Æмбисæндтæ.
Адæмон сфæлдыстады уацмыстæй программæмæ хаст сты æмбисæндтæ дæр. Ахуыргæнæг, æмбисæндтыл кусгæйæ, скъоладзаутæн æмбарын кæны, уыдонæн сæ ахадындзинад царды, нæ ныхасы.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 5-æм, 6-æм къласы скъоладзаутæ рæвдз нæмæ вæййынц дзырды ахæсгæ нысаниуæг иртасынмæ, æмæ сын æмбисæндты хъуыды зын бамбарæн вæййы. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг æмбисæндтыл хъуамæ, программæтæ куыд амонынц, афтæ дыууæ урочы дæргъы ма куса, фæлæ куыд арæхдар гæнæн ис, афтæ, уымæн æмæ уыдон стыр ахъаз сты сывæллоны этикон хъомылады æмæ йæ ныхасы хъæд хъæздыгдæр æмæ аивдæр кæныны хъуыддаджы. Адæймаджы ныхасæн стыр тых ис царды, æмæ сывæллæттæн фыццаг урокæй фæстæмæ æмбарын кæнын хъæуы дзырдмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн кæй нæй, уый.
Спайда кæнæн ис æмбисæндтæн сæхицæй: «Дæ дзыхæй æнæрхъуыды ныхас ма уадз!», «Дзырд хъазинаг нæу!», «Уæздан ныхасмæ калм дæр хъуысы».
Æмбисæндты æвдыст æрцыд, адæммæ æнусты дæргъы царды алы хъуыддаджы фæдыл дæр цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, уый: цыргъзонддзинад, хъару, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.
Адæм æмбисæндты худтысты æмæ тæрхон кодтой, æгаддзинадыл кæй нымадтой, уыцы миниуджытæ: тæппуддзинадæн, хиндзинадæн, æнæуæздандзинадæн æмæ аф.д.
Адæймаг, æвæццæгæн, не замантæй нырмæ йæ царды уагмæ, йе ′взагмæ, йæ ныхасы хъæдмæ куыдфæндыйы цæстæй никуы каст.
Хъуыды кодта, йæхи кæм æмæ куыд дарын хъæуы, кæд æмæ кæм цы дзурын æмæ куыд дзурын хъæуы, ууыл. Афтæмæй ныхасмæ, æгъдаумæ цы домæнтæ уыд, уыдон æнцон раиртасæн сты адæмон сфæлдыстады уацмысты, уæлдайдæр та æмбисæндты. Цымыдисы куысты хуызтæ сæххæст кæнæн ис æмбисæндтæ ахуыр кæнгæйæ.
Скъоладзаутæн дæттæм ахæс хæс: ахъуыды кæнын æмæ зæгъын, цавæр æмбисæндтæй спайда кæнæн ис ахæм уавæрты:
- Чидæр дзуры, æмæ гæды ныхæстæ кæй кæны, уый бæлвырд бæрæг у. Куыд сын фæзæгъынц уæд?
− «Дæ гæды мыст рацахста», «Къæхтæ æмæ ма йыл къухтæ бафтыдта».
- Рæстытæ дзурут, фæлæ уыл не ′ууæндынц?
− «Дзырд æрмæст хæйрæджы на уырны».
- Сывæллоны гыццылæй фæстæмæ ницæуыл сахуыр кодтой, куы рабæрæг ис, æгъдау æм кæй нæй уый, уæд та ахуыр кæнын нал бакуымта. Куыд фæзæгъынц, ахæм хабар фенгæйæ та?
− «Бæлас талайæ тасы».
- Саби йæ мад æмæ йæ фыды уаг æвдисы.
− «Сау хохæй урс дур нæ тулы», «Сæгъæй сæныкк гуыры».
- Хорз цот кæмæн нæ рацæуы, уыцы ныййарджыты тыххæй та куыд фазæгъынц?
− «Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр», «Фыдцот – фыдниз».
Скъоладзаутæ æмбисæндтæ куыд бамбæрстой, уый сбæлвырд кæнæн уыдзæн, куыст иннæрдæм рацаразгæйæ. Иу дзуры æмбисонд, иннæ скъоладзаутæ-та бæлвырд кæнынц, кæд загъд æрцæуы, уый.