kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.

Нажмите, чтобы узнать подробности

1. Раззаг кълæсты миногонты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл

                      æрлæууын кæнын, равзарын миногоны грамматикон 

                      æууæлтæ æмæ  хуызтæ.

                 2. Раст сæ пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы;                                          скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр  кæнын диалогон                           ныхасы руаджы.

                 3. Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын       

                     хуызджын  миногонты  руаджы; скъоладзауты эстетикон                             дуне фæхъæздыгдæр кæнын, патриотон хъуыдытæ сæм                         гуырын  кæнын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.»

Г ом урок

Ирон æвзаджы урок 5 «В» къласы.


Темæ: Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.

Нысан: 1. Раззаг кълæсты миногонты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл

æрлæууын кæнын, равзарын миногоны грамматикон

æууæлтæ æмæ хуызтæ.

2. Раст сæ пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы; скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын диалогон ныхасы руаджы.

3. Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын

хуызджын миногонты руаджы; скъоладзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæнын, патриотон хъуыдытæ сæм гуырын кæнын.

Урочы эпиграф: «Адæймагæн хъуамæ йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад фена».

И.В.Гете.

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг æмæ сывæллæтты диалог:

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

- Хъусут, дзæнгæрæг цæгъды, цымæ нын афтæ зæгъы: «Уæ урок тагъддæр райдайут». Сæххæст ын кæнæм йæ фæндон?

- О!

- Хорз, уæдæ! Райдайæм! - Сывæллæттæ, абон нæм уаздджытæ кæй уыдзæн, уый зыдтат. Æвæццæгæн, уæ хæдзæрттæй хъæлдзæгæй рацыдыстут?

- О, хъæлдзæгæй!

- Скъоламæ дæр хъæлдзæгæй æрбацыдыстут? Уæдæ уæд кæрæдзимæ дæр, нæ уазджытæм дæр æмæ æгас дунемæ дæр бахудæм, цæмæй нæ куыст хъæлдзæгдæрæй, рæсугъддæрæй æмæ рæвдздæрæй ацæуа.


Слайд (Æмдзæвгæ «Дæ бонтæ хорз, мæ Иры æрдз!»)

Æгас нæм цу, сыгъзæрин хур!

Дæ бонтæ хорз, цъæх арв!

Дæ фæндаг раст, хæххон дымгæ!

Нæ урс хæхтæ, салам!

Нæ Райгуырæн, нæ уарзон Ир!

Æнустæм нын, цæрай!

Дæ уарзон, де ‘ппæт хъæбулты

Зæрдæрухсæй уынай! (Слайд «Кафджыты нывтæ»)


(Ролик æрдзы тыххæй)

Ахуыргæнæг:

Зæххы цъарыл цард фæзындис тынг раджы, милуан азты размæ. Адæймагæн æрдз радта диссаджы цæрæн бынат: дидинæгджын уыгæрдæнтæ æмæ сыгъдæг дæттæ, æнæкæрон цъæх арв æмæ хъарм, фæлмæн хур, æгомыг хæхтæ æмæ сыгъдæг уæлдæф. Кус æмæ, дам, цæр! Мæ лæвæрттæй пайда кæн æнустæм! Æрмæстдæр иу хъуыддаг дæ зæрдыл бадар: чъизи къухæй мæм ма бавнал! Ма мæ фæриссын кæн! Бирæ дын бардзынæн, бирæ дын быхсдзынæн… Фæлæ дæ мæ курдиат фæрох, зæгъгæ, уæд дæхи хъахъхъæн, дæхицæн уыдзæн зындæр! Дæ зæрдыл æнусты дæргъы бадар, дæхи хæдзары дæ, йæхи хæдзар та йæхи къухæй ничи халы…

Абон нæ урокæн эпиграфæн райстам зындгонд немыцаг поэт, философ Гетейы ныхæстæ:

«Адæймагæн хъуамæ йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад фена».


- Куыд уæм кæсы, раст уыдис Гете? «Цæмæн хъуамæ фена адæймагæн йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад»? ( Проблемон фарст).

(Сывæллæттæ, чи сæ цавæр æрдзон фæзынд фылдæр уарзы , уый тыххæй 1-2 минуты бæрц сæ хъуыдытæ цыбыртæй дзурынц,

Ахуыргæнæг:

Раст уыди уæдæ Гете, «æрдзы рæсугъддзинад фенгæйæ», адæймагæн

-барухс вæййы йæ зæрдæ,

-фæсыгъдæгдæр вæййынц йæ хъуыдытæ,

-фæхуыздæр вæййы йе ’нæниздзинад.


Слайд (Дзырдуатон куыст)

Ахуыргæнæг: Ацы дзырдтимæ нæ куысты мидæг æмбæлдзыстæм, æмæ сын сæ нысаниуæг базонæм.

Æнус – 100 азы (век)

Йе ’вдисæн – фенæг ( свидетель)

Фурд – тынг стыр дон ( океан)

Хуызджын – аив (красочный)

Аудын – хъахъхъæнын (беречь)


Слайд (Æмдзæвгæ «Дæ бонтæ хорз, мæ Иры æрдз!»)

Ахуыргæнæг:

Нæ арфæйы æмдзæвгæйы номдартимæ цы дзырдтæ баст ис, уыдонмæ уæ хъус æрдарут: (хур-цавæр?- сыгъзæрин, арв-цавæр?- цъæх, дымгæ-цавæр?-хæххон æмæ аф.д.

-Цы амонынц? (Предметы æууæлтæ). Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц? (Цавæр? Цы хуызæн?)

Тынг раст дзуæппытæ радтат, фæлæ ма нæм ис ноджыдæр фæрстытæ, кæцытæн дзуаппытæ куы радтæм, уæд дзуаппыты фыццаг дамгъæтæ сараздзысты цавæрдæр дзырд.

Слайд (Æмбæхст дзырд)

Фæрстытæ:

1. Зымæджы урс цы вæййы? - мит

2. Сывæллæттæ къласмæ бацæуынц куыд? – иумæ

3. Гыццылæй нын аргъæуттæ чи кодта? – нана

4. Уæ ныййарджыты тынг уарзут? – о!

5. Æнæмæтæй чи фæхуыссы пецы цур? – гæды

6. Фæнды уæ абон хорз бæрæггæнæнтæ райсын? – о!

7. Æнæмæнг, райсдзыстæм, куы зæгъæм зивæгæн … - нæ!

Цавæр дзырд сарæзтам? Иумæ йæ хъæрæй бакæсæм! - МИНОГОН.

Ахуыргæнæг:

Уæдæ нæ абоны урочы темæ уыдзæн «Миногон».

Æрæджы, ирон æвзаджы урочы, ныхасы хæйттæ тыххæй æмткæй куы дзырдтам, уæд уæ тетрæдты сныв кодтат мæнæ ахæм дидинæджы

ныв:

Слайд (Урс дидинæг – ромашка)

Баныхас кодтам, нæ дидинæджы сыфты æмбæхст уыдзысты ирон æвзаджы ныхасы хæйттæ. Йæ фыццаг сыф нын уыдзæн номдар, дыккаг – миногон, æртыккаг – нымæцон, цыппæрæм – номивæг, фæндзæм – мивдисæг, æхсæзæм – фæрсдзырд.

Æхсæз стыр сыфы нын цавæр ныхасы хæйттæ уыдзысты? - сæрмагонд, гыццылтæ та? – æххуысгæнæг. Æрхъуыды ма сæ кæнæм: бæттæг, хайыг, разæвæрд, фæсæвæрд.

Хицæнæй та лæууы ?- æвастхъæр. Уæдæ иумæ ирон ныхасы хæйттæ цал сты? - 11.


II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг:

Куыд загътам, афтæмæй нæ фыццаг сыф у номдары сыф. Хæдзармæ уын лæвæрд уыди номдары тыххæй цы æрмæг базыдтам, уый сфæлхат кæнын, ома, уæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Цæй æмæ ацы фæрстытæн дзуаппытæ раттæм:

1. Цавæр ныхасы хай у номдар?

2. Цавæр фарстытæн дзуапп дæтты?

3. Цавæртæ вæййынц номдартæ?

4. Номдарæн цал нымæцы ис?

5. Куыд хуыйны номдары ивынад?

6. Хъуыдыйады мидæг номдартæ цавæр уæнгтæ вæййынц?




III. Ног æрмæг

Слайд (Урочы хæстæ)

Ахуыргæнæг:

Нæ абоны урочы мах лæмбынæгдæр æрлæудзыстæм нæ дидинæджы дыккаг сыф, дыккаг ныхасы хай – миногоныл. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, миногонты тыххæй раздæр кълæсты цы æрмæг базыдтам, уый, дыккаджы та, фæарфдæр кæндзыстæм нæ зонындзинæдтæ миногоны тыххæй, базондзыстæм, цавæр грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ ис миногонтæн, хъуыдыйады мидæг цавæр уæнгтæ вæййынц, фендзыстæм, куыд аив нын кæнынц не’взаг хуызджын миногонтæ æмæ сæ куыд хъæуы раст пайда кæнын, диалогон ныхасыл бакусдзыстæм.


Ныр уæ тетрæдтæ байгом кæнут, абоны нымæц æмæ темæ ныффыссут.


Фæйнæгыл куыст: (Къордгæйттæй куыст). Фæйнæгыл фыст ис номдартæ æртæ цæджындзæй:


(Сыгъдæг) уæлдæф (рог) дымгæ (арф) кæмттæ

(уалдзыгон) бон (бæрзонд) хæхтæ ( хъарм) хур

( цъæх) арв (сойджын) кæрдæг ( рæсугъд ) дидинджытæ

Ахуыргæнæг сывæллæтты æртæ къордыл фæдих кæны, къласы куыд бадынц, афтæмæй. Алы къорд дæр йæхицæн ном æрхъуыды кодта раздæр. (Хæдзармæ лæвæрд куыст: миногон + номдар).

1къорд- «Гыццыл хуртæ», 2 къорд-«Зондджын ирæттæ», 3 къорд-«Нæртон фæсивæд».

Ахуыргæнæг:

Тагъд горæт Сочийы цæудзысты олимпаг хъæзтытæ, цæй æмæ мах дæр ерысæйтæй ахъазæм. Чи тагъддæр æмæ растдæр бакæна йæ хæслæвæрд, уый куыст «сыгъзæрин майданæй» схæрзиуæг кæндзыстæм, дыккаг къордæн ратдзыстæм «æвзист майдан», æртыккаг къордæн-«бронзæ майдан». (Афтæмæй сывæллæтты сразæнгард кæнын активондæр куыст бакæнынмæ).

Командæйы уæнгтæ радыгай фæйнæгмæ уайынц æмæ чи раздæрæй номдарты размæ миногонтæ фыссынц, ома, дзырдбæстытæ аразынц. (Сывæллæттæ дзырдбæстытæ фыссынц сæ тетрæдты).

Ахуыргæнæг:

-Цы сарæзтам фæйнæгыл? (Дзырдбæстытæ)

- Предметæн цы æвдисынц? (Йæ æууæлтæ)

- Куыд федтам, афтæмæй миногон æвдисы предметы æууæлтæ, домы фарстытæ Цавæр? Цы хуызæн?

Æркæсæм чиныгмæ (138 ф, §55 ). Зæрдылдаринаг бакæсæм. (Сывæллæттæ радыгай кæсынц).

Ахуыргæнæг:

Чиныджы зæрдылдаринаг бакастыстæм. Цы базыдтам ногæй? ( Сывæллæттæ дзурынц, миногон кæй æвдисы предметы æууæлтæ, кæй домы фæрстытæ цавæр? цы хуызæн?, хъуыдыйады мидæг арæхдæр кæй вæййынц бæрæггæнæнтæ æмæ зæгъинæгтæ).

Ныр уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, нæхæдæг ирон æвзаджы ныхасы хæйтты тыххæй цы «10 æнгуылдзæй зæрдылдаринаг» æрхъуыды кодтам, уый. Уый руаджы зæгъæм, цавæр ныхасы хай хонæм миногон?

(Сывæллæттæ иумæ дзурынц 10 æнгуылдзы руаджы зæрдылдаринаг: «Миногон –(1) у (2) ахам (3) ныхасы (4) хай, (5) кæцы(6) æвдисы (7) предметæн (8) йæ (9) (ном) 10.

Куыд федтам, афтæмæй миногон æнгом баст у номдаримæ, ома, номдар у йæ хуыздæр æмбал, суанг ма загъд дæр цæуынц иу цавдимæ:

Слайд ( «Хуыздæр æмбæлттæ» æмæ Миногонты хуызтæ)

/ / /

͡Рог͡ дымгæ, уазал͡ бон, бæрзонд͡ цъæх͡ арв.


Ахуыргæнæг:

Миногонтæ сæ амындмæ гæсгæ вæййынц дыууæ хуызы. Фылдæр кæнæ къаддæр бæрцы райсæн кæмæн вæййы, ахæм æууæлтæ фæбæрæг кæнынц миниуæгæвдисæг миногонтæ.


Уыдонæн вæййы æртæ бæрцбарæны- бындурон, барæн, уæлахизон .


^

Зæгъæм, сырх фæткъуы – сырхдæр фæткъуы – тынг сырх фæткъуы.

Ахастæвдисæг миногонтæ та февдисынц ахаст предметмæ, ома предмет цæмæй конд у.

Зæгъæм, хæххон дон, ирон æвзаг, уалдзыгон бон.

- Ацы миногонтæн ис зæгъæн фылдæр бæрцы?

Уæдæ ахастæвдисæг миногонтæн бæрцбарæнтæ нæй!

Бæрцбарæнтæй уæлдай ма миногонæн ис 2 нымæцы - иууон æмæ бирæон , номдаримæ бастæй та миногон тасындзæг дæр кæны.


Слайд ( Хъæугæ миногонтæ ссарын)

Ахуыргæнæг:

Сывæллæттæ, фæйнæгыл цы номдартæ фыст ис, уыдонмæ

ссарут хъæугæдæр миногонтæ, ома, семæ арæхдæр цы миногонтæ фембæлы, уыдон;

(Сывæллæттæ агурынц хъæугæдæр миногонтæ, фæйнæгыл та фæзынынц ахæм дзырдбæстытæ:

Цъæх арв райгуырæн бæстæ

бæрзонд хæхтæ рæсугъд æрдз

сыгъдæг уæлдæф хъæлдзæг зард

Хæдзармæ уын бахæс кодтон ацы дзырдбæстытимæ цыбыр диалогтæ саразын.

6 скъоладзауы дыгæйттæй радыгай фæйнæджы цурмæ уайынц æмæ дзурынц диалогтæ миногонтæй пайдагæнгæйæ. (Ахуыргæнæг сын арфæ кæны).

- Ныр æй бамбæрстат, ацы дзырдбæстыты миногонтæ кæй уыдис, уый?

Æрæджы мах ахуыр кодтам нæ хæстон поэт Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Мухарбег тынг бирæ уарзта йæ райгуырæн хъæу, йæ зынаргъ Ирыстон, æцæг хъæбулы зæрдæ сæм дардта, суанг ма хæсты быдыры дæр мысыди: (Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм мæнæ ацы строфайы рæнхъытæ):

Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,

Нæ хъал дæтты хъæлæс.

Нæ зад хуымтæ, цъæх быдыртæ,

Нæ дидинæгджын фæз.

Ахуыргæнæг:

Кæсут, сывæллæттæ, цас уарзта, куыд тынг æнкъарта йæ фыдыбæстæ æрыгон поэт. Æмæ куы бахъуыди йæ уарзон бæстæ фыдызнагæй бахъахъхъæнын, уæд йæ сæраппонд йæ цард радта .

Сымах дæр хъуамæ бирæ уарзат уæ райгуырæн бæстæ, уæ фыды уæзæг, аудат сыл æмæ сæ хъахъхъæнат.


Мах нæ урокты арæх фæпайда кæнæм æмбисæндтæй, дæнцæгтæн сæ æрхæссæм. Æмбисæндтæ нын нæ ныхас кæнынц аивдæр, рæсугъддæр, хуызджындæр, бæлвырддæр, уымæ гæсгæ мæнæ фæйнæгыл цы æмбисæндтæ ис, уыдон сæ хъуыдымæ гæсгæ кæронмæ ахæццæ кæнæм, сæ мидис сын бамбарын кæнгæйæ. Уæ тетрæдты сæ ныффыссут.


Слайд ( Æмбисæндтæ)


1. Уæлдай бирæгъæн дæр нæ … тайы.

2. Сау хохæй урс дур … нæ хауы.

3. Рувасæн йæ къæдзил - … йе ‘вдисæн.

4. Тагъд дон фурды… не ‘ййафы.

- Кæм сымбæлдыстæм зыдгæнаг бирæгъимæ?

- Къостайы «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-ы.

- Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, бирæгъæн уæлдай хæрд кæм нæ батади, ууыл дзурæг строфа:

«Диссаг æвналынмæ,

Цас ын æнтысти!…

Уалынмæ уæны стæг

Хурхы ныннæхсти».


Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы æмбисонд?

(Иннæ æмбисæндты мидис дæр скъолдзаутæ æвзарынц ахуыргæнæгимæ иумæ).


Слайд (Улæфты рæстæг). Физминутка.

Ахуыргæнæг:

Сывæллæттæ, æвæццæгæн бафæлладыстут, æмæ цæмæй аулæфæм, уый тыххæй иу гыццыл хъæдмæ куы атезгъо кæниккам. Фæнды уæ? Кæсут-ма, цавæрдæр сырдтæ фæуайынц нæ цуры. Цымæ сæ базониккам?

Базон – базон чи сты адон:

(Сывæллæтты дзуаппыты фæстæ интерфæйнæгыл радыгай фæзынынц сырдты нывтæ).


Цъæх, зыдгæнаг, хъæддаг сырд… бирæгъ.

Налат, бур къæдзилджын… рувас.

Тæрсаг, æнæхъару, тæппуд… тæрхъус.

Стыр, æнарæхст, зылынкъах… арс.


Ахуыргæнæг:

Цæмæн сæ афтæ æнцонтæй базыдтам ацы сырдты, цæй руаджы?

Раст зæгъут, сæ миниуджыты руаджы. Цавæр ныхасы хæйттæ сты миниуæгæвдисæг дзырдтæ? - Миногонтæ.


IV. Æрмæг бафидар кæнын.

Ахуыргæнæг:

Æрдæбон нæ нæ лæппутæй иу йæ диалогы Хохы Дæргъæвсмæ хуыдта. Цæй æмæ йемæ абалц кæнæм уыцы алæмæты рæсугъд хъæумæ… Райсомæй раджы ацыдыстæм æмæ…

Слайд (Уыгæрдæн) Тексты анализ:


1. Бирæстъæлфыты бæсты сæвæрут хуызджын миногонтæ.

(Сывæллæтæ дæнцæгтæ хæссынц, интерактивон фæйнæгыл фæзынынц миногонтæ).

Сихормæ бахæццæ стæм… (диссаджы рæсугъд) уыгæрдæнмæ. Кæрдæджы астæуæй зындысты… ( бур, сырх, урс) дидинджытæ. Кæцæйдæр хъуыстис… (хæххон ) доны … (сабыр) сыр-сыр. Быдыры алыварс лæууыдысты …(бæрзонд æмæ аив) бæлæстæ. …(Рог ) уддзæф сатæг кодта уæлдæф …(Сыгъдæг ) уæлдæф æмæ æрдзы рæсугъддзинадæй сæр зылди…


2. Дыккаг хъуыдыйад равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.


Хатдзæгтæ .

Ахуыргæнæг:

Нæ абоны урокæн хатдзæг скæндзыстæм цыбыр тесты хуызы.


Слайд (Тест):

1. Цы нысан кæны миногон?

а) предмет

б) предметы æууæл

в) предметы архайд

2. Цавæр фарстытæн дзуапп дæтты миногон?

а) цавæр? цы хуызæн?

б) чи? цы?

в) кæм? куыд?

3.Цавæр ныхасы хаимæ арæхдæр вæййы миногон?

а) мивдисæгимæ

б) нымæцонимæ

в)номдаримæ

4. Миногонтæ вæййынц:

а) сæрмагонд

б) иумæйаг

в) миниуæгæвдисæг

г) ахастæвдисæг

5. Арæхдæр цавæр хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц миногонтæ?

а) сæйрат

б) зæгъинаг

в) бæрæггæнæн


Ахуыргæнæг:

- Уæдæ цы нысан кæны миногон?

- Нæ ныхасы миногон цæмæн хъæуы?

Нæ урок райдыдтам И. Гетейы ныхæстæй: «Адæймагæн хъуамæ йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад фена». Бирæ фæныхас кодтам æрдзы тыххæй, спайда кодтам хуызджын миногонтæй дзырдбæстыты, хъуыдыйæдты æмæ диалогты мидæг, федтам æрдзы рæсугъд нывтæ. Гетейы ныхæстимæ разы стут? Нæхи Ирыстон йæ рæсугъддзинады тыххæй буцдæрæн фæхонынц «Зæдты бадæн», зæгъгæ. Цæй æмæ уыцы рæсугъддзинад бахъахъхъæнæм, ма йæ бауадзæм фæцудын!

Уæдæ æрдзы тыххæй та цавæр хатдзæгмæ æрцыдыстæм?

Æрдзы рæсугъддзинад мах хъуамæ: (Ахуыргæнæг амоны)

- уынæм цæстæй дæр,

- æнкъарæм зæрдæйæ дæр,

-уарзæм æй, аудæм ыл æмæ йæ хъахъхъæнæм!

-Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй «æрдз у нæ хæдзар» æмæ нæ хæдзары уавæр та нæхи къухтæй аразгæ у !

- Уæдæ уæ зæрдыл бадарут ацы хъуыды, макуы йæ ферох кæнут æмæ уын уæд æрдз алкæддæр уыдзæн хорз æмбал дæр, хорз дарæг дæр!

V. Хæдзармæ куыст : § 55, 369- æм фæлт., ныффыссын цыбыр нывæцæн « Æрдз- нæ дарæг».

VI. Рефлекси.


VII. Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ:

Ахуыргæнæг:

Уе’ппæты куыстæй дæр разы дæн, хорз бакуыстат .Уæлдайдæр диалогтæ чи ссарæзта, уыдонæй. «5» сын сæвæрæм? Разы стут мемæ?

Хуыздæр цы къорд бакуыста фæйнæджы цур, уыдонæн-сыгъзæрин майдан, 2 къордæн-æвзист майдан, 3-аг къордæн та-бронзæ .Уе ’ппæтæн дæр стыр бузныг, нæ уазджытæн дæр, кæй нæм байхъуыстой.





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс

Скачать
Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 30.10.2019

Номер свидетельства: 524965

Похожие файлы

object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(92) "Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ"
    ["seo_title"] => string(58) "minoghon_minoghonty_ghrammatikon_aeuuaeltae_aemae_khuyztae"
    ["file_id"] => string(6) "355573"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478347717"
  }
}
object(ArrayObject)#885 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(127) "Презентация к уроку Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ. 6 класс"
    ["seo_title"] => string(77) "prezentatsiia_k_uroku_minogonty_grammatikon_aeuuaeltae_aemae_khuyztae_6_klass"
    ["file_id"] => string(6) "525234"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1572606543"
  }
}
object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(86) "Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ."
    ["seo_title"] => string(50) "faersdzyrdy_araezt_nomdartaei_araezt_faersdzyrdtae"
    ["file_id"] => string(6) "524967"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1572457779"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства