kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Баснятæ ахуыр кæныны методикæ.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Методика изучения басни. Мораль басни. Понимание басни.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Баснятæ ахуыр кæныны методикæ.»

Баснятæ ахуыр кæныны методикæ.

Баснятæ сты асæй чысыл таурæгъон уацмыстæ, сæ ахастмæ гæсгæ сын ис сатирикон мидис. Арæхдæр фыст вæййынц æмдзæвгæтæй. Хаст цæуынц аив лиро – эпикон хуызмæ. Басняты архайджытæ вæййынц цæрæгойтæ æмæ æнæуд предметтæ. Уыдоны хуызы – сæ ныхасы, сæ митæ æмæ сæ миниуджыты фæсномыгæй æвдыст фæцæуынц адæймæгтæ, уыдоны `хсæн ахастдзинæдтæ, адæймаджы характерон миниуджытæ, адæмы рафауинаг хъуыддæгтæ, сæ хъæндзинæдтæ. Стæм хатт басняйы архайджытæ вæййынц адæймæгтæ сæхæдæг. Басняйæн йæ кæроны, хатгай та йæ райдианы вæййы цыбыр зондамынд – мораль. Уацмысæн йæ сæйраг хъуыды вæййы уыцы моральы.

Баснятæ арæхдæр фыст вæййынц адæмон æмбисæндты бындурыл. Аргъæуттау уыдоны дæр пайдагонд цæуы аллегорийæ – фæсномыг хъуыдытæй. Уыцы хъуыдытæ раргом вæййынц архайджыты ныхæсты, уыдонæн сæ миты, сæхи куыд дарынц, куыд архайынц, уыдæтты, стæй авторы ныхæсты. Баснятæн сæ ахуыр кæныны мадзæлттæ аразын хъæуы уыцы миниуджытæ хынцгæйæ. Ахуыргæнæджы аив касты фæстæ басняйы мидис бамбарынæн стыр æххуыс сты, чингуыты сæм цы иллюстрацитæ вæййы, уыдон. Уыдонæй хъæуы пайда кæнын. Ахуыргæнинæгтæ цæстуынгæ æрмæджы бæлвырддæрæй раиртасынц авторы ахаст уацмысты персонажтæм, уымæн æмæ нывгæнæг фыссæджы хъуыдытæ равдисы дæсныхуызы, уæлдайдæр сывæллæттæн фыст уацмысты. Ахуыргæнинæгтæ сбæрæг кæнынц авторы ныхæстæ, персонажтæй алкæйы ныхæстæ æмæ басня рольтæм гæсгæ бакæсынц.

Баснятæ аив кæсынæн сты æнцон. Сæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнынæн бамбарын хъæуы авторы ныхæсты зондамынд. Зæгъæм, «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - ы зондамынд ис йæ райдайæн сторфайы – бирæгъ у зыдгæнаг, зыдгæнæджы бирæгъ фæхонынц. Бирæгъ фыр зыдæй суанг уæны стæг аныхъуырынмæ хъавыди, фæлæ ахæм егъау стæг хъуыры куыд ацæуа! Хурхы ныссагъди, æмæ бирæгъ фæцæймарди. Уый æвдисæн у йæ зындзинадæн. Йæ ирвæзынгæнæг хърихъуппмæ цы дзыхыуагæй дзуры, уымæй ма хърихъупп бузныг дæр уа хъуамæ – афтæ фæнды губындзæл бирæгъы. Æмæ йæм æртхъирæн кæны: куы ма фембæлæм,уæд «додой дæ къона!» «Хорзгæнæг хорз никуы ссардта». «Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай» кæнæ «Æвзæрæн хорз бæсты нæ цæуы» ахæм ирон æмбисæндтимæ ис абæттæн басняйы мидис.

Автор бирæгъы митæн цы аргъ кæны, уый æргом зыны, цы хъуыдытæ зæгъы æмæ цавæр дзырдтæй спайда кодта, уыдонæй: «раджы та иу бирæгъ нард хæдмæл хордта», « амонд йæ хъахъхъæнæгахæм æвзæрæн». Ахуыргæнинæгтæ ма райдайæны цыппар рæнхъы иу хатт аив бакæсдзысты æмæ бамбардзысты, авторы уыцы ныхæстæ басняйы хъуыды раргомæн стыр æххуыс кæй сты, уый.

Иуæй – иу ахуыргæнджытæ басняйы мораль сбæттынц, æрмæст сюжеты цы цау ис, уыимæ. Уый раст нæу. Уымæй йæ уæрæхдæр хъæуы æмбарын. Баснятæ сæ равзарыны фæстæ хъæуы аив кæсын, найзусть ахуыр кæнын æмæ ноджы раиртасын, цавæр æмбисæндтыл арæзт сты, уый. Хорз у баснятæм цæттæ нывтæ æмбырд кæнын, сæ мидисмæ гæсгæ сæм чи бада, ахæмтæ. Персонажты фигурæтæ пластилинæй аразын кæнæ сын хъæбæр гæххæттæй сæ фигурæтæ кæнын. Уыцы куыстытæ сты мидис арфдæр бамбарыны æмæ сæ зæрдыл хуыздæр бадарыны мадзæлттæ, сæйраг хъуыды æнцондæрæй раиртасыны фæрæз.














Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Всем учителям

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 8 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Баснятæ ахуыр кæныны методикæ.

Автор: Хумарова Анжела Германовна

Дата: 29.05.2018

Номер свидетельства: 471451


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства