kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Цъæйы комы рæсугъддзинад

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантæ:

1. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгты зонындзинæдтыл дарддæр кусын æмæ сæ хъæздыгдæр кæнын.

2 Ахуыргӕнинӕгты коммуникативондзинад уӕрӕхдӕр кӕнын.

 Рæзын кæнын цымыдисдзинад æмæ хъуыдыкæнынад, арæхстдзинад  хатдзæгтæ кæнынмæ.

 3. Гуырын кæнын уарзондзинад æмæ сæрыстырдзинад Райгырæнмæ, адæмон æгъдæуттæ æмæ традицитæм, аудындзинад æрдз æмæ йæ фæдзæхст бынæттыл.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Цъæйы комы рæсугъддзинад»

Хозиты Эльвирæ

Кучиты Юрийы номыл

27-æм астæуккаг скъолайы,

ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг


Ирон æвзаджы урок

8-œм къласы

Урочы темӕ: «Цъæйы комы рæсугъддзинад»

(Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ)

Урочы нысантæ:

1. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгты зонындзинæдтыл дарддæр кусын æмæ сæ хъæздыгдæр кæнын.

2 Ахуыргӕнинӕгты коммуникативондзинад уӕрӕхдӕр кӕнын.

Рæзын кæнын цымыдисдзинад æмæ хъуыдыкæнынад, арæхстдзинад хатдзæгтæ кæнынмæ.

3. Гуырын кæнын уарзондзинад æмæ сæрыстырдзинад Райгырæнмæ, адæмон æгъдæуттæ æмæ традицитæм, аудындзинад æрдз æмæ йæ фæдзæхст бынæттыл.

Урочы фæлгонц:

презентаци, ИА фæйнæг, карточкæтæ, чингуытæ, тетрæдтæ, сыфтæ къордты куыстæн, музыкалон фæрæз.

Урочы цыд:

-Бацæттæгæнæн рæстæг :

–Æгас цæут, райдайæм нæ урок кæрæдзимæ бахудæм, афтæмæй!

Ныффыссут тетрæдты абоны нымæц, бакæсут фæйнæгыл нæ урочы эпиграф.

Урочы мотивацион уавæр темæ сбæрæг кæнынæн 1 – грамматикон темæ

-Нæ урочы эпиграфæн райстон ирон æмбисонд:

Уарз дæ бæстæ, зон дæ хъæстæ.

Куыд ын æмбарут йæ мидис, дзырд хъæстæ цы амоны?

-Цавæр хъуыдыйадæй загъд у?(Иувæрсыг)

-Цæмæй даргъгонд у хъуыдыйад? (æмхуызон зæгъинæгтæй)

-Цæмæй сæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ?

-Уæдæ ма зæгъут, цы уыдзæн нæ урочы темæ?

Сбæрæг ма йæ кæнæм (презентацимæ кæсынц ).

-Хорз, зæгъут ма ноджыдæр цымæ цавæр архайдтытæ хъуамæ бакæнат абон урочы, цæмæй уын бантыса?( тексты агурын, æрхæцæн нысæнтты æвæрд æмбарын кæнын, хъуыды кæнын). Нæ эпиграфмæ ма урочы кæрон раздæхдзыстæм.

-Уæдæ, ныр та сбæлвырд кæнæм урочы тематикон темæ.

-Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, кæм фехъуыстат ацы нæмттæ æмæ сæ цы зонут?

(Слайдыл схемæ:

(1.Æхсинтæ. 2.Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ. 3.Дзывгъис. 4.Дæргъæвс. 5.Цъæйы ком.... Дзæуджыхъæуы алыварс)

(Уыдон сты: Ирыстоны фæдзæхсæн, хъуыстгонд туристон бынæттæ)

(Цыбыр зонинæгтæ ахуыргæнæджы фæндмæ гæсгæ:

1.Хохы Дыгурмæ бацæуæны кулдуар (хъуыстгонд у Æрæфы доны ныллæгдзинадæй:къæдзæхæй ныккæсгæйæ 74м. тæссаг бынноз; дыгуры партизантæ 1919 азы Деникины æфсæддонтæй бирæты раппæрстой ардыгæй)

2. Сты Джызæлдоны райдайæны, Мидæгрæбындоны рахизфарс;( 9 æхсæрдзæны, се’ппæты стырдæр – Зæйгæлæн – йæ асæй ахсы фыццаг бынат Европæйы, дунейы та – 5-6æм.)

3.Куырттаты комы рагондæр хъæу-фидар,(йæ кой цæуы 15-æм

æнусæй фæстæмæ, Шах-аббас æмæ къуылых Тимур-Тамерланы бон

нæ баци йæ басæттын)

4.Рагон хæххон хъæу(ис дзы рагон архитектурон цыртдзæвæнтæ - мæрдты зæппадзтæ-95, йæ алыварс уыд 4 кувæндоны-сæ тæккæ стырдæр Тбау хохыл)

- Рагон кæй сты, уый амоны историон кæй сты, абоны онг кæй æрхæццæ сты, æмæ сын æвдисæнтæ кæй стæм, уымæ гæсгæ та -цыртдзæвæнтæ. Нæ республикæйы кæй ис сæ бынат, уымæ гæсгæ та – Ирыстоны.

-Уæдæ уæд цы уыдзæн нæ урочы темæ абон?( Ирыстоны историон цыртдзæвæнтæ). Фæбæрæг кæнæм ацы темæ дæр.


Нæ абоны урочы темæтæ фæбæрæг кæнæм:
1. «Ирыстоны историон цыртдзæвæнтæ»

2.Грамматикон темæ: Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгты.


- Цавæр историон бынатимæ базонгæ уыдзыстæм абон?(Цъæйы комимæ-слайдыл æндæр хуызæй æвдыст у)

- Хæдзармæ уын лæвæрд уыд, 100-йæм фарсыл 1 –аг фæлтæрæны текст равзарын, зынæмбарæн дзырдтæ уын уыдысты æмбæрстгонд, афтæмæй. Цы бахъуыды кодтат текстæй, уый ныртæккæ базондзыстæм.

- Цæмæй хъуыстгонд у Цъæйы ком?

- Цы пайда хæссы адæймаджы æнæниздзинадæн ком, цæй руаджы?

- Цавæр ирон кувæндон ис Цъæйы? Радзурут йæ фæзындимæ баст таурæгъ. Цы хуындысты иннæ 2 кувæндоны, Хуыцауы цæссыджытæй кæцытæ сæвзæрдысты?

- Текст йæ хуызмæ гæсгæ цавæр у?

-Цавæр стилæй фыст у?

- Тынг раст.Æз ма уын æрцæттæ кодтон ахæм информации дæр:

Цъæйы комы этимологи - Цъæй-(сукровица), Цъыфты хъæуы( Цъæйы хъуæуы иу хай афтæ хуынд) хæдзæртты къæйдуры бынæй-иу рæстæгæй-рæстæгмæ тагъди дон, уымæ гæсгæ йын æппæт хъæуы цæрджытæ радтой ахæм ном.(фыссынц фæйæнæгæй æмбарынгæнинаг)

- Ныр та уæдæ базонгæ ут Рекомы этимологиимæ. Ныффыссут æй уæ тетрæдты.

Рекомы этимологи – Ре - Ра (1. -Хур-рагон скæсæйнаг.+ ком = Хуры ком, 2 та - Ркони- гуырдз. «Икона» Абайты В. гæсгæ), æвæццæгæн, 1 иртæст растдæр у, уымæн æмæ Цъæйы 2256 сахаты -уый та у 350 боны- фæкæсы хур, зæгъæм, Швейцарийы та -325 боны)

АУ архайдтытыл куыст.

- Айразмæ урочы базонгæ стæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æмбарынадимæ, зæрдыл æрлæууын кодтам цы зонындзинæдтæ уæм уыд, уыдон. Уымæ гæсгæ, уын æнцон уыдзæн слайдыл цы хæслæвæрд ис, уый баххæст кæнын.


I. Сæвæр уагъд дзырдтæ хъуыдыйæдты (фронталон фарст)

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ

1. Хъуыдыйады мидæг æмбарын кæнынц ……. дзырды.

2. Дзуапп дæттынц ……. фарстæн.

3. Баст вæййынц ……. æмæ …… .

4. Кæрæдзимæ ницы ………. .

5. Загъд вæййынц………. хъуыдыйады уæнгтæй.

6.Схемæйы бæрæг кæнæм дамгъæ … .

7. Фысгæйæ хицæн кæнæм ………, дзургæйæ та - ……… .

8. Хъуыдыйады вæййынц иу нæ, фæлæ …… рæгъæй.

Скъолдзаутæ иугай кæсынц æмæ зæгъынц æмбæлгæ дзырд.


- Раздæхæм нæ текстмæ. Текстæй ист дзырдтимæ куыст.

II. Къæйттæй куыст. Саразын морфемикон æвзæрст дзырдæн (карточкæтæ) Куысты фæстæ ахуырдзаутæ ивынц сæ тетрæдтæ æмæ кæрæдзийæн бæрæггæнæнтæ æвæрынц.


II. Къордтæм гæсгæ куыст. (Слайдыл хæслæвæрд. Кусынц лæвæрд сыфтыл).

-Чи у цæттæ? Табуафси.(скъоладзауты дзуæппытæ радыгай)


- Зæгъут ма, куыд хицæн кæнæм ХъÆУ фысгæйæ æмæ дзургæйæ?

- Баст та цæмæй вæййынц?. Æрбакæсут -ма, слайдыл таблицæмæ.

- Чи нын æй бамбарын кæндзæн?

Иугæнæг

Ныхмæвæрды

Дихон

Æмæ, куы-куы, дæр-дæр, уæд-уæд, ма-ма, налдæр-налдæр..

фæлæ, кæннод, та

Йе-йе, кæнæ-кæнæ, куы-куы, æви, фæнды-фæнды…


Физминуткæ. «Грамматикон»

- Æз уын дзурдзынæн дзырдтæ, сымах кæнут фæзилæнтæ: рахизæрдæм, кæд дзырд нæ урочы темæйыл дзура, галиуырдæм, кæд – нæ.

(Разæфтуан, къæдзыг, номдар, хъуыдыйад, дзырдбаст, æмхуызон зæгъинæгтæ, антонимтæ, бæттæг)


IV. ИА фæйнæгыл архайд. Ссар æмхуызон уæнгтæ кæм ис, уыцы хъуыдыйæдтæ. Сæвæр æрхæцæн нысæнттæ. Ацы хъуыдыйæдтæ уын бацæттæ кодтон, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азарæй æдзард чи фæци, уыцы æрыгон поэты æмдзæвгæты рæнхъытæй. Куыд бирæ уарзтой сæ райгуырæн зæхх, уый бамбæрстат сæ ныхæстæй.

-Хъуыдыйæдтæй уæ зæрдæмæ кæцы фæцыд, уый рафыссут уæ тетрæдтæм.


Хатдзæгтæ рацыд æрмæгыл. (Слайдыл)

Теоретикон зонындзинæдты бæрæг. Ссар рæдыд хатдзæгты:
1. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ загъд æрцæуынц уыцы иу ныхасы хайæ нæ, фæлæ алыхуызон.
2. Хъуыдыйады вæййы æрмæст иу æмхуызон уæнгты рæгъ.
3. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ баст вæййынц интонаци æмæ бабæтгæ бæттæгтæй.
4. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ вæййынц æрмæст зæгъинæгтæ.
5. Иугæнæг кæнæ дихон бæттæгтæй баст хъуыдыйады æмхуызон уæнгты ‘хсæн къæдзыг нæ февæрынц.
6.Æмхуызон уæнгтæ вæййынц алыхуызон хъуыдыйады уæнгтæ.
7. Æмхуызон уæнгтæ бæттæгтæй баст куы вæййынц, уæд къæдзыгæй хицæн кæнынц бæттæгтæ æви, æмæ - йæ фæстæмæ.
( Раст не сты № ,2, 4, 5)

Раздæхæм -ма нæ эпиграфмæ. Нæ урочы архайдимæ баст уыд æви нæ. Базыдтат уæ бæстæйы тыххæй ног истытæ? Уæдæ ныр та уæ зæрдæйы ахаст сбæрæг кæнæм.


Рефлекси. (кусынц хицæн сыфтыл, зæлы зарæг «Цъæйдон» Баллаты В.)

1. Кусгæйæ рæдыдтытæ æруагътай?
О. Нæ.
2.Куыд сраст кæндзынæ дæ архайд?
-Мæхæдæг æй равзардзынæн.
-Ме ’мбалы бафæрсдзынæн.
-Ахуыргæнæгимæ бакусдзынæн.
3.Абоны темæ де ’мбалæн бамбарын кæнис?
О. Нæ.
4. Разы дæ дæхицæй?
О.Нæ.

Хæдзармæ куыст.
Равзар дæхæдæг:
1) 102 фарсыл 5 фæлтæрæн. – «3»
2) Литературон уацмысæй рафыссын 5 хъуыдыйады ХъÆУ.- «4»
3) Нывæцæн ныффыссын темæ: «Мæ райгуырæн бæстæйы историон цыртдзæвæнтæ»


Кæронбæттæн ныхас.


-Цъæйы комы рæсугъддзинадыл бирæ алыхуызон уацмыстæ сфæлдыстой поэттæ æмæ композитортæ, нывгæнджытæ æмæ кинорежиссертæ. Мæнæн та рагæйдæр мæ зæрдæмæ цæуы уæрæсейаг поэт, журналист, зындгонд бард Юрий Визборы зарæг «Цейский вальс», альпинисты лагер «Цæйы» куы улæфыд, уæы фыст; фæнды мæ, цæмæй йæм иумæ байхъусæм.











Зам. директора по УВР МБОУ СОШ № 27

им . Ю.С. Кучиева Кадзаева Л.А.




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Всем учителям

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 8 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Цъæйы комы рæсугъддзинад

Автор: Хозиева Эльвира Черменовна

Дата: 12.05.2019

Номер свидетельства: 509883


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства