kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Проектно - исследовательская работа по программе "Моя родословная". Тема занятия "Бинонты ?гъд?утт?"

Нажмите, чтобы узнать подробности

  Архайды нысан: ф?сурокты архайд  «Ма фыд?лты равз?рд» -ы иртасг?й? цы базыдтой, уыцы   зонындзин?дт? фидар ?м? у?р?хд?р к?нын;  с? бинонты историим? зонг? к?нг?й? бинонты ?гъд?утт?     иртасын; ирон ад?мы б?р?гбонтим? баст традицит? куыд баст сты бинонты ?гъд?уттим?, уый сб?лвырд к?нын; н? ад?мы ?м? бинонты ?гъд?ут т?н аргъ к?нын.    

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Проектно - исследовательская работа по программе "Моя родословная". Тема занятия "Бинонты ?гъд?утт?"»

Архайды нысан: фӕсурокты архайд «Ма фыдӕлты равзӕрд» -ы иртасгӕйӕ цы базыдтой, уыцы зонындзинӕдтӕ фидар ӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕнын; сӕ бинонты историимӕ зонгӕ кӕнгӕйӕ бинонты ӕгъдӕуттӕ иртасын; ирон адӕмы бӕрӕгбонтимӕ баст традицитӕ куыд баст сты бинонты ӕгъдӕуттимӕ, уый сбӕлвырд кӕнын; нӕ адӕмы ӕмӕ бинонты ӕгъдӕут тӕн аргъ кӕнын .

Архайды фӕлгонц: скъоладзауты арӕзт мыггаджы

бӕлӕстӕ, бинонты рагон къамты равдыст, слайдтӕ

скъоладзауты презентацитимӕ, авдӕн, ирон фынг.



I. Разныхас

- Ацы урочы дзурдзыстӕм ӕгъдӕутты тыххӕй. Цы у ӕгъдау?

- Ис иумӕйаг ӕгъдӕуттӕ, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕна. Уыдонмӕ хауынц паддзахадон, адӕмон, куыстуатон ӕмӕ бинонты ӕгъдӕуттӕ. Мах абон дзурдзыстӕм бинонты ӕгъдӕутты тыххӕй. Слайд 1 ( темӕ)

ӏӏ. Бинонты ӕгъдӕуттӕ.

1) Сывӕллон - бинонты хӕзна.

- Чи стӕм мах? ( ирӕттӕ)

- Цӕмӕй хицӕн кӕнӕм иннӕ адӕмтӕй? ( не взаг, нӕ культурӕ, не гъдӕуттӕй)

Слайд 2 ( сывӕллон авдӕны)

- Ирон хӕдзары сывӕллон куы райгуыры, уӕд уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йӕ адӕм ӕмӕ бинонты ӕгъдӕуттыл хъомылад фӕисы. – Сывӕллонимӕ цавӕр ӕгъдӕуттӕ баст сты? (сывӕллоны авдӕны бӕттын, лӕппуйӕн кӕхц скӕнын , сывӕллоныл узӕлын, рӕвдаугӕ ныхӕстӕ йын кӕнын)

- Ӕппӕты зынаргъдӕр адӕймагӕн сты йӕ ныййарджытӕ. Мады рӕвдыд! Цы ис уымӕй адджын дӕр? Йӕ зарджытӕ, йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ сывӕллоны рӕвдауынц.

/ Скъоладзау. Ӕмдзӕвгӕ «А-ло-лай». Джимиты Кларӕ/

-Цавӕр рӕвдаугӕ ныхӕстӕ кодтой сымахӕн та? ( мӕ хур, мӕ цӕст, мӕ бӕлон, мӕ зӕрдӕ, мӕ хъӕбул, мӕ дидинӕг)

2) Хистӕртӕн кад кӕнын.

- Сывӕллон фӕрӕзы, фӕрӕвдауынц ӕй, ӕмӕ уый дӕр хъуамӕ зона хистӕртӕн ӕгъдау дӕттын.

- Цавӕр ӕгъдӕуттӕ зонут? ( хистӕртӕн кад кӕнын, мадӕн аргъ кӕнын, ныййарджытыл аудын, фыдӕлты зонын)

/ Скъ. Ӕмдзӕвгӕ «Гыцци». Плиты Харитон/

3) Алчи йӕ куысты уӕлхъус.

- Алы бинонтӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй сӕ къӕбиц дзаг уа. Уый тыххӕй та фӕллой кӕнын хъӕуы. Байхъусӕм ма ахӕм ӕмдзӕвгӕ мӕ.

/ Скъ. Ӕмдзӕвгӕ «Чи цы куыста?» Агъниан/

- Цавӕр бинонты тыххӕй дзырд цӕуы ам? (куыстуарзаг)

- Сымах та цавӕр ӕгъдӕуттӕ зонут куысты тыххӕй?

( кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, иумӕ кусын, алчи дӕр исты куыст кӕна, сыхӕгтӕн ӕххуыс кӕнын)

4 ) Иры бӕрӕгбон.

Слайд 3 ( ирон фынг )

- Алы бинонтӕм дӕр ис бирӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ бӕрӕгбонтимӕ баст. Ирон бинонтӕн иу бӕрӕгбон дӕр нӕ ацӕуы ӕнӕ ирон фынгӕй. Цы хауы ирон фынгмӕ? ( ӕртӕ кӕрдзыны)

- Цы нысан кӕнынц ӕртӕ кӕдзыны? ( хур, дон, зӕхх)

- Цӕмӕн скӕнынц ӕртӕ кӕрдзыны? ( кувынмӕ)

- Цӕмӕй ма фӕкувынц? ( бӕгӕныйӕ, физонӕгӕй)

- Цавӕр ирон бӕрӕгбӕттӕ фӕкӕнынц уӕ бинонтӕ?

(Джеоргуыба, Хетӕджы бон, Дзуӕртты бонтӕ, Куыуадзӕн)

Слайд 4,5,6 ( Хетӕджы къох, Реком, Уастырджийы дзуар)







- Цы базыдтат Дзуары бынӕтты ӕгъдӕуттӕй та? ( нӕй хъӕрӕй дзурӕн, цӕуын хъӕуы сыгъдӕгӕй, ницы дзы ис хӕссӕн, кувынц ӕртӕ ӕртӕдзыхонтӕ ӕмӕ бӕгӕныйӕ)

- Цавӕр бӕрӕгбӕттӕ ма фӕкӕнынц уӕ бинонтӕ? ( гуырӕнбонтӕ, куывдтӕ, ӕрымбырд вӕййӕм иумӕ)

5) Зон дӕ фыдӕлты.

- Бинонты ӕгъдӕуттӕ фидар уӕд уыдзысты, ӕмӕ сӕ фыдӕлты куы нӕ рох кӕной. Куы зоной сӕ мыггаг кӕцӕй равзӕрд. Мах дӕр архайӕм зонын нӕ фыдӕлты, сарӕзтам нӕ бинонты бӕлӕстӕ, зонгӕ кодтам нӕ хиуӕттимӕ, иртӕстам нӕ фыдӕлты истории.

( фӕйнӕгыл равдыстытӕ: бинонты бӕлӕстӕ ӕмӕ рагон къамтӕ)

- Базонгӕ уӕ кӕндзыстӕм цалдӕримӕ.

( Цалдӕр скъоладзауы ӕвдисынц с ӕ бинонты б ӕл ӕст ӕ)

( Скъоладзауты презентацитӕ)

Слайд 7,8

- Санахъоты Эдичы фырт Алексей.



Мӕ мыггаг равзӕрд Агуызатӕй. Рацыдысты Урстуалтӕй. Ӕрцардысты Хуссар Ирыстоны. Уый фӕстӕ рацыдысты Цӕгат Ирыстонмӕ.

Мӕ мыггаджы уыд бирӕ куыстуарзаг адӕм, уыдис дзы хӕстонтӕ дӕр. Уыдонӕй иу уыд мӕ фыдыфыд Санахъоты Алыксандр. Уый тох кодта знаджы ныхмӕ. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд медалтӕ ӕмӕ ордентӕ.

Йӕ ном рох никуы уыдзӕн!

Слайд 10, 11.

- Тотраты Аллӕ Батразы чызг.

Мӕ мыггаг равзӕрд Цӕразонтӕй. Рацыдысты Уӕлладжыры комӕй. Мӕ бинонтӕ ӕрцардысты Ногиры.

Нӕ мыггаджы бирӕ ӕгъдауджын ӕмӕ кадджын адӕм ис. Уыдис дзы хӕстонтӕ дӕр. Мӕ мадыфыды хо Елбачиты-Тотраты Верычкӕ уыдис хӕсты ветеран. Архайдта партизантимӕ ӕмӕ разведкӕйы Ленинграды бынмӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд бирӕ хӕстон хӕрзиуджытӕ. Ныххӕццӕ суанг Польшӕйы онг.

Йӕ ном рох никуы уыдзӕн!

Слайд 12, 13.

- Габараева Ирина Олеговна.

Моя фамилия образовалась от Агузовых. Выходцы из Урстуальского ущелья. Моя семья обосновалась в Ногире. В нашей семье было много трудолюбивых и уважаемых людей. Были и военнослужащие. Один из них мой прадедушка Габараев Григорий Николаевич. Он ушел на фронт в сентябре 1941 года. Служил в Дербенте. Месяц обучался стрельбе. Через месяц его отправили на фронт. Он был командиром взвода. Его имя записано на стене памяти в нашем селе.

Вечная слава всем защитникам Отечества!

ӏӏӏ Уазӕгуаты нӕм нӕ хистӕртӕ.

- Абон нӕм уазӕгуаты ӕрбацыд нана. Байхъусӕм ма цы нын радзурдзӕн. (Дзуры хистӕр бинонты ӕгъдӕутты тыххӕй)

ӏY Кӕронбӕттӕн.

-Ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бинонты ӕгъдӕуттӕ бирӕ сты. Алы адӕймаг дӕр сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна, ӕмӕ уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр уыдзысты нымад!

( Зарӕг « Ирӕтты зар» , зары Тайсаты О.)




































Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Внеурочная работа

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 3 класс

Автор: Теблоева Залина Исмеловна

Дата: 10.01.2016

Номер свидетельства: 274427


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства