kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Коста Хетагуров".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Презентация к уроку "коста Хетагуров".

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Коста Хетагуров".»









Гом урок

кæсынæй

Къостайыхъæуы астæуккаг скъола

3-æм къласы

Темæ: “Сырдон та Нарты асайдта “





































Нысан :1) сывæллæтты зонындзинæдтæ фылдæр кæнын ирон адæмон сфæлдыстадæй.



2) Сырдоны фæлгонц фæуæрæхдæр кæнын.



3)Хомыл кæнын сывæллæтты зæрдæты зорз удыхъæды æууæлтæ.















































































Ахуыргӕнӕг: Уӕ бонтӕ хорз ӕмӕ амондджын къах ӕрбавӕрут нӕ Зилахары фӕзмӕ. Зилахары фӕз ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм.

1слайд.

Зилахармӕ ныхасӕй уӕлдай цыдысты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, зӕрондӕй, ӕрыгонӕй сеппӕт дӕр. Ерысы хайад истой барвӕндӕй, йӕ ныфс чи хаста, уыдон иууылдӕр. Сӕрмагонд бынӕттӕ уыди Зилахары нӕртон гуыппырсартӕн .

2слайд.

Зилахар Нарты кадджыты у ахӕм быдыр, фӕз бынат, ерыс кӕм кодтой бӕхыл бадынӕй, кафынӕй, фат мысанмӕ ӕхсынӕй,згъорынӕй ӕмӕ ӕндӕр хӕстон хъӕзтытӕ.

3слайд.

Зилахар ма ноджыдӕр уыдис Нартӕн цуан кӕнӕн бынат. Ныры Цӕгат Ирыстоны Уалладжыры комы ис ахӕм бынат .

Ах. Тынг хорз , йе уыцы нӕртон гуыппырсарты тыххӕй уыди нӕ хӕдзармӕ куыст дӕр. Нӕ зӕрдыл нын ӕй чи ӕрлӕууын кӕндзӕн ?

(Хадзарма куыст сбӕрӕг кӕнын.)

Ах. Тынг хорз, бӕстон дзурут , фӕлӕ ирон ӕмбисонд амоны «Фехъусынӕй фенын хуыздӕр у». Ӕмӕ ныртӕккӕ нӕ Зилахары фӕзы куклаты фӕрцы райгуырдзӕн нӕртон таурӕгъ.

(сценкӕ)

Аив бацӕттӕ кодтой равдыст, фӕцыдис уӕ зӕрдӕмӕ? Фӕлӕ мӕм ис фарст.

Куыд уӕм кӕсы сывӕллӕттӕ, цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз сты Нарт уӕйгуытыл?

Сыв. Хъаруйӕ, зондӕй.

Ах.Тынг хорз ! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы уыцы зонд ӕмӕ хъаруйӕ сымах дӕр хайджын ут!

Ах. Фӕлӕ эпос куыд амоны афтӕмӕй уыдис се хсӕн ахӕм адӕймаг, кӕцы сын бирӕ фыдбылыз хаста. Чи уыд уыцы адӕймаг? (Сырдон) фӕйнӕгыл йӕ ныв.

Гуырысхо дӕр ыл нӕ кодтон, кӕй йӕ базондзыстут ууыл, кӕйдӕрты ма бафӕндыдис проектон куыст бацӕттӕ кӕнын.

Фӕцыдис уӕ зӕрдӕмӕ сӕ проектон куыст ?

Куыд бамбӕмбарстат, афтӕ зӕрдиагӕй схемӕйыл бакуыста ___________, аив та йа радзырдта __________________________.

Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Сырдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ асайдта Нарты . Ӕмӕ абон дӕр базонгӕ уыдзыстӕм Сырдоны хиндзинӕдтимӕ.

Рафӕлдахӕм ӕвддӕсӕм (17) фарс ӕмӕ базонгӕ уӕм ног таурӕгъимӕ. “Сырдон та нарты асайдта” (иумӕ ма йӕ бакӕсӕм).

Тексты фембӕлдзыстӕм зынӕмбарӕн дзырдтыл ӕмӕ сыл бакусӕм:

Саджы сытӕ (саджы сыкъата)

Пыхсытӕ (хус къалиутӕ)

Хӕлц (хӕринаг)

Хъӕз (цъымарайы кӕрдӕг)

Ах. Ӕз уал аив бакӕсон, цӕттӕ стӕм?

- Фӕрстытӕ

Ах. Цӕй тыххӕй бакастӕн ?

Сыв. Нарт Сырдоны фесафынмӕ куыд хъавыдысты, уый тыххӕй.

Ах.Чи та разынд зондӕй тыхджын?

Сыв. Ацы хатты дӕр та фӕуӕахиз ис Сырдон.

Ныр та сымахмӕ байхъусӕм.

(сывӕллӕттӕ кӕсынц)

Ах. Цалынмӕ кастыстут, уӕдмӕ мӕм фӕзынди фарст.

-Уӕдӕ цӕмӕй фӕтарстысты Нарт?

Сыв. Худинагӕй.

Ах. Цавӕр ӕмбисонд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдис

Сыв. «Худинаджы бӕсты мӕлӕт».

Ссарут ма йӕ тексты.

Ӕмӕ сымах та худинаг уӕ сӕрмӕ ӕрхӕсдзыстут?

СЫВ.

Ӕмӕ куыд ӕрхӕссат худинаг уӕ сӕрмӕ, кӕд ӕмӕ нӕ хъӕу Къостайы ном хӕссы, кӕд ӕмӕ стут Къостайыхъӕуы чысыл цӕрджытӕ. Къоста у нӕ кад , нӕ намыс , нӕ тырыса….

Йӕ юбилей ӕрхӕццӕ кӕны…

Сывӕллӕдтӕ кӕд ӕй исчи хъуыды кӕны ,уӕд уыдзӕн ….. (15октябрь)

Ӕнӕкӕрон уарзтӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ мысӕн бонмӕ бацӕттӕ кӕндзыстӕм бирӕ аив равдыстытӕ.

Уӕдӕ Сырдон цӕмӕн хаста йӕ сӕрмӕ уыйбӕрц худинаг, фыдбылыз митӕ?

Сывӕлӕтты дзуӕппытӕ.

Уымӕн ӕмӕ,сывӕллӕттӕ, Сырдон Нартӕй нӕ уыдис.

Ӕз пайда кӕнын проектӕй , кӕцы бацӕттӕ кодтой не скъолайы ахуыргӕнджытӕ скъоладзаутимӕ иумӕ.

Цӕгат Кавказы наукон конференцийы бацахста фыццаг къӕпхӕны диплом .

Сырдонӕн йӕ фыд уыдис Гӕтӕг, доны цӕрӕг ,йӕ мад та- Дзерассӕ. Куыд уынут, афтӕмӕй Сырдон Нартӕн уыд сӕ хӕрӕфырт.

Куы райгуырд ,уӕд ӕй сырдты доны ныннадтой , йӕ бакаст дӕр ӕбӕрӕг сырды хуызӕн у , гуырцӕй йын лӕвӕрд уыд сайын ӕмӕ хин митӕ кӕнын .

Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Сырдон бирӕ хин митӕ фӕкодта Нӕртон адӕмӕн, нӕ сӕ уарзта, фӕлӕ сын йӕ цӕст бауарзта зынаргъ лӕвар ракӕнын Фӕндыр !

(Сценка!)

Ах.Уӕдӕ нын ,Сырдон ,уый хуызӕн хӕзна дӕ цӕст кӕд уарзы, уӕд не гасӕн- ӕфсымӕр, нӕ Зилахары дын бадыны бынат ……

Урочы кӕрон.

Нӕ урокӕн кӕронбӕттӕн скӕнӕм.

Уӕдӕ ма нӕ зӕрдыл иу хатт ӕрлӕууын кӕнӕм, цы базыдтам ногӕй абоны урочы?

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис, куыд бакуыстат урочы, фӕлӕ ма уын хӕдзармӕ лӕвӕрд ахӕм куыст.

  1. Хи ныхӕстӕй дзурын ф. 17-19

  2. Ссарут ӕмбисӕндтӕ Сырдоны тыххӕй. Бынтон диссаг та уый уыдзӕн уӕхӕдӕг сӕ куы ӕрымысат.

Фӕцыдис мӕ зӕрдӕмӕ куыд бакуыстат урочы уый.

Бузныг уын!

Нӕ зынаргъ уазджытӕ! Ацы сабиты хсӕн та ахӕм гуыппырсартӕ сырӕзӕт кӕцытӕм фидӕны ӕрхаудзӕн бынат Зилахары .

Зӕгъӕм уын хӕрзбон!

Сывӕллӕттӕ, сӕрибар стут!


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Презентации

Целевая аудитория: 2 класс

Скачать
"Коста Хетагуров".

Автор: Дьяченко Жанна Васильевна

Дата: 26.10.2016

Номер свидетельства: 352394

Похожие файлы

object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(29) "Коста Хетагуров"
    ["seo_title"] => string(18) "kosta_khetagurov_1"
    ["file_id"] => string(6) "596360"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1640613877"
  }
}
object(ArrayObject)#887 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(55) "Презентация "Коста Хетагуров" "
    ["seo_title"] => string(34) "priezientatsiia-kosta-khietaghurov"
    ["file_id"] => string(6) "155320"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1421258273"
  }
}
object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) ""Весь мир - мой храм". Коста Хетагуров "
    ["seo_title"] => string(37) "vies-mir-moi-khram-kosta-khietaghurov"
    ["file_id"] => string(6) "105431"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1402851665"
  }
}
object(ArrayObject)#887 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(117) "Коста Хетагуров. Литературная гостиная для учащихся 9-11 классов "
    ["seo_title"] => string(77) "kosta-khietaghurov-litieraturnaia-ghostinaia-dlia-uchashchikhsia-9-11-klassov"
    ["file_id"] => string(6) "154576"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(12) "meropriyatia"
    ["date"] => string(10) "1421168076"
  }
}
object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(49) "Коста Хетагуров  -художник "
    ["seo_title"] => string(31) "kosta-khietaghurov-khudozhnik-1"
    ["file_id"] => string(6) "156586"
    ["category_seo"] => string(10) "vneurochka"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1421444800"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства