kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Литературон-музыкалон композици. Плиты Грис. Баллад? "Авд цухъхъайы".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ: Плиты Грис. Балладæ "Авд цухъхъайы".

Урочы нысан: аив литературон уацмысы фæрцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын. Хъæбатыр хæстонтæн. нæ кадджын хистæртæн, ныййарджытæн сæ аргъ кæныныл ахуыр кæнын, ахуыргæнинæгтæн аивады æмæ царды бастдзинад æмбарын кæнын.

Урочы фæлгонц: Плиты Грисы къамтæ. Æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ: "Атакæ", "Салдат" æмæ æндæртæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл аив уацмыстæ.

Техникон фæрæзтæ: Интерактивон фæйнæг,компьютерон презентаци, зарджытæ, видеоклиптæ.

Эпиграф: "Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд.

Гъе, уым ирон туг дæр ныккалд!". (Плиты Г).

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Литературон-музыкалон композици. Плиты Грис. Баллад? "Авд цухъхъайы". »

Темё: Плиты Грис Балладё: «Авд цухъхъайы».

Темё:

Плиты Грис

Балладё: «Авд цухъхъайы».

Урочы нысантё: аив литературон уацмысы фёрцы ахуыргёнинёгтём Райгуырён бёстёмё ёхсидгё уарзт ёвзёрын кёнын. Хъёбатыр хёстонтён, нё кадджын хистёртён, ныййарджытён сё аргъ кёныныл ахуыр кёнын, ахуыргёнинёгтён аивады ёмё царды бастдзинад ёмбарын кёнын.

Урочы нысантё:

аив литературон уацмысы фёрцы ахуыргёнинёгтём Райгуырён бёстёмё ёхсидгё уарзт ёвзёрын кёнын.

Хъёбатыр хёстонтён, нё кадджын хистёртён, ныййарджытён сё аргъ кёныныл ахуыр кёнын, ахуыргёнинёгтён аивады ёмё царды бастдзинад ёмбарын кёнын.

Урочы фёлгонц: Плиты Грисы ёмдзёвгёты ёмбырдгёндтё: «Атакё», «Салдат» ёмё ёндёртё. Фыдыбёстёйы Стыр хёсты темёйыл аив литературёйы уацмыстё.

Урочы фёлгонц:

Плиты Грисы ёмдзёвгёты ёмбырдгёндтё: «Атакё», «Салдат» ёмё ёндёртё.

Фыдыбёстёйы Стыр хёсты темёйыл аив литературёйы уацмыстё.

Эпиграф: «Зёххыл цы стырдёр хёст ёрцыд, Гъе, уым ирон туг дёр ныккалд!». (Плиты Грис).

Эпиграф:

«Зёххыл цы стырдёр хёст ёрцыд,

Гъе, уым ирон туг дёр ныккалд!».

(Плиты Грис).

Техникон фёрёзтё: Интерактивон фёйнёг. (Зарджытё. Киноныв).

Техникон фёрёзтё:

Интерактивон фёйнёг. (Зарджытё. Киноныв).

Зёххыл ис иу Хуыцау – Рёстдзинад, Ды иунёг уымён дё цагъар. Ахём зондахаст адёймаджы кёны сёрибар, дётты йын ныфс ёмё сфёлдыстадон тых. Фёлё ахём бёллиццаг уавёрмё ёрцёуын ёнцон нёу алы адёймагён. Уый сёраппонд адёймаджы хъёуы зынтё басёттын, тас амарын, зёрдёйё цагъары ёууёлтё ралёмарын. Уыцы уавёр у хъуыдыгёнёг адёймаджы бёллиц, йё бёрзонд нысан, уымё тырнынц философтё ёмё геройтё. Уыдон намыс хонынц мёлётыл ныфсджынёй сёмбёлын, амонд сём кёсы рёстдзинад ёмё Фыдыбёстёйы сёрвёлтау цард радтын. Ахём удон уавёр уыд Плиты Дзамболаты фырт Грисён.

Зёххыл ис иу Хуыцау – Рёстдзинад,

Ды иунёг уымён дё цагъар.

Ахём зондахаст адёймаджы кёны сёрибар, дётты йын ныфс ёмё сфёлдыстадон тых.

Фёлё ахём бёллиццаг уавёрмё ёрцёуын ёнцон нёу алы адёймагён. Уый сёраппонд адёймаджы хъёуы зынтё басёттын, тас амарын, зёрдёйё цагъары ёууёлтё ралёмарын. Уыцы уавёр у хъуыдыгёнёг адёймаджы бёллиц, йё бёрзонд нысан, уымё тырнынц философтё ёмё геройтё. Уыдон намыс хонынц мёлётыл ныфсджынёй сёмбёлын, амонд сём кёсы рёстдзинад ёмё Фыдыбёстёйы сёрвёлтау цард радтын. Ахём удон уавёр уыд Плиты Дзамболаты фырт Грисён.

Плиты Грисы Ирыстоны чи нё зоны, ахём адёймаг нё разындзён. Иутё йё зонынц курдиатджын поэтёй, иннётё – куырыхон драматургёй, ёртыккёгтё – агургё ёмё ёнаргё дёсны тёлмацгёнёгёй. Грис се ппётён дёр уыди хион, уарзон адёймаг, алкёй зёрдёмё дёр фёндаг ссардта.

Плиты Грисы Ирыстоны чи нё зоны, ахём адёймаг нё разындзён. Иутё йё зонынц курдиатджын поэтёй, иннётё – куырыхон драматургёй, ёртыккёгтё – агургё ёмё ёнаргё дёсны тёлмацгёнёгёй. Грис се ппётён дёр уыди хион, уарзон адёймаг, алкёй зёрдёмё дёр фёндаг ссардта.

Ирон фысджыты цалдёр фёлтёры йё Хуссарёй – Цёгатмё нымадтой монон фыдыл. Грисы уазджыты ёхсён фенён уыдис бирё хёрзёгъдауджын адёмы: Коцойты Арсен, Дзанайты Иван – Нигер, Дзесты Куыдзёг, Мамсыраты Дёбе, Ардасенты Хадзыбатыр, Гаглойты Федыр-Гафез, Тёбёхсауты Бало, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил ёмё бирё ёндёртё. Фысымы адёймагуарзондзинад сын уыдис стыр ныфсы хос. Сё мидисджын ныхёсты мидёг уыдон лыг кодтой канд фынджы гъдёуттё нё, фёлё ирон культурё ёмё аив литературёйы фарстатё.

Ирон фысджыты цалдёр фёлтёры йё Хуссарёй – Цёгатмё нымадтой монон фыдыл. Грисы уазджыты ёхсён фенён уыдис бирё хёрзёгъдауджын адёмы: Коцойты Арсен, Дзанайты Иван – Нигер, Дзесты Куыдзёг, Мамсыраты Дёбе, Ардасенты Хадзыбатыр, Гаглойты Федыр-Гафез, Тёбёхсауты Бало, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил ёмё бирё ёндёртё. Фысымы адёймагуарзондзинад сын уыдис стыр ныфсы хос. Сё мидисджын ныхёсты мидёг уыдон лыг кодтой канд фынджы гъдёуттё нё, фёлё ирон культурё ёмё аив литературёйы фарстатё.

О, Плийы фырт гени уыд ёмё генийё баззайдзён Ирыстоны фёлтёрёй – фёлтёрмё. Ахём хуымётёг ёмё стыр куырыхон ёмё дзырддзёугё адёймёгтё стём хатт гуырынц. Уыдоны хуызён ничи бамбары йё адёмы рис, хъизёмёрттё, бёллицтё, хъуыдытё. Грис фыста шедевртё, уыд ёмё баззайдзён ирон литературёйы классикёй. Йе сфёлдыстад конд у ирон тугёй, ирон стёгёй, ирондзинадёй, ёппёт адёмтём йё уарзондзинадёй.

О, Плийы фырт гени уыд ёмё генийё баззайдзён Ирыстоны фёлтёрёй – фёлтёрмё. Ахём хуымётёг ёмё стыр куырыхон ёмё дзырддзёугё адёймёгтё стём хатт гуырынц.

Уыдоны хуызён ничи бамбары йё адёмы рис, хъизёмёрттё, бёллицтё, хъуыдытё. Грис фыста шедевртё, уыд ёмё баззайдзён ирон литературёйы классикёй. Йе сфёлдыстад конд у ирон тугёй, ирон стёгёй, ирондзинадёй, ёппёт адёмтём йё уарзондзинадёй.

Фыдыбёстёйы Стыр хёст куы райдыдта, уёд Плийы-фырт дёр Иры сагсур фёсивёдимё ацыд Фыдыбёстё бахъахъхъёнынмё. Йё хёстон фёндаг фёхёццё Сталинградёй, Румынмё, Болгаримё, Югославимё, Венгримё, Чехословакимё, Польшёмё ёмё Австримё. Хёст фёци гвардийы майоры цины. Тохы фёндёгтыл Грисён йё фыссён сис ёндон джебогъау бахсысти хёсты цёхёры, йё поэзи, арвёрдынау, алы ахорёнтёй сёрттывта Ирыстоны цъитисёр хёхты сёрмё.

Фыдыбёстёйы Стыр хёст куы райдыдта, уёд Плийы-фырт дёр Иры сагсур фёсивёдимё ацыд Фыдыбёстё бахъахъхъёнынмё. Йё хёстон фёндаг фёхёццё Сталинградёй, Румынмё, Болгаримё, Югославимё, Венгримё, Чехословакимё, Польшёмё ёмё Австримё. Хёст фёци гвардийы майоры цины. Тохы фёндёгтыл Грисён йё фыссён сис ёндон джебогъау бахсысти хёсты цёхёры, йё поэзи, арвёрдынау, алы ахорёнтёй сёрттывта Ирыстоны цъитисёр хёхты сёрмё.

Абон Плиты Грис, зёгъгё, куы фёзёгъём, уёд нё цёстытыл ауайынц, ирон литературёйы сыгъзёрин къёбицмё уымён цы бирё уацмыстё бацыд, уыдон. Ёппёты фыццагдёр та нё зёрдыл ёрбалёууынц йё диссаджы классикон уацмыстё: «Чермен». «Авд цухъхъайы», «Ёртхутёгдон» ёмё иннётё. Хёсты фыццаг бонтёй фёстёмё гитлерон фашистты чи дёрён кодта, уыдонимё уыдысты Ирыстонён кад чи скодта ёмё сёрыстыр кёмёй у, уыцы Гёздёнты авд ёфсымёры. Кёнё сёрибар, кёнё мёлёт! Уый уыдис сё ардбахёрд. Зарёг: «Гёздёнты авд ёсымёры».

Абон Плиты Грис, зёгъгё, куы фёзёгъём, уёд нё цёстытыл ауайынц, ирон литературёйы сыгъзёрин къёбицмё уымён цы бирё уацмыстё бацыд, уыдон.

Ёппёты фыццагдёр та нё зёрдыл ёрбалёууынц йё диссаджы классикон уацмыстё: «Чермен». «Авд цухъхъайы», «Ёртхутёгдон» ёмё иннётё.

Хёсты фыццаг бонтёй фёстёмё гитлерон фашистты чи дёрён кодта, уыдонимё уыдысты Ирыстонён кад чи скодта ёмё сёрыстыр кёмёй у, уыцы Гёздёнты авд ёфсымёры. Кёнё сёрибар, кёнё мёлёт! Уый уыдис сё ардбахёрд.

Зарёг: «Гёздёнты авд ёсымёры».

Гёздёнты авд домбай цёргёсы цыдысты хёсты быдырмё ныфсджынёй, ёхсарджынёй, уёндонёй цыфыддёр знаджы ныппырх кёнынмё, сё фыд Асёхмёты ныстуан ёххёстгёнгёйё: «Цёут, мё хуртё… Лёгты дзуар фёуёд Уё фарсхёцёг!.. Тых кёнынмё нё цёут, Фёлё цёут тыхгёнджыты ныхмё… Ёгадмё – иу мын, ма руадзут мё сёр…... Ёмдзёвгё: «Авд домбай цёргёсы».

Гёздёнты авд домбай цёргёсы цыдысты хёсты быдырмё ныфсджынёй, ёхсарджынёй, уёндонёй цыфыддёр знаджы ныппырх кёнынмё, сё фыд Асёхмёты ныстуан ёххёстгёнгёйё:

«Цёут, мё хуртё… Лёгты дзуар фёуёд

Уё фарсхёцёг!.. Тых кёнынмё нё цёут,

Фёлё цёут тыхгёнджыты ныхмё…

Ёгадмё – иу мын, ма руадзут мё сёр…...

Ёмдзёвгё: «Авд домбай цёргёсы».

«Зёххыл рёсугъд цёрынён фидар Дыууё стыр ныфсы ис лёгён: Фыдыбёстё ёмё Сёрибар,- Циу цард ёнё сымах? – Ингён». «Хёстён йё тёккё тъыфылмё бырсдзынён. Кардыл фыдгулы туг не суыдзён хус, Иры сыгъдёг ном нё фегад кёндзынён Цалынмё судза мё цёстыты рухс». Хёстон поэт Плиты Грисы ёрхёрён рёнхъытё Гёздёнты авд ёфсымёрён уыдысты тохы гимназ ёмё сё хёсты быдырмё хастой тырысайау бёрзонд. «Фыссёг фыссёг уёд уыдзён, ёмё адёмы фарнён куы куса»,- зёгъы Грис.

«Зёххыл рёсугъд цёрынён фидар

Дыууё стыр ныфсы ис лёгён:

Фыдыбёстё ёмё Сёрибар,-

Циу цард ёнё сымах? – Ингён».

«Хёстён йё тёккё тъыфылмё бырсдзынён.

Кардыл фыдгулы туг не суыдзён хус,

Иры сыгъдёг ном нё фегад кёндзынён

Цалынмё судза мё цёстыты рухс».

Хёстон поэт Плиты Грисы ёрхёрён рёнхъытё Гёздёнты авд ёфсымёрён уыдысты тохы гимназ ёмё сё хёсты быдырмё хастой тырысайау бёрзонд. «Фыссёг фыссёг уёд уыдзён, ёмё адёмы фарнён куы куса»,- зёгъы Грис.

Ёмё, бёгуыдёр, адёмы фарнён цард ёмё куыста Грис. Афтё куы нё уыдаид, уёд нё равзёрдаид ёппёт ирон адёмы зёрдётысфёриссын кодта, уый – балладё «Авд цухъхъайы». Автор дзы равдыста Гёздёнты авд ёфсымёры хъёбатырдзинад, сё кадджын мёлёт. Райгуырён бёстё знагёй бахъахъхъёнын банымадтой сё сёйрагдёр хёсыл. Ёгаддзинад дзы иу дёр йё сёрмё не рхаста.

Ёмё, бёгуыдёр, адёмы фарнён цард ёмё куыста Грис. Афтё куы нё уыдаид, уёд нё равзёрдаид ёппёт ирон адёмы зёрдётысфёриссын кодта, уый – балладё «Авд цухъхъайы». Автор дзы равдыста Гёздёнты авд ёфсымёры хъёбатырдзинад, сё кадджын мёлёт. Райгуырён бёстё знагёй бахъахъхъёнын банымадтой сё сёйрагдёр хёсыл. Ёгаддзинад дзы иу дёр йё сёрмё не рхаста.

Куырттаты комы фёзилёны абон ис цыртдзёвён. Сау айнёджы сёрмё хърихъхъуппытё се ндон базыртё базмёлын кодтой, сындёггай сё фёйнёрдём айстой ёмё сёхи бёрзонд систой цъёх арвы тыгъдадмё. Афтё кёсы адёймагмё, цымё ныртёккё сёхи къёдзёхёй атондзысты. Сё фёстё нкъардёй нымдзаст саударёг ныййарёг мад. Клип: «Журавли». Киноныв: «Авд цухъхъайы».

Куырттаты комы фёзилёны абон ис цыртдзёвён. Сау айнёджы сёрмё хърихъхъуппытё се ндон базыртё базмёлын кодтой, сындёггай сё фёйнёрдём айстой ёмё сёхи бёрзонд систой цъёх арвы тыгъдадмё. Афтё кёсы адёймагмё, цымё ныртёккё сёхи къёдзёхёй атондзысты. Сё фёстё нкъардёй нымдзаст саударёг ныййарёг мад.

Клип: «Журавли».

Киноныв: «Авд цухъхъайы».

Хъуыды кæнæм, нымайæм !!!

Хъуыды кæнæм,

нымайæм !!!


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Презентации

Целевая аудитория: Прочее

Скачать
Литературон-музыкалон композици. Плиты Грис. Баллад? "Авд цухъхъайы".

Автор: Битарова Вера Муратовна

Дата: 17.06.2015

Номер свидетельства: 220177


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства