Урочы насан: 1. Скъоладзауты базонгæ кæнын Дзугаты Г. поэмæ «Бындзыг»-имæ.
2.Ахуыр кæнын иртасæн куыст кæныныл.
3.Ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинады, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ Ирыстоны номдзыд лæгтæм.
Фæйнæгыл фыст:
«Æлгъыст фæуæд, лæг марынæн фыццаг,
Кæй зонды бафтыд саразын хæцæнгарз!»
Плиты Г.
Урочы фæлгонц: ахуыргæнæн чингуытæ, презентаци хæсты темæйыл, музыкæ, къамтæ.
Урочы цыд.
Ахуыргæнæджы ныхас.
Асаты Р. æмдзæвгæ:
«Зæххыл нæ цæрыс иу хаттæй фылдæр, -
Цыбыр у цард, - цыма у фын.
Æмæ йæ ахæм кадимæ фæцæр,
Зæххыл куыд баззайа дæ ном»
Компьютерæй æвдыст цæуы презентаци хæсты темæйыл.
- Хæст… Хæрз цыбыр, фæлæ уæззау дзырд. Зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ баризынц, сæрыхъуын арц сбады æрмæст йæ койæ дæр.
1941 аз 22 июнь… Æвæццæгæн, уыцы сæрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонмæ, алчи æнхъæлмæ касти боны хорзæхмæ. Фæлæ цард мæнгард у. Фыдбылыз кæцæй кæсы уый ничы зоны. Æрвнæрæгау нæ бæстæйыл азæлыд: «Райдыдта хæст!»
Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ.
«Цом та гæрзифтонгæй хæсты быдырмæ фæдисæй!»
Ахæм тохмæ сидæг ныхæстимæ цыдысты ирон адæм тохы быдырмæ.
1-аг скъоладзауы хъусынгæнинагмæ байхъусын.
Уыдис сæрдыгон хъарм изæр, фæлæ зæрдæ – талынг æмæ уазал. Æппæт хъæу дæр нæ хуыссыд. Фæсивæды фæдыл сæргуыбырæй адæм цыдысты. Хъæугæрон адæм æрлæууыдысты. Хъæуы зæронд лæг систа йæ урс нымæтхуд, фæкасти исдуг зæхмæ, стæй уынгæг зæрдæйæ загъта: «Цæут, мæ хуртæ, Уастырджи фæуæд уæ фарсхæцæг! Тых кæнынмæ нæ цæут, фæлæ цæут тыхгæнджыты ныхмæ. Ирон лæг фæразон у, æгаддзинад уæ сæрмæ ма `рхæссут…»
2-аг скъоладзау бацæттæ кодта æмæ радзырдта фыццаг тæхæг Даураты И. тыххæй.
3-аг скъоладзау аив радзырдта Калоты Х. æмдзæвгæ «Æз цæуын…».
Ахуыргæнæг. Ирон адæм дыккаг дунеон хасты сæхицæн самадтой лæгдзинады æмæ намысы æрттивгæ гæнах. Петр Павленко, номдзыд хæстон уацхæссæг фыста: «Слово «осетин» с уважением произносится на всех фронтах Отечественной войны, ибо осентины показали себя храбрыми и честными воинами».
4-æм скъоладзау бацæттæ кодта «Зæрдылдарæн чыныг»- æй Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 85 521 адæймаджы. Уыдонæй фæмард хæсты, цæфтæй, низтæй, уацары, стæй æбæрæгæй фесæфт 46 900 адæймаджы. Æдæппæтæй хæсты фесæфт 40 милуан адæймаджы бæрц. Дыууæ хæдзармæ нал сыздæхтысты 7 – ай æфсымæртæ: Гæздæнтæ æмæ Кобегкатæ; авд хæдзармæ – 6-тæ; æртын æхсæз хæдзармæ – 5-тæ; нæуæдз дыууæ хæдзармæ – 4-тæ, сæдæгай хæдзæрттæм – 3-тæ.
Ахуыргæнæг. Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты!
Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты!
Цал милуан мадæлтæ калдтой сæ цæссыг!
Байхъусын Соболевы нахæстыл арæзт зарæг «Бухенвальдский набат» -мæ.
5-æм скъоладзау бацæттæ кодта цыбыр доклад «Дзугаты Г. царды хабæрттæ».
Ног æрмæг.
Таурæгъон сюжет ис Дзугаты Г. поэмæ «Бындзыг» -æн.
Дзуырдуатон куыст: (уад, æртхутæг, азым, зым, уарт, цæнкуыл, бындзыг).
Поэмæ «Бындзыг» бакæсын.
Бындзыджы фæлгонц равзарын, цы йыл æрцыди.
Фарстатæ:
Куыд хъомыл кодта Будзи хæсты размæ?
Куыд аскуыдта хæст æрыгон лæппуйы бæллицтæ?
Æрдзурын Зæлинæйы хъысмæты тыххæй.
Рыстзæрдæ ныййарæджы фæлгонцыл æрныхас кæнын.
Цæмæн хуыйны поэмæ «Бындзыг»?
Цы сты поэмæйы темæ æмæ идейæ?
Урочы кæрон скъоладзауты æргом ногæй аздæхын урочы темæмæ, сæ хатдзæгтæ дæр сбæттын уыимæ.
- Цæуыл ныхас кодтам ацы урочы?
(Нæ урочы ныхас кодтам хъæбытыр хистæрты æгæрон æхсарыл, тыхджын патриотизмыл, адæймаджы кад æмæ намысыл, ныййарæджы трагедион хъысмæтыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг).
Хæдзармæ куыст: ныффыссын цыбыр ныфæцæн: «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».