kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг».

Нажмите, чтобы узнать подробности

1.Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты

 2.Æмдзавгайы мидис ахуырдзауты æххуысæй раргом кæнын.

3. Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын с уарзондзинад ныййарæг мадмæ, Райгуырæн бæстæмæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг».»

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 7-æм къласы

Темӕ: «Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг».

(Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ)

Ахуыргӕнӕг: Хъайттаты Л.М.

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1.Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты

2.Æмдзавгайы мидис ахуырдзауты æххуысæй раргом кæнын.

3. Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын с уарзондзинад ныййарæг мадмæ, Райгуырæн бæстæмæ.


Урочы тип

Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад ныййарæг мадмæ, Райгуырæн бæстæмæ,удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон.

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентации урокмӕ «Плиты Грис зындгонд поэт æмæ хæстон хъæбатыр», зарӕг, видеоӕрмӕг, нывтӕ,карточкӕтӕ.



Урочы эпиграф:«Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг салдатыл сæмбæлы, фæлæ æнусмæ та мады зæрдæйы баззайы».

(æмбисонд)





Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

1.Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци




Уœ бон хорзсывœллœттœ!Балœвар ма кœнут уœ кœрœдзийœн мидбылхудт, ма ферох кœнут нœ уазджыты дœр!

Æрбакœсут лœвœрд нывтœм œмœ зœгъут: цæвæр литературон уацмысæй ист сты, чи у автор œмœ цœвœр рœстœг œвдисынц?


Нывы бынмæ бафыссын текстæй ист ранхъытæ…


1.Æрыгон нæу, нæмадæр у зæронд

Ирон инæлар...


2.Ис йæ тæккæ раз куыдз дæр,

Йемæ арæныл фæкусы, -

Мила у, æви æндæр, -

Фæлæ хъахъхъæны къæрцхъусæй….


Скъоладзаута дæттынц дзуапп.


Уæдæ абон дарддæр зонгæ кæндзыстæм Плиты Грисы сфæлдыстадимæ


3.Сыстад дунейыл сидзæргæс мад…


Ацы ныв равзардзыстæм фæстæдæр

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

1.

(Плиты Грис «Æртхутœгдон»)

2.

(Плиты Грис «Мила»)

3.

Сыстад дунейыл сидзæргæс мад

2.Зонындзинæдты актуализаци












3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын




























































4.Урочы ӕрмӕгыл дарддӕр куыст










Физминуткӕ































5.Рефлекси.

Урочы хатдзӕгтӕ

Фыдыбæстæ ирон адæймагæн адджын уыд, йæ сæрыл тохмæ цæттæ уыд кæддæриддæр. Нæ республикæйы цæрджытæй 90 мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.Лæгæвзарæн хæстыты хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй не мзæххонтæй 60 мин адæймаджы хорзæхджынгонд æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, æвдай фондзæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном, иуæндæс та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.Сæрыстырдзинад, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнынц скъоладзаутæм П.Павленкойы уыцы фыдæвзарæнты рæстæг загъд ныхæстæ:«Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр,уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Ирон адæймаг кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыд æгъдау, ирон æфсарм, ирон фарн æмæ удыхъæй.

(Уалыты Т. «Цалдæр ныстуаны æрыгон ахуыргæнæгæн»).

Уыцы хъæбатыр æмæ намысджын хæстонæй иу уыд Плиты Грис дæр.Дæлдæр кълæсты Грисы сфæлдыстадимæ базонгæ стæм.Зæгъут ма, цавæр уацмыстæ сты?

- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг презентациимæ «Плиты Грис зындгонд поэт æмæ хæстон хъæбатыр».

Плиты Грис у зындгонд поэт. Райгуырди 1913 азы 15 октябры Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. 1920 азы Плиты бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. 1930 азы Грис каст фæци педагогон техникум, 1935 азы та Мæскуыйы тетралон аивады институт. Уыцы аз байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон театр æмæ дзы Грис кусын райдыдта актерæй. Хæсты фæстæ кусын райдыдта Ирон драмон театры директорæй,стæй та журнал «Мах дуджы» редакторæй. Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг бонты ацыд фронтмæ, ссис афицер. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ ордентæй…Грис райдайæнæй кæронмæ уыд хæсты. Адæмы хъæбатырдзинадæн уыд æвдисæн.Грисы поэтикон хъару сфæлтæрдта хæсты быдыры. Уыцы рæстæджы трагикон цаутыл фыст лирикон æмдзæвгæтæ ахсынц сæрмагонд бынат йе сфæлдыстады. (Уæлахизы кадæг», «Хæцæны», «Цæй фæцæуæм» æмæ æндæртæ). Уыцы лæгæвзарæн бонты фыст æмдзæвгæтæ 1948 азы рацыдысты хицæн чиныгæй – «Салдат». Балладæ «Авд цухъхъайы» æмæ æмдзæвгæ "Æртхутæгдон» та систы æппæты зындгонддæр æмæ уарзондæр ирон адæмæн. Грисы лирикæ хъæздыг у тематикæйæ. Поэты сагъæсты сæр у Ирыстон – йæ историон хъысмæт, йæ фарн, йæ фидæн. Æрмæстдæр хæсты цæхæр, хæсты уæззау уæргъ йæхи рагъыл чи бавзæрста, æрмæстдæр ахæм адæймаг фысдзæн афтæ арф,лæмбынæг æмæ бæлвырд. «Грис цардæй исы зынгæ цаутæ, ахсджиаг темæтæ, дзуры ахъаззаг проблемæтыл. Йе сфæлдыстады нывæфтыд цæуынц нæ историйы ирддæр фæзындтæ,нæ адæмы зонд æмæ намысы бæлвырддæр æвдисæнтæ»,- фыста Шамил.

Раздæхæм ма нæ нывтæм.

Кæй уынæм нывы? (сылгоймаг, мад)

Цавæр рæстæг дзы æвдыст цæуы? (хæсты рæстæг)

Ныййараг мад сывæллонæн цы дæтты? (цард) Хæст та цы кæны? (мары, исы цард)

Абон нæ урочы темæ у:«Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг».

(Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ.)

Дзырдуатон куыст: дадзинтæ,фæринк, сæфтæг..Хъусæм æмæ хъуыды кæнæм. цæвæр амдзæвгæйы рæнхъытæ нывы бын бафыссдзыстæм.

Бахъусæм æмдзæвгæмæ, кæсы нæ республикæйы сгуыхт

актрисæ Черчесты Д. (видео)

Текстимæ куыст.

1. Цæмæн схуыдта Плиты Грис ацы æмдзæвгæ «Мад»?

2. Хæст фыдбылызхæссæг кæй у, уый поэт ирддарæй кацы рæнхъыты æвдисы?

3.Кæмæ æнхъæлмæ кæсы Мад? Ссарут рæнхъытæ тексты.

4.Цæмæ сиды поэт йæ уацмысы?

5. Фæцыд æмдзæвгæ уæ зæрдæмæ?

Ныффыссæм-ма цыбыр терминологон диктант æмдзæвгæйыл кусгæйæ.

Ссарут-ма тексты куыд æвдыст цæуы æмдзæвгæйы хæст.

(Арвыл сысыди сау хæсты мигъ,

-Байдыдта та фæздæгкалæн хæст) .

Цавæр айвадон мадзалæй пайда кæны автор?

-Фыссæм термин эпитет.

- Ноджыдæр ма цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кокодта поэт?

1.Мадæн урс-урсид митау йæ сæр…

2.Уалдзæг хурмæ куыд фæтайы их,

Афтæ тади йæ зæрдæниз мадæн.

Ф - Фыссæм термин абарст.

- Цавæр аивадон мадзалай ма пайда кæны автор?

- Кæсæм æмдз-йы фæстаг дыууæ цыппар рæнхъы

Сиды идадз ныр уырдæм, кæм ис

Сабыр адæмæн фарны уæлахиз

«Мад дæ фæдзæхст, Советон Цæдис,

Сидзæр – де уазæг, хæстæй сæ бахиз!»


Хæст лæгмар у, цард та дзы – æнуд,

Тугæмхæццæ уæнтыл уайы сурхид.

Адæм, цæнгтæ баистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

Ф - Кæмæ здæхт у поэты ныхас?

Д - Советон Цæдисмæ – абон Уæрæсемæ.

- Ноджыдæр ма кæмæ?

Д - Адæммæ.

Ф - Цавæр термин фыссæм?

-Сидæн.

Фыссæм термин сидæн.

Тетрадты цы терминтæ ныффыстат: эпитет, меметафора, абарст, сидæн.

- Ацы терминты руаджы æвзаг кæны хъæздыгдæр, арфдæр,

рæсуъддæр.

- Цæмæ сиды мад? (Сабырдзинадмæ).

- Куыд æмбарут æмдзæвгæйы фæстагрæнхъытæ?

(Мад æмæ сабиты бахъаъхъæнын, хæстæн кæрон скæнын)

Скъоладзаутæ кæсынц текст.

Ссарын тексты ранхъытæ, нывы бын бавæрын

( Сыстад дунейыл сидзæргæс мад…)

Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы таблицæ.

Саразын раст фæлгонцтæ.

Мад

Хæст

Царддæттæг

Фæлмæн

Хъæбатыр

Хъахъхъæнæг

цардисæг

карз

удхæссæг

æгъатыр








- Цавæр æмбисæндтæ зонут ныййарæг мады тыххæй?



Мæнæ цы зæгъы уырыссаг фыссæг А.М. ГоГорький йæ радзырд «Мать

изменника»- йы («Сказки об Италии»):


Мать - творит, она охраняет, и говорить при ней о разрушении - значит говорить против неё.

Мать - всегда против смерти, рука, которая водит смерть в жилища людей, не ненавистна и враждебна матерям.

Мать - зверь столь же умный, безжалостный, как и бесстрашный, если дело идет о жизни, которую она, Мать, творит и охраняет».



Ха Хатдзæгтæ.



Ирон литературæйы бирæ фысджытæ равдыстой ммады фæлгонц сæ уацмысты. Скъоладзаутæ сæ дзурынц.

Къордты куыст.

Компьютерæй æвдыст цæуы тест. Фарсты бынмæ раст дзуапп æвæрынц





1.Хетæгкаты Къоста

А.) «Саломи»

2.Гæдиаты Секъа

Б.) «Мад»

3. Коцойты Арсен

В.) «Сидзæргæс»

4. Плиты Грис

Г.) «Мад æмæ фырт»



Алы адæймагмæ дæр, гæнæн ис, æмæ йæм уа цæхи хъуыдытæ, фæлæ царды ис, фидаргонд чи æрцыди, ахæм удварды хæзнатæ æмæ уыдонæн халæн нæй. Алы адæймагæн дæр йæ хæс у мадæн аргъ кæнын, æххуыс ын кæнын. Ахæм у Райгуырæн бæстæйы темæ дæр. Уыдон мадимæ баргæ сты: Райгуырæн бæстæ дæр у Мад, фæлæ уый у стыр Мад, уымæн дæр ивæн нæй, уæйгæнæн æй нæй, раттæн æй никæмæн ис. Ууыл дзурæг у Плиты Грисы сфæлдыстад дæр. Грисы поэзии æмткæй улæгдзинад, сæрибар æмæ патриотизмы зарæг.




Синквейн:


1.Мад.

2.Сидзæргæс, хæстæфхæрд…

3.Сиды, зилы, агуры…

4. Мад дæ фæдзæхст, Советон Цæдис…

5.Царддæттæг.


Хатдзӕгтӕ.


Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут:

  • Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

  • Æз урочы базыдтон…

  • Урокæй мæхицæн райстон…

  • Урок мæм фæкаст цымыдисаг…

  • Æз ахъуыды кодтон…

  • Мӕн урочы фӕстӕ фӕндид

Эпиграфмӕ аздӕхӕм.

Сывӕллӕттӕ, уый адыл нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ.

Уӕ мадӕлты ӕмӕ уӕ фыдӕлты фӕндиаг ут! Цъæх арвы бын æнæниз æмæ амондджынæй куыд цæрат, ахæм арфæ уæ уæд!

Хӕдзармӕ куыст:

Плиты Грисы биографи зонын… Æмдзæвгæ найзустъ.


Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ


Кæсынц презентацимæ






аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог






кæсынц презентацимæ

хъусынц










аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог



Скъоладзаутӕ урочы темӕ дзурынц.










Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.





















Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.











фыссынц тетрæдты











Дзырдтæ раст бынæтты æвæрынц.













Скъоладзаутæ дзурынц æмбисæндтæ æмæ æмбарын сæ кæнынц




кæнынц хатдзæгтæ













кæнынц хатдзæгтæ










Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
«Мад – царддæттæг, хæст – цардисæг».

Автор: Кайтова Лариса Максимовна

Дата: 17.11.2021

Номер свидетельства: 591730


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства