Ирон æвзаджы урок 5 –æм къласы.
Уырыссаг къорд.
Урочы темæ: «ЗÆРДÆЙÆ УЫНЫН ÆМÆ ÆНКЪАРЫН».
Урочы нысан: 1. Скъоладзауты зонгæ кæнын ног æрмæгимæ ( Антуан де Сент-Экзюперийы «Чысыл принц»-мæ гæсгæ) ;
2. Ног ахуырадон стандарттæм гæсгæ кусын;
3. Æмгардзинад æмæ æмбалдзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын.
Урочы цыд:
1. Орг. момент.
а) салам раттын ахуыргæнæгæн, уазджытæн.
ФОНЕТИКОН ЗАРЯДКÆ
2. Ног æрмæг.
Кæсын æз иронау:
А) Æрмæстдæр зæрдæ уыны алцыдæр
Зорко одно лишь сердце
(только сердце видит все)
Зæрдæ алцыдæр хуыздæр зоны
Сердце лучше знает все
Зæрдæ хуыздæр зоны
Сердцу виднее
Зæрдæ арфдæр уыны
Сердце глубже видит
Зæрдæйæ хъæуы архайын
Нужно действовать сердцем
Зæрдæйæ æвзарын æмбалы
Друзей выбирать сердцем
Æ) Зæрдæ цы зæгъы, цæст дæр уый уыны
Самого главного глазами не увидишь
( глаза видят то, что хочет, говорит сердце)
Мæ зæрдæйы цы ис, уыдон уынын
Я вижу то, что хочет сердце
Сæйрагдæр цы у, уый цæстытæй нæй фенæн
Не увидеть глазами, то что главнее
Скъоладзаутæ сæ кæсынц
Хъуыды кæнынц варианттæ
3. Цæуæм дарддæр æмæ нæм мæнæ фæйнæгыл ис цавæрдæр рæсугъд нывтæ. Диссаг, чидæр сæ схæццæ кодта. Аххуыс мын кæндзыстут сæмбырд кæнынмæ нывтæ?
Смарт-фæйнæгимæ кусынц скъоладзаутæ
4. Уæдæ цæуыл цæудзæн ныхас абон нæ урочы?
Æмбæлтты тыххæй
æмбалдзинады тыххæй
Уарзондзинады тыххæй
Чысыл принц тыххæй
Чысыл принцы уардийы тыххæй
5. Ф. Уе ххуысæй сбæрæг кодтам, цæуыл цæудзæн ныхас нæ абоны урочы. Æмæ цымæ уæд нæ урочы темæ та куыд ис схонæн?
Дз.
6. ф. Сымахмæ гæсгæ цæвæртæ сты адæймаджы хорз миниуджытæ?
Дз.
Ф. Адæймаджы кæцы миниуджытæ нæ цæуынц уæ зæрдæмæ?
Дз.
Ф. Дæумæ та цавæр хорз æмæ æвзæр миниуджытæ ис?
Дз.
7. Куыд бамбæрстат тексты фыццаг æмæ дыккаг хæйттæ, ууыл æрныхас кæндзыстæм лæмбынæгдæр. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм тексты фыццаг хайы мидис. Аххуыс мын кæндзæн… (хи ныхæстæй дзурынц текст цыбыртæй)
8. Тексты алцыдæр бамбæрстат?
Кæсæм æмæ тæлмац кæнæм. (фыццаг кæсы, дыккаг тæлмац кæны, уый фæрсы æртыккаджы…)
(- задис хуымæтæг дидинджытæ- росли простые цветы – уыдис сыл цалдæргай сыфтæ)
9. Ныр та ракæсут фæйнæгмæ (æз кæсын дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ сæ тæлмацтимæ)
УРОЧЫ ДЫККАГ ХАЙ
Дзырдуатон дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ:
Аргъ кæнын- ценить, судить
Ныхæстæм гæсгæ- по словам, по разговорам
Бацагайын – растрогать, взволновать
Ницæуыл дзурæг ныхæстæ – пустые слова
Зæрдæмæ арф исын - принимать близко к сердцу
Æвзонг – молодой
Æнамонд – несчастный
А) 1. Дзырдуатимæ бакусын
Дзырдтæ бакæсын
Ратæлмац сæ кæнын
Скъоладзаутæй сæ иу кæсы
2. Дзырдтимæ бакусын.
Ацы дзырдтæн семæ дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын (подобрать к словосочетаниям картинки, делают все три группы, проверяем все вместе, приклеивают их к ватманам)
Бацагайын – сердце
Æвзонг – лæппу,
Æнамонд - хабар, адæймаг
3. Ацы дзырдтимæ та æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ (лæвæрд дзырдтæ раст равæрын).
Ницæуыл дзурæг ныхæстæн нæ хъæуы аргъ кæнын.
Чысыл принц йæ зæрдæмæ арф исы йæ дидинæджы ныхæстæ.
Ныхæстæм гæсгæ нæй аргъ кæнæн дидинджытæн.
4. Баззад ма нын дзы иу дзырд : аргъ кæнын.
Дарддæр нæ куыст араздзыстæм афтæ: ацы дзырдимæ уæ хъæуы æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ. Зæгъæм: адæймагæн аргъ кæнын йæ хъуыддæгты тыххæй.
Æ)
1. Ныр та байхъусæм текстмæ:
Хъусæм текстмæ.
2. кусæм къордгай. Текст тæлмац кæнæм æртæ къордæй.
Чысыл принц рæсугъд дидинæджы кæй бауарзта, уый бæлвырд уыд, фæлæ иуцасдæры фæстæ йæ зæрдæйы фæзындис гуырысходзинад. Ницæуыл дзурæг ныхæстæ йæ зæрдæмæ арф кæй иста, уымæ гæсгæ йæхи хонын райдыдта æнамонд.
- Дзæгъæлы йæм хъуыстон, -загъта мын иухатт Чысыл принц. – Дидинджытæ цы дзурынц, уымæ никуы хъæуы хъусын. Уыдонмæ хъæуы æрмæстдæр кæсын æмæ сын сæ адджын тæфмæ смудын. Мæ дидинæджы хæрздæфæй мæ планетæ байдзаг, æз та ууыл цин кæнын нæ базыдтон. Уыцы ныхæстæ тигртæ æмæ сæ дзæмбыты тыххæй… Уыдон мын хъуамæ мæ зæрдæ бацагайдаиккой, æз та мæсты кодтон…
Æмæ ма ноджыдæр загъта:
-Уæд æз ницыма æмбæрстон! Ныхæстæм гæсгæ нæ хъуыдис аргъ кæнын, фæлæ хъуыддæгтæм гæсгæ. Уый мын лæвар кодта йæ диссаджы хæрздæф, срухс мын кодта мæ цард. Лидзын мæ нæ хъуыдис. Уыцы чысыл хиндзинæдтæ æмæ гæды миты фæстæ фæлмæн зæрдæ кæй ис, уый хъуамæ бамбæрстаин æз. Фæлæ уæд нырма æгæр æвзонг уыдтæн. Æз нырма нæ зыдтон уарзын.
3. Кæсæм æмæ тæлмац кæнæм къордгай.
4. Фæйнæ фарстайы алы къордæй дæр
а. Кæй бауарзта Чысыл принц?
Чысыл принц бауарзта диссаджы рæсугъд дидинæджы
æ. Чысыл принцмæ гæсгæ цæмæн нæ хъæуы аргъ кæнын?
Ницæуыл дзурæг ныхæстæн нæ хъæуы аргъ кæнын.
б. Цы нæ зыдта Чысыл принц æвзонг кæй уыдис, уымæ гæсгæ?
Нырма нæ зыдта уарзын.
Хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæнын.
5. Сымахмæ гæсгæ та уарзондзинад цы у?
Дæ мады, фыды куы уарзай, уæд
Исты адæймаджы фенд дын æхсызгон куы уа, уæд уый.
Кæй уарзыс, уый æнæниз куы уа
Тæригъæд кæнын
Аргъ кæнын
6. Кæнæм чиныгæй 5-æм фæлтæрæн.
Текстмæ гæсгæ раст вариант равзар.
Уарзондзинад
Хивæнддзинад
Гуырысходзинад
Дзурынц
Фæрсынц
Кæсынц
Адджын тæфмæ
Рæсугъддзинадмæ
Хивæнддзинадмæ
Цин кæнын
Хъыг кæнын
Уыдон мын хъуамæ мæ зæрдæ бацагайдаиккой, æз та … .
Тæргай фæдæн
Мæсты кодтон
Зивæг кодтон
Хъалдзинад
Уæздандзинад
Фæлмæн зæрдæ
Асмæ гæсгæ
Кармæ гæсгæ
Хъуыддæгтæм гæсгæ
7. фæлтæрæн 6 –æм фарс142
хъуыдыйæдтæ тексты фæд-фæдыл куыд æвæрд сты, афтæ сæ нымæцтæй фæбæрæг кæн. Сараз Чысыл принцы ныхас. Ратæлмац æй кæн. Зæгъ, цæуыл фæсмон кæны Чысыл принц.
Мæ дидинæджы хæрздæфæй мæ планетæ байдзаг, æз та ууыл цин кæнын нæ базыдтон.
Дидинджытæ цы дзурынц, уымæ хъусын никуы хъæуы.
Тигртæ æмæ сæ дзæмбыты тыххæй уыцы ныхæстæ… . Уыдон мын хъуамæ мæ зæрдæ бацагайдаиккой, æз та мæсты кодтон… .
Уый мын лæвар кодта йæ диссаджы хæрздæф, срухс мын кодта мæ цард.
Уæд æз ницыма æмбæрстон! Ныхæстæм гæсгæ нæ хъуыдис аргъ кæнын, фæлæ хъуыддæгтæм гæсгæ.
8. фæлтæрæн 7-æм фарс 142.
Цæуылнæ уыдис йæхицæй разы Чысыл принц? Текстмæ гæсгæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ сараз . Раст интонацитимæ сæ бакæс.
Чысыл принц йæхицæй разы нæ уыдис, уымæн æмæ …
цин кæнын нæ зыдта йæ дидинæгыл.
дидинæджы ныхæстæм смæсты ис.
дидинæджы чысыл хиндзинæдтæ æмæ гæды миты фæстæ фæлмæн зæрдæ кæй ис, уый нæ бамбæрста.
9. фæлтæрæн 8-æм фарс 142
Дзуапп ратт фæрстытæн. Пайда кæн æххуысы æрмæгæй.
1. Ды та кæд вæййыс разы дæхицæй?
Хорз бæрæггæнæн куы райсын, уæд æз разы вæййын мæхицæй.
Мæхи хорз куы фæдарын, уæд æз разы вæййын мæхицæй.
Хистæртæн лæггад куы фæкæнын,
Мæ хæдзармæ куыстытæ афойнадыл куы скæнын,
Хæдзары куыстытæ кæнынмæ куы феххуыс кæнын,
Спортивон ерысты куы рамбулын,
2. Кæд нæ вæййыс дæхицæй разы?
Гæды ныхас куы фæзæгъын, уæд æз мæхицæй разы нæ вæййын.
Скъоламæ куы байрæджы кæнын,
Мæ хæдзармæ куыстытæ куы нæ скæнын,
Мæхицæй куы раппæлын,
Æвзæр бæрæггæнæн куы райсын,
Фыдуаг ми куы ракæнын,
Истæуыл куы фæтæргай вæййын,
Ерысы куы фембылды вæййын,
Хатдзæгтæ урокæн.
Ах-г. Алы адæймагмæ дæр Антуан де Сент-Экзюперийы «Чысыл принц» бакæсыны фæстæ сæвзæры бирæ хъуыдытæ нæ алыварс чи ис æмæ цы ис, уымæ. Цавæр хъуыдытæ сæвзæрд сымахмæ та?
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Хæдзармæ куыст: Ныффыссын цыбыр нывæцæн æмбалыдзинады тыххæй.