Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей
Урочы темæ: «Номдарты тасындзæг».
Урочы №: 3, Гуырынон хауæн.
Ныхасы темæ: Æрдз æмæ адæймаг.
Урочы тип: Комбинирон урок.
Урочы хæстæ:
Урочы фæлгонц: карточкæтæ, таблицæтæ, чингуытæ, нывтæ.
Урочы пълан:
I. Организацион хай.
II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Урочы цыд:
Сбæрæг кæнын урокмæ цæттæдзинад: чиныг, тетрад, дзырдуат, блокнот.
Бамбарын кæнын скъоладзаутæн урочы хæcтæ.
Ныффыссын кæнын боныгты хæдзарон куыст.
II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Хæдзармæ цы хæслæвæрд уыд, уый сбæрæг кæнын:
а) Ахуыргæнæг æвдисы карточкæтыл фыст фæрстытæ. Сывæллæттæ дзуапп дæттынц номдарæй, амонынц хауæн æмæ номдары кæрон.
б) Уый фæстæ ахуыргæнæг æвдисы карточкæтæ кæрæттимæ.
Ахуыргæнæджы хатдзæг: Хорз бацæттæ кодтат, сахуыр кодтат фæрстытæ. Фæлæ ма нæ дарддæр ноджы хъæуыдзæн бакусын.
Ныр та ракæсæм фæйнæгмæ. (Фæйнæгыл фыст сты номдартæ цухгонд дамгъæтимæ).
Хæс: Бавæрын цухгонд дамгъæтæ, бамбарын кæнын сæ растфыссынад, сбæрæг кæнын номдары хауæн, бацамонын кæрон.
Æрæг.в.æззæгмæ – Ар.х.
дур.в.æткъуы – Н.х.
æхсæрсæ.ты.æгæй – Ир.х.
къах.в.æндагыл – Æд.-б.х.
хъæ.д.хой – Н.х.
4-æм дзырды фыссæм дæргъвæтин æмхъæлæсон, арæзт æрцыд дыууæ дзырдæй æхсæр + сæттын.
6-æм дзырды фыссæм д, у.æ. арæзт у вазыгджын дзырд дзырдтæй хъæд æмæ хой.
- Цы хонæм кæрон?
(- Дзырды ивгæ хай).
- Куыд ссардзыстæм дзырдæн йæ кæрон?
(- Дзырды хъæуы аивын фæрстытæм гæсгæ).
- Мæнæ нæ таблицæйы цымæ кæрон ис?
(- О, 1-аг).
- Æмæ фыццаг цæмæ лæууы?
(- Дзырды хæйттæм гæсгæ æвзаргæйæ, фыццаг агурæм ).
- Дарддæр та цы ис нæ таблицæйы?
(2 , 3 , 4 , 5 ).
(æрæгвæззæгмæ, æхсæрсæттæгæй).
Фæйнæгыл лæвæрд цæуы цыбыр текст. Хъуыдыйæдты æмбæлы къæлæтты фыст дзырдтæ.
Хæс: Байгом кæнын къæлæттæ, хъæугæ кæрон бафтаугæйæ, бацамонын уыцы дзырдтæн сæ хауæн.
Хъарм (хæдзары) æрчъицыдта хърихъупп. Сывæллæттæ йæ фервæзын кодтой, бабастой йын йæ (къахы) саст. Уалдзæгмæ сдзæбæх. (Кæрты) рацу-бацу кодта. Йæ (зæрдæйы) ныфс бацыд. Цалынмæ фæзынд йе ’мбал. Хърихъупп (арфæйы) зилдухæн æркодта йæ фервæзынгæнджытæн æмæ атахт.
- Кæцæй ист у, цавæр хърихъуппыл цæуы ныхас? Цы кодта?
(«Хърихъупп Бипп-Бипп». Хъарм бæстæм тæхгæйæ, фæлладæй бынмæ йæхи æруагъта, телтыл йæхи ныццавта, йæ урс бумбулитæ ныппырх сты æмæ æрхаудта бынмæ).
- Чи йын баххуыс кодта?
- Сымах та куыд бакодтаиккат?
Æрдз хъахъхъæнын махæн нæ хæс у. Мæргьтæ, цæрæгойтæ, бæлæстæ, дидинджытæ, нæ алыварс цыдæриддæр ис, уыдон хъуамæ мах, нæ бон куыд у, афтæ хъахъхъæнæм, уарзæм.
- Цавæр уацмыстæ ма зонæм, сабитæ сæхи æххуысгæнджытæй, æрдзы лымæнтæй кæм равдисынц?
- Фæлæ бакастыстæм, æвзæр ми чи бакодта, ахæм сывæллæтты тыххæй дæр? Чи уыдысты?
- Мах загътам, уыдон кæй сты бафауинаг. Нæй сын ахæм бар, æмæ марой мæргьты, хæссой сын сæ лæппынты хæдзармæ, хицæн сæ кæной, уымæн æмæ уыдон дæр сты ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ. Сты лæмæгъ, тæригъæд æмæ сæ хъахъхъæнын хъæуы. Æрдз æмæ адæймаг иу сты. Фыдзæрдæ æмæ æгъатыр уæвæн нæй.
Рафыссæм къæлæтты цы дзырдтæ уыд, уыдон цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ иумæ:
æрчъицыдта хæдзары
къахы саст
рацу-бацу кодта кæрты
фæзынд зæрдæйы
арфæйы зилдухæн
кæм? цæм?
Сты Гуырынон хауæны.
Хатдзаг: бындур хъæлæсон кæм фæци, уым ис йы;
æмхъæлæсоныл кæм фæвæййы, уым ис ы
- Уый тыххæй сæм ратдзыстæм фарст, сбæрæг кæнæм, цы ’вдисынц.
Хæдзармæ куыстæн лæвæрд 82 фæлтæрæны хæс:
* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт