Скъоладзауты удварны рæзтыл куыст Къостайы цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнгæйæ.
Цæмæй уыцы иу рæстæг адæймаг уа поэт, фыссæг, драматург, публицист, нывгæнæг, уый тыххæй хъуамæ уа æрдзон курдиаты, цыргъ зонды стæй хъæздыг удварны хицау…
Фæлæ цæмæй адæймаг уа куырыхон, бæрзонд, цæхæркалгæ цъитийау, цæмæй уæндон къахдзæф бакæна дунеон классикæмæ, уый тыххæй та уа хъуамæ Адæймаг, стыр дамгъæйæ Адæймаг…
Уæззау æмæ фыдæвзарæн заман адæмы номæй дзурын, историон цаутæ зондæй раст бамбарын æмæ зæрдæйæ арф айсын,- уый тыххæй та хъуамæ уа æгæрон тых, æхсар æмæ ныфсы хицау…
Къоста йæ рæстæджы, йæ дуджы сæрты акаст. Уый у æвæджиауы бирæвæрсыг курдиаты хицау.
Æвæццæгæн, уыдæттæ æгæр сты иу адæймагæн, кæцы рацыд хæрз чысыл хæххон хъæуæй, чысыл Ирæй. Фæлæ адæмы бæрц æппындæр ницæуыл дзурæг у. Дзæнхъайæн уæлдай нæу, кæм æй ссардæуыд: чысыл денджызы, æви стыр фурды – йæ рæсугъддзина-дыл никæцырдыгæй зыны уый. Мах, ирæттæ, стæм армыдзаг, фæлæ нæ Къостайы фæрцы базыдта æппæт дуне, базыдта, уыцы чысыл адæмæн кæй ис æхсидгæ æмæ стыр зæрдæ.
Ис ахæм адæм, æмæ сын рæстæг тыхгæнæг нæу, уый нæ, фæлæ куыд дарддæр, афтæ сæ курдиат,сæ ахадындзинад, се ‘нæрæ- мондзинад ирддæрæй-ирддæр, цæстуынгæдæр кæнынц.
Æнусæй фылдæр рацыд, Къоста куы цард æмæ йæ æвидийгæ уацмыстæ куы фыста, уæдæй. Фæлæ абон дæр, фидæны дæр Къоста у æмæ уыдзæн иттæг хæстæг, уарзон алы æцæг ирон адæймагæн дæр, уымæн æмæ, иу хатт ма, æцæг курдиатæн не сты йæ мынæггæнæг нæдæр тыгъдад, нæдæр дæрддзæгтæ, нæдæр афонтæ…
Махæн, ахуыргæджытæн, нæ размæ ис æвæрд тынг ахсджиаг хæс:
æппæт уыдæттæ сывæллæтты зондмæ, зæрдæтæм фæхæццæ кæнын. Уыдонмæ хъуамæ сырæза сæрыстырдзинад, раст цæстæнгас
цæстæнгас поэты царды фæндагмæ æмæ йæ бирæкъабазджын сфæлдыстадмæ, хъуамæ бамбарой йæ уацмысты арф идейон-эстетикон хъуыды.
Цæмæй скъоладзауты эмоционалон æнкъарæнтæ тыхджындæр кæной, рæза сæм цымыдисдзинад поэты цард æмæ сфæлдыстадмæ, уый тыххæй ис бирæ мадзæлттæй спайдæ кæнæн: тематикон изæртæ, конференцитæ, равдыстытæ, конкурстæ, урочы алы хуызтæ, алыхуызон цæстуынгæ æрмæг, техникон фæрæзтæ æ. а. д.
Фарæстæм кълæсты кæй кусын, уымæ гæсгæ мæ ныхас фылдæр цæудзæн, ацы кары скъоладзаутæ цы уацмыстимæ æмбæлынц, уыдоныл.
Райсæм дæнцæгæн фыццаг урок, кæцыйы сывæллæтты зонгæ кæнæм Къостайы биографиимæ. Фæлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй хуыздæр у хистæр кълæсты биографион æрмæг дæттын лекцийы хуызы. Уæлдай æргом здæхт вæййы фыссæджы эстетикон цæстæнгас раргом кæнынмæ. Уымæ гæсгæ лекцийы мидæг пайда кæнæм йæ уацмыстæй, статьятæй, писмотæй, поэты хорз чи хыдта, уыдоны мысинæгтæй, цæмæй æнцондæрæй раргом уой йæ хъуыдытæ, йæ ахаст æхсæнадон царды алыхуызон фарстатæм: политикæмæ, райгуырæн бæстæм, бинонты цардмæ, сылгоймагмæ, фæллой кæнынмæ, аивадмæ æ. а. д.
Суанг Къостайы сабибонтыл дзургæйæ ахуыргæнæг райдайы йе стыр хъомыладон куыст: куыд мæгуыр у сидзæр æнæ мады рæвдыдæй, куыд диссаджы лæгдзинад равдыста Чендзе, Къостайы йæхи хъæбулау бауарзгæйæ æмæ схæсгæйæ, куыд мысыд сывæллон æдзух йæ мады, фæлæ уæддæр рæзыд æвзыгъд,хъæлдзæг, сæрæн сывæллонæй. Йæ алы уацмысы дæр Къоста дзуры æрмæст царды æцæг цы федта æмæ цы бавзæрста, цæуыл мæт кæны æмæ йын зынаргъ цы у, ууыл. Æмæ уый раст бамбарын кæнын у стыр ахъаз уымæн, цæмæй скъоладзаутæ сæ зæрдæтæм арфдæр айсой, цы уацмыстимæ зонгæ кæнынц, уыдоны мидис, сæ идейæ.
Раст загъта Абайты Васо, зæгъгæ, Къоста æрмæст «Ирон фæндыр»-æй уæлдай æппындæр куы ницыуал ныффыстаид, уæддæр цы æмвæзадыл ис ныртæккæ, уымæй дæлдæр нæ уыдаид.
Йе ‘мбал Байаты Гаппо та йын йæ чиныг рахуыдта «…йæ кады тырыса, йæ уды куысты æнæмæлæт нысайнаг Ирон кувæдоны».
Мæн та бафтауын фæнды: æцæг, Къоста махæн, ирон адæмæн у Чырыстийау – нæ фыд, нæ сæрхъуызой, нæ ныфсы мæсыг. «Ирон фæндыр» та - Библи, кæцы кæсын хъæуы алы бон дæр. Уый уымæн, æмæ «Ирон фæндыр» кæсгæйæ иунæг адæймагмæ дæр не ‘рцæудзæн æвзæр, чъизи, ницæйаг хъуыдытæ, фæлæ кæндзæн сыгъдæгдæр, бæрзонддæр, хуыздæр.
адæмæн у Чырыстийау – нæ фыд, нæ сæрхъуызой, нæ ныфсы мæсыг. «Ирон фæндыр» та - Библи, кæцы кæсын хъæуы алы бон дæр. Уый уымæн, æмæ «Ирон фæндыр» кæсгæйæ иунæг адæймагмæ дæр не ‘рцæудзæн æвзæр, чъизи, ницæйаг хъуыдытæ, фæлæ к Къоста йæ лирикон æмдзæвгæты цы ахсджиаг проблемæтыл дзуры, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты йæ иубæстон адæмы фидæны хъысмæтыл кæм сагъæс кæны, уыдон. Алы адæймаг дæр хъуамæ æнæмæнгæй хъуыды кæна йæ сомбоныл, уый куы нæ уа, уæд фидæн нæ уыдзæн бæллиццаг. Бетъырбухæй куы сыздæхт, æмæ куы федта ирон адæмы национ æмæ социалон æбардзинад, уæд йæ зæрдæйы бацыд æгæрон сагъæс æмæ мæт. Поэт йæ æмдзæвгæ «Ракæс»-ы фыццаг хатт æрæвæрдта йæ дзыллæйы раз, стæй йæхи раз дæр ахæм ахсджиаг фарст: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?»
æндзæн сыгъдæгдæр, бæрзонддæр, хуыздæр. «Кæмдæрты æнæсæронæй, æдыхæй, æцæгæлонæй мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…», - йæхи зынтæн бæргæ ныффæрæзтаид, фæлæ нæ быхсы йæ адæмы маст æмæ æфхæрдæн.
Къостамæ фæзынд фæллойгæнæг адæмы иумæ се ‘фхæрджыты ныхмæ æрбамбырд кæныны æмæ сæ сæрибары тохы фæндагыл ныллæууын кæныны фæнд. Йе ‘мдзæвгæ «Додой»-ы уый равдыста ирон адæмæн сæ царды æцæгад, сæ уæззау уавæр, бацамыдта сын се ‘фхæрджыты, ссудзын сын кодта сæ зæрдæты ныфс. Ацы уацмысы алы дзырд дæр ахæм у, æмæ адæймаджы зæрдæ ныккæрзын кæны. «Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры», ома, «Адæмы фарн бирæ у». Йæ зæрдæ дардта адæмы ныфс æмæ хъаруйыл, æрмæст сæм куы уа иудзинад . Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта ахæм фарны ныхæстæ: «Ныууадзут, Ир, хæлды ныхæстæ – чырыстон-пысылмон, Тега-Куыртта, æлдар-кæвдæсард, чысайнаг-туайлаг, дыгурон- къуыдарон…» , æмæ сæм сидт иудзинад-мæ. Суанг ма йæ мæлæты размæ йæ фæстаг фæдзæхст дæр уыд: «Æфсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!» «Цымæ куыд æххæст кæнæм мах уыцы фæдзæхст?»- ахæм фарст арæх радтæм урокты нæхимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзуапп нæ вæййы зæрдæйы фæндиаг…
Къоста, йæ адæмы уырыссаг хицæутты æфсондзы бын гæвзыкк, æнæбон, ссæстæй фенгæйæ, стыр катайы бацыд. Йæ сæрмæ нæ хаста, «æрцæуæг æлдæрттæн» сæ бартæ куыд радтой æмæ сын куыд лæггад кæнынц ирон «лæгтæ», уый. Ирон адæммæ ахæм «лæгтæ» рагæй-æрæгмæ уыдысты æгад, æдзыт, фидиссаг.
«Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,
Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..»
Зыдта йæ, кæй фæуыдзыстæм, æцæгæйдæр, фæсмонгонд…
Абон хæстон-патриотон фарстатæм хъæуы уæлдай æргом здахын, уымæнæ æмæ нæ лæппу-фæсивæд æфсæддон службæмæ
ахæм «лæгтæ» рагæй-æрæгмæ уыдысты æгад, æдзыт, фидиссаг.
«Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,
Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..»
Зыдта йæ, кæй фæуыдзыстæм, æцæгæйдæр, фæсмонгонд…
Абон хæстон-патриотон фарстатæм хъæуы уæлдай æргом здахын, уымæнæ æмæ нæ лæппу-фæсивæд æфсæддон службæмæ æппындæр сæ хъус нал дарынц, ралидз-балидз кæнынц æфсадæй, алы худинаджы æфсæнттæ мысгæйæ. Æмæ ма иу аз йеддæмæ куы нæ хъæуид æфсадмæ цæуын, фæлæ раджы замантау ссæдзгай азтæ! Къоста йæ æмдзæвгæ «Салдат»-ы равдыста мæгуыр салдат-лæппуйы хъысмæт. Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, æмæ ирон фæллойгæн-джыты цоты куы райдыдтой паддзахы æфсадмæ кæнын, уæд сыл сæ цæст æрæвæрдтой иннæ адæмыхæттытæ: кæд цыфæнды уæззау уавæрты цардысты салдæттæ къазарматы, æххормаг æййæфтой, уæддæр ирон лæппутæ диссаджы хъæбатырдзинад æвдыстой, ирон лæджы кад дæлæмæ никуы æруагътой. Ныр та æфсадмæ нæ ацæуын у кадыл нымад, ома, дæм æхца ис, æви нæй, уый æвдисæн…
Куыд загътам, афтæмæй нæй царды иунæг ахæм къабаз дæр, æмæ Къоста йæ раст хъуыдытæ, раст ныхæстæ цæй тыххæй нæ загъта. Йæ гени уый мидæг ис, æмæ рæдийгæ никуы кодта, фæлæ æнамонд разынд æрмæст иу хъуыддаджы – уарзондзинады. Æви кæд, мыййаг, рæдийын? Ахæм арф æнкъарæнты хицауы рахонæн ис æнамонд æви нæй? Нæ зонæм. Зонæм æрмæст уый, æмæ йе ‘ сфæлдыстады интимон лирикæйæн, бæрзонд уарзондзинады темæйæн ис стыр бынат æмæ ахадындзинад. Ацы темæйыл фыст уацмысты поэт æвдисы йæ зæрдæйы арф æнкъарæнтæ, йæ сагъæстæ. Æнæмæнгæй, скъоладзаутæн хъæуы сæ зæрдæтæм фæхæссын, Къоста цы цæстæй каст сылгоймагмæ, цы аргъ ын кодта. Поэтмæ гæсгæ, уарзондзинад у адæймаджы царды æппæты стырдæр хæзна, æцæг уарзондзинады хъуамæ ма уа гуымиры, тыхми, тыхраконд æмæ мастисын, фæлæ хъуамæ арæзт уа дыууæ адæймаджы фæндонæй. Ацы ран канд æмдзæвгæтыл нæ, фæлæ хъæуы æрлæууын йæ писмотыл Аннæ Поповамæ æмæ Цæлыккаты Аннæмæ.
Æрæджы, рухæны мæйы 28 боны, не скъолайы ацыд конференци «Къоста – публицист», зæгъгæ. Тынг зæрдиагæй бакуыстой сывæллæттæ ахуыргæнджыты æххуысæй ацы темæйыл. Зынгæ фылдæр цымыдисдзинад та сæм сæвзæрын кодтой йæ писмотæ йæ
кодтой йæ писмотæ йæ уарзон чызджытæм. Зал уыд аив фæлгонцгонд: уыдис дзы равдыст, спайда кодтам компьютерæй – бацæттæ кодтам презентаци: поэты портреттæ æмæ хуызистытæ йæ царды алы рæстæджы, цауты æмæ карты, йæхи нывтæ, йæ цардимæ баст бынæттæ, йе ‘мбæлттæ æмæ йын зынаргъ чи уыд, уыцы адæмы портреттæ; сывæллæттæ иттæг зæрдæбынæй кастытсты Къостайы писмотæ. Раст зæгъын хъæуы, тынг ахъаз фæци уыцы конференции, сывæллæттæ Къостайы федтой иучысыл æндæр хуызы: куыд уарзæгой, фæлмæнзæрдæ, диссаджы юморы хицау, фæлæ æрхæндæг цух кæй нæ уагъта, ахæм нæлгоймаджы.
Къостайы интимон лирикæ зын у ахицæнгæнæн йæ политикон лирикæйæ, уымæн æмæ уый йæхи амонд дзыллæйы амондæй уæлдæр никуы æвæрдта, æдзух йæхи æнкъардта йæ адæмы раз хæсджынæй, æмæ уыцы хæс бафидын нымадта тæккæ ахсджиагдæр хъуыддагыл.
Æмдзæвгæ «Ныстуан» у поэтæмæ йæ ахадындзинады темæйыл. Æцæг поэт, Къостамæ гæсгæ, хъуамæ уа, фыццаджыдæр, йæ адæмы хъæбул, уарза йæ фыдæлты зæхх, йæ райгуырæн бæстæ, цæмæй уа адæмæн сæ фæтæг, тохмæ сидæг, ныфсдæттæг, парахат кæна иудзинад, хона сæ сæрибары фæндагыл рухсдæр фидæнмæ. Хъуамæ æмбара адæмы хъыг, адæмы маст, уымæн æмæ уый чи нæ бавзара, уымæн йæ зæрдæ искæуыл нæ рисдзæн. «Дæ мады мард, дам, йæ мад кæмæн амарди, уымæн радзур», зæгъгæ, дзæгъæлы нæ баззад.
«Ныстуан» кæд хæрз чысыл æмдзæвгæ у, уæддæр дзы ис иттæг арф хъуыдытæ. Æвæццæгæн, «Ирон фæндыр» уымæн райдыдта ацы æмдзæвгæйæ, æмæ абоны онг дæр алы поэтæн, алы ирон адæйма-
гæн дæр йæ зæрдыл дарын кæны, адæмы раз ыл цы стыр бæрнон хæстæ æвæрд ис, уый, æнцон амонд агурыны фæндагыл ныллæууыны бæсты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ныхæстæ нæ алкæмæ дæр хауынц…
Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, йæхи адæмы чи нæ уарза, уый никуы бауарздзæн иннæ адæмты дæр. Æмæ уымæн сты поэты уацмыстæ интернационалон мотивтæй дзаг. Уæды заман, карз реакцийы заман,
Весь мир – мой храм, любовь – моя святыня,
Вселенная – отечество моё…
зæгъын уыд стыр лæгдзинад, стæй афтæ рæсугъд зæгъын та у
æрмæст æцæг æрдзон курдиат кæмæ ис, ахæм поэты бон.
Ацы ныхæсты уæлдай ирддæрæй зыны Къостайы интернационалон зондахаст, йæ уарзондзинад æппæт адæм, йæ гуманизм. Абоны скъоладзаутæн уыцы темæмæ сæ хъус уæлдай тынгдæр æрдарын кæнын хъæуы, уымæн æмæ нæ рæстæг афтæ домы.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Къостайы уацмысты бындурыл цы хъомыладон куыстытæ бакæнæн ис, уыдоны нымæц у æнæкæрон, уымæн æмæ йæ алы рæнхъы, йæ алы дзырды дæр æвæрд ис æвæджиауы арф хъуыды, йæхи загъдау, фыста æрмæст йæ бон йæхи мидæг уромын кæй нал фæрæзта, ахæм сагъæссаг хъæуыддæгтыл.
Фæстагмæ ма мæ фæнды рагон скæсæйнаг æмбисонд радзурын: Дæс æмæ ссæдз азы адæймаг хъуамæ ахуыр кæна, дæс æмæ ссæдз азы хъуамæ балц кæна, дæс æмæ ссæдз азы хъуамæ дзура адæмæн, цы федта, цы базыдта, цы бамбæрста …Дæс æмæ цыппарыссæдз азы… Къостайыл та цыдис æрмæст авд æмæ дыууиссæдз азы… Ис ахæм адæм, кæцытæн нæй кар, Чырыстийау Къоста баззад æрыгонæй… Рæстæджы дугъ ницы бар дары ахæм Адæймæгтæм. Къоста у æнæмæлгæ…