kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Фӕрсдзырды арӕзт

Нажмите, чтобы узнать подробности

 Темӕ:            Фӕрсдзырды арӕзт. Номдартӕй арӕзт  

       фӕрсдзырдтӕ.

Ныхасы сӕр:   Куыст - царды бындур.

Нысан:         1. Фӕрсдзырды тыххӕй зонындзинӕдтӕ  сфӕлхат

                            кӕнын.

                 2. Бацамонын, куыд равзӕрынц фӕрсдзырдтӕ                              

                   номдартӕй.

 3. Гуырын кӕнын скъоладзаутӕм цымыдисдзинад             мадӕлон  ӕвзагмӕ, уарзын ахуыр кӕнын, кусын, ӕмбарын, куыст царды бындур кӕй у, уый.

                                      Урочы цыд.

                                                       «Адӕймаг куыстӕн конд у»

                                                          ( Ирон ӕмбисонд).

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Фӕрсдзырды арӕзт»

Темӕ: Фӕрсдзырды арӕзт. Номдартӕй арӕзт

фӕрсдзырдтӕ.

Ныхасы сӕр: Куыст - царды бындур.

Нысан: 1. Фӕрсдзырды тыххӕй зонындзинӕдтӕ сфӕлхат

кӕнын.

2. Бацамонын, куыд равзӕрынц фӕрсдзырдтӕ

номдартӕй.

3. Гуырын кӕнын скъоладзаутӕм цымыдисдзинад мадӕлон ӕвзагмӕ, уарзын ахуыр кӕнын, кусын, ӕмбарын, куыст царды бындур кӕй у, уый.


Урочы цыд.

«Адӕймаг куыстӕн конд у»

( Ирон ӕмбисонд).


I. Орг. хай.

- Уӕ бон хорз , сывӕллӕттӕ! Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты уазджытӕ ӕмӕ сын зӕрдӕбынӕй салам раттӕм.

- Сбадут.

- Хъусут, «зӕрдӕбынӕй салам раттӕм». Ацы рӕсугъд дзырдбасты ис иу дзырд, кӕцы комкоммӕ баст у, цы ныхасы хай ахуыр кӕнӕм, уыимӕ. Цавӕр дзырд у? Ахъуыды кӕнут.

- Раст, уыцы дзырд у «зӕрдӕбынӕй». Ӕмӕ - у?

- Раст, у фӕрсдзырд, уымӕн ӕмӕ ӕвдисы нӕ архайды ӕууӕл.

1 слайд.

Ахуыргӕнӕджы ныхас:

Фӕйнӕгыл – нӕ зонгӕ «Ныхасы хӕйтты дидинӕг». Дидинӕджы ӕххуысӕй ранымайӕм нӕ ныхасы хӕйттӕ.

(Сывӕллӕттӕ нымайынц ныхасы хӕйттӕ - уыдон дидинӕджы сыфтыл фыстӕй кӕрӕдзийы фӕдыл фӕйнӕгыл фӕзынынц.)

- Раздӕры 2 урочы цавӕр ныхасы кой кодтам? - (Фӕрсдзырды).

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, цы хонӕм фӕрсдзырд; цавӕртӕ вӕййынц фӕрсдзырдтӕ сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ, цавӕр ныхасы хӕйттӕй равзӕрынц. (Сывӕллӕттӕ дзуаппытӕ дӕттынц).

Абон дӕр та нӕ ныхас уыдзӕн фӕрсдзырды тыххӕй.

2 слайд.

Нӕ урочы темӕ у: Фӕрсдзырды арӕзт. Номдарӕй арӕзт фӕрсдзырдтӕ.

1. Базондзыстӕм, куыд равзӕрынц фӕрсдзырдтӕ номдартӕй.

2. Фендзыстӕм, куыд хъӕздыг, бӕлвырд ӕмӕ аив кӕнынц нӕ ирон ӕвзаг фӕрсдзырдтӕ.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Мах базыдтам, фӕрсдзырдтӕ арӕзт цӕуынц алы ныхасы хӕйттӕй . Хӕдзармӕ уын лӕвӕрд уыди сӕххӕст кӕнын 158 -ӕм фӕлтӕрӕн. Хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккат, кӕм аивта номивӕг йӕ нысаниуӕг ӕмӕ фӕрсдзырдмӕ кӕм ахызтис.

(Сывӕллӕттӕ иртасынц хӕдзармӕ куыст, ахуыргӕнӕг комментаритӕ дӕтты дзуаппытӕн.).

- Цавӕр хатдзӕг скӕндзыстӕм хӕдзармӕ куыстӕн?

- Арӕх номивӕг аивы йӕ нысаниуӕг ӕмӕ свӕййы фӕрсдзырд, афтӕмӕй фӕбӕлвырддӕр кӕны дзурӕджы ныхас.

III. Ног темӕ.

Уӕ тетрӕдты ныффыссут абоны нымӕц ӕмӕ нӕ урочы темӕ. - Абон нӕ бирӕ бакусын хъӕудзӕн. Цӕмӕй алцӕуыл дӕр аххӕссӕм, уый тыххӕй раздӕр ахъуыды кӕнӕм, куыд цӕттӕ стӕм ацы темӕ равзарынмӕ, цы базыдтам ӕмӕ ма нӕ цы базонын хъӕуы фӕрсдзырды тыххӕй.

3 слайд. Хъуамӕ базонӕм:

• фӕрсдзырдтӕ тексты ӕнцонӕй ссарын;

• сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ сӕ раст равзарын;

• раст сын бацамонын сӕ арӕзт;

• дзургӕйӕ сӕ раст спайда кӕнын.

- Федтат, цас куыст нын ис ? Ӕмӕ ӕнӕ куыстӕй та цы ис? Байхъусут, нӕ урокӕн эпиграфӕн цы ирон ӕмбисонд ӕрхастам, уымӕ : «Адӕймаг куыстӕн конд у». Сымахӕн уӕ куыст ныртӕккӕ ахуыр кӕнын у. Цӕмӕй арф зонындзинӕдтӕ райсат, ахуыры фӕндагыл фидарӕй , ӕнӕкъуыхцыйӕ уайат, уый тыххӕй уӕ бирӕ кусын хъӕуы уымӕ гӕсгӕ зивӕг ма кӕнут- хорз ахуыр кӕнут. .

Куысты ахадындзинады тыххӕй диссаджы зондджын ныхӕстӕ загъта зындгонд китайаг философ Конфуций дӕр. Байхъусут сӕм.

4 слайд.

« Три пути есть у человека, чтобы поступить разумно: первый, самый благородный - размышление, второй, самый легкий –подражание, третий, самый горький – опыт».

- Кӕцы фӕндаг равзариккат сымах та? ( Сывӕллӕттӕ цыбыр дзуаппытӕ дӕттынц).

- Цавӕр хатдзӕг скӕндзыстӕм куыст ӕмӕ фӕлтӕрддзинады тыххӕй?

(Кӕд ӕртыккаг фӕндагыл цӕуын зындӕр у, уӕддӕр ӕрмӕстдӕр ацы фӕндагыл райсы адӕймаг арф зонындзинӕдтӕ ӕмӕ стыр фӕлтӕрддзинад).

5 слайд. «Морфологион уыци-уыцитӕ».

Цӕмӕй нӕ куыст фӕцырддӕр уа, уый тыххӕй зондджын «морфологион уыци-уыцитӕй» ахъазӕм.

• ӕвдисы предметы ӕууӕл……

• ӕвдисы фӕрссаг архайд……

• ӕвдисы архайды ӕууӕл……

• ӕвдисы предметы ӕууӕл йӕ архайдмӕ гӕсгӕ…….

( Раст дзуаппытӕ сабыргай интерактивон фӕйнӕгыл фӕзынынц).

Нӕ куысты сӕмбӕлдзыстӕм цалдӕр зынӕмбарӕн дзырдимӕ. (Фӕйнӕгыл фыст). Равзарӕм сын сӕ нысаниуӕг:

Ӕндӕрӕбон – зноны размӕ бон

Мыггагмӕ- царды кӕронмӕ

Рӕстӕгмӕ - иу чысыл

Куыд базыдтам, афтӕмӕй фӕрсдзырдтӕ арӕзт цӕуынц алы ныхасы хӕйттӕй, уыдонимӕ номдартӕй дӕр. Ӕркӕсӕм, куыд ӕмӕ цал хуызы равзӕрынц фӕрсдзырдтӕ номдартӕй.

Фӕйнӕгыл фыст:

Номдартӕй фӕрсдзырдтӕ равзӕрынц 3 хуызы:

1) номдартӕм ӕндӕр ныхасы хӕйттӕ( арӕхдӕр номивджытӕ) ӕфтаугӕйӕ, зӕгъӕм: а-бон ; ал-аз; ӕндӕр-ӕхсӕв;

2) номдары бындур фӕлхат кӕныны руаджы, зӕгъӕм: дон-дон, хъӕуи-хъӕу, фӕрсӕй-фӕрстӕм,



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Фӕрсдзырды арӕзт

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 05.11.2016

Номер свидетельства: 355577

Похожие файлы

object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(61) "Фæрсдзырд. Презентаци гом урокмæ."
    ["seo_title"] => string(37) "faersdzyrd_priezientatsi_ghom_urokmae"
    ["file_id"] => string(6) "355591"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478348998"
  }
}
object(ArrayObject)#887 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(86) "Фæрсдзырды арæзт. Номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ."
    ["seo_title"] => string(50) "faersdzyrdy_araezt_nomdartaei_araezt_faersdzyrdtae"
    ["file_id"] => string(6) "524967"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1572457779"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства