kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Ирон фандыр,Ирон зараг"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Хъуысынц ирон музык?йы з?лт?.

(Б?л?стыл г?хх?тт?й сыфт? ?м? дидинджыт?, б?л?сты бын бадынц ф?сив?д, ц?гьдынц ф?ндыр?й; инн?рдыг?й стъолы у?лхъус бадынц л?ппут?, уадзынц къулы газет, кафт, зард.)

  1. аг амон?г: У? бонт? хорз н? зынаргь уазджыт?, ахуырг?нджыт? ?м? скъоладзаут?. Амонджын ?м? ф?рн?йдзаг ут!
  2.  аг амон?г: Н? з?рд? уын з?гъы, фидар ?н?низдзинад ?м? бир? хорздзин?дт?!
  3. аг амон?г: Н? зынаргъ к?сджыт?, ирон ад?мм? уыдис тынг бир? хорз миниуджыт? ?м? ?гъд?утт?. Уыдысты хъ?батыр, л?гдзинад?й ?хх?ст. Х?сты-иу куы бацыдысты, у?д сын ?рм?ст иу нысан уыд - у?лахиз.
  1. аг амон?г: Райгуыр?н б?ст?, хъару ?м? 'хсар, с?рибардзинад, зонд - ?пп?т уыдон?н ирон ад?м с? с?р нывонд?н хастой. ?м? уыдон ах?м миниуджыт? сты, мах абон д?р ?хсызгон?й чи хъ?уы.
  2.  аг амон?г: ?м? у?д? зарынм?, кафынм?, ф?ндырдз?гъдынм? та уыдысты ?м? сты абоны онг ?мбисонд.
  3. аг амон?г: Уым?н ?вдис?н у н? абоны б?р?гбон "Ирон зар?г, ирон ф?ндыр - н? фарны с?р н? х?знадон".

Зар?г у ад?мы з?рд?йы хъ?л?с. Ад?мы з?рд? та намыс, ?хсар ?м? фарн?й у хъ?здыг ?м? ?видиг?. Н? зондджын фыд?лт?й нын баззади куырыхон ?мбисонд: "Зар?г ирон?н ?мб?лццон". Б?гуыд?р афт? у. Ирон л?г куыст ?м? балцы й? у?нгты ф?ллад сырдта зар?г?й, куывд ?м? чындз?хс?вы й? з?рд?м? рухс уагьта зар?г?й. Ирон л?г х?стм? д?р цыди ?м? у?лахиз?й зд?хти зар?гим?.

Зарджыт? бир? ?м? алыхуызон сты: ф?ллойы ?м? цуанонты зарджыт?, мифон зарджыт?. Уастырджи, Уацилла, Аларды ?м? ?нд?р барду?гты тыхх?й, б?р?гбонты ?м? чындзхасты зарджыт?. Цард ц?уы ивг?, ?м? бир? зарджыт? баззадысты рохы. Ног уав?рты ф?зындысты ног зарджыт?, Уыдон стыр ахъаз сты цард ?м? ?гьдау зонын?н, ад?мы зондахаст ?м? с? удыхъ?д ?мбарын?н.

У?ззау уыд ирон ад?мы цард, историйы ф?нд?гтыл бавз?рстой бир? зынт?, бир? удхар.

С? цард уыди тох ?м? х?ст. Бырстой с?м агуыр ?м? гунт?, хазар ?м? монгол, Тимур ?м? Сахы ?фс?дт?, к?с?г ?м? гуырдзыйы ?лд?ртт?. Зн?гт? цагътой н? фыд?лты, истой сын с? з?хх, ф?л? н? саст ир?н с? н?рг? ?хсар, н? с?фти с? ныфс, нылл?г н? уагьтой с? намыс.

У?д? зар?г?й музык?йы тых къадд?р н?у. Музык?йы з?лт? ах?ссынц ад?ймаджы у?лт?м?ны бын?тт?м, гуырын к?нынц арф ?нкъар?нт?. М?н? Барахыы Гино куыд фыссы й? радзырд "Б?стыр?сугъд"-ы:

"У?д сыстадис й? бандон?й Аф?хъо. У?нгт? айв?зта, уат?н инн? къулы разм? бацыдис, ф?ст?м? тезгъог?н?гау фезд?хтис. ?м? у?л? къулыл, чъылдымырдыг?й, ауыгьд ф?ндыр. Цырдгомау бауади Аф?хъо ф?ндырм?, райста й?, абадтис ?м? алы ?взаг?й уасын райдыдта. Ф?ндыры цагьд?н ?мбал ?рбал?ууыдис Аф?хъой?н й?хи хъ?л?с. Зард ?м? цагъд ?мбис?ндт? ?вдыстой. Цыма-иу с?д? алыхуызон хъ?л?сы баиу сты, адард сты, ?рзылдысты-иу д?рдтыл, къуымты, быдырты, х?хтыл. Куы-иу адард сты хъ?л?ст?, у?д-иу ф?сынд?гд?р ис с? тых. Куы-иу разылдысты, у?д та-иу тыхджын?й-тыхджынд?р райдыдтой хъуысын. Б?р?г уыди, дымг? д?р с? радав-бадав куыд кодта, куыд с?-иу ф?мын?г кодта р?ст?ггай.

Нал баззадис ?гас сыхы ах?м ад?маг, - стыр?й, чысыл?й, сылгоймаг?й, н?лгоймаг?й - зард ?м? цагьд фехъусг?й? уырд?м чи н? ?руади х?ст?г. К?м сус?г?й, к?м ?ргом?й хъуыстой се 'пп?т д?р уаз?джы цагъд ?м? зардм?".

 

  1. амон?г: Токаты Ас?хы ?мдз?вг?:

Ирон ф?ндыр, цы взаг?й дын,

Цы дзырдт?й дын сныв к?нон д? Зар?г ном, м? хуры тын?

Д?у?й м? цин ?н? к?рон!

  1. амон?г: Ф?кафынц д?м н? хъ?уб?ст?.

Д? цагъды н?м рбаскъ?фы,

М?стджын л?г?н д? хъ?л?ст?м

Й? судзг? маст ?рбайс?фы.

  1. амон?г: Л?ппул?г?н й? къаб?зты Домбай тых ды бауадзыс.

Ф?т?хын?н ын базырт?

Й? з?рд?йы ды бауадзыс

(Чызг ?м? л?ппу к?нынц "Хонг?" кафт)

 

  1. амон?г: "?рбал?уу, фындыр, ма м? бауадз с?фын, ?н? д?у цард ?рх?нд?г у, инг?н".
  1. амон?г: Ирон цагъд. Ирон хъазт,

Цы л?ппу,

Цы чызг?н

Н? ф?х?ссы амонд?!

Зыны цыма хъастм?

Ныр райхъал ис иууылд?р б?ст?.

  1. амон?г: Райхъал ис йе ‘стыр курдиат ацы гыццыл

хъ?уы Таутиаты ц?х?рц?ст Сол?ман?н д?р. Сол?маны ?рдз хайджын бакодта ?пп?т?й д?р:                                                 х?рзконд,

х?рзар?хст, ф?лм?н ?м? тыхджын хъ?л?с, ?взаджы сыгъд?гдзинад,  стыр темперамент.

  1. амон?г:      Ф?л? цыф?нды курдиатыл д?р кусын

хъ?уы. ?м? ?нау?рдон куыста Сол?ман д?р. Ам, ацы хъ?уы, ?рыгон?й хихъ?пп?рисадон къорды куы архайдта, у?д-иу ыл ад?м с? ц?ст ?р?в?рдтой, афт? аив ?м? д?сны кафыд, зарыд Сол?ман. ?м? й? ам?л?ты бонм? д?р н? ныууагъта й? уарзон сцен?. "Стъалыйау ферттывта ирон аивады арвыл ?м? ахуыссыд".

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Ирон фандыр,Ирон зараг"»


КОМСОМОЛЬСКЫ ХЪЁУЫ СКЪОЛА










УРОК-РАВДЫСТ

ТЕМЁ: «ИРОН ФЁНДЫР, ИРОН ЗАРЁГ – НЁ ФАРНЫ СЁР, НЁ ХЁЗНАДОН»




Бацёттё йё кодтё уёлдёр

къёпхёны ахуыргёнёг

Дзиуаты Любё






2012 а з

Хъуысынц ирон музыкӕйы зӕлтӕ.

(Бӕлӕстыл гӕххӕттӕй сыфтӕ ӕмӕ дидинджытӕ, бӕлӕсты бын бадынц фӕсивӕд, цӕгьдынц фӕндырӕй; иннӕрдыгӕй стъолы уӕлхъус бадынц лӕппутӕ, уадзынц къулы газет, кафт, зард.)

  1. аг амонӕг: Уӕ бонтӕ хорз нӕ зынаргь уазджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Амонджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг ут!

  2. аг амонӕг: Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ!

  3. аг амонӕг: Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ, ирон адӕммӕ уыдис тынг бирӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Уыдысты хъӕбатыр, лӕгдзинадӕй ӕххӕст. Хӕсты-иу куы бацыдысты, уӕд сын ӕрмӕст иу нысан уыд - уӕлахиз.

  1. аг амонӕг: Райгуырӕн бӕстӕ, хъару ӕмӕ 'хсар, сӕрибардзинад, зонд - ӕппӕт уыдонӕн ирон адӕм сӕ сӕр нывондӕн хастой. Ӕмӕ уыдон ахӕм миниуджытӕ сты, мах абон дӕр ӕхсызгонӕй чи хъӕуы.

  2. аг амонӕг: Ӕмӕ уӕдӕ зарынмӕ, кафынмӕ, фӕндырдзӕгъдынмӕ та уыдысты ӕмӕ сты абоны онг ӕмбисонд.

  3. аг амонӕг: Уымӕн ӕвдисӕн у нӕ абоны бӕрӕгбон "Ирон зарӕг, ирон фӕндыр - нӕ фарны сӕр нӕ хӕзнадон".

Зарӕг у адӕмы зӕрдӕйы хъӕлӕс. Адӕмы зӕрдӕ та намыс, ӕхсар ӕмӕ фарнӕй у хъӕздыг ӕмӕ ӕвидигӕ. Нӕ зондджын фыдӕлтӕй нын баззади куырыхон ӕмбисонд: "Зарӕг иронӕн ӕмбӕлццон". Бӕгуыдӕр афтӕ у. Ирон лӕг куыст ӕмӕ балцы йӕ уӕнгты фӕллад сырдта зарӕгӕй, куывд ӕмӕ чындзӕхсӕвы йӕ зӕрдӕмӕ рухс уагьта зарӕгӕй. Ирон лӕг хӕстмӕ дӕр цыди ӕмӕ уӕлахизӕй здӕхти зарӕгимӕ.

Зарджытӕ бирӕ ӕмӕ алыхуызон сты: фӕллойы ӕмӕ цуанонты зарджытӕ, мифон зарджытӕ. Уастырджи, Уацилла, Аларды ӕмӕ ӕндӕр бардуӕгты тыххӕй, бӕрӕгбонты ӕмӕ чындзхасты зарджытӕ. Цард цӕуы ивгӕ, ӕмӕ бирӕ зарджытӕ баззадысты рохы. Ног уавӕрты фӕзындысты ног зарджытӕ, Уыдон стыр ахъаз сты цард ӕмӕ ӕгьдау зонынӕн, адӕмы зондахаст ӕмӕ сӕ удыхъӕд ӕмбарынӕн.

Уӕззау уыд ирон адӕмы цард, историйы фӕндӕгтыл бавзӕрстой бирӕ зынтӕ, бирӕ удхар.

Сӕ цард уыди тох ӕмӕ хӕст. Бырстой сӕм агуыр ӕмӕ гунтӕ, хазар ӕмӕ монгол, Тимур ӕмӕ Сахы ӕфсӕдтӕ, кӕсӕг ӕмӕ гуырдзыйы ӕлдӕрттӕ. Знӕгтӕ цагътой нӕ фыдӕлты, истой сын сӕ зӕхх, фӕлӕ нӕ саст ирӕн сӕ нӕргӕ ӕхсар, нӕ сӕфти сӕ ныфс, ныллӕг нӕ уагьтой сӕ намыс.

Уӕдӕ зарӕгӕй музыкӕйы тых къаддӕр нӕу. Музыкӕйы зӕлтӕ ахӕссынц адӕймаджы уӕлтӕмӕны бынӕттӕм, гуырын кӕнынц арф ӕнкъарӕнтӕ. Мӕнӕ Барахыы Гино куыд фыссы йӕ радзырд "Бӕстырӕсугъд"-ы:

"Уӕд сыстадис йӕ бандонӕй Афӕхъо. Уӕнгтӕ айвӕзта, уатӕн иннӕ къулы размӕ бацыдис, фӕстӕмӕ тезгъогӕнӕгау фездӕхтис... Ӕмӕ уӕлӕ къулыл, чъылдымырдыгӕй, ауыгьд фӕндыр. Цырдгомау бауади Афӕхъо фӕндырмӕ, райста йӕ, абадтис ӕмӕ алы ӕвзагӕй уасын райдыдта. Фӕндыры цагьдӕн ӕмбал ӕрбалӕууыдис Афӕхъойӕн йӕхи хъӕлӕс. Зард ӕмӕ цагъд ӕмбисӕндтӕ ӕвдыстой. Цыма-иу сӕдӕ алыхуызон хъӕлӕсы баиу сты, адард сты, ӕрзылдысты-иу дӕрдтыл, къуымты, быдырты, хӕхтыл. Куы-иу адард сты хъӕлӕстӕ, уӕд-иу фӕсындӕгдӕр ис сӕ тых. Куы-иу разылдысты, уӕд та-иу тыхджынӕй-тыхджындӕр райдыдтой хъуысын. Бӕрӕг уыди, дымгӕ дӕр сӕ радав-бадав куыд кодта, куыд сӕ-иу фӕмынӕг кодта рӕстӕггай.

Нал баззадис ӕгас сыхы ахӕм адӕмаг, - стырӕй, чысылӕй, сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй - зард ӕмӕ цагьд фехъусгӕйӕ уырдӕм чи нӕ ӕруади хӕстӕг. Кӕм сусӕгӕй, кӕм ӕргомӕй хъуыстой се 'ппӕт дӕр уазӕджы цагъд ӕмӕ зардмӕ".


  1. амонӕг: Токаты Асӕхы ӕмдзӕвгӕ:

Ирон фӕндыр, цы взагӕй дын,

Цы дзырдтӕй дын сныв кӕнон дӕ Зарӕг ном, мӕ хуры тын?

Дӕуӕй мӕ цин ӕнӕ кӕрон!

  1. амонӕг: Фӕкафынц дӕм нӕ хъӕубӕстӕ.

Дӕ цагъды нӕм рбаскъӕфы,

Мӕстджын лӕгӕн дӕ хъӕлӕстӕм

Йӕ судзгӕ маст ӕрбайсӕфы.

  1. амонӕг: Лӕппулӕгӕн йӕ къабӕзты Домбай тых ды бауадзыс.

Фӕтӕхынӕн ын базыртӕ

Йӕ зӕрдӕйы ды бауадзыс

(Чызг ӕмӕ лӕппу кӕнынц "Хонгӕ" кафт)


  1. амонӕг: "Ӕрбалӕуу, фындыр, ма мӕ бауадз сӕфын, Ӕнӕ дӕу цард ӕрхӕндӕг у, ингӕн".

  1. амонӕг: Ирон цагъд. Ирон хъазт,

Цы лӕппу,

Цы чызгӕн

Нӕ фӕхӕссы амонд?!

Зыны цыма хъастмӕ

Ныр райхъал ис иууылдӕр бӕстӕ.

  1. амонӕг: Райхъал ис йе ‘стыр курдиат ацы гыццыл

хъӕуы Таутиаты цӕхӕрцӕст Солӕманӕн дӕр. Солӕманы ӕрдз хайджын бакодта ӕппӕтӕй дӕр: хӕрзконд,

хӕрзарӕхст, фӕлмӕн ӕмӕ тыхджын хъӕлӕс, ӕвзаджы сыгъдӕгдзинад, стыр темперамент...

  1. амонӕг: Фӕлӕ цыфӕнды курдиатыл дӕр кусын

хъӕуы. Ӕмӕ ӕнауӕрдон куыста Солӕман дӕр. Ам, ацы хъӕуы, ӕрыгонӕй хихъӕппӕрисадон къорды куы архайдта, уӕд-иу ыл адӕм сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой, афтӕ аив ӕмӕ дӕсны кафыд, зарыд Солӕман. Ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр нӕ ныууагъта йӕ уарзон сценӕ. "Стъалыйау ферттывта ирон аивады арвыл ӕмӕ ахуыссыд".


"Зарӕг "Фыдыбӕстӕ"

Ӕз райгуырдтӕн цъӕх-цъӕхид арвы бын

Фыдыбӕстӕ мӕ авдӕн мын уызтай

Куы нӕ зыдтон адӕрсгӕйӕ цӕуын

Уӕд мӕ, фӕндыр, фыдбылызӕй хызтай.


Базард: Куыд бафидон дӕ буц рӕвдыд дӕуӕн Фыдыбӕстӕ, мӕ уд ӕнцой мӕ бон

Мӕнӕн ӕнӕ дӕу иу бон цард дӕр нӕй

Мӕнӕн ӕнӕ дӕу рухс дуне зындон.


Ӕрыздӕхтӕн ӕз дард балцӕй хъӕумӕ

Ныййарӕгау мӕм худгӕйӕ кӕсыс

Фыдыбӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы куы дӕ

Уӕд дын, зӕгь-ма, куыд акӕнон хъӕбыс.

Базард:



  1. амонӕг: Фарн уӕм бадзурӕд, хъусӕг адӕм!

Нӕ адӕм ӕгаддзинад сӕ сӕрмӕ нӕ хастой, сӕ хъуыдытӕ, се 'нкъарӕнтӕ ӕвдыстой аивады.

2 амонӕг: Ирон фӕндыры зӕлтӕ!!! Цас ӕнкъард зӕрдӕты бауагътат сымах рухсы цырагь! Ирон фӕндыры зӕлтӕ, цы ирон лӕппу ӕмӕ чызгӕн не рхастат циндзинад?! Йӕхи ирон чи хоны, уый зӕрдӕйы куыд нӕ райхъал кӕнынц денджызы хъазтау нӕ чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ кӕмӕ фӕкафынц, уыцы "Хонгӕ", "Ханты цагьд".

2 амонӕг: Уӕдӕ цӕй ӕхсызгон вӕййы адӕймаджы удӕн фӕндыримӕ куы фӕзарынц "Ирыстоны булӕмӕргьтӕ" Медойты Светланӕ, Хадыхъаты Аллӕ, Илурты Римӕ, Дзуццаты Сослан.

1 амонӕг: Уӕдӕ нӕм уыцы мӕлодитӕ кӕй руаджы ӕрхӕццӕ сты, уыдоны чи снӕуӕг кодта, уыцы фӕндырдзӕгьджыты, кой куыд нӕ скӕнон?! Мерденты Хъайсын, Реуазты Симӕ, Мамиаты Замирӕ, Мыстъулаты Ирӕ, Дзуццаты Сослан... Адон Ирыстоны культурӕйӕн аккаг лӕггад бакодтой. Фӕлӕ дзы фӕндырдзӕгъдӕджы курдиаты бӕрзӕндтӕм Гӕздӕнты Булаты хуызӕн ничима схызти.

2 амонӕг Мӕн зӕгъын фӕнды Дзиуаты Хадизӕты тыххӕй дӕр. Уый бирӕ азты дӕргьы фӕкуыста культурӕйы хӕдзары. Тынг хорз цагьта фӕндырӕй, фӕлӕ хӕрз чысылӕй баззад арынджы уӕлхъус, сидзӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Мад раджы амард. Нӕ сӕм уыд фӕкӕсӕг йӕ сидзӕр хо ӕмӕ ӕфсымӕрмӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бӕллиц кӕронмӕ нӕ сӕххӕст. Ӕфсымӕр Дзиуаты Харитон у зарӕг «Цы сусӕг кӕнон»-ы автор.

  1. амонӕг: Ацы зарӕджы дӕр тынг срӕсугьд кодтой ирон

фӕндыры зӕлтӕ...

  1. амонӕг: Ирон фӕндыр нын баззади фыдӕлтӕй,

У махӕн та нӕ хӕзнаты хуыздӕр.

Ирон фӕндыр... Рӕсугъд зӕрдӕйы фӕндтӕй,

Уый равзӕрди, уый райгуырди кӕддӕр.

Ӕнӕ фӕндыр нӕ фидауы Ирыстон,

Ӕнӕ фӕндыр мӕгуырдӕр кӕны зӕхх, Фӕндырдзӕгъдӕг, дӕ цагьдмӕ та ныхъхъуыстон

О исты мын йӕ цины зӕлтӕй зӕгь.

  1. амонӕг: Куыд зынаргъ дӕ, мӕ Ирыстон, куыд уарзон! Ды уыдтӕ ды мӕ циндзинад, мӕ ис,

Фыдӕлты фарн мӕ ирон кафты хастон,

Фыды фарн мын бӕрзонд хохау уыдис.

Ирон фӕндыр, цы ма вӕййы зынаргъ та?

Цӕй диссаг у ирон фӕндыры цагьд,

Зарӕг "Цы сусӕг кӕнон" автор Дзиуаты X.

  1. Цы сусӕг кӕнон Бирӕ кӕй уарзын,

Бирӕ кӕй уарзын, гъей.

Мӕ иунӕг уарзон, дӕумӕ кӕй бадын,

Дӕумӕ кӕй бадын, гъей.

  1. Уӕд хъасты вӕййын фӕрсгӕ мӕ кӕнынц, Фӕрсгӕ мӕ кӕнынц, гъей.

Курӕг дӕ куы ис,

Мой куыд нӕ кӕныс, мой куыд нӕ кӕныс, гъей?

  1. Кӕмӕн ракӕнон мӕ сусӕг ныхас,

Мӕ сусӕг ныхас, гъей.

Уый дзы куы скӕны, стыр тулдз бӕлас,

Стыр тулдз бӕлас, гъей.

  1. Уӕд та мӕ фӕндон мӕ мадӕн зӕгьон,

Мӕ мадӕн зӕгъон, гъей

Фӕлӕ мӕ уый дӕр куы нӕ бамбара,

Куы нӕ бамбара, гъей.

Мӕ къӕйных ныхас куы нӕ ныббара,

Куы нӕ ныббара, гъей.

1 амонӕг: Мӕ зӕрдӕйыл-иу базыртӕ ныссагъта,

Мӕ зӕрдӕ-иу йӕ рӕсугъд зӕлтыл тахт.

Тӕхуды кӕнын ахӕм хорз лӕппумӕ,

Зӕххон амонд кӕмӕн радта Хуыцау.

Йӕ мады размӕ чи рауайы худгӕ,

Йӕ фыдӕн царды чи ратты ӕгъдау.

Ӕгъдау уыди мӕ арв ӕмӕ мӕ зӕхх дӕр,

Зӕгъынц: "Ӕгъдау у дунетӕн сӕ сӕр"

Ӕгъдауӕй рӕсугъд - чызджыты дзӕбӕхдӕр, Ӕгьдауӕй рӕсугъд - лӕппуты хуыздӕр".

2 амонӕг: Ӕркалди хох йӕ дидинӕг фӕзтимӕ, Фӕцудыдта тӕхгӕ-тӕхыны caг.

Ӕмӕ мӕ мад, нӕ хӕдзармӕ, нӕхимӕ,

Дӕ кафаг лӕппу нал ары фӕндаг.

Мӕн мысдзыстут, мӕ сызгъӕрин ӕмгӕрттӕ,

Ӕнӕ сымах мӕ хорз цард дӕр нӕ хъуыд.

Фӕндыры цагьды баззади мӕ зӕрдӕ,

Фӕндыры цагъды баззади мӕ уд.

/ Чеджемты Ӕхсар/.

1 амонӕг: Max иумӕ уарзтам хонгӕ цагъдмӕ кафын, -

Нӕ цардау аив "Ханты цагьд" мын кӕн.

Ӕрбалӕуу, фӕндыр, ма мӕ бауадз сафын,

Ӕнӕ дӕу цард ӕрхӕндӕг у, ингӕн.

Ӕз хуримӕ дӕр фидауынмӕ хъавын:

Ӕрхондзынӕн ын фӕрсагмӕ дӕр йӕ тын,

Ӕрцӕгъд-ма, фӕндыр, иунӕгӕй та кафын...

Ӕнӕ базыртӕй мӕргътимӕ тӕхын.

1 амонӕг: Нӕ гыццыл хъӕуы цӕрджытӕ бирӕ уарзынц аивад. Абон дӕр ма нӕ цӕстытыл уайынц Гогосты Барис

ӕмӕ Мишӕйы, Дзиуаты Хадзыбечыры ӕмӕ Зубаиры уӕздан кафт, Платы Пепойы, Мерденты Дибӕйы, Хетъеты Нагьуыйы, Хуытиаты Мишӕйы, Пухаты Батырбег ӕмӕ йӕ бинойнаг Рӕхимӕты, Мӕргъиты Лимкӕ, Джыбылаты Зинӕйы, Хетъеты Барисы, Хӕбӕлаты Шотайы, Хынцӕгты Верӕйы - зард, кафт ӕмӕ фӕндырдзагъд.


"Хистӕрты зарӕг" - зары зарджыты къорд.


  1. Бирӕ нын цӕрат, нӕ буц хистӕртӕ,

Уӕ фарнӕй фӕрнджын ирон хӕдзӕрттӕ Сымахӕй цӕуынц уӕ хорз кӕстӕртӕм,

Хъӕбатырдзинад, рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ.

  1. Карз тохы заман бӕсты сӕрвӕлтау

Знаджы гӕнах уӕ риутӕй састат,

Уӕддӕр нӕ буцӕй, нӕ цардуалдзӕджы

Уӕ фӕллад къухтыл бирӕ фӕхастат.


  1. Нӕ Иры зӕхмӕ бӕрзонд уӕлӕрвтӕй Хъызт зымӕджы дӕр зӕрин тын хауы

Ӕмӕ рӕсугьдӕй, хистӕры зондӕй

Кӕстӕры амонд ӕфсир ӕфтауы.


  1. Цы нын баззади рӕсугъддзинадӕй

Нӕ фӕрныг царды, уый байтаудзыстӕм.

Нӕ буц хистӕртӕ, мах уе 'сконд артдзӕст Ӕрхуыссын кӕнын нӕ бауадздзыстӕм.

2 амонӕг: Хистӕрты традицитӕ нӕ культурӕйы

Хӕдзары кусджытимӕ нӕ фӕсивӕд, не скъоладзаутӕ хӕццӕ кӕнынц дарддӕр. Абон не скъоладзаутӕ районы ӕмӕ республикӕйы ӕркӕстыты бацахсынц аккаг бынӕттӕ.

Зарӕг "Уӕ хӕхтӕ, хӕхтӕ".

  1. Цӕмӕн фехъуыстон хъӕубӕсты хъасты, ой!

Ирон фӕндыры ӕвзӕргӕ зӕлтӕ, ой.

Цӕмӕн басыгьтай дӕ судзгӕ уарзтӕй, ой Ссыгьтай, чызгай, мӕнӕн мӕ зӕрдӕ, ой.



  1. Цӕмӕн фӕуайыс ӕхсӕвӕй бонӕй, ой!

Дӕ фӕндыримӕ ӕдзух мӕ цӕстыл, ой.

Фыдацбоны рӕсугьд, зӕгъ-ма ӕргомӕй, ой.

Кӕм дӕ агурон, уӕд та цы бӕсты, ой.

  1. Ӕвзист къӕлӕс мӕй дӕ ирдгӕ хӕлттӕ, ой Арвон тыгъдады ӕскъӕфгӕ ахӕсс, ой.

Ыстъалыты кӕд йӕ фӕндыр зӕлтӕй, ой.

Чызгай рӕвдауы ма мын ӕй бамбӕхс, ой.

  1. Уӕ хӕхтӕ, хӕхтӕ, рӕсугъд сӕрвӕттӕ, ой

Цы дидинӕг уӕ фӕхсты зайы, ой

Мыййаг кӕд се 'хсӕн чызгай нымбӕхсти,

Сӕууон ӕртӕхы йӕхи фӕнайы, ой.

  1. амонӕг: Ирон адӕм уазӕгӕн стыр аргь кодтой!

  • Буц ӕй кодтой 3 чъири ӕмӕ бӕгӕныйы къусӕй.

  • Ницавӕр циндзинад фидауы ирон адӕммӕ ӕнӕ Нӕртон симд. Уазджытӕ; табуафси, симгӕ ут!


"Симд’’-ы кафт.


Ныхасы бар кӕсгон уазджытӕн.


Уазӕджы раныхас, кафт, зард.


  1. амонӕг: Ууыл нӕ абоны бӕрӕгбон фӕхӕццӕ кӕны кӕронмӕ.

1 амонӕг: Уӕ цард хурӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй дзаг куыд уа, бинонты хорздзинӕдтӕй уӕ зӕрдӕтӕ райгонд куыд уой, ахӕм арфӕ уӕ уӕнт.

  1. амонӕг: Нӕ зӕрдӕ уын зӕгьы фидар ӕнӕниздзинад, амонд, сабырдзинад ӕмӕ фӕрныгад. Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!


«Фарны зарӕг»

I. Рагӕй ӕрӕгмӕ адӕймаг райы,

Дунейы фарнӕй, гъей!

Ацы дунейыл уарзон адӕмтӕ Бафсӕдут цардӕй, гьей!

Базард: Иры бӕстӕ, Иры бӕстӕ,

Хайджын ут фарнӕй, гъей!

Иры зӕххыл хорз адӕмтӕ Бафсӕдӕт цардӕй, гьей!


II. Уарзын дӕ, дидинӕг худы Амонды фарнӕй, гъей!

Ацы дунейыл уарзон зӕрдӕтӕ Бафсӕдӕт цардӕй, гъей!

Базард: Иры бӕстӕ, Иры бӕстӕ,

Хайджын ут фарнӕй, гъей!

Иры зӕххыл буц уарзӕттӕ Бафсӕдӕт цардӕй, гъей!

III.Хох дӕр бындзарӕй иухатт нырризы

Дзыллӕты фарнӕй, гъей!

Ацы дунейыл уарзон дзыллӕтӕ Бафсӕдӕт цардӕй, гьей!

Базард: Иры бӕстӕ, Иры бӕстӕ,

Хайджын ут фарнӕй, гьей!

Иры зӕххыл хорз адӕмтӕ Бафсӕдӕт цардӕй, гъей!

VI.Цин ӕрцыди, цин ӕрцыди

Фарны бӕстӕмӕ, гъей!

Иры зӕххыл цинӕй райут

Амӕй фӕстӕмӕ, гьей!





Кӕрон.



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
"Ирон фандыр,Ирон зараг"

Автор: Дзиова Любовь Сасоевна

Дата: 07.01.2016

Номер свидетельства: 273117


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства