kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Плиты Грисы цард

Нажмите, чтобы узнать подробности

Плиев Грис жизнь и творчество поэта. Стихотворение "Мать"

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Плиты Грисы цард»

Дата:22.12.2017.
Класс, учитель: 7. Гуцунаева Альбина Рамазановна.
Количество учащихся:13.
Присутствовали на уроке: 12.


Урочы темӕ: Плиты Грисы цард æмæ сфæлдстадимæ скъоладзауты базонгӕ кӕнын.

Ӕмдзӕвгӕ "Мад" равзарын программы домӕнтӕм гӕсгӕ.


Урочы нысантӕ :
1) Ӕрдзурын Плиты Грисы цард ӕмӕ сфалдыстадыл, равзарын йа удыхъӕды бæрзонд миниуджытӕ.
2) Рӕзын кӕнын цымыдисдзинад фыссӕджы цард ӕмӕ сфалдыстадмӕ, хи хъуыдытӕ раст ӕмӕ аивӕй ӕргом кӕныныл бакусын.
3) Ныхасы рӕзтыл куыст.

Урочы эпигрӕфтӕ.
«Мады зӕрдӕ дур халы»
«Мады зæрдæ зонӕг у»
«Нӕмыг куы атӕхы,уӕд фыццаг мады зӕрдӕйыл сӕмбӕлы»


Урочы цыд.

2.
Урочы райдайӕны рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлаууын кӕныны хуыз фӕивынӕн ӕвзӕр нӕ уыдзӕн ахӕм мадзал: цы уацмыстӕ рацыдысты, уыдонӕй кӕцыдӕртӕй фӕзӕгъӕм хъуыдыйад кӕнӕ дзырдбаст. Зӕгъӕм: “Тызмӕгӕй мӕм ма кӕс, мӕфыды зӕронд”.
Бафӕрсӕм къласы:” Цавӕр уацмыстӕй ист у ацы хъуыдыйад?”

Дзуапп: Уый у Хетагкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕ "Ныфс"-ӕй ист.

Фарст: Ӕмдзӕвгӕта цавӕр жанрмӕ хауынц?

Дзуапп: Ӕмдзӕвгӕтӕ хауынц лирикон жанрмӕ.

Фарст: Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕй ма, лирикон жанрмӕ чи хауы, ахӕмӕй цы ахуыр кодтам?

Дзуапп: Къостайы лирикон ӕмдзӕвгӕтӕй ма ахуыр кодтам "Ӕнӕ хай", "Тӕхуды".

Фарст: "Хъуыбады" дӕр куы ахуыр кодтам. Уый та? Уый дӕр ӕмдзӕвгӕтӕй фыст куы у.

Дзуапп: "Хъуыбады" ӕмдзӕвгӕтӕй фыст у, фӕлӕ уый у балладӕ. Уый хауы лирико-эпикон жанрмӕ.Уымӕн ,ӕмӕ дзы ис поэты ӕнкъарӕнтӕ дӕр адӕймаджы цард ӕвдисынмӕ.

Фарст: "Хъуыбадтӕм абон уыдзӕн стыр куывд". Кӕцӕй ист у ацы хъуыдыйад та?

Дзуапп: Уый у Нигеры поэмӕ "Бадилон симд"-ӕй ист хъуыдыйад.

Фарст: Уый та кӕцы жанрмӕ хауы?


Дзуапп: Поэмӕ "Бадилон симд" дӕр хауы лирико-эпикон жанрмӕ. Уым дӕр, адӕмы цард ӕвдисгӕйа, Нигер бавӕрдта йахи ӕнкъарӕнтӕ, йӕхи цӕстӕнгас, йӕ зӕрдӕйыуаг-симпати ӕххуырст адӕммӕ, ӕлдӕрттӕм та ӕнӕуынонад.

Фарст: "Уыцы ӕхсӕв уӕ дзаумӕттӕй ӕддӕ мацы баззайӕд". Цавӕр уацмыстӕ ист у ацы хъуыдыйад. Биганон куы фарста Дадолаты бинонтӕн, уӕд сын афтӕ бафӕдзӕхста.

Фарст: Радзырд "Дадолты мӕт" кӕцы жанрмӕ хауы?

Дзуапп: Радзырд, повесть, роман, басня сты эпикон жанры уацмыстӕ.
Рацыд ӕрмӕг зардыл ӕрлӕууын кӕнынӕн ис ноджы ӕндӕр хуызтӕ дӕр.

3.
Ахуыргӕнӕг фехъусын кӕны ног ӕрмӕг: Урочы нӕ базонын хъӕуы ирон зынгӕ поэт, драматург Плиты Грисы царды хабӕрттӕ ӕмӕ йе сфӕлдыстадӕй ӕмдзӕвга «Мад». Скъоладзаутӕй иу дзуры Грисы цыбыр биографи. Кӕд фӕрстытӕ уа скъоладзаутӕм, уӕд сын ахуыргӕнӕг дӕтты дзуӕппытӕ. Уый фӕстӕ скъоладзаутӕ цыбырай радзурынц, Грисы царды хабӕрттӕй цы базыдтой, уый. Сывӕллаттӕн се ’ргом раздахын эпигрӕфтӕм. Фӕйнӕгыл фыст.

4.


Ахуыргӕнӕг аразы разныхас ног ӕрмӕгмӕ: Стыр хӕсты темӕйыл бирӕ уацмыстӕ фыст ис ирон литерӕтурӕйы. Уӕззау рӕсстӕг скодта уӕд нӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕыл- советон адӕмыл. Дыууын авд милуан адӕймаджы бӕрц фӕхъуыдис нӕ бӕстӕйы адӕмтӕй уыцы хӕсты. Уыцы хӕст саразӕг уыдысты немыцаг фӕшисттӕ. Уыдон хъавыдысты нӕ Райгуырӕн бӕстӕ байсынмӕ, нӕ адӕмтӕй цагъайрӕгтӕ скӕнынмӕ. Хӕст пайда у ӕрмӕст капиталисттӕн. Фаллойгӕнӕг адӕмы хӕст ницӕман хъӕуы. Хӕст адӕмӕн хӕссы мӕгуырдзинад,хъизӕмарад. Уым сӕфынц ныййарӕг мады хъӕбултӕ. Мадӕй зындӕр никӕмӕн вӕййы мӕрдтӕ ӕмӕ тугтӕ уынын, уымӕн ӕмӕ а зӕххыл царддӕттӕг мад у.

5.

Дзуры ахуыргӕнӕг Грисы ӕмдзавгӕ «Мад». Бакӕсынц скъоладзаутӕ иу-дыууӕ хатты. Скъоладзаутӕм фӕрстытӕ дӕттынц, ахуыргӕнӕг ратты дзуыппытӕ.

6.

Фарст: Плиты Грис цӕмӕн схуыдта ацы ӕмдзӕвгӕ «Мад»?

Дзуапп: Мадӕлтӕ сты не схъомылгӕнӕг . Никӕцы мадӕлты бафӕнддзӕн сӕ цоты фесӕфт.Хӕсты та адӕм мӕлынц. Уый тыххӕй зӕгъы Грис, мадӕлтӕй тынгдӕр ничи у хӕсты ныхмӕ, зӕгъгӕ. Мадӕлтӕн сӕ цот, уыдлны фыдӕлты хӕсты фӕстӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ дарӕг фыдӕлты сыздӕхтмӕ.

Ахуыргӕнӕг: Ссарӕм ӕмдзӕвгӕйы йӕ хӕстонмӕ ӕнхъӕлма кӕсӕг мады хъизӕмар цардӕвдисӕн бынӕтта.
Дзуапп: "…
Мадӕн урс-урсид митау йӕ сӕр,
Астӕу бандзын, ныггуыбыр зын кустӕй.

Арӕх цӕстытӕй тагъди йӕ маст,
Сыг ӕвӕугӕ цыди, цыма кулӕй…"
Фарст: Цы амонынц ацы дзурдтӕ ӕмдзӕвгӕйы:

"…Мад дӕ фӕдзӕхст, Советон Цӕдис,
Сидзӕр- де уазӕг, хӕстӕй сӕ бахиз!"

Дзуапп: Советон Цӕдис у хӕсты ныхмӕ. Ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр сӕ зӕрдӕ Советон Цӕдисыл дарынц хӕсты ныхмӕ тох кӕныныл, хӕст мауал ӕруадзыныл.
Грисы ӕмдзӕвгӕ «Мад»-ӕн йӕ сӕйраг фӕлгонц у ӕппӕт дунейӕы мадӕлты минӕвар- Мад.
Ӕмдзӕвгӕйы хъуыдытӕ поэты хъуыдытӕ сты. Мады номӕй сӕ дзуры адӕмтӕн: "Адӕм, цӕнгтӕ бафистӕг кӕнут, ӕмӕ хӕстӕн бахӕцӕм йӕ хурхыл!"

Ахуыргӕнӕг: Ӕмдзӕвгӕ «Мад» у аив литерӕтурон уацмыс. Аив литерӕтурӕйӕн та йа фыццаг миниуӕг у ӕвзаджы аивдзинад- аивадон мадзӕлттӕ- дзырдӕвӕрдтӕ.
Дзырдӕвӕрдтӕвӕййынц: абарст, эпитет, метафорӕ, метонимии, синекдохӕ, аллегории, ирони, гиперболӕ, литотӕ. Цы хонӕм абарст?(сравнение)

Дзуапп: Аивадон литерӕтурӕйы исты предмет кӕнӕ фӕзынд ӕмхуызон миниуӕг ын кӕимӕ ис, ахӕмыл абарын хуыйны абарст.

Ахуыргӕнӕг: Ссарӕ-ма уӕдӕ ӕмдзӕвгӕ «Мад»-ы абарстытӕ. Ӕмдзӕвгӕ строфагай кӕсы иу скъоладзау.
Ӕмдзӕвгӕ «Мад»-ы разындзӕн абарстыта: митау йӕ сӕр. Сыг ӕвӕугӕ цыди, цыма кулӕй. Уадзӕг хурмӕ куыд фӕтайы их, афтӕ тади йӕ зӕрдӕниз мадӕн..ю

Ахуыргӕнӕг: Ссарӕм-ма дзы уӕдӕ метафорӕтӕ дӕр. Зӕрдыл уал ӕрлӕууын кӕнӕм, цы хонӕм метафорӕ?

Дзуапп: Фыссӕг йӕ уацмысы цы предмет кӕнӕ цауы кой фӕкӕны, уыдон сӕхи номӕй схоныны бӕста сӕ, ӕмхуызон чи у ,ахӕм предметы кӕнӕ цауы номӕй куы схоны, уӕд уый хуыйны метафорӕ. Ӕмдзӕвгӕ «Мад»-ы метафорӕтӕ уыдзысты: Бамыр зынгхуыстӕй, тагъди йӕ маст. Ӕмдзӕвгӕйы ссарынц эпитеттӕ дӕр. Уыдон ӕнцондӕр раиртасӕн сты хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ: сидзӕргӕс мад, хӕстӕфхӕрд мад, иунӕг хъӕбул, удхор бирӕгътӕ, фӕздагкалӕн хӕст. Сабыр адӕм, иунӕг бындар, стыр маст, фарны уӕлахиз, тугӕмхӕцца сур хид…

Ӕртӕ ахуырдзауы бацӕттӕ кодтой презентацитӕ.
1) Гасанты Ханафи ӕмӕ Омарбийы мад Дзафийыл.
2) Темырты ӕхсӕз ӕфсымӕры мадыл.
3) Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры мадыл.

Урочы кӕрон скӕнын хатдзӕгтӕ.

7. Ӕмдзӕвгӕ лӕвӕрд цӕуы наизусть сахуыр кӕнынмӕ.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
Плиты Грисы цард

Автор: Гуцунаева Альбина Рамазановна

Дата: 07.02.2019

Номер свидетельства: 498821

Похожие файлы

object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(126) "Литературон-музыкалон композици. Плиты Грис. Баллад? "Авд цухъхъайы". "
    ["seo_title"] => string(68) "litieraturon-muzykalon-kompozitsi-plity-gris-balladae-avd-tsukhkhaiy"
    ["file_id"] => string(6) "220177"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1434537710"
  }
}
object(ArrayObject)#885 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(110) "Судздзœн йе стъалы œнустœм. (Плиты Грисы сфœлдыстадмœ гœсгœ)"
    ["seo_title"] => string(66) "sudzdzoen-iie-staly-oenustoem-plity-grisy-sfoeldystadmoe-ghoesghoe"
    ["file_id"] => string(6) "222659"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1436641448"
  }
}
object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) "«Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг»."
    ["seo_title"] => string(35) "mad_tsarddaettaeg_khaest_tsardisaeg"
    ["file_id"] => string(6) "591730"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1637161086"
  }
}
object(ArrayObject)#885 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(27) "Тест туг тугай "
    ["seo_title"] => string(17) "tiest-tugh-tughai"
    ["file_id"] => string(6) "156697"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "testi"
    ["date"] => string(10) "1421479817"
  }
}
object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(11) "убыхи "
    ["seo_title"] => string(6) "ubykhi"
    ["file_id"] => string(6) "156701"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1421480147"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства