Темæ: Балц Францы зæрдæмæ.
Урочы нысан: зонгæ кæнын æндæр бæстæимæ;
æндæр адæмы культурæимæ зонгæ кæнын скъоладзауты;
нымæцон фæлхат кæнын.
Эпиграф урокмæ:
«Париж у, æдзух демæ цы бæрæгбон вæййы, уый».
(Эрнест Хемингуэй, америкаг фыссæг)
Урочы цыд:
1. Орг.хай
2. Ног æрмæг
1-аг слайд
А) ахуыргæнæджы ныхас урокмæ
Абон цæуæм балцы. Фæлæ фæндагыл ацæуыны размæ мæн фæнды цæмæй мын аххуыс кæнат.Зæгъут-ма:
æ) Алы бæстæн дæр ис паддзахады символтæ. Ранымайут сæ
дз. Герб, гимн, тырыса
б) Байхъусут- ма ацы мелодимæ.
(урок райдайы музыкæйæ (Ирыстоны гимны мелоди) )
Ф. Зонут ацы мелоди?
Дз.Иры гимн
в) Чи у нæ гимны мелоди æмæ дзырдты автор?
Ирон тексты автор у Ходы Камал. Уырыссаг тексты автор уыд Гуырджыбеты Иринæ.
Музыкæйы автор у Аркадий Цорионти, бакуыста йыл Макъоты Ацæмæз.
Нæ балцы нын æххуысгæнæг уыдзæн Парижы, Францы зæрдæйы картæ.
Фæлæ нæ картæйы афтид бынæттæ. Æмæ афтæмæй картæ нæ бæззы. Урочы дæргъы афтид бынæттæ баххæст кæндзыстæм.
2-аг слайд
г) дарддæр –ма байхъусæм (хъусæм Францы гимнмæ)
Кæй гимн у?
Дз. Францы гимн