтмæ гæсгæ у цыбыр, уæддæр хъуыды у стыр,егъау, зæрдæмæдзæугæ.Уый у мад. 1997 азы 15 октябрыУæрæсейы Федерацийы паддзахадон Думæ сфидар крдта Федералон закъон бæрæгбон "Мады бон" бæрæг кæныны тыххæй. Ныр Уæрæссе "Мады бон" фæбæрæг кæны ноябры фæстаг хуыцаубон.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ныййар?г?й амонд...Ц?й диссаг у, ц?!»

Ныййарæгæй амонд...

Цæй диссаг у, цæ!


1 архайæг Адæймаг кацыфæнды дзырдуат дæр йæ къухмæ куы райсы,уæд бирæ дзырдты хсæнæй сызгъæрин стъалыйау ферттивы иу цыбыр дзырд, кæцы арæзт у æрмæстдæр æртæ дамгъæйæ. Кæд йæ арæзтмæ гæсгæ у цыбыр, уæддæр хъуыды у стыр,егъау, зæрдæмæдзæугæ.Уый у мад. 1997 азы 15 октябрыУæрæсейы Федерацийы паддзахадон Думæ сфидар кодта Федералон закъон бæрæгбон "Мады бон" бæрæг кæныны тыххæй. Ныр Уæрæссе "Мады бон" фæбæрæг кæны ноябры фæстаг хуыцаубон.

2 архайæг Мады тыххæй бирæ зындгонд адæм загътой сæ хъуыдытæ: зындгонд ромаг Марк Туллий Цицерон йæ фæстагæттæн фæдзахста:"Ныййарджытæм уарзондзинад у æппæт хорздзинæдты бындур".

3 архайæг Номдзыд францаг фыссæг Пьер Беранже дзырдта:"Мады зæрдæ у диссæгты æвидигæ суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та Уæлахизы тырысайы хуызæн , кæцы нын дæтты ныфс нæ царды фæндæгтыл цæугæйæ. Дæ нывонд фæуон, зæгъгæ, куы фæзæгъы мад , уæд нæ уый разæнгар кæны,фæндаджы хорзæхыл нæ æфтауы махæн ныфсæнцой уæвгæйæ . Ды дæ хæдзары къонайы хъарм æмæ рухс, йæ фарн, зæххыцъары æппæт бинонты кæрæдзийыл бæттæг, адæймагады æвидигæ суадон. Дæ фæлгонц, дæ уд æдзух нæ хъахъхъæнæг , нæ фæндаггон стъалы".

4 архайæг Стыр гуманист М. Горький дæу тыххæй загъта:" Дунейы æппæт сæрытсырдзинад дæр мадæлтæй цæуы.Ӕнæ хур дидинджытæ нæ райхалынц, уарзондзинад амонд нæй,æнæ сылгоймаг нæй уарзондзинад , æнæ мад нæй нæдæр поэт, нæдæр хъайтар."

5 архайæг Николай Огаревмæ ис ахæм ныхæстæ:

Я знаю , друг, что значит слово мать,

Я знаю - в нём есть мир любви чудесной.

Я знаю - мать прискорбно потерять.

6 архайæг Революцийы æвзонгады уæдындз Н. Островскийæн йæ мæлæты размæ цы ныхæстæ уыдысты : "Ис диссаджы Хуыцауы сконд , кæцыйы æдзухдæр хæсджын стæм мах . Уый у мад."

7 архайæг Тарас Шевченко фыста:

И в самых радостных краях

Не знаю ничего красивей,

Достойней матери счастливой

С ребёнком малым на руках.

8 архайæг Мад уый мæнæн зæды номы æмсæр ном у. Мадæн аргъ нæй нымайут æй, йæ зæрдæ райдзаст æмæ рухс цæмæй уа, ууыл архайут.Алчидæр йæ мады раз хæсджын у. Ӕнæ мадæлтæ махæй никуы ницы рауадаидю Фыста Абйты В.

9 архайæг Кæцыфæнды адæймагæн хорздзинадæй кæд йæ уды исты ис, уæд уый æппæты фыццагдæр у йæ мад æмæ фыдæй æмæ фыдæй рахæсгæ хорздзинад.Мад æмæ фыд .. Уыдон æцæгдæр зæрдæйы сызгъæрин базыртæ сты . Уый чираздæр бамбары, чи фæстæдæр. Фæлæ амондджын уый у , уыцы æцæгдзинад раздæр чи бамбары йæ царды мидæг.

10 архайæг Кæмæн ис мад

Кæмæн ис фыд

Уымæн - йæ цард

У адджын мыд

11 архайæг Мад - царддæттæг. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды расугъдзинад ... Уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр мады лæвæрттæ сты . Мад сæ куы нæ радта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры фæндаджы хъæбæрыл ссаргæ не сты. Мады уарзон дзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты , уыдон та цыма кæрæдзи æнгæс хотæ æмæ æфсымæртæ сты æмæ цард дæр уыдонæй рæсугъд у.

12 архайæг "Мад... Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъд бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæст мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæд ацы зæххыл нæй , фæлæ, уый буц даргæйæ , уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæ бамбарæн ис, циу амонд. Цæй тæхудиаг у уыцы кæстæр , хистæрты буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

...Мад... Уый диссаг у æвæдза. Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы.Йæ хъæбул та зæры- зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны æмæ йын хурбон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон - суазалæй. Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!" Чеджемты æхсар.



Чысылæй - иу дæ афтæ тынг нæ уарзтон,

Нæ-иу мæм хъардта афтæ арф дæ дзырд...

Фæлæ ныр-та мæ къæхтæй зæхх куы сбарстон,

Уæд бамбæрстон мæ фæсмойнаг радыд...

Ӕнæдон бæсты лæг куы вæййы балцы,

Уæд базоны æрмæстдæр доны ад...

Куы рацæрæм, куы рахæтæ мах алцы,

Ӕцæг уарзтæй дæ, бауарзæм уæд, мад.

  1. архайæг Мады кой скæнгæйæ адæймаджы цæстытыл ауайы æнæхъан;

Дун-дунейы æппæтæй адджындæр тыгъдад. Мад у цотæн сæ царддæттæг, мад цотæн сæ тыхдæттæг, мад у цотæн сæ æхсызгон æвдисæг, сæ цин, сæ рухс, сæ Ӕрдз загъта мадæн, цæмæй уа сæрæн, æдыхст, хатырджын, уарзон алы ран дæр Мад у царды домбай цæджындз, бындур.

  1. архайæг Мад у дунейы хæзнатæн сæ тæккæ ахсджиагдæр æмæ

зынаргъдæр. Мад у сбарæн кæмæн нæй, ахæм хорздзинад, стыр æнæкæрон амондджын тых. Дун-дунейы æрттивгæ хур. Дзырд мад йæ хуыз никуы аивдзан иу кæны зæххон хæлардзинад, фæлмæндзинад, зонындзинад, у æххуысы цæджындз, бинонты зæрдынцой, ахадгæ бинонты абетæ.

  1. архайæг Цæй зынаргь дæ, ыыййарæг.

Мæ зонгуытыл лæугæ дæ разы Куы кæнин æдзухæй лæггад,

Уæддæр дын дæ диссаджы хæрзтæ Нæ бафидин никуы, мæ мад.

Ӕлутоны хос у дæ кой дæр,

Дæ фенды - мæ зæрдæйы рухс.

Дæ цуры мæ зындзинад тайы,

Дæ цинæй мыл базыртæ зайы...

  1. архайæг Адæймаджы хуызæн адæймаг йæ сывæллæтты хъомыл кæны ныййарджытæн аргъ кæныныл, уæлдайдæр - мадæн.

  2. архайæг Кад æмæ намыс мадæн, арæнтæ кæй уарзондзинадæн нæй, æппæт дуне кæй риуæй хаст у! Адæймаджы рæсугьдцзинадæй цы ис, уый хурæ æмæ мады æхсырæй у, уый нæ æфсады цардмæ уарзондзинадæй.

  3. архайæг Мады къухæй цæуынц æнæкæрон хъомылад æмæ ахуырад. Мад у сабырдзинады мæсыг, къонайы амонд, артдзæсты фидыц, зæлдагау фæлмæн, уарзондзинады хицау.Уый хæссы сыгъдæг удварны хæзнатæ, тырны нывылдзинадмæ æмæ фæрныгадмæ.

  4. архайæг Ӕвæццæгæн, мады зæрдæйы хъæбулмæ уарзондзкнад куыд егъау у$ афтæ стыр у йæ быхсындзинад дæр. Ӕндæра Фыдыбæстæйы Стыр хæст æдзардæй чи фесæфт, уыцы хæстонты мадæлтæ куыд бафæрæзтой сæ хъæбулты фесæфт. Уыдонæй ма абон стам ис а зæххыл, чи нал ис, уыдон та мæрдты рухс талæтæ суадзæнт. Сæ рухс ном та кадимæ лæудзæн удæгæсты зæрдæты, сæ арæ: зарджытæ æмæ кадджыты.

Фыстæг мæ мадмæ.

20 архайӕг

Мæ фын фæлыгъди. Хуыссæг та мæ нæ' ахсы Хæстæг у бон, æвæццæгæн хæстæг... Уæдæмæ, цæй, мæ райгуырæн Кавказмæ Ныфыссон æз гъе ацы ’хсæв фыстæг.

Ыссыгьтон цырагъ ныккæнды æдæрсгæ.

Мæ чысыл пецы бафу кодтон арт..,

Салам дæуæн мæ райгуыраен хæхбæстæ, Ӕнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад

е

Ӕрвитын дын хæсты быдырæй абон Ӕрвитын дард Украинæй садам Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.

Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ,

Нæ хъæдынкъул, алыгбын хæдзар,

Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ,

Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.

Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,

Дыма та бадыс рудзынджы раз ныр,- Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй мыййаг кæд, Фæзæгьыс ды,- æрбазынид мæ фырт...»

Ӕз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ, Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.

Кæй дæм фæзыны хаттæй - хатг цæссыг... Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнмæ, Дзæгъæлы ма кæн, ма нана æнкъард!- Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,

Нæ дæ ды дæр, гъе афтæ иу, мæ мад. Фæуыдзæн хæст!... Нæ рæстдзинады кардæй Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст, Ӕмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

(«7 журавлей» слова и музыка Цаллагова Л.Н.)

21 архайæг Мад. .Ницавæр бæллæхтæ фæкъаддæр кæндзысты йæ

уарзондзинад йæ хъæбултæм. Мады тыххæй бирæ зæлдаг зарджытæ скодтой, бир ныхæстæ загътой. Фæлæ мады уарзт æппæтæй тыхджындæр у. Мады цард райдианæй кæронмæ у сгуыхтдзинад. Уый нын ратты цард. Уый нæ батавы йæ уды хъармæй зын сахат.

Зæххыл' ис иунæг хæзна царды

22 архайӕг

Ӕмæ уый мад у, мæ хур, мад,

Йæ рæвдыд cay дуртæм дæр хъары Фæсуры зæрдæйы фæллад...

23 архайæг Алы адæймагæн дæр йæ зæрдæ бацагайынц ныййарджыты рæвдыд æмæ йæ хъарм хъæбыс, йæ фæлмæндзйнад, йæ уарзондзинад, йæ рæслзæрдæйы аудындзинад, йæ цин æмæ хъыгтæ.

  1. архайæг Мады уыцы миниуджытæ чи фембары, уыды цот раст вæййы мады дун-дунейы æппæтæй цытджындæр, æппæтæй уарзондæр æмæ хорзæй щ ис, уыимæ кæй барынц.Мады ном сыгьдæгæй чи хæссы, уыцы ныййарджытæ кæдцæриддæр сæ кæстæрты тавынц сæ хурæмдых рæвдаугæ хæлардзинадæй. Мады уарзондзинад лæ мынæг кæны, йæхæдæг цыфæнды уæззау уавæры куы у уæддæр.

  2. архайæг Ирон адæмы хсæн цæры ахæм таурæгъ. Лæппу чызджы бауар семæ сфæнд кодта йæ ракурын. Йæ мойаджы зæрдæйы конд сбæрæг кæныны тыххæй лæппуйзен загыа5 цæмæн йын лæварæн æрхæсса йæ мады зæрдæ. Уый мады зæрдæ стыдта æмæ йæ йæ армы хæссы йæ уарзонæн, тагьд кæны, фæкæл æмæ та фесты. Уæд æм мады зæрдæ афтæ дзуры: «Ма тагьд кæн мæ хъæбул, фæцуддзынæ æмæ хохаг фæндагыл дæхи ныппырх кæндзынæ».

  3. архайæг Ахæм æвирхъау фыдракæнды фæстæ дæр мад хъуыды кодта хъæбулыл, йæ сырд хъæбулыл. Уый мады зæрдæ бадаргь кодта чызгмæ. Чызг фырдиссагæй йæхи иуырдæм аппæрста æмæ загъта: «Фесæф! Йæ мадæн афтæ бакодта, уый нæу мæн аккаг дæр æмæ царды аккаг дæр».

  4. архайæг Хурбон арв ныЦцæлхъ ласта! Зæхх ныррызти лæппуйы къæх бын, сæрсæфæн дзы февзæрд, æмæ уым ныххауд. Уым ын йæ туг бацъырдтой цыдæр хъылма цæрæгойтæ, фæлæ мады зæрдæмæ нæ бавнæлдтой!

  5. архайæг , Хъахъхъæнут ныййарджыты! Чи йæ бахъыгдары, уымæн нæ хатыр кæнынц нæдæр Хуыцау, нæдæр Зæхх, нæдæр Дон, нæдæр Рухс, нæдæр Уæлдæф, нæдæр Космос.

  6. архайæг Мад.. .Мад ратты сывæллонæн цард, хъомыл æй кæны æвæллайгæ, йæ удæй арт фæуадзы уымæн царды раст фæндаг бацамоныныл.Кæцыфæнды цот хъомылгæнæг дæр амондджын уæд вæййы, æ* йæ сывæллæттæ сæ развæндагыл хайыр къахдзæфтæ куы кæной, хорздзинадм; куы тырной.

  7. архайæг Уымæн фервиты æнæхуыссæг æхсæвтæ йæ авдæны уæлхъус v уымæн фæцин кæны йæ фыццаг къахдзæфтыл, йæ фыццаг иугай дзырдтыл, уый фæстæ йæ ахуыры æнтыстытыл.

  8. архайæг Мад! Дæ уарзондзинадæй сыгъдæгдæр нæй, ды æдзухдæр дæ катайы, фæлæ дæ маст никуы исыс, къуырттон карк йæ цъйуты куыд хъахъхъæны афтæ хъахъхъæныс дæ сабиты, фæстæмæ сæ дæхицæн ницы домыс, сæхи хорздзинадæй.

32 Ныййарæг! Ды дæ æппæт дугты сабиты царды гуырæн. Уыдон дын сты æдзухдæр зынаргъ, мах дын никуы ферох кæнæм дæ зондамонæнтæ: «Царды сайрагдæр сты Рæстдзинад. Хорздзинад, Рæсугъдзинад æмæ тæрсу: мæгуырдзинадæй».



  1. архайæг Ныййарæг мад.

Ныййарæг мад, дæ рæвдыдæй Нæ дæн æз никуы цух.

Дæ бафхæрдыл æнæвгьауæй Ныккалдзынæн мæ туг.

Ныййарæгæн йæ фæлмæн къух Хъæдгæмттæ дæр ныхасы.

Хæрзты хæрзтæн сæ хуыздæр дæр Куы ницы у йæ разы.

Ныййарæгæн йæ фæндыйаг Кæддæриддæр уæд фырт.

Фырт та фыдæн, ныййарæгæн Йæ фæстæ уæд йæ цырт.

Тогойты - Цæболты Любæ

  1. архайæг Дунейы куырыхонтæ æмхъæлæсæй дзæгьæлы нæ дзырдтой, адæймагады фидæн мады къухты кæй ис, уый Хетæгкаты Къоста фыста:

«Нет, тебя никто не заменит,

Дорогая, родимая мать!»

  1. архайæг Абон бирæ рæсугъд ныхæстæм байхъусгæйæ, нæ размæ цы хæс ис, уый фæегъаудæр. Уымæн æмæ: (Все поочереди говорят)

Мад у ныййарæг

Мад у хæххон стъалы

Мад у бинонты мæсыг

Мад у сабиты царды гуырæн

Мад у дунейы æппæт сæрыстырдзинад

Мад у хуыцауы сконд

Мад у абарæн кæмæн нæй, ахæм адæймаг

Мад у зæд

Мад у сызгъæрин базыр Мад у цардцæттæг Мад у уды рæсугъддзинад

Мад у дунейы хæзнатæн сæ тæккæ ахеджиагдæр.

Бирæ мæсгуытæ уыд Ирыстоны хæхты, фæлæ Къоста цы намысы мæсыг самадта, уымæн æмбал дзы нæй..

Дунейы хæрзтæн сæ диссагдæр - Мад,

Цардæн йæ цин у уый, цардæн йæ ад.

Мадæн йæ уарзтæй у зæрдæ бæрзонд,

Мады фæлмæн уарзт нæ кæны зæронд.

Амондæй исчи уыди кæд æххæст,

Мады рæвдыдæй, уæд мады æрмæст.

Йе ’сдзырд, йæ бахудтæй схъарм вæййы дур,

Ие ’схуыст ныхасæй дæр ракæсы хур.

Чеджемты Ӕхсар.

  1. архайæг «Зæрдæбын ныхас хур у, дæрзæг ныхас - тæркъæвда», - афтæ дзырдтой нæ фыдæлтæ. Фæскъæвда хурбоны хуызæн сты Къостайы зарджытæ ирон зæрдæ, ирон зæххæн.



  1. архайæг Ӕмæ кæддæр Нары уæзæгыл Ирыстонæн ахæм лæппу чи балæвар кодта, уыцы сызгъæрин мады ном мысынæн Чеджемты Ӕхсар ныффыста

зарæджы ныхæстæ «Ныййарæгæй амонд»

Архайæг «Ныййарæгыл зарут, ныййарæг æмбарут,

Все вместе ныййарæгæй амонд, цæй диссаг уфцæ!»

Ныр та ныхасы бар дæттæм нæ зынаргь уазджытæн.








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: Прочее.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Ныййар?г?й амонд...Ц?й диссаг у, ц?!

Автор: Цаллаева Лидия Касболатовна

Дата: 17.12.2015

Номер свидетельства: 267311


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства