Темæ «Номдар»
( рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок)
Урочы нысан:
Номдартæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Урочы æрмæг: компьютер ( презентации), интерактивон фæйнæг, кроссворд, ребустæ, фæткъуыбæлас ( ныв), дидинджыты чыргъæд, видеоæрмæг
Урочы цыд
Бацæттæгæнæн рæстæг:
Уæ бон хорз, сывæллæттæ. ( 1 слайд)
Нæ урок мæ фæнды райдайын иу æцæг хабарæй ( мадæлон æвзаджы тыххæй)
НыхÆСТ Æвзаг
Иу карз ныббырсты минæйы схъисæй ныппырх йе’фсæры къæдз. Йе ’взагæн йе ’мбис ахауд. Хирургтæ фæрæвдз сты, æмæ йæ зæрдæйы знаджы нæмыг кæмæн ахызт, æмæ дзыхъмард чи фæцис, уыцы салдаты æвзаг баныхæстон салдатыл. Госпитæлы адаргъ сты бонтæ. Фæстагмæ æрдзæбæх, афтæмæй æппæтæй тынгдæр тарст, иронау куынæуал сдзура, уымæй.
Операцийы фæстæ йæ цæстытæй куы ракаст æмæ æппæты фыццаг иронау «гыцци», зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд фырцинæй йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Арфæтыл схæцыд йæ ирвæзынгæнджытæн.
Черчесты Хъасболат
Ахуыргæнæг: Зæгъут – ма, сывæллæттæ, уæ хъуыдытæ. Цæмæй фæтарст салдат?
Хатдзæг: Мах хъуамæ хъахъхъæнæм не ` взаг, нæ хæс у иронау дзурын.
Ахуыргæнæг: Æркæсут ма, сывæллæттæ, нывтæм æмæ фæрстытæн Чи? æмæ ЦЫ? - йæн дзуапп раттут. ( 2слайд) (сывæллæтты дзуæппытæ)
Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Ацы нывты та цы уынут? Цавæр номдартæ сты? ( сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.) ( 3 слайд) сывæллæтты дзуæппытæ)
Ахуыргæнæг: Ныр та ма æркæсам мæнæ ацы дзырдтæм иууон нымæцы æмæ сæ зæгъæм бирæон нымæцты дæр. ( 4 слайд)
Адæймаг куы райгуыры , уæд ын æнæмæнг раттынц цавæрдæр ……? (НОМ).
Ирæтты райгуырæн бæстæ куыд хуыйны? (ИРЫСТОН).
Хъобаны чи цард, ахæм адæмон хъайтары ном? (ЧЕРМЕН).
Адæймаг кæм райгуыры, уыцы зæхх куыд фæхонынц? (ФЫДЫБÆСТÆ).
Адæймаджы цæрæн бынат? ( ХÆДЗАР).
Нарты гуыппырсартæй æппæты тыхджындæры ном? ( БАТРАЗ)
Ахуыргæнæг: Нæ дзырдбыдыл кусгæйæ сбæрæг кодтам нæ урочы темæ дæр. ( 5-6 слайд)
Эпиграф:
Бæстæтæ бирæ сты, дуне –уæрæх,
Цард сæ рæвдауы фæрнæй.
Фæлæ дæу хуызæн,
Мæ Райгуырæн зæхх,
Ацы стыр дунейыл нæй.
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы,
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.
(Чеджемты Æ.)
Ахуыргæнæг:Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не ` скæндзæн.
Нæ урочы хъуамæ æрдзурæм, номдарæй цы базыдтам, ууыл. Номдары тыххæй мах хъæуы зонын: ( 7 слайд)
Цы у номдар? Цавæр фæрстытæн домы дзуапп?
Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ. Сæ растфыссынад.
Номдарты тасындзæг.
Номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ.
Ахуыргæнæг:( 8 слайд). Текстимæ куыст.
Аргъау.
Нæма райгуырд, афтæмæй хъуыды кодтой, цы йыл сæвæрой. Куы райгурд, уæд æй схуыдтой . Райгуырди æмæ ссис . Тынг хæларзæрдæ уыд, йæ фыццаг дзырд дæр уыд «А», æмæ йæ схуыдтой
Тынг хорз иртæста хорз æмæ æвзæр, æмæ йæ схуыдтой Къухæй тынг дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ райдыдтой хонын
Хæдзары æппындæр нæ бадти. Уарзта бæстæтыл зилын, фæндыд æй дуне фенын. Æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой
Æмгарджын кæй уыд, уый тыххæй йæ хуыдтой
Йæ ныййарджыты халдих кæй рауад, уый тыххæй та йæ рахуыдтой
Ахуыргæнæг: Тынг хорз, сывæллæттæ. Ныр та ма мæнæ хауæнтæм æркæсут.
Номон Кæйау? Цæйау? Куыд?
Гуырынон Кæмæн? Цæмæн?
Дæттынон Чи? Цы?
Иртæстон Кæй? Цæй? Кæм? Цæм?
Арæзтон Кæмæ? Цæмæ? Кæдæм?
Æддагбынатон Кæимæ? Цæимæ?
Цæдисон Кæуыл? Цæуыл?
Хуызæнон Кæмæй? Цæмæй? Кæцæй?
Раст æвæрд сты? ( 9 слайд). ( сывæллæтты дзуæппытæ). Уадæ ма сæ раст рафыссæм.
Ахуыргæнæг: Кæд хауæнты кой скодтам, уæд ма мæнæ ацы текстимæ дæр бакусæм. (сывæллон кæсы хæслæвæрд). (10 слайд).
Нæ фыдæлты царды мæсыгæн уыд стыр ахадындзинад.
Мæсыг амадтой бæрзонд бынаты, цæмæй иу мæсыгæй иннæ мæсыг зындаид.
Знаг-иу куы ’рбацæйцыд, уæд-иу мæсыгмæ схызтысты æмæ-иу йæ сæрыл арт скодтой. Кæд-иу искæйы мæсыгыл арт фæзынд, уæд-иу базыдтой – тыхгæнæг æрбацæуы. Æмæ-иу уæд уыцы мæсыгау иннæ мæсгуыты сæр дæр æртытæ скодтой.
Афтæ, мæсыджы фæрцы кæрæдзийæн хабар хъусын кодтой.
Улæфæн рæстæг.
Ахуыргæнæг: Акусæм та. Бакæсæм мæнæ ацы текст æмæ дзы ссарæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ. (11 слайд)
Ирыстоны хæхтæн сæ бæрзонддæр у Хъазбеджы Хох. Ирон адæм æй хонынц Сæнайы Хох, Чырыстийы цъупп. Йæ бæрзонд у 5033 метры.
Ирыстоны суардæтты кой айхъуысти æгас бæстæйыл нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнтыл. Сæ зынгæдæртæ сты: Заманхъул, Урсдон, Зæрæмæг, Хилак, Хъæрмæдон, Тæмискъ, Тиб.
Республикæйы ис бирæ рæсугъд бынæттæ: Цъæйы ком, Дзинага, Уæлладжыры ком. Ам арæзт æрцыдысты фысымуæттæ æмæ отельтæ, фæлладуадзæнтæ: «Осети», «Редант», «Тæмискъ», «Фыййагдон», «Къæхтысæр», «Цъæй», «Урсдон», æмæ «Дзинага». Уымæ гæсгæ Ирыстонмæ тырнынц бæлццæттæ дунейы алы кæрæттæй. ( сывæллæтты дзуæппытæ).
Ахуыргæнæг: Уæдæ ма скæнæм хатдзæг: ( ахуырдзаутæ) Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумыггаг предметы нæмттæ. Сæрмагонд номдартæ сты, хицæн предметтыл се ` мхуызон предметтæй сæ хицæн кæныны тыххæй цы нæмттæ ис, уыдон. Сæрмагонд номдартæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ.( 12 слайд)
Ахуыргæнæг: Бузныг. Хорз. Зæгъут – ма, сывæллæтæ, номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд загътат. Æмæ ма цавæртæ вæййынц ноджыдæр ? (сывæллæттæ – удджын æмæ æнæуд).
Ахуыргæнæг: Раст. Уæдæ ма лæвæрд дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнæм æмæ сæ афыссæм. ( 13слайд).( фæйнæгыл кусынц дыууæ ахуырдзауы).
Чиныгимæ куыст.( ахуырдзаутæ фæйнæгыл тасындзæг кæнынц дзырдтæ)
Ахуыргæнæг:Æртæккæ уын айуардзæнæн къонверттæ. Сæ хуылфыты ис дамгъæтæ, кæцытæй саразын хъæуы дзырдтæ. 1- минут уын рæстæг . Уый фæстæ кæрæдзийæн хæслæвæрдтæ æрхъуыды кæндзыстут.
ДЖ, И, Т, Д, И, Æ, Н, Ы, Д - ДИДИНДЖЫТÆ
Р, М, ГЪ, Æ, Т, Æ, - МÆРГЪТÆ
Г, Ы, Æ, Х, А, Г, У, Н, Æ, Р, - АХУЫРГÆНÆГ
КЪ, О, С, А, Л, - СКЪОЛА ( 14 слайд)
Хатдзæг: Иууон нымæцы номдар фæнысан кæны бирæ иухуызон предметтæй иуы ном.
Бирæон нымæцы та номдар фæнысан кæны цалдæр иухуызон предметы. (15 слайд)
Дзырдуатон куыст.
Алæмæт - чудесный
Мæсыг – башня
Иртасын – различать, исследовать
Халдих – очень похожий (16 слайд)
Ахуыргæнæг: Уæдæ ма хатдзæгтæ скæнæм. Мах нæ зæрдыл æрлæууын кодтам номдар. Тынг хорз бакуыстат сывæллæттæ æмæ ма мæнæ ацы бæласыл баныхасæм фæткъуытæ – бæрæггæнæнтæ.
( фæйнæгыл бæлас нывгонд) . Табуафси, баныхасут уæ фæткъуытæ.
( 17 слайд)
Хæдзармæ куыст: ( 18 слайд)
Ахуыргæнæг:
Нæ урочы кæрон мæ раздæхын фæнды нæ эпиграфмæ. Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не ` скæндзæн.
Бирæ хатт афтæ рауайы, æмæ иутæ ахуыр фæкæнынц æндæр бæстæты, иннæтæ кусгæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы фыццаджыдæр, цæмæй уе ` гъдау æмæ уе ` фсарм макуы фесафат, дыггаджы та, цæмæй суат стыр ахуыргонд чызджытæ æмæ лæппутæ.
Арфæгонд ут!