kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

« Мады ном – œнусон».

Нажмите, чтобы узнать подробности

Внеклассное мероприятие в 4 классе. Праздник Джеоргуыба. Песни.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«« Мады ном – œнусон».»

СЦЕНАРИ



«Мæ уарзон МАДÆЛОН ÆВЗАГ».



(Бæрæгбоны райдианы сценæйыл æвдыст цæуы презентаци Ирыстоны тыххæй,

ирон фысджытæй æмæ ирон хæхты диссаджы æрдзæй).

Бæрæгбон байгом кæндзæн Габеты Аллæ.

Кафт - «Хонгæ».

1 - кæсæг: ХЪÆБÆЛОТЫ МИЛЕНÆ/БОКОТЫ

2 –кæсæг: ЛАЗАРТЫ ВИКТОР.

1 - кæсæг: - Уæ бонтæ хорз зынаргъ æмбæлттæ!

- Тынг æхсызгон нын у абон та ногæй кæй æрбамбырд стæм, æмæ та мæнæ нæ

иумыйаг рæсугъд ирон бæрæгбоныл кæй цин кæнæм. Адæймаг фыццаг йæхи

хъуамæ уарза, стæй та искæй. Де ‘взаг ды куыннæ уарзай, уæд æндæр нацийы

та кæм хъæуы.

Алы иронæн дæр сæрбæрзондæй йæ бон хъуамæ уа зæгъын: «Æз дæн ирон».



2 – кæсæг: Язык- это тот родник ,который зачахнет ,иссохнет, если к нему не будут

приходить, чтобы напиться его чистой воды. Но и хранить его необходимо от

засорения… Осетинский язык богат, красив, сложен. И этот праздник – тот самый

повод насладиться звучанием и произношением родной речи. Его задача в

умножении любви подрастающего поколения к родному языку, чтобы дети

впитывали его с молоком матери, с первыми колыбельными песнями и сказками.



Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау!

Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!

Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау,-

Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.



Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон!

Рæвдауы нæ ныййарæгау дæ зæхх.

Хъæбулау дыл мæ зарджытæ фæфыстон,

Хъæбадæйыу дæ тыгъ быдыры цъæх.



1 - кæсæг: 15 - майы æппæт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон фæбæрæг кæнæм

иумæ нæ ирон æвзаджы бæрæгбон.Майы мæй у дидин æфтауæн рæстæг, æмæ



2

уадз æмæ нæ ирон адæмы царды бæлæстæ дидин æфтауой, уадзой арф уидæгтæ,

цъæх арвы бын.

2006 азæй фæстæмæ мах стыр цинимæ фембæлæм ацы рæсугъд бæрæгбоныл.

2 – кæсæг: Указом президента Республики Северная Осетия- Алания, начиная с 2006

года 15 мая отмечается День осетинского языка и письменности.



1 - кæсæг: Ацы бæрæгбон нын дæтты фадат æмæ стыр уæрæх авналæнтæ,

цæмæй нæ гыццыл Ирыстоны алчидæр дзура йæ мадæлон æвзагыл, цæмæй ма

бауадзæм цудын не ‘взаг,нæ уарзон Ирыстоны хæхтыл зæла ирон зарæг æмæ

фæсивæды цæвджыты æхситт.. Ацы бон æвæццæгæн æнæхъуаджы не ‘рцыд

æвзæрст, 1899 азы 15 майы рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы чиныг

«Ирон фæндыр» дæр.

2 – кæсæг: 15 мая 1899 года во Владикавказе вышел в свет сборник стихов Коста

Левановича Хетагурова «Ирон фæндыр» («Осетинская лира»)-первая литературная

книга на осетинском языке.



Куыд хъæздыг у ирон æвзаджы суадон!

Нæ байсысдзæн æнустæм дæр йæ цад.

«Ирон фæндыр» - нæ зондамонæг фаззон,

Хæссы сæрибар, амонд æмæ цард.



Нæртон æвзаг – нæ хæхты хуызæн рагон,

Ныййарæг мадау, ды уымæн зынаргъ.

Къостайы фæдзæхст ма рох кæнут абоН,

Æххæст кæнут йæ бæллицтæ сымах!



(ХАДАЕВА)



1 - кæсæг: Ацы ныхæстæ комкоммæ дæр махмæ хауынц, фæсивæдмæ, йæхи ирон

чи хоны, ирон зæххыл чи цæуы, йæ рæсугъд æрдзæй йын йæхи чи хъал кæны,

амонд ацы зæххыл чи ссары, уыдонмæ.

Сидæм сымахмæ нæ ирон фæсивæд, дзурут иронау, дзурут Къостайы

æнæмæлгæ æвзагыл, ма йæ бауадзæм сæфын, знæгты къæхты бынмæ. Уыцы

диссаджы рæсугъд æвзаг махмæ æнусты сæры ралæвæрдтой нæ фыдæлтæ

скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Мах дæр æй адæттæм нæ сæрты,

фæлтæрæй-фæлтæрмæ.



3

2 – кæсæг: Осетинский язык относится к Иранской группе индоевропейской

языковой семьи, является единственным преемником скифо – сармато- аланского

языка, и делает его уникальным памятником самобытности, истории и культуры

осетинского народа. Большое эмоциональное значение сегодняшнего праздника

трудно переоценить, без языка нет и нации.



« Читая чудесные строки «Ирон фæндыра», осетины впервые всем существом

осознали, что они – один народ, что у них одна культура, одна исстрадавшаяся душа,

они чаяния и мечты», писал Васо Абаев.



1 - кæсæг: Ныр та бакæсæм цыбыр юмористикон сценкæ «Сона фæйнæгмæ».

Æххæст æй кæнынц ………………………………………………………………



«Сона фæйнæгмæ».

Ахуыргæнæг: Сона фæйнæгмæ ма рацу.(АККАЛАЕВ)

Сона: Цыта кодтон! Фыдæнæн та мæ фæйнæгмæ рахуыдта.(рацыд йæхи

æрцæттæ кодта).(ЯНА)

Ахуыргæнæг: Фысс. Мæ мады ном Даро. Мæ фыды ном Гæци. Ме ‘фсмæры

ном та Хазби.

Ацы ран мын ссар номдартæ, æмæ сæ базон кæцы хауæнты сты.

Сона: (Фæйнæгмæ кæсы æмæ дзуры) « Даро» у номдар. «Д» йæ райдыдта æмæ

ис Дæттынон хауæны. «Гæци» у номдар. « Г» йæ райдыдта æмæ ис Гуырынон

хауæны. «Хазби» дæр номдар. «Х» й æ райдыдта æмæ уый та ис Хуызæнон

хауæны.

Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Фæлæ ма мын дæ боныг радав.

Сона: Æмæ мын цы æвæрыс?

Ахуыргæнæг: Кæй зæгъын æй хъæуы «Фондз», фæлæ йæ кæд базонай кæцы

хауæны ис, уæд.

Сона: Хауæнтæй «Ф» йæ ничи райдауы, æмæ никæцы хауæнмæ хауы.

Ахуыргæнæг: Æмæ «æвзæр» та кæцы хауæны ис?

Сона: «Æвзæр» ис Æттагбынатон хауæны.

Ахуыргæнæг: Уæдæ уал дын «æвзæр» æвæрын, стæй дарддæр фендзыстæм.

Сона: (сæргуыбырæй араст).

Кæрон.



4



1 - кæсæг: Дунейы фарн зæгъæд ,æмæ алы ирон дæр куыд уа цæсгомджын ирон

фарнæй, алы ирон дæр куыд уа хайджын Къостайы ‘взагæй!

Цард рæсугъд уæд у, æмæ хъæбул куы хъуса алыбон йæ мады фæлмæн хъæлæс,йæ

мадæлон æвзагыл куы зæлой ирон дзырдтæ.

2 –кæсæг: Осетинский язык является хранителем богатейшей духовной культуры

нартского эпоса. Перед современными осетинами стоит историческая задача

сохранения и развития этого уникального памятника истории и культуры.



- Нæ бæрзонд къæдзæхтæ

Нæ царддæттæг зæхх,

Æз уарзын мæ бæстæ

Мæ райгуырæн зæхх!!!

Дæу барын æз хæхтыл

Нæ зæххыл цæрæг

Дæу уарзын а‘бæстыл

Хæрзконд дæ бæрæг!!!(ТАМИЛА)



Под утренним солнцем на древней земле

Алмазом сверкает наш Ир величавый.

Мы пронесем через тысячи лет

Аланскую гордость и славу.(ЛАЗАРОВ)



1 - кæсæг: Ирон æвзагыл цæрæнбонты фыстой æмæ фысдзысты сæ зæрдæйы

æнкъарæнтæ нæ фысджытææмæ нæ поэттæ. Диссаджы рæсугъд равдыстой сæхи

хъуыдытææмææппæт ирон адæмы хъуыдытæ дæр. Абоны царды сагъæссаг у ирон

æвзаджы фидæн, фæлæ йæ цалынмæ уарзæм, цалынмæ йыл хъуыды кæнын фæрæзæм,

цалынмæ ирон сывæллон дзура йæ мадæлон æвзагыл, уæдмæ йын тæссаг нæу

фесæфынæй.

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ:

«Хæхтæ æмæ алантæ».



Зон æй мæ Ирыстон

Æнæ дæу сидзæр дæн,

Хур мæ нæ тавы дзæбæх.

Цинимæ зæрдæйы



5

Урс цæссыг фезмæлы

Афтæ зынагъ у дæ зæхх.

О, фæлæ, иу сагъæс зилы мæ хъуыдыты

Хорз амонд кургæйæ нæу,

Мах фæстæ а зæххыл

Чи цæудзæн, чи цæрдзæн

Уый та куыд уарздзæни дæу?

Сæрыстырæй нæхи ирон куы хонæм

Уæд не 'взагыл куыд ауыгътам нæ къух?

Æви, мыййаг æй нал хæссæм нæ сæрмæ

Уырыссагау цæмæ дзурæм æдзух?



(КАЧЛАЕВА)



2 –кæсæг: Бакæсæм сценкæмæ «Ирон чызджытæ».

Сценкæ«Ирон чызджытæ».

(Дыууæ чызджы æрбауайынц. Хъæуы уазæг сæм хæстæг бацыд, æмæ сæм дзуры)

Уазæг: - Уæ бон хорз чызджытæ!(КУДУХОВ)

Фатик: - Здрасте!(КАБУЛОВА)

Светик: Привет!(ДАТИЕВА)

Уазæг: Иронау нæ зонут, ацы хорз чызджытæ?

Фатик: - Æз зонын. Скъолайы дæр ирон проходит кодтон. Фæлæ мæнæ

Светик хорз нæ зоны, уый половина осетинка у.

Уазæг: Ома куыд половина?

Фатик: - Йæ мад уырыссаг у.

Уазæг: Æмæ уæд ды та цахæм осетинка дæ? Стæй дæ ном цы хуыйны?

Фатик: Æз та целая осетинка дæн. Стæй мæ ном та Фатик.

Светик: Фатикæн йæ родителтæ осетинтæ сты дыууæ дæр.

Уазæг: Æмæ ахуыр та кæм кæнут?

Светик: Æз Владикавказский техникумы, первый курсы.

Фатик: Æз дæр Светикы однокурсница дæн.



6



Уазæг: Æмæ цæргæ та кæм кæнут?

Фатик: Æз Ардонский дæн.

Светик: Æз та Владикавказский.

Уазæг: О, оооо! Уæдæ уæ иу горæттаг у, нæ?

Светик: О, о ! Æз Владикавказаг горæттаг дæн.

Уазæг: Уæдæ мæм хъусут, целая осетинка æмæ половина осетинка.

Иронау дæ ном хуыйны Светланæ, кæнæ Ацырухс. Дæуæн та Фатимæ.

Стæй уæ иу Дзæуджыхъæуккаг у, иннæ та Æрыдойнаг. Стæй уæ целый

æмæ половина дæр ничи у, Фатимæ у сыгъдæг ирон, кæцы Светикæй

ницæмæй хицæн кæны.

Светланæ дæр ирон, фæлæ ахæмы фæхонæм æрдæг ирон.

Смахмæ та куыд фæкаст, истæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ Фатимæ

æмæ Светланæ?

Мæнмæ гæсгæ дыууæ дæр æмхуызон сты. Светиктæ æмæ Фатиктæ дæр ,

уымæн хуыйнынц.

КÆРОН.



1 - кæсæг:   Мах стæм ирæттæ æмæ хъуамæ уарзæм нæ райгуырæн зæхх, Ирыстоны

урс сæр хæхты æмæ цъæх быдырты, дидинæгкалæг уыгæрдæнты æмææлутоны

ад чи кæны, уыцы хæххон суадæтты, Ирыстоны цытджын æмæ кадджын

хистæрты.

2 –кæсæг: Осетинский язык является хранителем богатейшей духовной культуры

нартского эпоса. Перед современными осетинами стоит историческая задача

сохранения и развития этого уникального памятника истории и культуры. Осетинский

язык относится к Иранской группе индоевропейской языковой семьи, является

единственным преемником скифо – сармато- аланского языка, и делает его

уникальным памятником самобытности, истории и культуры осетинского народа.

Большое эмоциональное значение сегодняшнего праздника трудно переоценить, без

языка нет и нации.



1 - кæсæг:   Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх, райгуырæн уæзæг, мад, фыд, мадæлон

æвзаг, мæ Ирыстон … Цы у æнæ уыдонæй адæймаджы цард?

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Мæ Ирыстон».



7



(ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА)

«Мæ Ирыстон»



Цæй диссаг дæ, мæ Ирыстон,

Куыд адджын у дæ уынд.

Цæй зынаргъ дæ, мæ зæрдæйæн,

Куыд дын æй зæгъон, куыд?..

Куыд дын уарзын, дæ хуры скаст,

Сæууон æртæхты худт.

Дæ аллы хох, дæ аллы дзыхъ,

Мæ цин æмæ мæ уд.

Сабырдзинад дæ зæххыл уæд,

Дидин æфтау фæрнæй.

Мæ Ирыстон, зæххы цъарыл,

Дæуæй зынаргъ дæр нæй!

Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уæлдæр

Ирон æвзаг равзæрдис дисæн

Цæмæ кæнæм не 'взаг нæхæдæг дæлдæр

Æвзаг куы у удты æвдисæн.

Йæ уарзтæн ивæн нæй лæгæн

Мæ уарзт дæр ивгæ нæу мæнæн

Кæм фæнды дæр цæрон

Уæддæр уыдзынæн æз ирон!



Сты зонды уацхæссæг æппæт дунейы 'взæгтæ

Нæ дзы 'взары хæстæг æмæ дарддаг

Фæлæ ныххойы зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!

                                                     

Ис æвзагæй нал дзурæм иронау

Ис хъæбулæй не 'взаг у æвæд

Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй

Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд?



(ДАТИЕВА)



8

    Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: « Дзераскæ»- мæ.

« Дзераскæ»

1 - кæсæг: Ирон æвзаг нын баззади Алантæй

Кæнæм йæ кадыл хъуамæ тох

Цæмæй нæ сомбоны кæстæртæй

Ирон дзырд макуы 'рцæуа рох.

2 –кæсæг:Дунейы тæккæ стырдæр хæрзтæн

У сæ хуыздæр мадæлон æвзаг.

Чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй

У гъе уый нæ адæмы ызнаг.

1 - кæсæг: Сценкæ «Раст дзуапп

«Раст дзуапп»

Ахуыргæнæг: Симон «4» ма мын «2»- ыл фæдих кæн.(КАДЗАЕВ)

Симон: ( архайы, нæ йын уайы) Æмæ цы фæдих кæнон?.(БАСИЕВ)

Ахуыргæнæг: Цыппар фæткъуыйы фæдих кæн дæхи æмæ Сосланыл.

Симон: Æртæ мæн, иу иу та Сосланы.



Ахуыргæнæг: Æмхуызон сæ фæдих кæн.

Симон: Æмæ Сослан мæнæн æрдæгыл фæдих кæнит. Стæй дыргъæй

фæткъуыйы едтæмæ ницы уарзын , æмæ дзы фылдæр нæ раттдзынæн.

Ахуыргæнæг: Хорз уæдæ, кæд фæткъуы нæ дæттыс, уæд тачылауитæ фæдих

кæн.

Симон: Уый уыдзæн цыппар .

Ахуыргæнæг:Цæмæн цыппар?

Симон: Уымæн æмæ æз чылауитæ нæ уарзын æмæ сæ иууылдæр Сосланæн

дæттын.

Ахуыргæнæг: Æвæццæгæн æй нæ зоныс æмæ афтæ æфсæндтæ кæныс.

Симон: Уæдæ йæ кæд ды зоныс, уæд ма йæ зæгъ.

Ахуыргæнæг: Æз æй зонын, фæлæ ма дæ боныг радав.(дæтты йæм æй)

«4»-ы « 2»йыл куы фæдих кæнæм, уæд дын йæ дзуапп фыссын дæ боныджы

«Дыууæ»!!! Уый дын раст дзуапп.

Симон: (Йæ боныг райста æмæ ацыд).

Кæрон.



9

1 - кæсæг: Мæлæн дын нæй нæ фыдæлты æвзаг

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори.

Æмæ куы сæфа ма зæгъæд ызнаг

Дæуимæ сæфы дунейы истории.

2 –кæсæг:Худинаг уæм нæ кæсы

Æнцад бадын фыддæрагæн

Иу уæ куы нæ тæрсы

Фесæфынæй Иры æвзагæн



…………………………………ахуырдзау дзурыХæмыцаты Юрийы æмдзæвгæ «Дыууæ

Иры».

ДЫУУÆ ИРЫ………………………………………………..

Дыууæ Иры – дыууæ цæсты лæгæн,

Ирон лæгæн йæ ныуарджын къабæзтæ.

Нæу иу Ирæн дыууæ дихы кæнæн, -

Куыд цæрдзæни нæ байзæттаг, нæ хъæстæ?

Дыууæ Иры – нæ абон æмæ райсом,

Æрбатымбыл уæм иу къухы æнгуылдзтау:

Уæлæмæ сисæм нартфыдæлты ном,

Ирон цыт суæд нæ фыдгултæн рæхуыстау.

Дыууæ Ирæн ис иу уды сæ тых,

Сæ гуырдз дæр иу у рухс царды цæрынæн.

Дыууæ Иры сты уадындз æмæ дзых.

Æнæ кæрæдзи зарæгæн нæй гуырæн

……………………………………………………….

Дæ мады æвзагыл

Кæд дзурыс, кæд зарыс,

Дæ фыдгул ызнагæн

Йæ сау зæрдæ марыс.

Кæд рохæй ыскуыдта

Дæ мады æвзаг, -

Йæ къах дыл æркъуырдта

Дæ фыдгул ызнаг!


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Презентации

Целевая аудитория: 4 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
« Мады ном – œнусон».

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 25.12.2023

Номер свидетельства: 643300

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) "Тема:"Малан дын най,на фыдалты авзаг"."
    ["seo_title"] => string(31) "tiemamalandynnainafydaltyavzagh"
    ["file_id"] => string(6) "275279"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1452535335"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства