kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Мады бæллиц-йæ хъæбулы амондджын фидæн» (Къостай «А-лол-лай»-мæ гæсгæ).

Нажмите, чтобы узнать подробности

Райгуырæн бæстæмæ, ирон адæмон  сфæлдыстадмæ; ахуыр кæнын скъоладзауты ныййарæг мадæн стыр аргъ кæнын, йæ фæ-

дзæхстытæ йын æххæст кæнын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Мады бæллиц-йæ хъæбулы амондджын фидæн» (Къостай «А-лол-лай»-мæ гæсгæ).»

Гом урок ирон

литературæйæ 5-æм къласы.



Темæ: «Мады бæллиц- йæ хъæбулы амондджын фидæн »(Къостайы «А-лол-лай»-мæ гæсгæ.)







Бацæттæ кодта 40-æм

скъолайы ахуыргæнæг

Гогаты У.З.







Дзæуджыхъæу 21.12. 2021 аз.





Темæ: «Мады бæллиц-йæ хъæбулы амондджын фидæн» (Къостай «А-лол-лай»-мæ гæсгæ).

Урочы нысан:1.Къостайы æмдзæвгæ «А-лол-лай»-имæ

базонгæ кæнын скъоладзауты. Абарын æй

адæмон сфæлдыстадæй ист «Авдæны зарæг»

æмæ Лермонтовы «Казачья колыбельная

песня»-имæ.

2.Кусын раст æмæ аив кастыл, скъоладзауты

ныхасы рæзтыл.

3.Скæнын хъомыладон куыст: рæзын кæнын

скъоладзаутæм уарзондзинад мадæлон æв-

загмæ, Райгуырæн бæстæмæ, ирон адæмон

сфæлдыстадмæ; ахуыр кæнын скъоладзауты

ныййарæг мадæн стыр аргъ кæнын, йæ фæ-

дзæхстытæ йын æххæст кæнын.



Цæстуынгæ æрмæг

æмæ техникон фæрæзтæ: проектор, урочы темæмæ гæсгæ

презентаци, Къостайы «Ирон фæндыр», куклатæ.





Урочы цыд:

l.Бацæттæгæнæн рæстæг. Ахуыргæнæджы разныхас.

Æз зонын ,сымахæй бирæтæн ис кæстæр хотæ æмæ æфсымæртæ. Гыццыл сывæллонмæ фынæй кæнын куы фæцæуы,кæнæ истæмæй куы фæтыхсы, уæд кæугæ дæр акæны. Куыд басабыр кæнут сывæллоны сымæх кæнæ уæ мад? (Скъоладзаутæм раттын куклатæ, цæмæй равдисой, куыд сабыр кæндзысты сывæллæтты, уый ).

(1-аг слайд: Мад сывæллонимæ.)

2.(Дыууæ чызджы радыгай зарынц «сывæллонæн» авдæны зарджытæ).

1-аг чызг: Ло-ло,ло-ло,а-ло-ло!

Лæппу фынæй акæна!

Æцитт, гино, ма та уас,

Йæ баппа йын ма алас.

Бауадз фынæй чысылы-

Фена дæ уый йæ фыны.

Æцитт, рацахс мыстытæ,

Мыстытæ ‘мæ уæрццытæ!

Мысты бахæр дæхæдæг,

Уæрццы авæр чысылæн!

Уый йын баппа дæтдзæни,

Хъæбыстæ йын кæндзæни!

Ды дæр семæ уыдзынæ,

Аргъæуттæ сын кæндзынæ:

Куыд басдæрдтай æхсыртæ,

Куыд бахордтай гуымбылтæ,

Фынгæй дзидза куыд ластай,

Уæд дæ нана куыд ахста,

Уисæй дæ уый куыд надта!

2-аг чызг:

Алолотæ,цыцытæ,

Ахуысс, айрæз,мæ хъæбул!

Ды мæ дарæг уыдзынæ.

Æцитт, гæды, ма ‘рбацу,

Ахуысс, ахуысс, афынæй кæн.

Алолотæ кæн.

Урс уæрыкк дын æрбауон.

Уæ, мæ чысыл царды ныв.

Хъæлдзæгæй мын схъомыл у,

Кæд мæ зæрондæй фæдарис.

Ахуысс, мæ буц дидинæг.

Уæ дæ нывонд æрбауон,

Алолай кæн.

-Цы кусынц дыууæ чызджы?(Зарынц).

-Цавæр у сæ ныхас?(Фæлмæн,рæвдаугæ).

-Кæд фæзарынц ацы зарджытæ?(Сывæллон фынæй кæнгæйæ).

-Цавæр предметимæ баст сты ацы зарджытæ?Базонут уыци-уыци.

(Цæуы,цæуы æмæ никæдæм хæццæ кæны.(Авдæн).)

(2-аг слайд : авдæны ныв)

3.Цыбыр хъусынгæнинаг авдæны тыххæй дзурынц сывæллæттæ.(Проектон куыст). (

-Цавæр зарджытæ сты?(Авдæны зарджытæ).

-Цæмæн хъæуынц авдæны зарджытæ?(Цæмæй сывæллон тагъддæр афынæй уа).

-Куыд уæм кæсы,цæмæ фæбæллы алы ныййарæг мад дæр?(Йæ хъæбул дзæбæхæй бахъомыл уа).

-Алы адæмтæм дæр ис авдæны зарджытæ? (О).

(3-аг слайд: уырыссаг авдæны зарджытæ)

Хъусынгæнинаг «Колыбельные песни».

Колыбельная песня является одним из древнейших жанров фольклора. Обычно это мелодия или песня, напеваемая людьми для успокаивания и засыпания. В основном колыбельную поёт мать своему ребёнку. Отличительным признаком колыбельной песни является её цель - достичь засыпания ребёнка. Для исполнения этих песен достаточно только голоса. Исследования современных учёных показывают, что колыбельные песни вызывают у ребёнка чувство психологической защищенности. Они несут в себе пожелания добра и благополучия своему ребёнку со стороны матери, уверенность в том, что он будет здоров и счастлив.

Через выражение любви к ребёнку со стороны взрослого, которым пронизана колыбельная, дети учатся понимать «доброе» и «злое», закладываются основы человеколюбия и гуманизма ко всему живому.

Колыбельные играют роль в ознакомлении ребёнка с окружающей жизнью: традициями, обычаями, бытом собственного народа, способствуют развитию речи детей, формированию умения видеть и понимать красоту родного языка, воздействуют на воспитание эстетических чувств ребёнка.

В данном жанре сохранились элементы заговора - оберега. Люди верили, что человека окружают таинственные враждебные силы, и если ребёнок увидит во сне что-то плохое, страшное, то наяву это уже не встретится. Вот почему в колыбельных песнях можно найти «серенького волчка» и других пугающих персонажей. Позже колыбельные песни приобретали значение доброго пожелания на будущее. Поскольку песня сопровождалась мерными покачиваниями ребёнка, в ней очень важен ритм.

К сожалению, многие современные мамы не понимают воспитательной ценности малых фольклорных форм в развитии детей, не поют своим детям колыбельные, ссылаясь на отсутствие музыкальных способностей и дефицита времени.

- Алы сывæллон дæр фехъусы авдæны зарджытæ? Цæуылнæ? (Мадæлтæ нал зонын авдæны зарджытæ, стæй кæмæн дæр та нæ вæййы, чи сын зара, уый.)

(4-æм слайд: Эпиграф: «Скæсæйнаг бæстæты æвзæр адæймагæй фæзæгъынц: «Амæн гыццылæй авдæны зарджытæ нæ кодтой».)

Мæн фæнды сымахæн равдисын ахæм сылгоймаджы къам, кæцы схъомыл кодта 83 сывæллоны, уыдонæй æрмæст 2 сты йæхи. Уый у Сорокина Татьянæ. Цæры Ростовмæ хæстæг иу гыццыл горæты. Баххуыс кодта алы кары сывæллæттæн Кæмæн дæр дзы авдæны зарджытæ кæнын хъуыди, кæмæн та ног цардмæ фæндаг бацамонын.

(5-æм слайд :Т.Сорокинайы къам æд сывæллæттæ).



-Адон сты адæмон зарджытæ.Куыд уæм кæсы авторон авдæны зарджытæ дæр вæййы?(Уæдæ).Кæй зарæг æвзардзыстæм,уый ма базонут.

Уый райгуырд Нары хъæуы.Хæрз чысыл куы уыд,уæд амард йæ мад.Авдæны зарджытæ йын кодта,йæ мады йын чи баивта,уыцы Чендзе.Ныййарæг мадæй йæ къаддæр нæ уарзта…(Къоста).

Равдисын слайд урочы темæимæ.

lll.Ног æрмæг:

Цыбырæй зæрдыл æрлæууын кæнын Къостайы царды хæбæрттæ.

(6-æм слайд: Къостайы мад æмæ фыды къамтæ).

-Цæмæ бæллыд Къоста? (Цæмæй ирон адæм хорз цæрой, мауал тухæн кæной).

(9-æм слайд: Зын царды нывтæ).

-Къоста тынг бирæ уарзта сывæллæтты, фæндыди йæ, цæмæй сывæллæттæ иууылдæр хорз цæрой, фæлæ ,хъыгагæн , уыцы фæндонæн сæххæст кæнынæ фадат нæ уыд.Сæ зын царды нывтæ сын æвдыста йæ уацмысты.

(10-æм слайд : Хорз царды нывтæ).

Уыцы рæстæг дæр æппæт сывæллæттæ нæ цардысты зын уавæрты. Хъæздыг хæдзары сывæллæттæн сæ цард зын нæ уыд. Хæринаг æмæ сæ дзаумайы мæт нæ уыд.

-Абон нæ урочы дзурæм авдæны зарджыты тыххæй. Ацы æмдзæвгæ дæр у авдæны зарæг.

(11, 12, 13 слайдтæ: дзырдуатон куыст.)

Æмдзæвгæйы сæмбæлдзысты зынæмбарæн дзырдтæ æмæ сæ равзарæм.



Æрчъиаг-стуры хусгонд,æнæтынд царм.

Æрчъитæ-æрчъиагæй конд дзабыртæ,арæхдæр сæ дардтой хæхбæсты.

Æргъом-æккойæ цы уаргъ фæхæссынц,уый.Сугты,хосы,пыхсы æргъом.

Мæхъи-хохы хосы мæкъуылы бын цы бæрз уисæй быд кау февæрынц,уый.



Ахуыргæнæджы разныхас.Къоста йе сфæлдыстады парахатæй пайда кæны

адæмон поэзийæ, адæмон зарджытæй. Йе 'мдзæвгæтæй дæр бирæтæ схуыдта зарджытæ: «Ногбоны зарæг», «Балцы зарæг», «Мæгуыры зарæг», «А –лол-лай»-æн дæр ис схонæн авдæны зарæг.(Зæрдывæрдæй зары чызг Къостайы æмдзæвгæ «А-лол-лай».

lll .Æмдзæвгæйы аив каст. «А-лол-лай» -йы аив каст (кæнæ радзурын).

lV.Беседææмдзæвгæйы мидис æмæ сæйраг хъуыды раргом кæнынæн:

-Фыццаг строфайы цæмæ бæллы мад? (Стыр лæг мын ысуай!)

-Дыккаг строфайы та?(Искуы кæд æсуис мæ дарæг…)

-Æртыккаг строфайы цы базыдтам? (Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн

Сау хæххон куыстæй.)

-Цавæр фидæн æнхъæлмæ кæсы сабимæ? (Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,

Къахис митбынæй мæхъитæ,

Стонг æмæ сыдæй…

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…)

-Цы фæдзæхсы мад фæстаг строфайы? (Уарз нæ бæстæ,Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ,Ма сæ бафæллай!)

-Куыд хонæм йæ бæстæ чи уарзы, иузæрдион ыл чи у, уыцы адæймаджы?(Патриот).

(Ахуыргæнæджы ныхас, ныййарджытæ сæ сывæллæтты сæ гыццылæй фæстæмæ райгуырæн бæстæ уарзыныл куыд ахуыр кодтой, уый тыххæй.)

-Уæ разы адæмон авдæны зарæг æмæ Къостайы «А-лол-лай». Цавæр æмхуызон дзырдтæй пайдагонд æрцыд дыууæ зарæджы?Цæуыл дзурæг у уый? (Урс уæрыкк дын уон! О, мæ бон! А-лол-лай! Ахуысс ,цæй!- дзурæг у ууыл, æмæ Къостæ йæ æмдзæвгæ ныффыста адæмон зарæджы бындурыл).

V.Ног æрмæг ныффидар кæнынæн абарын «А-лол-лай» æмæ Лермонтовы «Казачья колыбельная песня».

14 слайд. Лермонтов æмæ Къостайы къамтæ.

Бирæ фысджытæ ныффыстой авдæны зарджытæ, уыдонимæ Лермонтов дæр.Йæ авдæны зарæг хуыйны «Казачья колыбельная песня». Зарæг фыст æрцыд адæмон зарæджы бындурыл. Фехъуыста йæ иу æрыгон хъазахъхъаг сылгоймагæй. Уый йæ Терчы был бадгæйæ зарыд йæ гыццыл сывæллонæн.

Казачья колыбельная песня. ( М.Ю. Лермонтов).

Спи, младенец мой прекрасный,

Баюшки-баю.

Тихо смотрит месяц ясный

В колыбель твою.

Стану сказывать я сказки,

Песенку спою;

Ты ж дремли, закрывши сказки,

Баюшки – баю.

По камням струится Терек,

Плещет мутный вал;

Злой чечен ползет на берег,

Точит свой кинжал;

Но отец твой старый воин,

Закален в бою:

Спи ,малютка, будь спокоен,

Баюшки – баю.

Сам узнаешь, будет время,

Бранное житье;

Смело вденешь ногу в стремя

И возьмешь ружьё.

Я седельце боевое

Шёлком разошью…

Спи , детя моё родное…

Батюшки-баю.

Богатырь ты будешь с виду

И казак душой.

Провожать тебя я выйду-

Ты махнешь рукой …

Сколько горьких слез украдкой

Я в ту ночь пролью!..

Спи, мой ангел, тихо сладко,

Баюшки-баю.

Стану я тоской томиться,

Безутешно ждать;

Стану целый день молиться,

По ночам гадать;

Стану думать, что скучаешь

Ты в чужом краю…

Спи ж, пока забот не знаешь,

Баюшки-баю.

Дам тебе я на дорогу

Образок святой:

Ты его ,маляся богу,

Ставь перед собой;

Да, готовясь в бой опасный,

Помни мать свою…

Спи ,младенец мой прекрасный,

Баюшки-баю.

-Абарын Къостайы æмæ Лермонтовы æмдзæвгæтæ.

-Дыууæ мады дæр бæллынц, цæмæй сæ хъæбултæ дзæбæхæй бахъомыл уой. Мацæуыл тыхсой. (Стыр лæг мын ысуай! А-лол-лай!

-Спи, малютка, будь спокоен

Баюшки-баю.)

-Дыууæ мады дæр хъусын кæнынц, цы цард сæм æнхъæлмæ кæсы, уый. (Искуы мын куы схъомыл уаис, Уæд ды дæр дзы цух нæ заис.

Сам узнаешь, будет время, бранное житьё.)

-Дыууæ мады дæр фæдзæхсынц, цæмæй сæ мадæлты æнкъарæнтыл хъуыды кæной. (Мады зæрдæ зон. Помни мать свою.)

-Дыууæ æмдзæвгæйы дæр мадæлтæ сæ хъæбултæн дзурынц, Райгуырæн бæстæ уарзын кæй хъæуы. ( Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ ,

Ма сæ суæлдай кæн сæ фæстæ,

Ма сæ бафæллай!..

Смело вденешь ногу в стремя

И возьмешь ружье.

Богатырь ты будешь с виду

И казак душой.

Кæронбæттæн. Хатдзæгтæ скæнын.

Ахæм зарджытæм, цы сывæллæттæ хъуыстой æмæ хъусынц, уыдонæн, куы схъомыл уой, уæд æвзæрæй тас нæу. Нæ урочы эпиграфмæ ма иу хатт раздæхæм. (На Востоке о плохом человеке говорят: «Ему мать не пела колыбельных песен».)

Мæн фæнды, цæмæй, куы схъомыл уат æмæ уæхицæн кæстæртæ куы фæзына, уæд сын адæны зарджытæ зарат.

Хæдзармæ куыст раттын: «А-лол-лай»-зæрдывæрдæй дзурын зонын.

Vll.Рефлекси.(15 слайд).

Мæ зæрдæмæ фæцыд урок. (Мæ зæрдæмæ нæ фæцыд урок).

Бирæ ног хабæрттæ базыдтон.( Ногæй ницы базыдтон).

Нæхимæ цы радзурон, уый ис.( Нæй, цы радзурон, уый).

Ме ‘ нкъарæнтæ: хъæлдзæг дæн (æнкъард дæн). Алчи ,цавæр æнкъарæнтæ йæм ис, уымæ гæсгæ æвзары хур кæнæ мигъы ныв æмæ фидар кæны нывы алыварс (нывы ис мад гыццыл сывæллонимæ).

Vlll.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Ахуыргæнæджы кæронбæттæны ныхас:

Мæ зæрдæ дардзынæн, абоны урокæй уæхицæн исты кæй райсдзыстут. Дзæбæхæй бахъомыл ут æмæ уарзут ирон æвзаг, ирон зарджытæ, уæ Райгуырæн бæстæ! Цæмæй хуыздæр æнкъарæнтимæ ацæуат нæ урокæй, уый тыххæй байхъусдзыстæм æмæ бакæсдзыстæм мультфильм авдæны зарæгимæ.

Сывæллæттæ кæсынц мультфильммæ.

Бузныг уын ! Хæрзбон!




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Мады бæллиц-йæ хъæбулы амондджын фидæн» (Къостай «А-лол-лай»-мæ гæсгæ).

Автор: Гогаева Ульяна Заурбековна

Дата: 27.12.2022

Номер свидетельства: 621692


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства