kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Мады ад – ныфсдæттæг, мады уарзт – тыхдæттæг» Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ» гæсгæ

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темӕ: «Мады ад - ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг.»

Ӕмбисонд.

(Кочысаты М. ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»гӕсгӕ)

Урочы нысантӕ:1.Ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»-йы анализы бындурыл литер.уацмыс ӕвзарыны арӕхстдзинадыл бакусын.

Раргом кӕнын ныййарӕгмады уарзты ныфсдӕттӕгтыхы ахадындзинад хъӕбулы хъомылады ӕмӕ царды.

Мад ӕмӕ Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад хъомыл кӕнын. Урочы фӕлгонц: 1. Презентаци «Хӕст ӕмӕ Ирыстоны ӕдзард поэттӕ.»

Зарджытӕ «Хъӕмӕ», «Фыстӕг мӕ мадмӕ».( Ныхӕстӕ Кочысаты М. муз.Мыстулаты И., зары Баллаты В.)

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Мады ад – ныфсдæттæг, мады уарзт – тыхдæттæг» Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ» гæсгæ»

Дзебысаты Зарæ


Ирон литературӕйы урок 10-ӕм къласы.


Темӕ: «Мады ад - ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг.»

Ӕмбисонд.

(Кочысаты М. ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»гӕсгӕ)

Урочы нысантӕ:1.Ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»-йы анализы бындурыл литер.уацмыс ӕвзарыны арӕхстдзинадыл бакусын.

Раргом кӕнын ныййарӕгмады уарзты ныфсдӕттӕгтыхы ахадындзинад хъӕбулы хъомылады ӕмӕ царды.

Мад ӕмӕ Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад хъомыл кӕнын. Урочы фӕлгонц: 1. Презентаци «Хӕст ӕмӕ Ирыстоны ӕдзард поэттӕ.»

Зарджытӕ «Хъӕмӕ», «Фыстӕг мӕ мадмӕ».( Ныхӕстӕ Кочысаты М. муз.Мыстулаты И., зары Баллаты В.)

Кочысаты М. цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй ӕрмӕджытӕ Цӕгат Ирыстоны ирон литер-йы национ

музе йӕ (Лектор: Музейы хистӕр наукон кусӕг ЧъерджиатыЛ.)

Урочы эпиграф: « Мад йӕ иунӕг хъӕбулы фӕхаста.

Бонӕй - бонмӕ йӕ цӕрайӕ рад.

Сыстад хӕст ӕмӕ хъӕбулы байста.

Ӕмӕ баззад хӕрзиунӕгӕй мад.»

Хостыхъоты Зинӕ

Урочы ЦЫД.

Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Ахуыргӕнӕджы ныхас: Абон нӕ ныхасы сӕр уыдзӕн ӕдзард поэт Кочысаты М.ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ» ӕмӕ уый

бындурыл райхӕлдзӕн нӕ урочы темӕ:»Мады ад-ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг.»

(Скъоладзаутӕ фыссынц урочы темӕ тетрӕдты)

Ног ӕрмӕгыл куыст.

1.Ахуыргӕнӕджы разныхас.1941-1945 азты Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕст... ӔппӕтУӕрӕсейы адӕмыхӕттыты хъӕбулты ӕмрӕнхъ ӕрлӕууыдысты Ирыстойнаглӕппутӕ дӕр райгуырӕн зӕххы сӕрвӕлтау знаджы ныхмӕ.Уыдон бӕрзонд систой аланты ӕгьдау: размӕ бырсгӕйӕ разӕй цыдысты, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ та-ӕппӕты фӕстӕ.

(Скъоладзаутӕ хӕсты хъӕбатырты мыггӕгтӕ дзурынц)

Ахуыргӕнӕг. Цал ӕмӕ цал ныййарӕг мады баззад хъӕбулмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хӕсты фӕстӕ.

(эпиграф бакӕсын)

Нал федта йӕ мад ӕдзард поэт Кочысаты Мухарбеджы дӕр.Йе мдзӕвгӕтимӕ зонгӕ стӕм суанг кӕстӕр кълӕстӕй.

Фарст: Цавӕртӕ дзы лӕууы уӕ зӕрдыл?

(«Хъама», «Фӕстаг салам»,« Мӕ хӕс», 1941-1945 азты Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕст... ӔппӕтУӕрӕсейы адӕмыхӕттыты хъӕбулты ӕмрӕнхъ ӕрлӕууыдысты Ирыстойнаглӕппутӕ дӕр райгуырӕн зӕххы сӕрвӕлтау знаджы ныхмӕ.Уыдон бӕрзонд систой аланты ӕгьдау: размӕ бырсгӕйӕ разӕй цыдысты, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ та-ӕппӕты фӕстӕ.

(Скъоладзаутӕ хӕсты хъӕбатырты мыггӕгтӕ дзурынц)

Ахуыргӕнӕг. Цал ӕмӕ цал ныййарӕг мады баззад хъӕбулмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хӕсты фӕстӕ.

(эпиграф бакӕсын)

Нал федта йӕ мад ӕдзард поэт Кочысаты Мухарбеджы дӕр.Йе мдзӕвгӕтимӕ зонгӕ стӕм суанг кӕстӕр кълӕстӕй.

З.Ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»-йы анализ (беседӕ)

Ноджы фӕлмӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕны Мухарбег йӕ ныййарӕг мадимӕ ӕмдзӕвгӕ «Фыстӕг мӕ мадмӕ»-йы.

Дзырдуатон куыст .(Слайд)

Ныккӕнд —1) подвал, погреб;

2) землянка.

Ӕдӕрсгӕ -1)старательно;

2)смело (ӕдасӕй)

Ӕлыг -глина Сӕрӕгас -удӕгас, цардӕгас (тетрӕдты сӕ ныффыссын)


1.Кӕм ӕмӕ цы уавӕры фыссы Кочысаты М.йе мдзӕвгӕ?


2.Цы уайы поэты цӕстытыл? Ссарут уыцы бынӕттӕ.


3.Поэт фыццаг салам кӕмӕн дӕтты? Уый фӕстӕ та кӕмӕ дзуры?


4.Цавӕр хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ дзырдтӕй дзуры йӕ ныййарӕг мадмӕ?


5.Ӕмӕ та ногӕй цы уайы йӕ цӕстытыл? (бакӕсын чиныгӕй)


Ахуыргӕнӕг: Дарддӕр ӕвдисы мады тыхст уавӕр, йе нкъарӕнтӕ.

(бакӕсын ӕмдзӕвгӕйӕ уыцы хай)


Поэт мады сагьӕсты фӕрцы ӕргом кӕны йӕхи уавӕр. Мухарбеджы мад иунӕг нӕу. Бирӕ ныййарджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ хъӕбултӕм хӕсты быдырӕй ӕрыздӕхынмӕ, фӕлӕ уӕддӕр хъӕддых лӕууынц. Хӕцӕг ӕфсӕддонтӕн та ,мадӕлты уарзт ӕмӕ фӕразондзинад дӕтты тых, ныфс хӕсты цӕхӕры знагимӕ тохы.(Урочы темӕйы ӕмбисонд бакӕсын: «Мады ад-ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг»).Мады ныфсдӕттӕг тых ӕркӕны Мухарбеджы оптимистон хъуыдымӕ. Фидарӕй йӕ уырны, хӕст кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ мадмӕ сӕрӕгасӕй кӕй фӕзындзӕн.( бакӕсын ӕмдзӕвгӕйы фӕстаг строфа).


Ныййарӕджы уарзт хъӕбулы кады фӕндагыл кӕй саразы, ӕгадӕй йӕ кӕй бахъахъхъӕны, уый мах уынӕм суанг Нарты кадджыты. Сатана Сосланы ахуыр кӕны кад ӕмӕ ӕхсарыл. Ацы традици ӕвдыст цӕуы литературой уацмысты дӕр. Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби»- йы Хазби фын федта ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ мадӕн. Мад бӕргӕ бамбӕрста, йӕ хъӕбул знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ кӕй нал аирвӕздзӕн, фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ баурӕдта ӕмӕ йӕ куы фӕндараст кодта ,уӕд ын скуывта: «Дзыллӕйы хъуыддаг кӕныс ӕмӕ арфӕйаг у. Мӕ фӕллӕйттӕ дын хӕлар кӕнын.Цӕугӕ!» Джыккайты Ш. ӕмдзӕвгӕ «Мад»-ы мад зоны, йӕ фырт тӕссаг уавӕры кӕй ис, фӕлӕ не сразы знӕгты фӕндыл ӕмӕ скуывта Хуыцаумӕ: «...Хуыцау, мӕ фырты баиргъӕв ӕгадӕй.»


Ӕмдзӕвгӕйы аивадон мадзӕлттыл куыст.

а)Ссарын ӕмдзӕвгӕйы сидӕнтӕ.Дзургӕйӕ сидӕнтӕ куыд хицӕн кӕнӕм?

б)Ссарын ӕмдзӕвгӕйы инверсийы дӕнцӕгтӕ.

в)Ссарын фразеологизмтӕ.

г)Бакӕсын рӕнхъытӕ:

Ӕрвитын дын хӕсты быдырӕй абон,

Ӕрвитын дард Украинӕй салам.

Дыууӕ рӕнхъы дӕр райдыдтой уыцы иу дзырдӕй.(анафорӕ)

Д) Ссарын ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъыты иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

4.Ӕмдзӕвгӕйы ныхӕстыл фыст зарӕгмӕ байхъусын.

Фарст. Уӕ зӕрдыл уын цавӕр зарӕг (хӕсты цаутыл фыст) ӕрлӕууын кодта?

( «В землянке» автортӕ:А. Сурков. К.Листов.)

5.Хатдзӕгтӕ.

Фарст. Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Кочысаты М. ӕмдзӕвгӕ?

(Слайдыл фыст урочы хатдзӕгтӕ)

Алы адӕймагӕн дӕр йӕ хӕс у ныййарӕг мад ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕ уарзын.

Кӕд ныййарӕг мад хӕсты ныхмӕ у, уӕддӕр йӕ хъӕбулы никуы бауромдзӕн, райгуырӕн зӕхх зын уавӕры куы уа, уӕд.


Ӕдзард хӕстонтӕн кад кӕнын.


6.Хӕдзармӕ куыст.Ӕмдзӕвгӕ сахуыр кӕнын наизусть.


7.Цӕгат Ирыстоны ирон литературӕйы национ музейы хистӕр наукон кусӕг Чъерджиаты Л. беседӕ скъоладзаутимӕ.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 10 класс.
Урок соответствует ФГОС

Автор: Дзебисова Заира Филипповна

Дата: 06.11.2016

Номер свидетельства: 355935


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства