Тест
1. Уацмыс «Иудзонгон» ныффыста
а) Гæдиаты Секъа
б) Барахъты Гино
в) Хъуылаты Созырыхъо
2. Автор йæ уацмысы равдыста
а) граждайнаг хæсты цаутæ
б) Октябры революцийы рæстæджы цаутæ
в) фыццаг дунеон хæсты цаутæ
3. Уацмысы архайджытæй большевик уыд
а) Мæхæмæт
б) Габе
в) Темс
4. Габе Мæхæмæтæн радзырдта
а) йе ‘рдхорды тыххæй
б) йæ уарзоны тыххæй
в) йæ мады тыххæй
5. Габе мæсты уыди
а) Хадзумармæ
б) Мæхæмæтмæ
в) Сæниатмæ
6. Уацмысы фыст æрцыдис скъуыддзаг
а) Малиты Геуæргийы æмдзæвгæйæ
б) Нигеры æмдзæвгæйæ
в) Къостайы æмдзæвгæйæ
7. Хадзумар горæты
а) ахст æрцыдис
б) рынчындонмæ бахауд
в) фæрасыг ис
8. Мæхæмæт дзырдта Габейæн
а) хъæздыг чызг æй бинойнагæн кæй нæ хъæуы, ууыл
б) цард раивын кæй хъæуы, ууыл
в) хос кæрдын афон кæй у, ууыл
9. Мæхæмæты большевикон къорд хуындис
а) «Ног цард»
б) «Сахъ фæсивæд»
в) «Чермены фæсивæд»
10. Ацы ныхæстæ «Кæд къаннæг лæг уыд, уæддæр мæйдары рагон
сау уæйыджы хуызæнæй зынд» загъд сты
а) Габейы тыххæй
б) Мæхæмæты тыххæй
в) Гагуыдзы тыххæй
11. Габейы цæфæй куы фæцæйхастой, уæд Сæниат йæ фæстæ нæ
ацыд, уымæн æмæ
а) ирон æфсарм фæуæлахиз
б) цæфæй йæ нал хъуыд
в) нæ йæ базыдта, цæф у, уый
12. Сæниат знаджы цæстæй бакаст Габемæ, уымæн æмæ йын уый
а) йе ‘фсымæры ахæстоны бакодта
б) большевик сси
в) йе ‘фсымæры амардта
Тест
1. Цæуыл хъуыды кодта Хосдзау дуармæ бадгæйæ?
а) йæ мулкыл
б) йæ бинонтыл
в) йæ хъæубæстыл
2. Цал азы бады куырдуаты Хосдзауы чызг Дзерассæ?
а) 3 азы
б) 5 азы
в) 2 азы
3. Цæмæн бады уал азы куырдуаты?
а) йæ курæг дард балцæй нæма æрыздæхт
б) ирæд нæма бафыста йæ курæг
в) йæ мад фæрынчын æмæ йæм кæсгæ кæны
4. Куыд хъуыд кæны скъæфты тыххæй Саугуди?
а) йæхицæй хынджылæг чи кæны, скъæфгæ дæр уыдон
фæкæнынц
б) скъæфгæ æрмæстдæр æцæг лæппутæ кæнынц
в) скъæфын хъæбатырдзинад у
5. Фæстаг рæстæджы Хосдзау дзæвгар цæмæн фæзæронддæр?
а) йæ мулк ын абырджытæ давынц
б) йæ чызджы йын аскъæфтой
в) уæззау фæрынчын
6. Чи уыди Хосдзауы мулк давæг?
а) Дзамболат
б) Саугуди
в) фыййæуттæ
7. Цæмæн райдыдта уый давын?
а) хъæздыгдзинад æй хъуыд
б) хæдзар кæнынæн æй æхца хъуыд
в) ирæд бафидын нæ фæрæзта
8. Адæм Саугудийыл цæуылнæ хъыг кодтой?
а) давæг уыди
б) йæ сыхаджы фæнадта
в) йæ сыхаджы хæдзар басыгъта
Тест
1. Дзæбидыр лæууыди
а) сау айнæджы цъуппыл
б) стыр дурыл
в) сау айнæджы бынмæ
2. Саг хызти
а) быдыры
б) хъæды
в) уыгæрдæны
3. Ацы ныхæстæ «Тæрсгæ-ризгæ бонджынæй æд мæт фæцæрыны
бæсты мæнмæ мæ мæгуыр хæххон цард сæрибарæй хуыздæр
кæсы» зæгъы
а) цъырцъыраг
б) дзæбидыр
в) саг
4. Мæлдзыг сæрды йæ рæстæг æрвыста
а) кусгæйæ
б) хъазгæйæ
в) заргæйæ
5. Уацмыс «Мæлдзыг æмæ цъырцъыраг» æнгæс у
уырыссаг фыссæг
а) А.И.Крыловы басняимæ
б) В.А.Жуковскийы басняимæ
в) Н.А.Некрасовы басняимæ
6. Цæмæн хоны уазæг йæхи мæгуыр?
а) нæй йын мад, нæй йын фыд
б) нæй йын рæсугъд дарæс
в) нæй йын хæдзар
7. Чи уыди уыцы уазæг?
а) ирон чиныг
б) амонд
в) рæсугъд фидæн
8. Уазæг фæцæуы агурæг
а) хъæздыг цард, рæсугъд усгур, стыр галуан
б) хæстæджытæ, сыхæгтæ, æмбæлттæ
в) ирон чиныг, ирон зæрдæ, ирон æвзаг