kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Изложения и диктанты по осетинскому языку для 2-4 классов.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Изложения и диктанты по осетинскому языку для 2-4 классов. В данном материале для начальной школы по осетинскому языку включена подборка диктантов и изложений. Для удобства пользования материал разбит по классам. Тексты для диктантов и изложений можно использовать в качестве дидактического материала на уроках осетинского языка и для занятий дома.
 

 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Изложения и диктанты по осетинскому языку для 2-4 классов. »

2 кълас


Тыхджынæй тыхджындæртæ вæййы.


Иухатт зæрватыкк йæхицæн ахстон сарæзта. Сырддонцъиу ауыдта ахстон æмæ дзы æрцард. Зæрватыкк фæсидт йе 'мбæлттæм. Уыдон иумæ фæтардтой сырддонцъиуы.


Фæрстытæ:

  1. Цы 'рцыд зæрватыккыл?

  2. Куыд расырдта зæрватыкк сырддонцъиуы?












2 кълас


Арсой.


Цуанæтты хæдзары цардис æрмахуыр арсы лæппын Арсой. Арсы лæппын сахуыр йæ фæстаг къæхтыл цæуын. Уый зыдта кафын дæр. Нæ кафаг-иу йæ кафт алкæмæн дæр акодта.


Фæрстытæ:

  1. Цы кæнын зыдта арсы лæппын?

  2. Чи сахуыр кодта Арсойы йæ фæстæгтыл цæуын?

  3. Кæмæн-иу акодта арсы лæппын йæ кафт?











2 кълас


Æхсæрсæттæг.


Æхсæрсæттæг у хæдзардзин цæрæгой. Фæззæг бæласы мæрайы йæхицæн скæны хъарм ахстон.

Уый зымæгмæ йæ ахстоны бафснайы æхсæртæ, гуыркъотæ.

Зымæг æхсæрсæттæг цæры йæ фæззыгон æвæрæнтæй. Уазал æхсæвты йæхи æрбатухы йæ хъарм къæдзилæй. Афтæмæй фынæй кæны.


Фæрстытæ:

  1. Цавæр цæрæгой у æхсæрсæттæг?

  2. Куыд цæттæ кæны æхсæрсæттæг йæхи зымæгмæ?

  3. Цы хæры зымæг?

  4. Куыд æрвиты йæ цард уазал æхсæвты?







2 кълас


Уалдзæг æрцыд.


Мит атад. Хур хъармдæр æртавта. Кæрдæг фæцъæх. Цъиутæ æртахтысты хъарм бæстæй. Сæхицæн ахстæттæ кæнынц.

Колхозонтæ трактортæй хуым кæнынц. Садзынц картоф. Тауынц мæнæу.

Скъоладзаутæ æххуыс кæнынц колхозонтæн. Æвзарынц картофы тауинаг.


Фæрстытæ:

  1. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд уæлдæфы уалдзæджы?

  2. Цы ми кæнынц тæхгæ мæргътæ?

  3. Цы кусынц колхозонтæ?

  4. Цæмæй æххуыс кæнынц скъоладзаутæ колхозонæн?







2 кълас


Сычъи.


Сычъитæ цæрынц хохы. Уыдон сты диссаджы рæсугъд цæрæгойтæ. Сты нарæгастæу. Ис сын лыстæг даргъ къæхтæ.

Сычъитæ сты тæппуд. Фæлæ хæхтыл згъорынц тагъд. Афтæмæй сæхи хизынц хъæддаг сырдтæй.

Сычъитыл цуан кæнын нæ уадзынц.


Фæрстытæ:

  1. Кæм цæрынц сычъитæ?

  2. Цыхуызæн сты сычъитæ æдде бакæсгæйæ?

  3. Куыд згъорынц хæхтыл?

  4. Куыдæй хизынц сæхи хъæддаг сырдтæй?








3 кълас


Æнахуыр лымæндзинад.


Мыдгæсы бинонтæ цардысты хъæды æрдузы.

Иубон сæ гыццыл лæппу Тамик хъазыд кæрты.

Уалынмæ кæртмæ бадзæгъæл арсы лæппын.

Сывæллон æй фæхуыдта хъазæн æмæ йæ систа йæ хъæбысмæ.

Лæппу бирæ фæхъазыд арсы лæппынимæ, стæй кæрæдзи хъæбысты бафынæй сты.


Фæрстытæ:

  1. Кæм цардысты мыдгæсы бинонтæ?

  2. Кæм хъазыд Тамик?

  3. Чи бадзæгъæл кæртмæ?

  4. Цы йæ фæхуыдта Тамик?

  5. Цы фесты лæппу æмæ арсы лæппын?





3 кълас


Арс фæсайды ис.


Хъæды кæрон арс хъомгæсыл фембæлд. Сырд уыдис æххормаг. Уый йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ ныббогъ кодта.

Хъомгæс лидзæг фæцис. Арс – йæ фæдыл. Мæнæ йæ æрбаййафы.

Уалынмæ хъомгæс феппæрста йæ нымæт. Йæ лæдзæгыл æй ацауыгъта. Æркодта сыл йæ худ дæр.

Арс нымæт æмæхудмæ фæлæбурдта. Райдыдта сæ тындтытæ кæнын.

Уæдмæ хъомгæс хъæуы бамидæг ис.


Фæрстытæ:

  1. Хъæды кæрон хъомгæсыл чи сæмбæлд?

  2. Цы фæцис хъомгæс?

  3. Чи расырдта хъомгæсы?

  4. Цавæр хин ми бакодта хъомгæс?

  5. Цы ми кодта арс?

  6. Цы фæцис хъомгæс та?

3 кълас


Арс йæ лæппынты доны куыд надта.


Арсой æмæ Арсиго сæ мадимæ цæугæдонмæ бахæццæ сты. Дон знæтæй абухта. Арсы лæппынтæ фæтарстысты.

Уæд мад рацахста Арсойы. Йæ къахæй йæ бакъуырдта. Арсой доны смидæг.

Арс фыццаг надта Арсойы. Уымæ уый хардзау каст, æмæ хъæрæй ниудта.

Уалынмæ мад рацахста Арсигойы дæр. Доны йæ атыссы æмæ йæ сисы.

Дзæбæх нæма сулæфы Арсиго æмæ та ног доны бын смидæг вæййы.


Фæрстытæ:

  1. Цæмæй фæтарстысты Арсой æмæ Арсиго?

  2. Куыд надта мад Арсойы?

  3. Цы каст Арсоймæ хардзау?

  4. Уыйфæстæ кæй надта мадæл арс?

  5. Куыд æй надта?

3 кълас


Тæрккъæвда.


Райсомæй уыдис хур. Арвыл мигъы цъупп нæ зынд. Уддзæф никæцæй цыд.

Аходæны фæстæ хурныгуылæнæй æрбадымдта. Арвы кæроны фæзындис иугай мигъы цъуппытæ. Зæрватыччытæ уæлиау арвыл ратæх-батæх систой.

Æмбисбон тар мигътæ арв бамбæрзтой. Æрджынарæджырдыгæй дымгæ футтытæ кæнын райдыдта.

Сихор афон арв ныннæрыд. Дымгæ фæтыхджындæр. Райдыдта тæрккъæвда.

Сахаты фæстæуарын банцад. Терчы сæрмæ фæзынд арвæрдын – къæвдайы фæуды нысан.


Фæрстытæ:

  1. Райсомæй боныхъæд куыд уыди?

  2. Цæмæй бæрæг уыд, тæрккъæвда кæй уыдзæн, уый?

  3. Кæм уыдис къæвдайы райдайæн. Æмбисбон?

  4. Кæд фæци къæвда Цæмæй бæлвырд уыд?


4 кълас


Нæ хъæд.


Нæ хъæумæ хæстæг ис стыр хъæд. Уым зайы бирæ алыхуызон бæлæстæ. Бæрзонд фæцыдысты фатхъæд, тæгæр, уисхъæд, сусхъæд æмæ сывылдз бæлæстæ.

Бынæй адæгтæ седзаг сты хæрис, фæрв æмæ æхсæры къудзитæй.

Бæрзонд рæгътыл зайынц назытæ æмæ хохаг сырх бæрзытæ.

Стæм рæтты дзы ссарæн ис æнусон тулдз бæлæстæ.

Къуылдымты фæрстыл зайынц мыртгæ, уагъылы, тырты, мæнæргъы, хъæлæрдзы æмæ дзедырæджы къутæртæ.

Мах арæх ацæуæм хъæдмæ тæрсытæ, æхсæртæ æмæ гагадыргътæ хæссынмæ.


Фæрстытæ:

  1. Цавæр бæлæстæ зайы тархъæды?

  2. Кæцытæ зайынц бынæй адæгты?

  3. Бæрзонд рæгътыл та?

  4. Стæм рæтты цавæр бæлæсты ссарæн ис?

  5. Цавæр къутæртæзайынц къуылдымты фæрстыл?



4 кълас

Мад.

(1 хай)

Иубон рувас йæ цоты хурмæ ракодта. Лæппынтæ хъазыныл фесты. Рувас йæхæдæг йæ цæрæнуаты сæр къæдзæхмæ схызт. Ардыгæй хорз кæсæн уыдис алырдæм дæр. Дзæбæх уыдта мыстыты æмæ иннæ змæлджыты бынæй. Хъахъхъæдта знагæй йæ лæппынты дæр. Уалынмæ дын арвыл цæргæс фæзынд. Уый уыцы æваст йæхи ныццавта рувасы лæппынтыл. Куыддæр тугдзых маргъ фæстæмæ стæхынмæ хъавыд, афтæ йыл рувас йæхи къæдзæхæй фехста æмæ йæ бæрзæйыл абадт.


Фæрстытæ:

  1. Кæм хъазыдысты рувасы лæппынтæ?

  2. Кæцæй хъахъхъæдта рувас йæ лæппынты?

  3. Цы фæзындис арвыл лæппынты сæрмæ?

  4. Цы ми бакодта цæргæс?

  5. Цы ми бакодта рувас?




4 кълас

Мад.

(2 хай)

Дыууæ знаджы зæххыл райдыдтой мæлæтдзаг тох кæнын.

Цæргæс фæлвæрдта йæхи рувасы дæндæгтæй суæгъд кæныныл æмæ стæхыныл. Уый йæ ныхтæй тындтытæ кæнын байдыдта рувасы буар. Рувас йæхи ныхъхъæбæр кодта. Йæ туг алырдыгæй калд. Фæлæ нæуæгъд кодта цæргæсы бæрзæй. Уалынмæ йæ фæстаг тыхтæ æрымбырд кодта рувас æмæ цæргæсы сæр ахордта. Фыдгул нал сызмæлыд. Рувас дæр иуварс зæххыл æрхауд æмæ сæрыстырæй каст йæ лæппынтæм.

Лæппынтæ ферох кодтой тасдзинад. Фæлæбурдтой цæргæсы мардмæ æмæ дзы сæхи хорз федтой.


Фæрстытæ:

  1. Чи кодта мæлæтдзаг тох?

  2. Цæуыл мА фæлвæрдта тугдзых маргъ?

  3. Цы ми кодта рувас?

  4. Куыд фæтых рувас цæргæсыл?

  5. Цæмæй сæхи хорз федтой рувасы лæппынтæ?

4 кълас

Цуанон бæласы мæрайы.


Иухатт иу цуанон бæласы мæрайы ссардта мыдыбындзыты мыд. Мыдмæ ныллæсæн уыд æрмæстдæр уæле. Фæлæ тарст мыдыбындзытæй. Уæд цуанон фæсал æмæ сыфтæртыл арт бафтыдта æмæ сæ мæрайы ныккылдта.

Мыдыбындзытæ фæздæгæй фæлыгъдысты. Цуанон йæ рон бафидар кодта мæрайы сæрмæ бæласы цонгыл. Роныл ныббырыд мæрамæ. Мыдæй йæхи хорз бæргæ федта, фæлæ фæстæмæ лæсгæйæ рон аскъуыд, æмæ цуанон мæрайы баззад.

Иурæстæг кæсы, æмæ йæм арс æрбыры. Уый дæр цыд мыд хæрынмæ. Арс куы æрхæццæ лæгмæ, уæдыл фæхъæр кодта. Арс фæтарст æмæ фæстæмæ лидзгæ. Цуанон сарæхст. Ныххæцыд арсы къудийыл æмæ йæ фæдыл мæрайæ сгæпп кодта. Арс иуырдæм алыгъд, цуанон та иннæрдæм.


Фæрстытæ:

  1. Цы ссардта цуанон бæласы мæрайы?

  2. Куыд асырдта цуанон мыдыбындзыты?

  3. Цавæр бæллах æрцыд цуанонымæрайы?

  4. Чи æрбацыд мæрамæ мыд хæрынмæ?

  5. Куыд слæст цуанон мæрайы хуылфæй?

4 кълас


Сырддонцъиу æмæ зæрватыччытæ.


Зæрватыччытæ сæхицæн цары ахстон скодтой. Иухатт дыууæ зæрватыччы дæр кæдæмдæр атахтысты. Сæ ахстон баззад афтидæй. Уæд кæцæйдæр сырддонцъиу æрбатахт. Ныггæпп кодта кæйдæр ахстонмæ æмæ ды æрцард.

Чысыл фæстæдæр хæдзары хицæуттæй иу фæзынд. Федта æнæхонгæ уазæджы йæ ахстоны. Бахъынцъым кодта æмæ фæстæмæ атахт.

Уалынмæ ахстонмæ тæхын байдыдтой зæрватыччытæ иу иннæйы фæстæ. Уыдон сæ дзыхты хастой цъыф æмæ чысылгай æхгæдтой хуынкъ. Афтæмæй зæрватыччытæ сырддонцъиуыл ахстон бынтондæр сæхгæдтой.


Фæрстытæ:

  1. Кæдæм атахтысты зæрватыччытæ сæ ахстонæй?

  2. Чи æрцард зæрватыччыты ахстоны?

  3. Йæ ахстонмæфæстæмæ чи æрбатахт?

  4. Цæмæн хастой сæ дзыхы цъыф зæрватыччытæ?

  5. Цы бакодтой сырддонцъиуæн зæрватыччытæ?



2 кълас

Фæззæг хъæды.


Зоя æмæ Мурат æмбырд кæнынц бæласы сыфтæ. Тинæ тоны уагъылытæ. Гиго та зилы зокъодзуан. Фæззыгон хъæды тезгъо кæнынæй хуыздæр ма цы уа?


Грамматикон бакусинаг. Дзырдтæ Мурат, сыфтæ уæнгтыл адих кæнут.



2 кълас

Арвæрдын.


Цы ис уымæй диссагдæр, рæсугъддæр? Къæвда банцад. Арвы иу кæронæй иннæмæ айтынг ис арвæрдыны æрдæгзиллакк. Алыхуызон ахорæнтæй фæлыст. Йæ уæлæ сырх, бурбын, цъæх, кæрдæгхуыз, æрвыгцъæх, морæ зæлдаг хуызтæ. Арвы рон дæр ма йæ уымæн фæхонынц.


2 кълас

Булæмæргъ.


Уыдис сæрдыгон райдзаст райсом. Мæргътæ райхъал сты. Кæмдæр зары булæмæргъ. Банцайы æмæта ногæй разары бæласы цонгæй. Уæд сæ зарын фæуадзынц иннæ цъиутæ.


Грамматикон бакусинаг. Фæстаг хъуыдыйады æмхъæлæсонты бын бахахх кæнут.



2 кълас

Къæвда.


Сау мигътæ бамбæрзтой арв. Радымдта тыхджын дымгæ. Уæззау æртæхтæ æрхаудысты зæхмæ. Уалынмæкъæвда ныссæх-сæх кодта. Фæндæгтыл ацæуæн нал ис доны малтæй. Чысыл къанæуттæ уынгты размæ бырсынц.



3 кълас

Фæззæг.

Фæззæг æрцыд. Хъæдтæ, фæзтæ бур адардтой. Мæргътæ тæхынц хъарм бæстæм. Бирæгътæ, æрсытæ, рувастæ катайыл систы. Хæхтæ æмæ бæрзонд рæгътыл мит фæзынд. Хъæддаг хъазтæ æмæ бабызтæ балтæй тæхынц хъарм бæстæм. Зулчъытæ æмæ сасчъытæ бамбæхстысты.



3 кълас

Бирæгъ.


Бирæгъ у хъæддаг сырд. Тугдзых сырдтæ зиан хæссынц адæмон хæдзарадæн. Ралæууыд фæззæг. Иууыл сырдтæ бамбæхстысты сæ лæгæтты. Бирæгъ йæхицæн бынат нæ ары. Уый лæбуры адæмы фосмæ. Цуанæттæ хъæумæ хæстæг нæ уадзынц бирæгъты.


Грамматикон бакусинаг. Дзырд бирæгъ уæнгон-мырон-дамгъон æвзæрст ракæнут.

3 кълас

Æхсæрæг.


Æхсæрæг рахызт йæ хуынкъæй. Зæхмæ æрхызт. Рауыгъта æхсæртæ. Сгæпп кодта йæ бынатмæ. Æхсæртæ уым фæуагъта æмæ та ралæст. Ауыдта зæххыл зокъо. Фелвæста йæ. Æхсæрæг цæттæ кодта зымæгмæ хæринаг.


Грамматикон бакусинаг. Дзырд хуынкъæй адих кæнут уæнгтыл.


3 кълас

Дзывылдар.


Уалдзæг æрцыд Терчы былмæ. Хур хъарм тавы. Æртахт дзывылдар йæ дард баоцæй. Агуры йæхицæн бынат. Ссардта диссаджы æдас ран. Уалынмæ фæзынд иннæ дзывылдар дæр. Иу бон ацархайдтой. Иннæ бон. Æртыккыг бон ахстон сцæттæ. Цинæй ратæх-батæх кæнынц ног бинонтæ.

3 кълас

Уалдзæджы.


Диссаджы дзæбæх бон скодта. Хур йæ зынг цæстытæй кæсы ддунемæ. Кæрдæг йæ сæр сдардта. Фæзындысты фыццаг дидинджытæ. Быдырæй хъуысы машинæты хъæр. Колхозонтæ хуым кæнынмæ бавнæлдтой. Мæргътæ хуссарæй æртахтысты. Хъæлдзæг зарджытæ кæнынц. Дуне базмæлыд – цъæхдзыкку уалдзæг æрцыд.


Грамматикон бакусинаг. Фæнысан кæнын, дзырд мæргътæ –йы цал мыры æмæ дамгъæйы ис, уый.










3 кълас

Куырттон карк.


Нана иу бон тæскъ хорз ныссæрфта æмæ дзы хос нывæрдтæ. Хосыл та хъавгæ равæрдта ногæфтыд æйчытæ. Тамик нæ зыдта йæ мады фæнд.

Райсомæй лæппу. Федта Гоппойы тæсчъы бадгæ æмæ бамбæрста хъуыддаг. Карк бадти къуыртты. Алыбон дæр-иу карчы абæрæг кодта. Лæвæрдта йын хæринаг æмæ дон. Æртæ къуырийы фæстæ тæсчъы зыхъхъырæй фæзынд цъиуы бур сæр. ÆÆйчытæ1 рацыдысты цъиутæ.










3 кълас

Фæззæг.


Сæрд фæци. Цъæх-цъæхид æрдз йæ дарæс ивы. Хъæд фæбур. Кæрдæг фæзты сихсыд. Фæлæ бирæ сты фæззæджы бæркæдтæ. Адæм быдыртæй систой бирæ хор, картоф. Уæлдай диссаг фестадысты дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæттæ. Кæритæй лæууынц хъæдындзтæ, уырыдзытæ, цæхæратæ, нурытæ, булчъытæ. Дыргъбæлæсты цæнгтæ æрзæбул сты дыргъты уæзæй.


Грамматикон бакусинаг. Дыккаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.











4 кълас

Ды æмæ Райгуырæн бæстæ.


Ды уыдтæ хохы. Дæуæн дæ зæрдæрухс кодта дæ райгуырæн бæстæйæ. Дæуæй дæ хæхтæ никуы ферох уыдзысты. Дæумæ кæддæриддæр цæуы кæсын дæ цъитиджын хæхтæм. Алы бон дæр дæуыл цин кæны райгуырæн бæстæйы хур, йæ арв. Уый кæсы дæумæ, тавы дæ, рæвдауы дæ мадау.

Райгуырæн бæстæйы раз дæуыл ис стыр хæстæ. Уарз дæ райгуырæн бæстæ, рæсугъд æй кæн дæ куыстытæй, дæ фæллойæ. Дæу ныфс ис райгуырæн бæстæйæ, райгуырæн бæстæмæ та – дæуæй. Дæуимæхъæлдзæг у хæхтæн дæр, быдыртæн дæр. Дæуау амондджын сты цъæх арвы бын нæ фæзтæ, нæ быдыртæ.

Уарз дæ Райгуырæн бæстæ!





4 кълас

Райгуырæн бæстæ.


Æз уарзын мæ райгуырæн хæхбæстæ, дæу, Ирыстон. Адджын мын сты дæ урссæр хæхтæ, дæ нарæг кæмттæ, дæ æрра цæугæдæтты зарджытæ.

Дæу мысын æдзухæй дæр, дæу уынын мæ фыны. Дæуæн кæнын мæ зарджытæ, дæуæн кæнын мæ хъæстытæ.

Дæуыл у мæ цин, мæ мæт. Дæумæ æрбацæуын мæ фæллад суадзынмæ. Цæрын дæр мæ дæуимæ фæнды, дæуимæ баст дæн мæ туг, ме стæгæй. Ды мæныл куыд æнувыд дæ, дæуау æз дæр дæуыл афтæ иузæрдион дæн.

/Туаты Сергей/









4 кълас

Уалдзæг.


Уалдзæг æрцыд. Акæс быдыртæм, мæргътæм, фос, æппæтмæ: базмæлыдысты, кусынц.

Бæстæ йæ фынæйæ райхъал. Цалынмæ хъал у, уалынмæ бакусын кæн дæхицæн, куы та бафынæй уа, уæд зон, дæуæй фæхицæн.

Акæс, акæс, иу уалдзыгон бон æгас зымæгæй фылдæр кусы…

Зæххы æфсармы бафтау, халсар, алы хор дзы байтау. Фæззæг куы æрымбырд кæнай дæ фæллой, уæд зымæгимæ хæцдзынæ, дæ исæй мæгуыртæн дæтдзынæ.



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Всем учителям

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 2 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Изложения и диктанты по осетинскому языку для 2-4 классов.

Автор: Шавлохова Фаина Заурбековна

Дата: 14.01.2015

Номер свидетельства: 155159


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства