Урочы нысантæ:
1. 1.Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын
кæнын.
2.Ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Ахуыр кæнын æрдзы рæсугъддзинад
æнкъарыныл,æрдз хъахъхъæныныл
Цæстуынгæ æрмæг: интерактивон фæйнæг, презентации, ахуыргæнæн чингуытæ, хуызджын гæххæтт, хæсгард.
Урочы цыд:
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
- æнæджы разныхас (мотиваци)
- Уæ бон хорз! Диссаджы рæсугъд уалдзыгон бон скодта, æмæ, нæ зæрдæ дæр цæмæй афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм, сывæллæттæ.
2. Мыртæ раст дзурыныл куыст. Фæйнæгæй иумæ кæсынц:
Хъал дон
Цъититæй - хæл-хæлæй,
Къæдзæхты - цыхцырæй,
Уырдгуыты - кæл-кæлæй,
Уайы æмæуайы.
Тар æхсæвты, бонты,
Циу, цы у фæллайын,
Уый æппын нæ зоны.
Алчидæр æмбары:
Дон фырцинæй зары
3.Ног æрмæгыл куыст
Хъуысы цæугæдоны уынæр
- Байхъусут ма доны уынæрмæ
- Уæ зæрдæмæ цæуы?
- Хъæлдзæг уынæр кæны дон æви æнкъард?
- Куыд уæм кæсы, дон хъæлдзæг цæмæн у?
- Уæдæ чи зæгъдзæн, абон цæй тыххæй дзурдзыстæм?
- Ног æрмæгыл куыст
Дзырдуатон куыст:
Сæгуыт – косуля
Нартхор – кукуруза
3.Ахуыргæнæг кæсы радзырд
- Зæгъут-ма, цæуыл зарыд дон?
- . Улæфты рæстæг.
5. Рефлекси (бафидар кæнын)
1. Сывæллæттæ кæсынц цæггай.
2. Радзырды мидисыл бакусын
- Зæгъут-ма, искуы хæххон суадоны раз уыдыстут7 Кæд æмæ кæм? Радзурут-ма, цы хуызæн уыд?
-Кæй хъуыдытæм байхъуыстам мах та ацы суадоны тыххæй?
- Ссарут-ма тексты архайджытæй алкæйы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.
3.Рольтæм гæсгæ каст.
6.Æмбисæндтæ доны тыххæй.
- Дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.
- Дон – царддæттæг.
- Дон адæмы сыгъдæг кæны,
адæм та йæ чъизикæнынц.
7.Ирыстоны цæугæдæттæ:
8.Къордтæй куыст.
Фæйнæгыл фидаргонд ныв гæххæттыл. Сывæллæттæ æртæ къордыл адих кæнын æмæ сын хæслæвæрд радтын:
1-аг къорд – ралыг кæнын хуызджын гæххæттæй
2-аг къорд – кæсæгтæ
3-аг къорд – дидинджытæ
Бафидар сæ кæнын гæххæттыл
- Ракæсут-ма нæ иумæйаг нывмæ. Уæ зæрдæмæ цæуы?
- Уæдæ, сывæллæттæ, бацархайæм ууыл, цæмæй нæ æрдз уа афтæ рæсугъд, уый та у махæй аразгæ.
9.Урочы хатдзæгтæ
-Чи уæ цы базыдта ногæй ацы урочы?
-Цы уæм фæкаст цымыдисагдæр?
-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?
10.Хæдзармæ куыст.
Радзырд аив хъæлæсæй кæсын зонын, хи ныхæстæй дзурын,
ныв скæнын
Просмотр содержимого документа
«Разработка урока по осетинской литературе во 2 классе»
Темæ: «Цæуыл зарыд дон?»
Урочы нысантæ:
1. 1.Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын
кæнын.
2.Ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Ахуыр кæнын æрдзы рæсугъддзинад
æнкъарыныл,æрдз хъахъхъæныныл
Цæстуынгæ æрмæг: интерактивон фæйнæг, презентации, ахуыргæнæн чингуытæ, хуызджын гæххæтт, хæсгард.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Ахуыргæнæджы разныхас (мотиваци)
- Уæ бон хорз! Диссаджы рæсугъд уалдзыгон бон скодта, æмæ, нæ зæрдæ дæр цæмæй афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм, сывæллæттæ.
2. Мыртæ раст дзурыныл куыст . Фæйнæгæй иумæ кæсынц:
Хъал дон
Цъититæй - хæл-хæлæй,
Къæдзæхты - цыхцырæй,
Уырдгуыты - кæл-кæлæй,
Лæнчыты – æхсырæй,
Уайы æмæ уайы.
Тар æхсæвты, бонты,
Циу, цы у фæллайын,
Уый æппын нæ зоны.
Алчидæр æмбары:
Дон фырцинæй зары
3.Ног æрмæгыл куыст
Хъуысы цæугæдоны уынæр
- Байхъусут ма доны уынæрмæ
- Уæ зæрдæмæ цæуы?
- Хъæлдзæг уынæр кæны дон æви æнкъард?
- Куыд уæм кæсы, дон хъæлдзæг цæмæн у?
- Уæдæ чи зæгъдзæн, абон цæй тыххæй дзурдзыстæм?
Ног æрмæгыл куыст
Дзырдуатон куыст:
Бæрз – береза
Сæгуыт – косуля
Нартхор – кукуруза
3.Ахуыргæнæг кæсы радзырд
- Зæгъут-ма, цæуыл зарыд дон?
4. Улæфты рæстæг.
5. Рефлекси (бафидар кæнын)
1. Сывæллæттæ кæсынц цæггай.
2. Радзырды мидисыл бакусын
- Зæгъут-ма, искуы хæххон суадоны раз уыдыстут7 Кæд æмæ кæм? Радзурут-ма, цы хуызæн уыд?
-Кæй хъуыдытæм байхъуыстам мах та ацы суадоны тыххæй?
- Ссарут-ма тексты архайджытæй алкæйы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.
3.Рольтæм гæсгæ каст.
6.Æмбисæндтæ доны тыххæй.
адæм та йæ чъизи кæнынц.
7.Ирыстоны цæугæдæттæ:
-Ирыстоны та цавæр цæугæдæттæ ис? Ранымайут-ма сæ. (слайдтæ равдисын)
-Елхоты та цавæр цæугæдон ис?
8.Къордтæй куыст.
Срæсугъд кæнæм æрдз.
Фæйнæгыл фидаргонд ныв гæххæттыл. Сывæллæттæ æртæ къордыл адих кæнын æмæ сын хæслæвæрд радтын:
1-аг къорд – ралыг кæнын хуызджын гæххæттæй
бæлæстæ

ныв скæнын.