kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ.

Нажмите, чтобы узнать подробности

1. Раззаг кълæсты миногонты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл

                      æрлæууын кæнын, равзарын миногоны грамматикон 

                      æууæлтæ æмæ  хуызтæ.

                 2. Раст сæ пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы;                                          скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр  кæнын диалогон                           ныхасы руаджы.

                 3. Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын       

                     хуызджын  миногонты  руаджы; скъоладзауты эстетикон                             дуне фæхъæздыгдæр кæнын, патриотон хъуыдытæ сæм                         гуырын  кæнын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ.»

Темæ: Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт

фæрсдзырдтæ.

Ныхасысæр: Куыст – царды бындур.

Нысан:1. Фæрсдзырды тыххæй зонындзинæдтæ сфæлхат

кæнын.

2. Бацамонын, куыд равзæрынц фæрсдзырдтæ

номдартæй.

3. Гуырын кæнын скъоладзаутæм цымыдисдзинад мадæлон æвзагмæ, уарзын ахуыр кæнын, кусын, æмбарын, куыст царды бындур кæй у, уый.



Урочы цыд.

«Адæймаг куыстæн конд у»

( Ирон æмбисонд).



I.Орг. хай.

- Уæ бон хорз ,сывæллæттæ! Абон нæ урокмæ æрбацыдысты уазджытææмæ сын зæрдæбынæй салам раттæм.

- Сбадут.

- Хъусут, «зæрдæбынæй салам раттæм». Ацы рæсугъд дзырдбасты ис иу дзырд, кæцы комкоммæ баст у, цы ныхасы хай ахуыр кæнæм, уыимæ. Цавæр дзырд у? Ахъуыды кæнут.

- Раст, уыцы дзырд у «зæрдæбынæй», æмæ – у ахæм ныхасы хай, кæцы æвдисы предметы…… цы?

- Раст, у фæрсдзырд, уымæн æмæ æвдисы предметæн йæ архайды æууæл.

1 слайд.

Ахуыргæнæджы ныхас:

Фæйнæгыл – нæ зонгæ «Ныхасы хæйтты дидинæг». Дидинæджы æххуысæй ранымайæм нæ ныхасы хæйттæ.

(Сывæллæттæ нымайынц ныхасы хæйттæ - уыдондидинæджысыфтылфыстæйкæрæдзийыфæдылфæйнæгылфæзынынц.)

- Раздæры 2 урочы цавæр ныхасы кой кодтам? - (Фæрсдзырды).

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы хонæм фæрсдзырд; цавæртæ вæййынц фæрсдзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, цавæр ныхасы хæйттæй равзæрынц. (Сывæллæттæ дзуаппытæ дæттынц).

Абон дæр та нæ ныхас уыдзæн фæрсдзырды тыххæй.

2 слайд.

Нæ урочы темæ у: Фæрсдзырды арæзт. Номдарæй арæзт фæрсдзырдтæ.

1.Базондзыстæм, куыд равзæрынц фæрсдзырдтæ номдартæй.

2. Фендзыстæм, куыд хъæздыг, бæлвырд æмæ аив кæнынц нæ ирон æвзаг фæрсдзырдтæ.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Мах базыдтам, фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц алы ныхасы хæйттæй .Хæдзармæ уын лæвæрд уыди сæххæст кæнын 158 -æмфæлтæрæн. Хъуамæ сбæлвырд кодтаиккат, кæм аивта номивæг йæ нысаниуæг æмæ фæрсдзырдмæ кæм ахызтис.

(Сывæллæттæ иртасынц хæдзармæ куыст, ахуыргæнæг комментаритæ дæтты дзуаппытæн.).

- Цавæр хатдзæг скæндзыстæм хæдзармæ куыстæн?

- Арæх номивæг аивы йæ нысаниуæгæмæ свæййы фæрсдзырд, афтæмæй фæбæлвырддæр кæны дзурæджы ныхас.

III. Ног темæ.

Уæ тетрæдты ныффыссут абоны нымæц æмæ нæ урочы темæ. - Абон нæ бирæ бакусын хъæудзæн. Цæмæй алцæуыл дæр аххæссæм, уый тыххæй раздæр ахъуыды кæнæм, куыд цæттæ стæм ацы темæ равзарынмæ, цы базыдтам æмæ мА нæ цы базонын хъæуы фæрсдзырды тыххæй.

3 слайд. Хъуамæ базонæм:

• фæрсдзырдтæ тексты æнцонæй ссарын;

• сæ нысаниуæгмæ гæсгæ сæ раст равзарын;

• раст сын бацамонын сæ арæзт;

• дзургæйæ сæ раст спайда кæнын.

- Федтат, цас куыст нын ис? Æмæ æнæ куыстæй та цы ис? Байхъусут, нæ урокæн эпиграфæн цы ирон æмбисонд æрхастам, уымæ : «Адæймаг куыстæн конд у». Сымахæн уæ куыст ныртæккæ ахуыр кæнын у. Цæмæй арф зонындзинæдтæ райсат, ахуыры фæндагыл фидарæй , æнæкъуыхцыйæ уайат, уый тыххæй уæ бирæ кусын хъæуы, уымæ гæсгæ зивæг ма кæнут- хорз ахуыр кæнут.

Куысты ахадындзинады тыххæй диссаджы зондджын ныхæстæ загъта зындгонд китайаг философ Конфуций дæр. Байхъусут сæм.

4 слайд.

« Три пути есть у человека, чтобы поступить разумно: первый, самый благородный - размышление, второй, самый легкий –подражание, третий, самый горький – опыт».

- Кæцы фæндаг равзариккат сымах та? ( Сывæллæттæ цыбыр дзуаппытæ дæттынц).

- Цавæр хатдзæг скæндзыстæм куыст æмæ фæлтæрддзинады тыххæй?

(Кæд æртыккаг фæндагыл цæуын зындæр у, уæддæр æрмæстдæр ацы фæндагыл райсы адæймаг арф зонындзинæдтæ æмæ стыр фæлтæрддзинад).

5 слайд. «Морфологион уыци-уыцитæ».

Цæмæй нæ куыст фæцырддæр уа, уый тыххæй зондджын «морфологион уыци-уыцитæй» ахъазæм.

• æвдисы предметы æууæл……

• æвдисы фæрссаг архайд……

• æвдисы архайды æууæл……

• æвдисы предметы æууæл йæ архайдмæ гæсгæ…….

( Раст дзуаппытæ сабыргай интерактивон фæйнæгыл фæзынынц).

Нæ куысты сæмбæлдзыстæм цалдæр зынæмбарæн дзырдимæ. (Фæйнæгыл фыст). Равзарæм сын сæ нысаниуæг:

Æндæрæбон – зноны размæ бон

Мыггагмæ- царды кæронмæ

Рæстæгмæ-иу чысыл

Куыд базыдтам, афтæмæй фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц алы ныхасы хæйттæй, уыдонимæ номдартæй дæр. Æркæсæм, куыд æмæ цал хуызы равзæрынц фæрсдзырдтæ номдартæй.

Фæйнæгыл фыст:

Номдартæй фæрсдзырдтæ равзæрынц 3 хуызы:

1) номдартæм æндæр ныхасы хæйттæ (арæхдæр номивджытæ) æфтаугæйæ, зæгъæм:а-бон ; ал-аз; æндæр-æхсæв;

2) номдары бындур фæлхат кæныны руаджы, зæгъæм: дон-дон, хъæуи-хъæу, фæрсæй-фæрстæм,




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ.

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 30.10.2019

Номер свидетельства: 524967

Похожие файлы

object(ArrayObject)#863 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(61) "Фæрсдзырд. Презентаци гом урокмæ."
    ["seo_title"] => string(37) "faersdzyrd_priezientatsi_ghom_urokmae"
    ["file_id"] => string(6) "355591"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478348998"
  }
}
object(ArrayObject)#885 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(31) "Фӕрсдзырды арӕзт"
    ["seo_title"] => string(18) "faersdzyrdy_araezt"
    ["file_id"] => string(6) "355577"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478348109"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства