kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Этот урок знакомит детей с обычаями и традициями наших предков.Учит их как правильно делать выводы и находить верный путь в жизни.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау".»

Урочы конспект

Ирон  царды биноныг уыд – туг исыны æгъдау.


Урок бацæттæ кодта

 ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Кочиты Анжела

Урочы темæ:

Беджызаты Чермены таурæгъ «Кодзыртæ».

Эпиграф:

Къабазджын адæймаг уæлдай ныфсджындæр вæййы.

Хацырты С.

(Уæдæ нæ урокæн дæр йæ ратæдзæн ацы ныхæстæ сты).

Урочы нысан:

Рагом кæнын таурæгъæй туг исыны æгъдæуттæ.

Цæстуынгæ æрмæг: плакæттæ, чиныг, Тугъанты М. иллюстрацитæ чиныгæй «Нарты кадджытæ».

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

  1. Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:

  1. Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.

  2. Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

  1. Ног темæмæ рахизын.

Черменæн йæ новеллæты цикл райдыдта студентты фольклорон практикæйы. Фыссæг абарста ныры дуджы фæсивæд æмæ раздæры.

Зæронд Баймæт сыл дис кæны, адон хæйрæджытæ сты, æви?

Дис кæны сæ дарæсыл дæр.

Сылгоймагæн кæй ис бартæ – уый дисы æфтауы Баймæты.

1) Цы у таурæгъ? (Доклад кæсы Хуыбецты К.)

Дзырдуатон куыст:

зиу – къордгай куыст, æххуыс;

фæринк – кард (вид сабли, шашки);

згъæрон – æфсæнаг (металл);

саргъ – седло;

чегъретæ – проводник, посредник;

къæссайы – голлаг;

сахъ – бравый, смелый;

хæтыди – балц кодта;

уарт – щит;

хуымон – земледелец;

æхсырфæй – серп;

хæрис – ива.

Ирыстоны алæмæттæг къуымтæй иу у – Урстуалтæ. (Ручъы комы ис). Йæ аив литературон ном у «Мæсгуыты бæстæ» (æрдзы æрфыст).

Нæ фенкъуысын кæны æндон хохы нæдæр тæрк уад, нæдæр сонт къæвдæ, фæлæ чысыл миты къуыбар, хитæлæджы сæрæй æрхаугæ, базмæлын кæны уæрæх фæтæнтæй зæй æмæ бындзармæ нырризын кæны бæрзонд хохы.

Урстуалты лæгъз – цъитийы кой кæны Чермен:

Цыма дæ ыскодта æрдз

барæй мæнæн.

Дæ уæлæ нæзы хъæд... Уæззау

дурты хуыр...

Уыд размæ æрмæстдæр

дуарæй кæсæн,

Ныхас дзы – иу хъуысти сындæг

æмæ мыр.

  1. Рахизын новеллæмæ.

Уыдис уын ахæм хæслæвæрд: бакæсын новеллæ, æмæ йын фарстаты руаджы æрдзурын.

Фæйнæгыл фыст:

  1. Цавæр мыггыг уыдысты Кодзыртæ?

  2. Чи уыдис Кодзырты Тохтæ?

  3. Цæуыл рацыд Тохтæ æмæ Бæдтуйы быцæу?

(Фæринк – Хъороты хъал Бæдту йæ хъæздыгдзинадæй æлхæнинаг у)

− Бакæсут æмæ абарут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй?

Цæмæн афтæ загътой?

Джыгкайты Ш. хоны Тохтæйы нæ рæстæджы ног ирон: «Нæ ныззоныгуыл кодта Тохтæ хъæздгуыты раз».

  1. Куыд æмæ кæй æххуысæй райста Бæдту йæ маст Кодзыртæй?

Цыбыртæй радзурын, куыд фæзындис Гадиаты мыггаг?

Кæй-ма зонут Гæдиатæй? (Секъа, Цомахъ).

Фæрстытæ:

  1. Куыд уæм кæсы, Хъороты Бæдту раст ми бакодта? (Нæ)

Ахæм хатдзæгмæ æрцæуæн ис: «Иугæр хъæздыг дæ, уæд намыс æмæ æгъдау дæумæ хъуамæ уой».

(Абарст нæ эпиграфимæ).

  1. Цавæр дыууæ социалон къласы дзы æвдыст æрцыдис? (Бонджын - мæгуыр). Абарст – Нигеры «Бадилон симд» иуæрдыгæй, Фацбай – Хъуыбадты офицер Зæлихан. Хъал адæмы æнæрвæссон митæ.

  2. Куыд уæм кæсы, раст уыдис æви нæ, мыггæгты ′хсæн тох?

  3. Цавæр туг исыны хуызтæ-ма зонут?

(         1) Куы-иу амардтой туджджыны, уæд-иу хион бацыд уæлмæрдмæ, ныггуыбыр-иу кодта, æмæ-иу ныдзырдта...                         2) Хъусæргæвст, лæджы æргæвст – фæлдисын. )

  1. Ахъуыды-ма кæнут, æмæ зæгъут:

Цавæр уацмысты ма сæмбæлдыстæм туг исыны æгъдæуттыл?

(Коцойты А. радзырд «15 азы», Къуыбалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»).

Мулдарты хъал мыггаг амардтой Æфхæрдты Солæманы. Идæдзæй баззад йæ ус Госæма, йæ сабиимæ. Мулдарты Хъуыдайнат æм иу æхсæв бацыдис, фæлæ саударæг ус йæхи худинаджы ранмæ не ′руагъта, хъамайæ йæ барæхуыста Хъуыдайнаты æмæ хъæдмæ ралыгъди.

Хæсанæ куы ралæг, уæд райста йæ фыды туг Мулдартæй.

Æнæдарæгæй баззадис Госæма.

«Уадз æмæ туджы фæмæцой Мулдартæ,

Дæ фыды марджытæ!»

Фысджыты цæстæнгас.

Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй «Туг исыны æгъдау ирæттæм уыдис традици» - фыссы Джыкайты Ш.. Беджызаты Ч . та йæ нымайы «ирæтты æнамонды хъуыддагыл».

Ацы ран та нын автор кæй æхсæн æвдисы тох?

(мæгуыртæ - бонджынтæ) къласон тох.

− Гæдиаты Секъа дæр йæ таурæгъ «Азау»-ы равдыста туг исыны хуызтæй сæ иу хъоды (чызджы скъæфты).

− Уæдæ «Нарты кадджытæн» дæр куыд ис ауадзæн...

−Батрадз, кæй ныхмæ хæцыд?

(Нæрттæм туг исын уыдис нымад хъайтардзинадыл).

− Раздæры адæм-иу цæмæн сарæзтой гæмæхтæ (мæсгуытæ).

− Тутыры бæрæгбоны (чырыст. бæрæгб.) фыццаг æмæ дыккаг бонты нæ уыди туджджынмæ æвналыны бар.

− сылгоймаджы бынат туджджынты ′хсæн? (кæлмæрзæн-иу се `хсæн æрæппæрста).

  1. Туг исыны аххосæгтæ ма-иу цытæ уыдысты?

(Зæххыл тох, давын, фос исын, сывæллæттыл фæхыл).

Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти.

  1. Уазæджы бынат ирон адæмы ′хсæн? (Хъоротæ растадысты Парсайы сæрыл, уазæгмæ нæ уыдис æвналыны бар).

  2. Тæрхоны лæгты роль? (фидауджытæ).

  3. Доклад – «Туг исыны æгъдау». (Ирон царды биноныг уыд – туг исыны æгъдау. (Джыкайты Ш. Критикон уацтæ).

  4. Хъолы ′фцæг – æрдзы æрфыст.

  5.    Фæсайрæйнаг литературæимæ абарст:

  1. Габриел Гарсиа Маркес – колумбийаг фыссæг йæ уацмысы равдыста туг исыны æгъдау, сылгоймаджы тыххæй. «Хроника объявленной смерти».

  2. Наполеон – корсиканец (горцы), уыд туджджыны фырт, æмæ уый тыххæй алыгъд Францимæ.

  3. Лермон – сæ мыггаг у туджджын.

  1. Хатдзæгтæ скæнын:

Сывæллæттæ, исты фарстытæ-ма уæм сæвзæрдис?

− Уæдæ уын темæ кæд æмбæрстгонд у, уæд-ма мын зæгъут:

  1. Новеллæйы – архайд кæм цæуы? (Урстуалты - Едысы).

  2. Цы нын равдыста фыссæг нæ рагфыдæлты цардæй?

− ирон адæмы хъизæмар æмæ зын фадæтты цард, туг исыны æгъдау мыггæгты ′хсæн (къласон тох).

Уæдæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ:

«Нæ-нæ хъæуы туг исыны æгъдау!»

Уый уыдис нæ фыдæлты фæстæзад æгъдæуттæй сæ иу.

  1. Нысæнттæ сын сæвæрын.

Фестæм нæ урок.

Стыр бузныг уын уе ′ппæтæн дæр. Фыдбылызæй хызт ут. Ноджыдæр-ма уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæгъвæтин азты цæрæнбон æмæ домбай лæджы хъару!

  1. Хæдзармæ куыст сын раттын:

Ноджыдæр-ма иухатт лæмбынæгдæр бакæсын таурæгъы фæстаг хай.







Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 10 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау".

Автор: Кочиева Анжелика Анатольевна

Дата: 12.11.2016

Номер свидетельства: 357975

Похожие файлы

object(ArrayObject)#853 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(100) "Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау"."
    ["seo_title"] => string(58) "konspiekt_uroka_po_osietinskomu_iazyku_tugh_isyny_aghdau_3"
    ["file_id"] => string(6) "357978"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478923366"
  }
}
object(ArrayObject)#875 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(100) "Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау"."
    ["seo_title"] => string(58) "konspiekt_uroka_po_osietinskomu_iazyku_tugh_isyny_aghdau_1"
    ["file_id"] => string(6) "357976"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478923256"
  }
}
object(ArrayObject)#853 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(100) "Конспект урока по осетинскому языку "Туг исыны агъдау"."
    ["seo_title"] => string(58) "konspiekt_uroka_po_osietinskomu_iazyku_tugh_isyny_aghdau_2"
    ["file_id"] => string(6) "357977"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1478923257"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства