kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Иероприятие для 1-4 классов. Песни, танцы, сценки.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.»

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.




План:

1.Вступительное слово об осетинском языке.

2.ТОСТ с тремя пирогами

3.Стихи на осетинском языке.

4.Сценки

5.Танец



Вед.1-Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ҆ ппӕт дӕр!

Вед2-Добрый день!



Вед.1-Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махмӕ Ирыстоны фӕзӕгъынц: «Уазӕг-Хуыцауы уазӕг у!»

Вед2-Сегодня праздник, посвященный Дню осетинского языка и мы очень рады вас всех приветствовать на нем! У нас в Осетии говорят: «Гость - Божий гость!»



Вед.1-Уе ҆ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ .

Вед2-Все вы являетесь Божьими гостями и нам очень приятно, что все вы здесь сегодня собрались. Наш праздник нам хочется начать с молитвы.


Вед.1-Нӕ бӕрӕгбонмӕ конд ӕрцыдысты ӕртӕ кӕрдзыны ӕмӕ сӕ уӕ хорзӕхӕй Хуыцаумӕ скувӕм!

Вед2-По традиции к празднику осетинского языка были приготовлены три пирога и пусть наши мужчины произнесут тосты к Богу!



1 хистӕр.

-Дунескӕнӕг Хуыцау,табу дӕхицӕн!Ацы ӕртӕ кӕрдзыны дӕ номыл конд сты ӕмӕ дын барст уӕнт.(Оммен,Хуыцау!)

-Уӕ Стыр Хуыцау!Чысылӕй-стырӕй иууылдӕр де сфӕлдыст стӕм ӕмӕ нӕ дӕ хорзӕх уӕнт!(Оммен,Хуыцау!)

-Ӕххуысгӕнӕг нын у!Ӕнӕнизӕй,амондджынӕй куыд цӕрӕм,царды рӕсугъд фӕндӕгтыл куыд фӕцӕуӕм!

-Оммен,Хуыцау!



2 хистӕр.

-О Стыр Хуыцау! Кӕстӕртӕ фыдбылызӕй бахиз! (Оммен, Хуыцау!)

-Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ,кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ куыд схъомыл уӕм,ахӕм амонд нын ратт!

-Оммен,Хуыцау!



3 хистӕр.

-Нӕ Ирыстон,нӕ райгуырӕн бӕстӕ,нӕ ирон адӕм ӕмӕ нӕ ирон ӕвзаг макуы фесӕфӕт!

-Оммен,Хуыцау! -Кӕстӕртӕй исчи ацаходӕт!


Ирон дзырд у махӕн

Нӕ фыдӕлты намыс

Ирон дзырд у махӕн

Нӕ Иры цӕсгом.



Вед.1-А дунейыл адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста цӕрынӕн,ӕмӕ цӕрынӕн та алкӕмӕн дӕр ис йӕхи Райгуырӕн бӕстӕ,йӕхи фыдӕлты уӕзӕг,йӕхи мадӕлон ӕвзаг.йӕхи цӕсгом.

Вед2-В этом мире Господь создал человека для жизни. А для этого у каждого есть свой родной край, место, где жили его предки. И у каждого есть свое лицо.



Куыд нӕ ис баивӕн цӕсгомӕн,

Нӕй афтӕ баивын мадӕлон ӕвзагӕн!

Как нельзя поменять свое лицо,

Так нельзя поменять и свой родной язык.


Вед.1-Стихотворение

Ме ҆взаг.  «Мой язык».


У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,

Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!...

Мӕлӕн дын нӕй, нӕ мадӕлон ӕвзаг,

Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры намыг мӕры?!


Ды незаманӕй ацы боны онг

Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс,дӕ намыс

Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд

Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.


Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг-

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфӕй(ма зӕгъд ызнаг)-

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори.



Вед.1-Байхъусӕм ма уӕдӕ нӕ кӕстӕр фӕсивӕдмӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у,уымӕ.

(Чтение стихотворения на осет.языке.)


«Ирон ӕвзаг»

Нӕ цӕсты хъуамӕ кадджын уа ӕвзаг дӕр

Ирон ӕвзаг-нӕ мадӕлон ӕвзаг

Нӕ фыдӕлтау ӕй мӕ фесафӕм мах дӕр,

Фӕзминаг куыд уой не ҆гъдау ӕмӕ уаг!



Ирон ӕвзаг,ирон фӕндырӕн хъуамӕ

Ӕдзух кӕнӕм ныййарӕг мадау аргъ.

Нӕхӕдӕг сӕ куыннӕ хъахъхъӕнӕм царды,

Ӕндӕр адӕм нын нал кӕндзысты аргъ

Вед.1-Ӕмӕ куыд рӕсугъд сты нӕ ирон зарджытӕ!

Вед2 -Давайте послушаем красивую песню в исполнении второго класса(песня)



Вед2-Какой праздник в Осетии смотрится без чарующих звуков осетинской гармошки?

(Стих. « Осет.гармошка»)

«Ирон фӕндыр».

Ирон фӕндыр нын баззади фыдӕлтӕй,

У махӕн та нӕ хӕзнаты хуыздӕр,

Ирон фӕндыр.Рӕсугъд зӕрдӕйы фӕндтӕй

Уый равзӕрди,уый райгуырди кӕддӕр.




Вед.1-Ирон фӕндыр ӕмӕ ирон кафт сты нӕ фыдӕлты хӕзнатӕ. Ӕмӕ табуафси,бакӕсӕм ирон аив кафтмӕ.

Ирон кафт.



Вед.1-Ирон ӕвзаджы хъысмӕт аразгӕ у не ҆ппӕтӕй дӕр ӕмӕ йыл хъуамӕ иумӕ зӕрдиагӕй кусӕм.

Вед2-Судьба осетинского языка зависит от всех нас. И мы все вместе должны сохранить его. (Стих)

Нӕй фесӕфӕн ирон ӕвзагӕн ,нӕй,

Ирон адӕм уӕд фесӕфдзысты демӕ.

Ирон ӕвзаг, мӕ зӕрдӕ дӕ мӕнӕн.

Куы мӕла уый,уӕд амӕлдзынӕн йемӕ.


Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куыд хонӕм

Уӕд не ҆взагыл куыд ауыгътӕм нӕ къух?

Ӕви,мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ

Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?


Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй

Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох

Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй

Ирон дзырд макуы ҆рцӕуа рох.












Вед. 1-Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг,мадӕй зынаргъдӕр нӕй!

Вед2 -Любите свой родной язык как своих матерей и берегите его.







Вед.1-Абон нӕ чысыл равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ.

Вед2-Наш вечер подошел к концу и мы хотим пожелать вам крепкого здоровья и всех земных благ.

Вед.1-Стыр бузныг уын кӕй сӕмбӕлдыстут нӕ равдысты.

Вед2-Спасибо вам за внимание. Пусть осетинский язык – наш родной язык живет в веках и никогда не погибнет. До встречи!











Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 3 класс

Скачать
Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 09.05.2023

Номер свидетельства: 631032

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) "Тема:"Малан дын най,на фыдалты авзаг"."
    ["seo_title"] => string(31) "tiemamalandynnainafydaltyavzagh"
    ["file_id"] => string(6) "275279"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1452535335"
  }
}
object(ArrayObject)#873 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(43) ""Ирон фандыр,Ирон зараг""
    ["seo_title"] => string(23) "iron-fandyr-iron-zaragh"
    ["file_id"] => string(6) "273117"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(12) "meropriyatia"
    ["date"] => string(10) "1452159239"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства