Программӕ фӕсурокты архайдӕн «Мᴂ фыдӕлты равзӕрд».
Нысан: бацӕттӕ кӕнын скъоладзауты истории предмет ахуыр кӕнынмӕ; ахуыр кӕнын ахуырдзауты историкон цаутӕ иртасын ӕмӕ зонындзинӕдтӕ агурын; бинонты бастдзинад фидардӕр кӕнын.
Хӕслӕвӕрдтӕ: - сывӕллӕтты бакӕнын истории дунемӕ, сӕ алыварс цы ис, уыдоны фӕрцы;
- сахуыр кӕнын скъоладзауты «сӕ алыварс» уынын истори: хӕдзӕртты, дзаумӕтты, уынгты, нӕмтты;
- бамбарын кӕнын, истори культурӕмӕ фӕндаг кӕй у, уый.
Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ.
Зонындзинӕдтӕ райсыныл архайд:
- информаци агурын, хатдзӕгтӕ кӕнын факты бындурыл, факттӕ кӕрӕдзиимӕ барын, цыбыр информаци аразын.
Регулятивон:
- проектӕн нысан ӕвӕрын, проблемӕ агурын ӕмӕ ӕвӕрын; сӕ сӕххӕст кӕныныл фӕрӕзтӕ агурын; пълан аразын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кусын.
Коммуникативон:
- хи хъуыды дзурын, диалогы архайын, фысгӕ ӕмӕ дзургӕ текстӕ аразын.
Хиархайдон:
- дӕ фыдӕлтимӕ, дӕ бинонтимӕ, дӕ адӕмимӕ дӕ цы бӕтты, уыцы миниуджытӕ зонын ӕмӕ сӕ дзурын; дӕ хиуӕттӕй фӕзминаг чи у, уый хуызӕнмӕ тырнын; дӕ адӕмы культурӕимӕ хи бӕттын, ӕндӕр адӕмы хӕттыты минӕвӕрдттӕн аргъ кӕнын.
Программӕ арӕзт у раидайӕн кълӕстӕн (3-4къл.) Ӕдӕппӕт 34 сахаты. Йӕ сӕйраг хӕс у сывӕллӕты базонгӕ кӕнын сӕ бинонты историимӕ. Кӕм цардысты? Кӕцӕй рацыдысты? Чи сты сӕ фыдӕлтӕ? Куыд равзӕрд сӕ мыггаг?
Зонгӕ кӕнын райдайдзысты сӕхицӕй, сӕ нӕмттӕй. Афтӕ уӕрӕхдӕр ӕмӕ арфдӕр кӕндзысты сӕ зонындзинӕдтӕ
Нырыккон рӕстӕджы хъӕндзинӕдтӕй иу уый у, ӕмӕ хӕстӕджытӕ кӕрӕдзи нал зонынц. Ацы программӕйы фӕрцы скъоладзаутӕ, ӕрмӕг иртасгӕйӕ, зонгӕ кӕндзысты се рвадӕлтӕ ӕмӕ сӕ мадырвадӕлтимӕ. Базондзысты сӕ бинонты ӕмӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕ. Сӕ мыггаджы фӕзминаг ӕмӕ зындгонд чи у.
Программӕйы стыр бынат ахсы фӕлтӕрты бастдзинад. Иртӕстон куыст гӕнгӕйы, сывӕллонӕн ӕххуыс кӕндзысты ныййарджытӕ, бинонты хистӕртӕ (нанатӕ ӕмӕ дадатӕ). Уый ахъаз у бинонты ӕнгом кӕнынӕн. Нырыккон фӕлтӕры хӕс у фыдӕлты ма рох кӕнын . Ацы проекты кӕронбӕттӕны сывӕллӕттӕ равдисдзысты цас арф ӕмӕ уӕрӕх ацыдысты сӕ фыдӕлты зонындзинад. Сараздзысты бинонты бӕлӕстӕ.
I. Ӕз ӕмӕ мӕ ном.
Чи дӕн. Мӕ ном. Цӕмӕн мыл сӕвӕрдтой ахӕм ном?
Цы нысан кӕнынц нӕ нӕмттӕ?
Куыд равзӕрдысты ирон нӕмттӕ.
4. Ӕндӕр адӕмӕй ӕрбацӕугӕ нӕмттӕ. Сӕ нысаниуӕг.
5. Мӕ фыды ном, мӕ бинонты нӕмттӕ.
6. Мӕ мыггаг. Куыд равзӕрдысты мыггӕгтӕ.
7. «Дзурынц» мыггӕгтӕ. Цы радзурдзысты мыггӕгтӕ рацыд рӕстӕджы тыххӕй.
II. Мӕ бинонтӕ.
8. Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме фсымӕртӕ.
9. Мӕ ныййарджыты професси . Сывӕллӕтты презентацитӕ.
10. Мӕ нана ӕмӕ дада.
11. Чи кӕмӕн куыд бавӕййы. Бинонты хӕстӕгдзинад.
III. Кӕм цӕрын.
12. Мӕ уынг. Мӕ хъӕуы истори. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
13. Чи сты мӕ сыхӕгтӕ.
14. Мӕ кълас. Ме скъолайы истори. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
15. Мӕ райгуырӕн бӕстӕ. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
IV. Мӕ хӕстӕджытӕ.
16. Мӕ фыды хотӕ ӕмӕ фсымӕртӕ.
17. Чи сты ме рвадӕлтӕ. Фыдыфсымӕры сывӕллӕттӕ.
18. Хӕрӕфырт. Фыдыхойы сывӕллӕттӕ.
19. Мӕ мады мыггаг. Мадырвадӕлтӕ.
20. Мадыфыд ӕмӕ мадымад.
21. Мадыхо ӕмӕ мадыфсымӕр.
22. Ӕмхӕрӕфырт.
V. Мӕ фыдӕлтӕ.
23. Чи сты мӕ фыдӕлтӕ?
24-25. Фыд ӕмӕ мады фыдыфыд ӕмӕ фыдымад.
26. Кӕм цардысты мӕ фыдӕлтӕ? Кӕцӕй рацыдысты?
27. Куыд равзӕрд мӕ мыггаг?
28-29. Мӕ мыггаджы зындгонд адӕм, хӕстонтӕ. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
VI. Мӕ бинонты ӕгъдӕуттӕ.
30. Бинонты ӕгъдӕуттӕ.
31. Бинонты бӕрӕгбӕттӕ. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
32-33. Фыдӕлты бӕлас. Сывӕллӕтты презентацитӕ.
34. Равдыстон архайд.