Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..
«Коста – адæмы удварны фæтæг»
Нæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ,
Кæд мын зынаргъ сты, раст амондау, уæддæр,-
Мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд сæрибар цардмæ
Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ.
Темæ: Къоста – адæмы удварны фæтæг.
Нысан: Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын цымыдисдзинад йæ поэзимæ.
Уарзын кæнын мадæлон æвзаг.
Æрмæг: Портрет, нывтæ, чингуытæ, къулыл газеттæ, диск.
Эпиграф:
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!
Къоста.
Хъуысы музыкæ.
Къоста – гений, сфæлдисæг, талынг æмæ æфхæрд адæмы фæндагамонæг стъалы.
2-аг
Это замечательный поэт, творчество которого трогает человека социальной правдивостью и душевными, четко оформленными стихами.
3-аг
Мæ зæрдæйы æнкъарын «Ирон фæндыр»-ы рæсугъд зæлтæ, йе’мдзæвгæты диссаджы аивдзинад.
4-æм
Уый у мæгуырты, сидзæрты æмæ сидзæргæсты хорз хæлар «Нæ кады мæсыг», «Нæ литературæйы сæууон стъалы», «Цæхæрцæст уари» - фырцинæй хонынц ирон адæм Къостайы.
1-аг
Рагон нæртон лæгау
Зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ
Фæндыры хъазт, -
Дунеты се’ппæт нæхимæ
Æрхонин, радзурин уыдонæн
Зæрдæйы маст
1 чызг
Рагон нæртон лæгау та хъуысы Къостайы зарæг.
2-аг
Арвмæ та хæццæ кæны йæ фæндыры хъазт.
3-аг
Ногæй та дунеты се’ппæты йæхимæ æрхуыдта Къоста.
4-æм
Дзуры та уыдонæн зæрдæйы маст.
1-аг
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.
2-аг
Дзыллæты амондыл тохы чи бафæллад, ахæм адæймагæн мæлæт нæй. Ис ын æрмæстдæр райгуырæн бон æмæ нын абон у бæрæгбон. Абон нæ уарзон поэты райгуырдыл сæххæст 147 азы.
Мелоди «Зонын» зарæг.
3-аг
Къостайы мæт дзæгъæлы уыди, афтæ куы загъта: «Зонын æфсæрмæй кæудзыстут…»
4-æм
Адæймаг зæххыл æнусон нæу. Æнусон сты йæ фæстæ цы фæд, цы хъуыддæгтæ ныууадзы, уыдон. Къостайы ном махæн сси æнусон. Къостайы фарн махæн у нæ ном, нæ кад.
5-æм
Кæдмæ зара йæ ныфс.
Йæ хуры цæстæн
Мад «А-ло-лай» нæ кæмтты æмæ нæ фæзты
Кæдмæ дзура хъæбулæн:
«Уарз нæ бæстæ,
О, макуы, ма йæ суæлдай кæ нæ фæстæ».
Уæдмæ дæ ном Ирыстоны цæрдзæн.
Зарæг «А-ло-лай» - музыкæ.
6-æм
А-ло-лай!
Кæцы мад нæ азары зæрдæбынæй авдæнмæ?
Кæцы сывæллоны зæрдæйы нæ баззайы уыцы уарзон мелоди æмæ ныхæсты тых?!
Музыкæ фæци
Къостайы скъоладзау сæрыстырæй зæгъы: «Ахуыр кæнынмæ бæллын». Бирæ фæлтæртæн ма уыдзысты фæзминаг, бирæ фæлтæртæ ма хъомыл кæндзысты Къостайы съоладзауы зондыл. Æрмæстдæр ахуыры руаджы ис раст фæндаг ссарын царды.
7-æм
Фæлæ царды фæндæгтæ æнцон не’сты. Бирæ фыдæбæттæ æвзæрстой хæххон адæм паддзæхы рæстæг. Къоста йæ цард цæрæнбонты фæлæггад кодта йæ мæгуыр æфхæрд адæмæн уыцы фыдрæстæг.
Зарæг «Фсати»
8-æм
Хъысмæт ын цы зын, фæлæ арфæйаг цардвæндаг снывонд кодта, ууыл цæугæйæ бирæ æнкъард зарджытæ сарæзта адæмы уæззау цардыл.
9-æм
Вся многогранная жизнь и все многогранное творчество Коста органически связаны с жизнью и чаяниями трудящихся. Его основной целью было беззаветное служение народу.
… Я счастье не знал, но я готов свободу …
«Додой»-ы музыкæ.
10-æм
Къоста! Уый хуызæн ничи раргом кодта фæллойгæнджыты æфхæрддзинад æмæ зын уавæр.
Къоста! Чи скодта уый хуызæн зæрдæбын зарæг ацы рыст зæхх, ацы урс æфцæг бæрзонд хæхтыл. Сæры хъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ. Хæхтæй бæрзонддæр схызтысты æмæ ахæлиу сты æппæт адæмыл дæр.
Зарæг «Додой».
11-æм
Коста, выражая страстную волю к борьбе за свободу и счастье народа, выступает как мужественный поэт. Он пишет: «Я грудью грудь насилия встречаю
И смело всем о правде говорю».
Коста, открыто призывая народ к восстанию против господ пишет: «Лучше умереть народом свободным, чем кровавым потом рабами деспоту служить».
12-æм
Афтæ фæзæгъынц: «Къоста йæхи маст йæ зæрдæйы къуымы бавæрдта, адæмы мæт, адæмы сагъæстæ та уыдысты йе’рвыл боны мæт æмæ катай. Уый йæхæдæг уыди, кæй цард æвдыста, уыцы мæгуыр адæмы фарс. Схъомыл сидзæрæй. Нæ базыдта цы ад кæны мады буц рæвдыд, мады хъарм хъæбыс. Йæ риумæ йæ никуы ничи нылхъывта, ма тæрс, мæ хъæбул, мæ гыццыл къона, зæгъгæ».
Æмдзæвгæ «Тæхуды».
13-æм
Æнæмæлгæ, зæрдæрисæн салдаты, сидзæргæсы æмæ Хъуыбадыйы сурæттæ. Алкæмæндæр дзы ис йæхи хъысмæт, йæхи зæрдæйы уаг, йæхи бæллицтæ. Фæлæ се’ппæт дæр сты æмхуызон æфхæрд, æмхуызон æнамонд.
14-æм
Салдат! Æнæбар, зæрдæрыст салдат. Нæй йын йæ райгуырæн зæххыл цухъхъатæ дарæн, нæй йын сæрибар. Æцæгæлон тыхгæнæг ын халы йæ царды рæсугъд фæндаг.
Æмдзæвгæ «Салдат». Хъуысы музыкæ «Одинокий пастух».
15-æм
Сидзæргæс! Цы у йæ бон уыцы мæгуырæн хæхты зын уавæрты. Фондз æнахъом сабийы агурынц сæ мадæй хæринаг. Цы сын кæна? Цавæр зæрдæтæ сын авæра. Нæй царды æцæгдзинæдтæй бамбæхсæн.
Музыкæ «Сидзæргæс». Æмдзæвгæ «Сидзæргæс».
Хъуыбадыйы мелодии
16-æм
Къоста. Уый хуызæн ничи равдыста хæххон лæджы тæригъæд æмæ мæгуырдзинад. Зæронд Хъуыбады. Кæд æй чи барæвдыдта? Нæ зоны мады рæвдыд. Йæ цардуалдзæджы йæ йæ хъарм хъæбысы ничи ауызта. Уæддæр уыцы уавæр нæ сæтты Хъуыбадыйы ныфс. Цыфæнды зын сахаты дæр уый йæ зард нæ уадзы.
Зарæг «Хъуыбады».
17-æм
Фыдбонтæй йæ цард сидзæрæй чи арвыста, æцæгæлон бæстæйы бирæ рæстæг райгуырæн зæхмæ бæлгæйæ мæгуырæй чи фæцарди, æрмæстдæр уый бамбардзæн Къостайы зæрдæйы уаг.
Æмдзæвгæ «Ракæс»-ы.
18-æм
Коста знал и верил, что насилию и произволу будет конец. Огни горящей революции мелькали перед его взором. И предсказывая, что «ночь близится к концу», Коста радостно восклицал:
«Минуты сочтены…
Повсюду бьют тревогу…
Уж брезжит луч зари,
Играя на штыках»
19-æм
Коста рано вступил на арену общественной и политической жизни. Он сочетал в себе качества выдающегося поэта революционера, драматурга, блестящего публициста и талантливого художника – живописца, который оставил нам много прекрасных и волнующих полотен.
20-æм
Къостайы фæндыры цагъдмæ дуртæ скъуынгæ кодтой. Алы мæт, алы сагъæстæй чи ныддур, уыцы зæрдæ та- фæлмæн æмæ цардуарзон. Æмдзæвгæ «Æй, джиди».
Ахуыргæнæг
Цырыхаты Михал фыста: «Къостайæн суанг йæ лирикон æмдзæвгæтæ дæр сты мæгуыр адæймаджы цард æмæ хъысмæтыл сагъæс кæныны зæлтæй».
Зарæг «Мæ хуры хай»
21-æм
Коста самый любимый поэт осетинского народа. Задушевные песни великого Коста широко распеваются на праздниках и на концертах.
Ахуыргæнæг
Цас нæ нæ фæндаг дарддæр хоны, уый бæрц нын зынаргъдæр у Къоста. Къоста кадджын цæмæй у, уымæй рæсугъд æмæ кадджын стæм мах дæр. Къостайы фарн у ирон адæмы фарн, æмæ та йын Ирыстоны адæм ацы сыгъзæрин фæззæг дæр æхсызгонæй мысынц йæ райгуырæн бон. Дæттынц ын æгъдау. Царды фæндагыл ын хæссынц йæ намысы тырыса.
Музыкæ.