kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ирыстоны спорты номдзыд нӕмттӕ. Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын).

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантӕ:

  1. Ӕрдзурын фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтыл.
  2. Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад ӕмӕ тырнындзинад  спортмӕ.
  3. Ныхасы рӕзтыл куыст.

Урочы фӕлгонц: ахуыргӕнӕн чингуытӕ, текст, интерактивон фӕйнӕг, презентаци, классикон музыкӕ.

Нырыккон технологитӕ урочы: проблемон ахуырад, къордты куыст, информацион технологитӕ.

Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ урочы: миддуне хъӕздыг кӕнын, логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын коммуникативон арӕхстдзинӕдтыл бакусын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ирыстоны спорты номдзыд нӕмттӕ. Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын).»

Хозиты Эльвирæ

Кучиты Юрийы номыл

27-æм астæуккаг скъолайы,

ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг


Ирон æвзаджы урок

5-ӕм кълас

Ныхасы темӕ: Ирыстоны спорты номдзыд нӕмттӕ.

Грамматикон темӕ: Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын).

Урочы нысантӕ:

  1. Ӕрдзурын фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтыл.

  2. Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад ӕмӕ тырнындзинад спортмӕ.

  3. Ныхасы рӕзтыл куыст.

Урочы фӕлгонц: ахуыргӕнӕн чингуытӕ, текст, интерактивон фӕйнӕг, презентаци, классикон музыкӕ.

Нырыккон технологитӕ урочы: проблемон ахуырад, къордты куыст, информацион технологитӕ.

Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ урочы: миддуне хъӕздыг кӕнын, логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын коммуникативон арӕхстдзинӕдтыл бакусын.

Эпиграф:

Нарты бæстæй ныл Зилахар бафтыд, — 

Не стыр фыдæлты лæгæвзарæн фæз. 
Хурмæ-иу чи худти, мæймæ чи кафыд, 
Уыцы нæртон гуырдтæн се ’фсымæр — æз! 

Чеджемты Ӕхсар.

Урочы цыд:

Организацион хай:

- Уæ бон хорз , сывæллæттæ!

- Æгас цу!

- Нæ уазджытæ, сымах дæр нæм алы бон æгас цæут! Сывæллæттæ, сымах дæр салам раттут (сæ сæртæй æркуывтой).

- Сбадут.

Ахуыргӕнӕджы ныхас.

Хъазт: «Базон зӕл»:

Ахуыргӕнӕг:Байхъусут, сывӕллӕттӕ, зӕлтӕм ӕмӕ зӕгъут, кӕм сӕ ис фехъусӕн,кӕцӕй сӕ райстон?

- Цӕттӕ стут? (О)

(Хъусынц зӕлтӕм, базонынц спорты хуыз, ӕмӕ йӕ ӕвдисӕм экраныл, цавӕр спорт у, уый) (футбол, фехтовани, бокс, хъӕбысхӕст…)

-Цы фехъуыстат ӕмӕ цы федтат экраныл? (спорты хуызтӕ)

Фарст: - Куыд уӕм кӕсы, сывӕллӕттӕ, цӕуыл дзурдзыстӕм абон нӕ урочы? (мыртыл, спортыл)

Ахуыргӕнӕг: - Раст, абоны урок хуымæтæджы урок нæу: ныффидар кæндзыстæм фонетикӕйы тыххæй цы базыдтам, уый; бакусдзыстæм ныхасы рæзтыл, æмæ куыд бамбæрстат, афтæмæй ма нæ урок баст уыдзӕн спортимӕ дæр. Урочы кӕрон та уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы сюрприз.

Ахуыргӕнӕг: - Цы у спорт, цы пайда у адӕймагӕн йӕ царды? (Спорт у цард)

Спорт - (англ. sport) - физикон фæлтæрæнтæ æмæ хъæзтытæ.(Слайд)

Фарст: - Цавӕр спортивон ерыстӕ-хъӕзтытӕ зонут?

Дзуапп: Спортивон ерыстӕ-хъӕзтытӕ вӕййынц: Олимпаг хъӕзтытӕ, Спартакиадӕ, Универсиадӕ ( студентты ̓хсӕн), Европӕ ӕмӕ Дунейы чемпионат.

Ахуыргӕнӕг: Ныртӕккӕ –ма вӕййынц ноджыдӕр Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕ. Махӕн та ма ис нӕхи Зилахар дӕр, кӕцы нын баззадис нӕ фыдӕлтӕй.

Ахуыргӕнӕг: Хуымӕтӕджы нӕ райстам Чеджемты Ӕ. ныхӕстӕ эпиграфӕн:

Нарты бæстæй ныл Зилахар бафтыд, — 
Не стыр фыдæлты лæгæвзарæн фæз. 
Хурмæ-иу чи худти, мæймæ чи кафыд, 
Уыцы нæртон гуырдтæн се ’фсымæр — æз! 

Фарст:Куыд ӕмбарут ацы дзырдтӕ? Чи зоны, цы у Зилахар? (Нарты хъазӕн фӕз)

(Абайты В. Этимологон дзырдуаты Zilakar – Zil – «кружение»- зилын, kar – рагон ирайнаг – «делать» - аразын)

Фарст: Кӕм ыл сӕмбӕлдыстӕм? (Нарты кадджыты)

Ахуыргӕнӕг:Ам-иу нартӕ сæ тых æвзæрстой, сæ арæхстдзинад æвдыстой лæгæй-лæгмæ тохы, фатæй мил æхсыны, кафыны ерысты æмæ алыхуызон хæстон хъæзтыты.

Абоны бон хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстам, цавӕр бон у къуырийы бонтӕй? (Майрӕмбон)

Фарст: Къуырийы бонтӕй Нарты хӕцӕн бон кӕцы уыд? (майрӕмбон)

Ахуыргӕнӕг: - Ныффыссут абоны нымӕц, къласы куыст ӕмӕ урочы темӕ. (фӕйнӕгӕй)

Ахуыргӕнӕг: Нӕ фӕндаг абон махӕн у Зилахармӕ, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм Нарты хъӕзтытӕ, фӕндагамонӕг та нын уыдзысты нӕ зындгонд спортсментӕ. Цӕмӕй фӕндараст фӕуӕм, уый тыххӕй нӕ баххӕст кӕнын хъӕуы хӕслӕвӕрд.

Хӕс: «Мыртӕ нӕ алыварс» (Интерактивон фӕйнӕгыл)

Ахуыргӕнӕг:Цавӕр дзырдтӕ ӕмбӕхст ис ацы чырӕгты, кӕцы дзы у сӕйраг дзырд? (къух, Мурат, тырыса, спорт, бокс, Ир, сӕйраг дзырд- МЫР)

Хӕс: Цы нысан кӕны дзырд «мыр»? (зӕл – звук)

Фарст: Цавӕр наукӕ ахуыр кӕны мыртӕ? ( фонетикӕ)

Фарст: Мурат та чи у? (боксер). Мах ма йыл абон сӕмбӕлдзыстӕм.

Фарст: Ӕрхъуыды ма кӕнут, иннӕ дзырдтӕ та: къух, тырыса, Ир, цавӕр зындгонд ӕмдзӕвгӕйы ӕмбӕлынц?

Дзуапп: Къостайы фыст ӕмдзӕвгӕ: «Балцы зарæг» (1 скъ. дзуры)

Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй,

Рухсмæ æнæзивæг, цомут æнгомæй!

Ахуыргӕнӕг:Уӕдӕ, цомут ӕнгомӕй фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтӕм спорты къӕпхӕнтыл. Уыдон та ныртӕккӕ иумӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм.

Хӕс: Равзарӕм уал дзырд «Фонетикӕ» (равзӕрд бердзенаг дзырд«фон»-ӕй, нысан кӕны мырон) -дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ, ӕрхӕссут ӕм ӕмуидагон дзырдтӕ ӕмӕ дзы рахицӕн кӕнут уидаг?

(тилифон, магнитофон, мегафон, микрофон, диктофон, таксофон, фонотекӕ, граммофон, фонограммӕ, патефон…)

Фарст: Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, цы ис иумӕйагӕй ацы дзырдты? (уидаг «фон», иронау та йӕ бердзенаг ӕвзагӕй куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд уыдзӕн –«мыр»)

Фронталон фарст:

  1. Цы у фонетикӕ?(Фонетикӕ у бердзенаг дзырд, кӕцы иртасы ӕвзаджы зӕлты(мырты) ахуырад.

  2. Цы у графикӕ? (Мыртӕ бӕлвырд нысӕнттӕ(дамгъӕтӕй) бӕрӕггонд куы фӕцӕуынц, уӕд уый)

  3. Цӕй руаджы равзӕрынц мыртӕ? (уӕлдӕфы руаджы дзурӕн буары хӕйтты ӕххуысӕй)

  4. Цавӕр дзурӕн буары хӕйттӕ зонӕм? (рӕуджытӕ, хурх, дзых, ӕвзаг, былтӕ, дӕндӕгтӕ, фындз)

  5. Мыртӕ цавӕртӕ вӕййынц? (хъӕлӕсонтӕ ӕмӕ ӕмхъӕлӕсонтӕ)

  6. Хъӕлӕсон мыртӕ цал ӕмӕ цавӕртӕ вӕййынц? ( 7- [а,ӕ,е,и,о,у,]хъӕлӕсон мыр, тыхджын ӕмӕ лӕмӕгъ, цавдон ӕмӕ ӕнӕцавдон)

  7. Ӕмхъӕлӕсон мыртӕ цавӕртӕ вӕййынц? (зылангон - ӕзылангон, ӕмкъай-ӕнӕкъай)

  8. Кӕд нысан кӕны дамгъӕ У хъӕлӕсон мыр ӕмӕ ӕмхъӕлӕсон?

  9. Цы у дамгъуат? (Дамгъӕтӕ бӕлвырд фӕткыл ӕвӕрдӕй хонӕм дамгъуат, кӕнӕ алфавит)

  10. Чи сарӕзта ирон дамгъуат ӕмӕ кӕд? (Андреас Шёгрен уырыссаг графикӕйы бындурыл 1844 азы)

  11. Цал дамгъӕйы ис ирон дамгъуаты? (43 дамгъӕйы)

  12. Мыр чи нӕ нысан кӕны, уыцы дамгъӕтӕ цавӕртӕ сты? (Ь,Ъ)

  13. Кӕцы дамгъӕтӕ ӕмбӕлынц уырыссаг ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дзырдты? (ё,ю,я,ж,ш,щ журнал, шифер, щёткӕ ӕмӕ а.д.)

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз зонут фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтӕ, уӕ цӕрӕнбон бирӕ. Мах та нӕ фӕндаг дарддӕр кӕнӕм ӕмӕ Зилахармӕ уӕндон къахдзӕф фыццаг чи бакодта, уыдон уыдысты нӕ хъӕбысӕйхӕцджытӕ. Ӕвӕццӕгӕн, нӕ къласы ис хъӕбысӕй хӕцынмӕ чи цӕуы, ахӕмтӕ. Уӕ къухтӕ ма сдарут.

Фарст: Кӕй зонут зындгонд хъӕбысӕйхӕцджытӕй, кӕцыты ном айхъуыст ӕгас дунейыл, нӕ зӕрдыл ма сӕ ӕрлӕууын кӕнӕм? (нымайынц спортсменты) (Андиаты С., Хӕдарцаты Махарбек, Фадзаты А,ӕмӕ ӕнд)

Ахуыргӕнӕг: Цымӕ сӕ хуызмӕ дӕр афтӕ хорз зонут, уый та ныртӕккӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм.

Хӕс: Фӕйнӕгыл спортсменты къамтӕ, сымах сӕ хъуамӕ базонат ӕмӕ сын сӕ номы фыццаг дамгъӕйӕн раттат характеристикӕ. Нывты Хъаныхъуаты Бола, Андиаты Сослан, Хӕдарцаты Махарбек, Таймӕзты Артур (Слайд)

зӕгъӕм, спортсмены ном Къудухты Бесик райдайы мыр Б-йӕ, у ӕмхъӕлӕсон, зылангон, йе ̓мкъай мыр у Пӕмӕ а.д.

Ахуыргӕнӕг: Ныр та байхъусӕм сымахмӕ (сывӕллӕттӕ дӕттынц спортсменты нӕмтты фыццаг дамгъӕтӕн характеристикӕ)

Афтӕмӕй базонгӕ стӕм нӕ спортсметнтимӕ.

Ахуыргӕнӕг: Хорз бакуыстат, мӕ къонатӕ, уӕ цӕрӕнбон бирӕ!

Чиныгимӕ куыст: Фарс 78, фӕлтӕрӕн 2.

дзырдуат: Мӕкъуыл – копна (СЛАЙД)

Бӕндӕн – верёвка, канат

Мӕхъи – подставка из берёзовых прутьев под копнами сена.

Хӕс:Кӕсӕм текст, раттӕм ын сӕргонд. Рафыссын 2-аг абзацӕй фыццаг хъуыдыйад ӕмӕ йӕ синтаксисон ӕвзӕрст ракӕнӕм.

Хъобайнӕгтӕ ӕртасын кодтой бӕлас.

- Хъуыдыйады ссарын ӕмкъай зылангонтӕ ӕмӕ ӕзылангонтӕ.(Фыссынц тетрӕдты)

Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, хӕдзармӕ уын лӕвӕрд уыдис проектон куыст: ныффыссын ӕмӕ ссарын ӕрмӕг рагон ӕмӕ нырыккон спортсментыл. Уӕ хорзӕхӕй, чи рацӕудзӕн фӕйнӕгмӕ?

Скъоладзау: Хъаныхъуаты Дударыхъойы фырт Бола райгуырд 1869 азы Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иу Хъобаны. Лæппу чысылæй уыд тынг тæнтъихæг æмæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, нæ фæцæрдзæн. Фæлæ афæдзы фæстæ сывæллон райдыдта тагъд рæзын. Дыууæаздзыдæй уыд цыппараздзыды хуызæн. Иу рæстæджы йæ ныййарæг мад бауад сыхæгтæм, дыууæ йедзаг доны ведра та æддейæ фæуагъта. Бола сæ уадидæгæн хæдзармæ бахаста. Мад хъуыддаг куы базыдта, уæд æй никæмæн схъæр кодта, исчи мын æй фæцæсты кæндзæн, зæгъгæ. Бола зæрдиагæй æххуыс кодта йæ фыдæн алыгъуызон куыстыты. Хъаныхъуаты Болайы бæрзæнд уыд 2 метр æмæ 27 сантиметры, йæ уæз та –216 кг.) Бола сси тынг популярон æмæ йæ хуыдтой бæстæйы алы циркмæ. Уыдис Бетъырбухы, Мæскуыйы, Киевы, Одессæйы æмæ Уæрæсейы горæтты. Фæстæдæр Бола базыдта къласикон хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ.

1906 азы Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд чемпионат æмæ дзы хайад истой япойнаг Ону, негр Дуглас, персаг Али æмæ æндæртæ. Уым хайад райста Бола дæр. Сыгъдæгæй фæуæлахиз Дуглас, Иванов, Шмидт, Русаков, Али, Ону, Майсурадзе æмæ æндæртыл. Ӕмӕ ссис Хъазбеджы хох. Цæгат Ирыстоны республикæйы уагъд цæуынц хъæбысхæстæй Болайы приз рамбулыны сæраппонд традицион ерыстæ.

Хъазбеджы хох амард 1922 азы 1966 азы йын йæ райгуырæн хъæуы сæвæрдтой цыртдзæвæн.

Ахуыргӕнӕг: Хорз бакуыстат, уӕ цӕрӕнбон бирӕ, ӕмӕ та дарддӕр кӕнӕм нӕ фӕндаг. Куыд федтат, афтӕмӕй ӕнцон бахауӕн нӕу Зилахармӕ, ӕмӕ нӕ размӕ фӕци чи? (Слайд) Шанаты Аидӕ дӕр.

Фарст: Чи у Шанаты Аидӕ?

Дзуапп:Уый у фехтованийы спорты уӕлахиздзау.

Хӕс: Байхъусут хъуыдыйадмӕ лӕмбынӕг: Аидӕ сызгъӕрин майдан рамбылдта Пекины (Китайы сӕйраг горӕт),ӕвзист майдан та Лондоны (Столица Феликобритании) Олимпаг хъӕзтыты.

Фарст: Зӕгъут, цавӕр дзырдтӕ сты ӕвзагзонынады ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин? (Антонимтӕ)

Фарст: Цœмœн хъœуынц œвзаджы? (уыдоны фæрцы нæ бон у алыхуызон ныхмæвæрд æнкъарæнтæ œмœ архœйдтытœ равдисынœн.)

Ахуыргӕнӕг: Мӕнӕ нӕ размӕ рауадис дзырд «мыр» тыхстӕй ӕмӕ куры, цӕмӕй йын феххуыс кӕнӕм. Хъӕуы ссарын «мыр»-ӕн йӕ синонимтӕ. Уӕ хорзӕхӕй баххуыс-ма йын кӕнут.

Къордты куыст: «Чи тагъддӕр»

Мыр – уддзӕф – сыбыртт – зӕл. (Уддзӕф – струя воздуха, сыбыртт – шорох))

Фарст: Цы сты синонимтӕ та? (Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ иухуызон, фӕлӕ сӕ фыссӕм алыхуызон)

Ахуыргӕнӕг: Раст, сывӕллӕттӕ. Ацы дзырдты хъӕлӕсонты бын бахахх кӕнут .

Фарст: Цавӕр хъӕлӕсонтӕ сты? ( лӕмӕгъ хъӕлӕсонтӕ ӕ, ы, ӕмӕ хъӕлӕсон У-йӕн характеристикӕ)

Фарст: Цы у дзырд «сыбыртт» ӕмӕ дзы цӕмӕн фыссӕм дӕргъвӕтин ӕмхъӕлӕсон - тт? (Бахъуыды йӕ хъӕуы)

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз, раст баххӕст кодтат хӕслӕвӕрд. Уӕдӕ та дарддӕр кӕнӕм нӕ фӕндаг.

Уыди 1995 аз. Футбол уӕд тынг кадджын уыд нӕ республикӕйы

Уый уыд Уӕлахизы бӕрӕгбон. Байхъусут-ма зарӕгмӕ. Зӕлы Царикъати Феликсы зарӕг «Спартак-Алания».

Фарст: Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодта ацы зарӕг? (Циндзинад, уӕлахиздзинад).

Фарст: Чи цӕуы нӕ къласы футболмӕ?

Фарст: Кӕй зонут зындгонд футболисттӕй? (Дзӕгъойты Алан (ЦСКА -Москва), Гӕбулты Владимир (вратарь сборной России, ныртӕккӕ Бельгийы команда «Брюгге»), Касаты Алан («Локомотив»-Москва), Джиголаты Роланд («Амкар» Пермь), Хъамболты Руслан («Рубин»-Казань) ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ахуыргӕнӕг:Ӕрӕджы уыдис матч "Легенды Алании" Гӕбулты Владимиры фӕндмӕ гӕсгӕ, кӕцы арӕзт ӕрцыд стадион «Спартак»-ы ӕмӕ дзы ӕрӕмбырд ис 12 минӕй фылдӕр футболуарзджытӕ.. Хъазыдысты ацы спортсментӕ, 1995 азы «Спартак-Алания» - йы чемпионты ныхмӕ.Уыдоны ̓хсӕн уыдысты: Джиоты Инал, Тедеты Бахва, Баззаты Джамбулат ӕмӕ Георгий ӕмӕ иннӕтӕ. Ацы матчы фӕуӕлахиз ис хӕлардзинад 5:5. Уый уыдис ӕцӕг бӕрӕгбон. Ӕмӕ ӕрцыдысты иумӕйаг хатдзӕгмӕ: «Футбол Ирыстоны хъуамӕ цӕра». Уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм уарзынц ӕмӕ йын аргъ кӕнынц.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ цӕмӕй нӕ футболисттӕ ныфсджынӕй цӕуой Зилахармӕ, уый тыххӕй баххӕст кӕнӕм ахӕм хӕслӕвӕрд.

Хӕс: Номивджытӕ ӕз, ды, уый, мах, сымах, уыдон сӕвӕрут гуырынон хауӕны( мӕ, дӕ,йӕ, нӕ, сӕ, уӕ) ӕмӕ сӕ ныффыссут цӕджындзӕй лӕмӕгъ хъӕлӕсонтӕ райдайӕг дзырдтимӕ: ӕмбал, ӕмгар. (Карточкӕтӕ)

Хатдзӕг: Цӕсгомон номивджытӕ гуырынон хауӕны, кӕнӕ ӕппӕрццӕг нӕ-йы фӕстӕ цы дзырд уа, уый куы райдайы лӕмӕгъ хъӕлӕсонтӕ ӕ, кӕнӕ ы-йӕ уӕд дыууӕ хъӕлӕсоны ӕрцӕуынц ӕлвӕст ӕмӕ раттынц хъӕлӕсон е. Уыцы е фыссын хъӕуы фыццаг дзырды кӕрон, дыккаг дзырды райдайӕны хъӕлӕсоны бынаты та ӕвӕрын хъӕуы апострофы нысан.

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз баххӕст кодтат, уӕ цӕрӕнбон бирӕ.

Фӕндагыл цӕугӕйӕ афӕлладыстӕм, ӕмӕ иугыццыл аулӕфӕм.

Физминуткӕ: Сывӕллӕттӕ, ӕрӕджы фембӕлдтӕн нӕ зындгонд футболист Дзӕгъойты Аланимӕ Мӕскуыйы, нӕ къамтӕ дӕр ма систам (ӕвдисӕм сӕ экраны). Балӕвар мын кодта порти, йӕ къухфыстимӕ. Ныртӕккӕ ахъаздзыстӕм. Ӕз уӕм ӕппарын порти, сымах та мын хъуамӕ зӕгъат зындгонд спортсмены ном. Кӕцы къорд фӕуӕлахиз уыдзӕн.

Дарддӕр нӕ фӕндаг акӕнӕм Зилахармӕ, уый тыххӕй нӕ хъӕуы кластер баххӕст кӕнын сыфтыл. (Къордты куыст)

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз, сывӕллӕттӕ!

Фарст: Мӕнӕ нӕм Зилахармӕ бахизӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсы чи? (Слайд –Гасситы М.)

Фарст: Чи у Гасситы Мурат? (Боксер)

Фарст: Цавӕр у? (Зындгонд, тыхджын, ныфсджын, уӕздан, уӕзбын, хӕдӕфсарм – хайджын у ирон лӕджы хуыздӕр миниуджытӕй)

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, ацы хуымӕтӕг ирон ӕрыгон лӕппу, 3 февралы куыд базмӕлын кодта ӕнӕхъӕн Ирыстоны цӕрджыты, цы циндзинад нын ӕрхаста, уый, ӕвӕдза, диссаг уыд. Адӕмӕн сарӕзта ӕцӕг бӕрӕгбон, фынӕй дӕр ничиуал кодта, ӕвӕццӕгӕн, разы стут?

Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕй бахизӕм Зилахармӕ уый тыххӕй нӕ хъӕуы баххӕст кӕнын синквейн- Мурат, Спорт.(Къордты куыст)

Мурат

Ныфсджын, тыхджын

Уарзы, хӕцы, архайы

Мурат у ӕнӕхъӕн дунейы зындгонд боксер.

Спортсмен

Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕй базонӕм, нӕ фыдӕлтӕ ма Зилахары цавӕр хъӕзтытӕй хъазыдысты,

Ахуыргӕнӕг: Иттӕг хорз, диссаджы сывӕллӕттӕ!

Фарст: Уӕдӕ ма бакӕсут фӕйнӕгмӕ ӕмӕ зӕгъут, цавӕр хъӕзтытӕй ма хъазыдысты нӕ фыдӕлтӕ? (Слайд)

  1. Фат ӕмӕ ӕрдынӕй ӕхсын.

  2. Ронӕй хъӕбысхӕст.

  3. Бӕхтыл дугъуадзын (Скачки)

  4. Бӕхы рагъыл кӕфтытӕ(Трюки)

  5. Богӕлтты хъӕбысхӕст (Борьба)

  6. Дугъ кӕнын (Бег)

  7. Армӕй хъазт

Ахуыргӕнӕг:Абон дӕр сты ацы хъӕзтытӕ? (О.)

- Цавӕр спорты хуызтӕ ма зонут зонут? (Нымайынц сывӕллӕттӕ)

Сывӕллӕттӕ, зӕгъут-ма, спортсменты ӕрмӕст буарӕй тыхджын хъуамӕ уой, ӕви ма зондӕй дӕр. Афтӕ мачи зӕгъӕд, ӕмӕ спорт кӕм ис, уым зонындзиндӕндтӕ нӕ хъӕуынц. Зонд ӕмӕ спорт ӕнгом баст сты кӕрӕдзийыл. Уымӕн ӕвдисӕн, абон нӕ спортсментӕ цавӕр бӕрнон бынӕтты кусынц, уый. Райдай Бӕройты лӕппуйӕ, Фадзайты Арсенӕй, Хӕдарцаты Махарбегӕй, Таймӕзты Артурӕй, ӕмӕ сӕ чи фӕуыдзӕн нымад. Уымӕн ма ӕвдисӕн нӕ бӕстӕйы президент Владимир Путин, кӕцы ма президентӕй уӕлдай у дзюдойы Федеацийы сӕргълӕууӕг.

Зӕрдыл ӕрбалӕууы ӕмбисонд: «Зонд мӕсыг у, хъару – гӕнах», кӕнӕ «Тыхджын тыхӕй нӕу, фӕлӕ зондӕй».

Ахуыргӕнӕг: Зилахармӕ хизгӕйӕ, ныхас кодтам алыхуызон спорты хуызтыл. Бакӕсут-ма экранмӕ ӕмӕ маиу хатт уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут Ирыстоны спортсменты (видео спортсменты тыххӕй). Уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы спорты хуыз цӕуы, ууыл баныхасут фӕйнӕгыл (къӕпхӕнтыл) уӕ майдантӕ. (Сывӕллӕттӕ ныхасынц фӕйнӕгыл сӕ майдатнтӕ)

Рефлекси. Сывӕллӕттӕ, уӕхимӕ куы бацӕуат, уӕд цымӕ цы радзуриккат, цы бахъуыды кодтат абоны урокӕй?

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын: Майдантыл ӕвӕры ахуыргӕнӕг бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Хӕдзармӕ куыст: Мини-сочинени «Мӕ уарзон спорт» (5-7 хъуыдыйады)

Ныр та, куыд загътон, афтӕмӕй нӕ урочы кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы сюрприз.

Сывӕллӕттӕ, спортсменты кой фӕкодтам, фӕлӕ спортивон комментаторты кой ӕппындӕр ничи скодта, ӕмӕ уыдон куыст та ӕнцон нӕу. Абон нӕм уазӕгуаты ӕрбацыд зындгонд спортивон комментатор Баскаты Уырызмӕг, кӕцы фехъуыста, сымах спорт бирӕ кӕй уарзут, уый ӕмӕ йӕ фӕнды сымахӕн фылдӕр радзурын. Ныхасы бар Баскаты Уырызмӕгӕн. (Сывӕллӕттӕ дӕттынц фӕрстытӕ)

Ахуыргӕнӕг: Нӕ спортсментӕ сӕ хӕс сӕххӕст кодтой ӕмӕ кӕнынц сӕ уарзон адӕмы раз, абон та у сымах рӕстӕг, сымах стут нӕ фидӕн, ӕмӕ мӕ уырны, сымах ӕхсӕн дӕр кӕй разындзӕн зындгонд спортсментӕ. Мӕ урок мӕ фӕнды фӕуын зындгонд америкаг спортсмен Дэн Гейблы ныхӕстӕй: «Золотые медали делаются не из золота. Они делаются из Пота, Решительности и очень редкой смеси, которая называется «Сила воли».

Бузныг уе ̓ппӕтӕн дӕр!














Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Всем учителям

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Ирыстоны спорты номдзыд нӕмттӕ. Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын).

Автор: Хозиева Эльвира Черменовна

Дата: 07.05.2019

Номер свидетельства: 509385


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства