МУНИЦИПАЛЬНОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА № 34
МБОУ СОШ № 34 им. Г. И. Хетагурова МБОУ СОШ № 34 им. Г. И. Хетагурова им. Г. И. Хетагурова
___________ / ___________________ ____________ /__________________ ___________ /_____________
КК ________________________________________________________________________________________
КОЛИЧЕСТВО ЧАСОВ____34__________________________________________________________________
УЧЕБНЫЙ ГОД ______2016-2017______________________________________________________________________
Кусӕн программӕ арӕзт ӕрцыд ног стандарты домӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ ЮНЕСКО-йы кафедрӕйы арӕзт ахуырадон комплекты бындурыл. [Кæсыны чиныг (Текст) ахуыргæнæн чиныг 4-æм къласæн/ Туаты Л.- Дзæуджыхъæу:СЕМ, 2014 — 254ф.] Ирон литературон кӕсынадӕн лӕвӕрд цӕуы къуыри 1 сахат (ӕдӕппӕт 34 ахуырадон къуырийы-34 сахаты)
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн.
Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;
- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.
Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.
- сывӕллӕттӕн тексты тыххӕй зонындзинӕдтӕ дӕттын, ӕмӕ аивадон литературон уацмысы мидис ӕмбарын кӕнгӕйӕ сабиты миддуне хъӕздыгдӕр кӕныныл куыст.
Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр хъуыды рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын; сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.
- ирон, уырыссаг æмæ ӕппӕтдунеон литературӕйы хуыздӕр уацмысты фӕрцы сывӕллӕтты миддуне хъӕздыгдӕр кӕнын.
- сывӕллӕттӕн фыст литературӕйы зындгонддӕр авторты зонын; цы уацымстӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны авторты зӕрдыл дарын.
- скъоладзауты чиныг кæсынмæ разæнгард кæнын.
1. Кӕсыны фӕлтæрддзинад рӕзын кӕнын:
- тагъ кӕсыныл фӕлтӕрын.
2. Аив кӕсын ӕмӕ дзурын:
- рольтӕм гӕсгӕ кӕсын.
- чиныджы ахадындзинад æмбарын, йæ дарддæры царды йын цы пайда уыдзæн, уый зонын;
- алы хуызы текстты мидис æмбарын, архайджыты æмæ тексты сæйраг хъуыды иртасын, уацмысы мидисмæ гæсгæ фæрстытæн дзуапп дæттын, бакаст уацмыс кæнæ аивадон текстмæ фæстытæ дæттын;
- дзырдимæ кусын (комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг иртасын, дзырды бирæнысаниуæгад);
- коллективон æгъдауæй бакаст уацмысæн анализ кæнын, хи цæстæнгас дзы фидар кæнын;
- лæвæрд фæткмæ гæсгæ литературон уацмысæн цыбыр аннотации аразын (автор, чиныджы ном, темæ, рекомендацитæ йæ бæкæсынмæ).
- изложенийы алы хуызтæ фыссын.
- алыхуызы тексттæн элементарон анализ кæнын, кæрæдзиимæ сæ барын æмæ ныхмæ æвæрын;
Текст бакæс дыккаг абзацæй кæронмæ. Ссар дзы хъæрон хъуыдыйад. Бацæттæ йæ кæн аив монологон раныхас кæнынмæ.
Ныхасы темæ | нымæц | Сах.ным | Тексты сæргонд | Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ | Хъомыладон куыст | Практикон куысты хуызтæ | Уæлæмхасæн æрмæг, хæдзармæ куыст |
Наукæ æмæ ахуырад. (3) | | 1 | Ахуыргæнæгæн йæхи æвзæрст текстæй беседæ. «Чиныг». Цæрукъаты В. | Чиныджы нысаниуæг адæймаджы царды, райдайæн бындур рæсугъд цард, зындгонд адæймаг. | Ахуыры стыр нысаниуæг адæймаджы царды. | Беседæ Цæстуынгæ æрмæг зындгонд адæмты тыххæй Дзырдуатон куыст: чиныг, ахуырад (сæ рæвзæрд) | Фыццаг ирон чиныджы тыххæй æрмæг бакæсын. Æмдзæвгæ зæрдыв. ахуыр кæнын. |
| 2 | «Амондджын бон». Дзасохты М. | Бæрæзе, рæстæг ахæм уыди, «Нарты кадджытæ», цыбыркъух,æфстау райста. | Ахуыры стыр нысаниуæг адæймаджы царды. | Текст бакæсын, равзарын. | «Цавæртæ сты скъоладзауты хæстæ?» «Абеты куывд» |
| 3 | «Сырдон уæйгуыты куыд асайдта». | Нарты ныхас, Сырдон, æрчъиаг, фынг, Сырдон амалджын у. | Зондджын — бонджын. Ахуырмæ разæнгард кæнын. | Таурæгъ бакæсын. Æнцойгæнæг дзырдтыл куыст. | Сырдоны таурæгътæ. Адæмон сфæлдыстадæй темæмæ хæстæг исты таурæгъ бакæс. |
Куыст цардæн фæрæз. (5) | | 4 | «Фæллойы зарæг». Хацырты С. | Зад хуымтæ, хуры тынтæ, куствæллой, зæххы сой, зад æфсиртæ | Йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, уый йын йæ фæллойæ лæггад кæны.сабиты фæллæй-хорз ахуыр. | Æмдзæвгæ кæсын, анализ ын кæнын. Æнцойгæнæг дзырдтыл куыст. Сæргондимæ куыст. | Аргъау бакæсын |
| 5 | «Сауцъиу æмæ Æхсыргур». Чеджемты Æ. | Æхсыргур, сауцъиу, мыдгæсы кæрт, мыдыбындз. | Кусаг мыдыбындзы хъыдарæг йæхæдæг баййæдта уый бамбарын кæнын. | Анализ скæнын радзырдæн. Фæрстытæн дзуапп дæттын. | Радзырды хъуыдымæ æмбисонд ссарын, кæнæ æрхъуыды кæнын. |
| 6 | «Хæххон бæлццон». Айларты Ч. | Бæлццон, урссæр хохыл, айнæг, хæххон суадон, куырой, стырдон, хус рæстæг, донхорыг. | Æрмæст коммæгæс æмæ куыстуарзон адæймаг сæххæст кæны йæ бæллиц. | Радзырд бакæсын, хæйттыл æй адих кæнын, йæ миди сын радзурын. Аргъауы хуызæн цæмæй у, уый бацамонын. | Радзырды хъуыдымæ æмбисонд ссарын, кæнæ æрхъуыды кæнын. |
| 7 | «Цъырцъыраг». Чеджемты Æ. | Сæрд, хъазыд цъырцъыраг, фидæныл нæ кодта мæт, бæркад, мæлдзыг, ыстонг, зымæг. | Сæрдыгон зымæгыл хъуыды кæй хъæуы, уый бамбарын кæнын, цæмæй цъырцъæраджы æмбисонд макæуыл æрцæуа. | Æмдзæвгæ 2 хайыл адих кæнын. 1-аг хайы цъырцъыраджы митæ 2-аг хайæ цæмæй хицæн кæнынц. Æмдзæвгйææн алгоритм саразын. | Адæмон сфæлдыстадæй ахæм æнæбанзонгæ кæй зонынц, уый тыххæй радзурын. |
| 8 | «Тегайы бæлас». Дзесты К. | Нæзыты рагъ, бæлас, Тега, бæлцæттæ, сывæллæттæ, таурæгъ. | Тегайы фæллойдæрзондзинады тыххæй беседæ саразын. Ахæм адæймæгтæн сæ кой сæ хъуыддæгты куыд баззайы æмæ иннæтæн цы æххуыс вæййы. | Радзырд хайгай æмбаргæ каст бакæнын. Зынæмбарын дзырдтыл бакусын. Радзырды хъуыды æмбисæндтимæ бабæттын. | Таурæгъ æрхъуыды кæнын. |
Сæрд (3) | | 9 | «Найынмæ». Плиты Х. | Райы бæстæ, судзынц хъарм хурмæ сæхи. | Æрдзы рæсугъддзинад сæрды. | Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды æмæ æнцойгæнæн дзырдтæ сбæрæг кæнын. | «Цавæртæ сты скъоладзауты хæстæ?» |
| 10 | «Хъæддаг бабызы лæппын». Дзасохты М. | Бабызы лæппын, хъæддаг ми, бæллицтæ, хъæбултæй иу. | Хъæддаг цъиуты цард. Тæригъæддзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын. | Тæригъæды æнкъарæнтæ гуырын кæныныл бсеседæ. | Радзырд хи ныхæстæй дзурын (сныв кæнын). |
| 11 | «Куысыфтæг æмæ дурын». Коцойты А. | | æцæг расугъддзинад фæллой кæй дæтты, уый аргъауы архайджытыл равдисын. | Аргъау хи ныхæстæй дзурын, фæрстытæн дзуапп дæттын, æмбисæндты хъуыдыимæ йæ бæттын. | Аргъау хи ныхæстæй дзурын (сныв кæнын). |
Фæззæг ралæууыд йæ рады. (3) | | 12 | «Бæркадхон». Айларты Ч. | Бæркадхон, цæхæрадоны цæрджытæ, фысым. | Бæркад фæллойæ кæй цæуы, уый бамбарын кæнын. Бæркады нысаниуæг. | Радзырд кæсын | Фæззæджы темæйæ сочинении ныффыссын |
| 13 | «Бæркадджын фæззæг». Цæрукъаты А. | Зæхх, бæркадджын, дзаг уæрдæттæ, хор, быркуыдонтæ, быдыр | Фæззыгон бакуыстæй адæймаджы цард хъæздыг кæй кæны, уый тыххæй аив беседæ саразын | Æмдзæвгæйы мидис бамбарын кæнын Æмбисæндты хъуыдыимæ сæ бабæттын. Æмдзæвгæ зæрдыв. ахуыр кæнын. | Фæззыгон бæркад (сныв кæнын) |
| 14 | «Хърихъупп Бипп — бипп». Мамсыраты Д. | Хъарм бæстæ хърихъуппытæ ирвæзынгæнджытæ | Цæрæгойтæм, тæхгæ цъиутæм уарзондзинад гуырын кæнын, тæригъæд сын кæнын, бахъуаджы заман сын æххуыс кæнын. | Радзырд кæсын, хи ныхæстæй дзурын, æнцойгæнæн дзырдтыл кусын. Фысгæ куыст. | Сывæллæттæн йæхæдæг чи куыд æмæ кæд баххуыс кодта цæрæгойтæн? |
Зæххы сой — царды сой. (3) | | 15 | «Цæмæ бæллы бæлццон». Джыккайты Ш. | Бæлццон, мæйдар æхсæв, ном, æнус. Æрмæст бæллынæй нæй цæрæн. | Алы адæймаг дæр йæ цард æхсæнады цардæн ныванд кæна, уæд йæ ном æнусмæ баззайдзæн. | «Æнусмæ хорз ном», ацы æнцойгæнæг дзырд бастыл бакусын. «Æрмæст бæллынæй нæй цæрæн»-йæхъуыды йын райхалын. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын |
| 16 | «Æвдадзы хос». Аргъау | Фæндаггон, æвдадзы хос, пырындзы хуым, сылгоймаг. | Æвдадзы хос бæлццон цы хуыдта, уый мидис райхалын (Фæллой кæнын) | Аргъау бакæсын, хи ныхæстæй йæ дзурын. Уыци-уыцитæн дзуапп раттын. | Ирон аргъæутты ссарын ацы аргъауы хъуыдымæ хæстæг чи у, ахæм. |
| 17 | «Мæкъуылтæ фервæзын кодта». Дзесты К. | Рæгъаугæс, саргъы гопп, идон, | Арт хуыссы, кад - нæ | Аргъау бакæсын, хи ныхæстæй йæ дзурын. Уыци-уыцитæн дзуапп раттын. | Радзырды сæйраг хъуыды бамбарын кæнын, фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
Зымæг. (2) | | 18 | «Зымæг». Хетæгкаты Къ. | Тыхст зымæг, фыдбонтæ, лæгæттæ, дзыназынц. | Къоста - мæгуыр адæмы сæрылхæцæг. Адæмы уæззау цард хæхбæсты. | Раргом кæнын чиныджы 153-æм фарсыл лæвæрд æмбисæндты хъуыды. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. |
| 19 | «Ног аз». Хæмыцаты А. | Рухс амонд нын рахæсс!Фарны цæстæй ракæс! Дард ивгъуыдмæ араст, фесæфæд фыдбылыз, фарны къах. | Зымæгон æрдзы нывтыл æрдзурын. Æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъ: «Зæххыл фарны мыггаг тау» куыд æмбарут? Зæгъ дæ хъуыдытæ? | Æмдзæвгæ равзарын æнцойгæнæн фæрстыты руаджы. Ног азы арфæтæ зæрдыл бадарын. Царды мидæг сæ пайда кæнын. | Радзырд бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын, фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
Ирон адæмы ивгъуыд дуджы цардæй. (7) | | 20 | «Мæгуыры зæрдæ». Хетæгкаты Къ. | Зымæг нæ хæхты, уад дзыназы, æруары мит, нæй кад мæгуыр лæгæн. | Къоста - мæгуыр адæмы сæрылхæцæг. Кæд мæгуыр уыдысты адæм, уæддæр сæ зæрдæтæ – хъæлдзæг. | Æмдзæвгæ равзарын æнцойгæнæг дзырдбæстыл куыст «Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куысты» (наизусть). | Æмдзæвгæйы темæ абоны цардимæ абарын (чысыл сочинени). |
| 21 22 | «Уæййаг сывæллæттæ». Гæдиаты С. Сочинени «Хъæздыг æмæ мæгуырæн сæ фæндаг иу нæу». | фысым, мæрт, цагъартæ, дзæнæтон лæнчытæ, хъисын пæлæз, сæрхъуызæг, хордзен, æрдуйы йас, къуту, уæцайрæгтæ | Радзырд 2 х адих кæн. Иу урочы 1х. бакусын, иннæйы- 2 хайыл. Мæгуыр адæмы уавæртæ, се 'нæбон цардыл дзурæг бынæттæ кæсын, æмбарын сæ кæнын. Дзырдуатон куыст. Æрдзы æрфыстытæ цæуыл дзурæг сты? | Мæгуыры æнæбондзинад раджы заманы | Абоны сывæллæтты царды тыххæй сочинении ныффыссын, пъланмæ гæсгæ |
| 23 24 | «Куырм бæх». К. Ушинский. | Уадсур, бухъцард, сæлавырдзæрмттæ, сæудæджер, цæст ыл нал хæцыд, меркъа, сысджы, хъиладзагъдæй, вече, куырм æмæ къуырма бæх, æбузн. | Тæригъæддзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын. Уседом æмæ йæ бæхы фæлгонцтыл æрдзурын. Спайда кæнын æмбисæндтæй: «Чъынды хъæздыг — мæгуырæй мæгуырæй мæгуырдæр у». Цæуыл дзурæг сты? | Тæригъæды æнкъарæнтæ гуырын кæныныл беседæ. Цæрæгойтæ адæймаджы царды. | Радзырд бакæсын, архайджыты миниуджытæ бамбарын кæнын ,фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
| 25 | «Къостайæн». Гулуты Андрей | «Додой» ныззарыдтæ, бацыдтæ карз тохы, ссардтой мæлæт. Акæс ныр дунемæ, нал нæм ис паддзæхтæ, дзыллæтæ райстой сæ бар. | Къоста цы заманы царди, уый нал ис, адæм æлдæрттимæ тохы кæй фæдæлахиз сты, уый фæрцы. Къоста цы сæрибарыл тох кодта, уый æрцыд. | Æмдзæвгæ бакæсын, йæ хъуыды йын бамбарын. Зæрдывæрдæй йæ сахуыр кæнын. | Æмбисондмæ гæсгæ «Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц» дзургæ радзырд саразын. |
| 26 | «Уæйыджы цæссыгтæ». Чеджемты Г. | Урс æврæгътæ, багалæг-уæрдон, æфтауцдон, хъамбулуæраг, гæрæм, джихæй кæсы, зæрдæхæлар. | Алы адæймаг дæр йæ цард æхсæнады цардæн куы нывонд кæна, уæд йæ ном æнусмæ баззайдзæн. | «Æнусмæ хорз ном», ацы æнцойгæнæг дзырдбастыл бакусын.«Фарны артдзæст у нæ бæстæ»-йæ хъуыды йын райхалын. | Радзырд бакæсын, архайæджы миниуджытæ бамбарын кæнын, фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
Райгуы-рæн бæстæ(2) Мадæлты фæдзæхст: «Макуы-уал уæд хæст».(3) | | 27 | «Фарны артдзæст у нæ бæстæ». Джыккайты Ш. | | Алы адæймаг дæр йæ цард æхсæнады цардæн куы нывонд кæна, уæд йæ ном æнусмæ баззайдзæн. | «Æнусмæ хорз ном», ацы æнцойгæнæг дзырдбастыл бакусын.«Фарны артдзæст у нæ бæстæ»-йæ хъуыды йын райхалын. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын |
| 28 | «Æмбаргæ куыдз». Боситы Ирбег. | Æфсæддон хай, цыппар æмбалы, бирæгъ æмбаргæ куыдз, зæрондус, хъæбатыр моряк | Хæсты инвалид морякы сгухтдзинад æмæ йæ куыдзы иузæрдиондзинад. | Радзырд кæсын,йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын. Дзырдуатон куыст, фæрстытæн дзуапп дæттын. | Радзырд бакæсын, архайæджы миниуджытæ бамбарын кæнын, фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
| 29 | «Кард». Калоты Х. | Рæстæг маргъау тахти, бутъыро бæлас, даргъивæзт фæндаг | Ирон адæмы хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг. Ирон лæппуты сгуыхтдзинад, хъæбатырдзинад. | Жанр: æмдзæвгæ. Уацмысты жанртӕ зонын. Ӕмдзӕвгӕйы мидис ӕмбарын. Адæймаджы хуыздæр миниуджытыл ахуыр кæнын скъоладзауты. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын |
| 30 | «Мад». Гаджиты Г. | Æдзард | Ирон адæмы хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг. Ирон лæппуты сгуыхтдзинад, хъæбатырдзинад. | Жанр: æмдзæвгæ. Уацмысты жанртӕ зонын. Ӕмдзӕвгӕйы мидис ӕмбарын. Адæймаджы хуыздæр миниуджытыл ахуыр кæнын скъоладзауты. | Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын |
| 31 | «Саби». Плиты Грис. | Фыдыбæстæйы стыр хæсты заман, урсбоцъо зæронд лæг, уацхæссæг – æрыгон лæппу. | Ирон адæмы хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг. Ирон лæппуты сгуыхтдзинад. Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад. | Æхсарджын хъæбатырты тох немыцаг фашистты ныхмæ – радзырды сæйраг хъуыды. Уыцы хъуыдыйы алыварс ныхас саразын. Радзырд хи ныхæстæй дзурын. | Скъоладзаутæй алчи дæр йæхи хæдзарæй хæстмæ чи ацыд, уый тыххæй радзурæд. |
| | 32 | «Уалдзæг». Кочысаты М. | | | | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын |
| 33 | «Хъусой». Коцойты Арсен. | | | | Радзырд бакæсын, архайджыты миниуджытæ бамбарын кæнын, фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын. |
| | 34 | Кæронбæттæн урок. | | | | |