План открытого урока - путешествия по ФГОС во 2-ом классе по осетинскому языку (2012-2013 учебный год, 29 –ое января) .
Урочы темæ: «Нæ уарзон Ирыстон!»
Урочы нысантæ: 1) ныхасы рæзтыл куыст (монологон, диалогон);
2) сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын Ирыстоны
тыххæй;
3) скъоладзаутæм сæрыстырдзинад рæзын кæнын ирон кæй сты æмæ Ирыстоны кæй цæрынц, уый тыххæй.
Урочы фæлгонц: компьютер, интерактивон фæйнæг, магнитофон, дисктæ,
нывтæ, сырх æмæ цъæх фæткъуытæ гæххæтæй.
Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Сабиты æрцæттæ кæнын урокмæ.
II.Урочы мотиваци.
- Сабитæ, уæдæ нæм абон цавæр урок ис?
- Зæгъут-ма, æмæ цæмæн ахуыр кæнут ирон æвзаг?
- Куыд ма хъуыды кæнут?
- Дæумæ гæсгæ та?
- Дæумæ та куыд кæсы?
III. Фонетикон куыст.
-Сывæллæттæ, цæмæй ноджы хуыздæр дзурат уæ мадæлон æвзагыл,уый тыххæй акусдзыстæм ирон, кавказаг мыртыл.
Дзурут мæ фæстæ: ам, абон, æртæ, æри, аз, æз, арфæ, афон, æмæ,ахæсс.
Хъазт: «Чи лæмбынæгдæр у?»
- Æз дзурдзынæн дзырдтæ æмæ дзырды райдайæны мыр «а» куы уа, уæд кæнут иу къæрцц, кæд æмæ дзырды райдайæны уа мыр «æ», уæд та – дыууæ къæрццы.
Дзырдтæ: аз, ам, абон, æз, афæдз, æри, æркæ, ахæсс, æртæ , æркæн, акус.
IV. Урочы темæ.
Скъоладзаутæ сæхæдæг хъуамæ зæгъой урочы темæ.
- Сабитæ, ныртæккæ байхъусут зарæгмæ æмæ уæхæдæг базонут, нæ абоны темæ цавæр уыдзæн, уый.
Зарæг «Нæ райгуырæн бæстæ».
-Уæдæ куыд уыдзæн нæ абоны урочы темæ? ( « Нæ уарзон Ирыстон «)
- Чи ма куыд хъуыды кæны?
-Кæмæ ма куыд кæсы?
V. Къорды куысты тыххæй ныхас.
- Сабитæ, абоны урокмæ мах адих стæм æртæ къордыл. Алы къорд дæр равзæрста проектон куыстæй темæ æмæ абоны урокмæ бацæттæ кодтат презентацитæ. Фыццаг къорд «Бабайы хъæбултæ» бацæттæ кодтой компьютерон презентаци «Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон!» Дыккаг къорд «Нанайы хуртæ» дæр бацæттæ кодтой компьютерон презентаци «Ирыстоны зындгонд бынæттæ», æртыккаг къорд та уыдзысты журнал «Ногдзау»-ы редакцийы кусджытæ æмæ нын Ирыстоны тыххæй бацæттæ кæндзысты журналы иу фарс.Уыцы куыстытæм байхъусдзыстæм æмæ бакæсдзыстæм фæстæдæр. Ныр та уал кæсут æмæ хъусут.
VI. Фидиуæджы фæзынд.(Уый у рагон Нарты дарæсы)
- Байхъусут, хорз адæм! Байхъусут!
Уый фæстæ афтæ мачи зæгъæд, æз нæ фехъуыстон!
Абон мах араст уыдзыстæм балцы Ирыстоны кæмттæм.
Хъуамæ фенæм нæ диссаджы æрдзы рæсугъддзинæдтæ.
Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!
Байхъусут! Байхъусут!
(Фидиуæг ацыд.)
VII.Балцы цæуын.(Ахуыргæнæг æвдисы компьютерон презентаци «Балц Ирыстоны кæмттæм» музыкæимæ.
Фыццаг улæфæндон – сабитæ кæсынц æмдзæвгæтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй.
Дарддæр цæуæм балцы æмæ мæнæ дыккаг улæфæндон. Ам дыууæ къорды равдыстой сæ компьютерон презентацитæ.
Даддæр та цæуæм, кæсæм æрдзы рæсугъддзинæдтæм æмæ æрлæууыдыстæм иу рæсугъд ран. Ам ис нæ æртыккаг æрлæууæндон. Ацы ран та къордтæ равдисдзысты сæ сæрæндзинад грамматикон хъæзтыты æмæ хæслæвæрдты.
а).Хъуыдыйæдты сæвæрын хъæугæ дзырдтæ æмæ дывæргонд æмхъæлæсонтæ бахахх кæнын интерактивон фæйнæгыл.
б) Иу скъоладзау къордтæн ратдзæн къонвертты æмбисæндтæ райгуырæн бæстæйы тыххæй, сæ дзырдтæ хæццæйæ, афтæмæй. Амбулдзæн, раздæр цы къорд баххæст кæна хæслæвæрд, уый.(Æмбисæндтæ сбæрæг кæндзыстæм интерактивон фæйнæгыл.)
4.Кæнæм та дарддæр нæ балцы кой.Бахæццæ стæм нæ рагфыдæлты мæсгуытæм. Ам у нæ балцы фæстаг улæфæндон.Ерысæй кæнæм алыхуызон ирон хъæзтытæ.
8.Уазæгуаты журнал «Ногдзау»-ы редакцийы.
Балцæй фæстæмæ раздæхтыстæм æмæ бацыдыстæм уазæгуаты редакцийы кусджытæм. Ацы къорды уæнгтæ урочы рæстæг бацæттæ кодтой журналы иу фарс «Уарзæм дæ. Ирыстон!» Къорды уæгтæй иу саби радзырдта , цавæр фарс бацæттæ кодтой, уый тыххæй.
9.Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ урок- балцы æмæ къордты куысты тыххæй.
10.Зарæг зарын «Сабиты зарæг».
11.Урочы кæронбæттæн æмæ Цомайты Ростиславы æмдзæвгæ «Куывд».
12.Рефлексия.
Фæйнæгыл Нарты фæткъуы бæласы ныв. Сабитæй алкæй раз дæр дыгай фæткъуытæ сырх æмæ цъæх бархæтон гæххæттæй конд.Тынг хорз чи куыста урочы, уыдон бæласыл ныхасынц сырх фæткъуытæ, лæмæгъдæр чи куыста, уыдон та – цъæх фæткъуытæ.