kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Тем?: Токаты Алихан. «?рзади малус?г Д?ргъ?всы».

Нажмите, чтобы узнать подробности

Фыццаг  дидинæг  малусæг. Уалдзæджы  æрбалæуды æвдисæн,  уалдзæджы  фидиуæг.

Адæмæн  цин æмæ амонд хæссæг.

Малусæг  уалдзæджы  райдиан  куыд у, афтæ ирон литературёæы  та ног царды  малусæгыл  нымад у Токаты Алихан.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Тем?: Токаты Алихан. «?рзади малус?г Д?ргъ?всы».»

Темæ: Токаты Алихан. «Æрзади малусæг Дæргъæвсы».

Темæ: Токаты Алихан.

«Æрзади малусæг Дæргъæвсы».

Æмдзæвгæ « Уалдзæг». Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы райхъал, зæххы сулæфт, мады рæвдыд, фыццаг дидинæг, рог дымгæйы æхситт, уарзондзинад. Æмдзæвгæ «Уарзт æцæг у». Зарæг: «Уарзондзинадыл».

Æмдзæвгæ « Уалдзæг».

Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы райхъал, зæххы сулæфт, мады рæвдыд, фыццаг дидинæг, рог дымгæйы æхситт, уарзондзинад.

Æмдзæвгæ «Уарзт æцæг у».

Зарæг: «Уарзондзинадыл».

Фыццаг дидинæг малусæг. Уалдзæджы æрбалæуды æвдисæн, уалдзæджы фидиуæг. Адæмæн цин æмæ амонд хæссæг. Малусæг уалдзæджы райдиан куыд у, афтæ ирон литературёæы та ног царды малусæгыл нымад у Токаты Алихан. Зарæг «Малусæг».

Фыццаг дидинæг малусæг. Уалдзæджы æрбалæуды æвдисæн, уалдзæджы фидиуæг.

Адæмæн цин æмæ амонд хæссæг.

Малусæг уалдзæджы райдиан куыд у, афтæ ирон литературёæы та ног царды малусæгыл нымад у Токаты Алихан.

Зарæг «Малусæг».

Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан ирон поэзийы адмирал кæй у, уый – фыста поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан ирон поэзийы адмирал кæй у, уый – фыста поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм. Хæрз æрыгон уæвгæйæ иттæг хорз сахуыр кодта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста дунеон поэзийы тæккæ номдзыддæр хæзнатæ. Литературæйы фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, уæд æм æнæгуырысхойæ фæхæццæ фæйнæ-фæйнæхуызон рæстæджыты æмæ адæмты поэтты сфæлдыстадон уддзæф. Фыццаджы фыццаг йæ ахуыргæнджытæ уыдысты адæмон поэзи æмæ Хетæгкаты Къоста.

Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм. Хæрз æрыгон уæвгæйæ иттæг хорз сахуыр кодта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста дунеон поэзийы тæккæ номдзыддæр хæзнатæ. Литературæйы фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, уæд æм æнæгуырысхойæ фæхæццæ фæйнæ-фæйнæхуызон рæстæджыты æмæ адæмты поэтты сфæлдыстадон уддзæф. Фыццаджы фыццаг йæ ахуыргæнджытæ уыдысты адæмон поэзи æмæ Хетæгкаты Къоста.

Алиханæн ирон поэзийы дæр ис йæхи бæрзонд хох. Йæ сæрмæ æрттивы йæ адмиралы стъалы. Йæ рухсмæ мæйы бæлæгъы фæстæ ныххал вæййынц, адмирал разамынд кæмæн дæтты, уыцы науфæлгонцтæ. Æрмæстдæр ахæм уды бæрзондæй федта Алихан Петраркæ, Данте æмæ Шекспиры сонетты фарн æмæ йæ æрхаста Иры дзыхъхъмæ – фыста Хъодзаты Æхсар.

Алиханæн ирон поэзийы дæр ис йæхи бæрзонд хох. Йæ сæрмæ æрттивы йæ адмиралы стъалы. Йæ рухсмæ мæйы бæлæгъы фæстæ ныххал вæййынц, адмирал разамынд кæмæн дæтты, уыцы науфæлгонцтæ.

Æрмæстдæр ахæм уды бæрзондæй федта Алихан Петраркæ, Данте æмæ Шекспиры сонетты фарн æмæ йæ æрхаста Иры дзыхъхъмæ – фыста Хъодзаты Æхсар.

Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуы – Дæргъæвсгомы, мæгуыр зæхкусæг бинонты æхсæн. Каст фёци йæ райгуырæн хъæуы дины райдиан скъола.1913 азы йæ фыдыфсымæр Темырболаты æххуысæй бацыди Бакуйы денджызы съоламæ. Ам базонгæ сусæг куыстгæнæг революцион къордтимæ. Денджызон скъола кæронмæ каст нæ фёци, 1916 азы æрбаздæхтис Дæргъæвсмæ. Иуцасдæр ацахуыр кодта Петербурджы нывкæнынады академийы. 1917 азы уалдзæджы афтыди Ригæмæ, куыста æфсæнвæндаджы. Уыцы аз фæззæджы сыздæхт Ирыстонмæ, сси парти «Кермены» уæнг, кодта сусæг революцион куыст.

Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуы – Дæргъæвсгомы, мæгуыр зæхкусæг бинонты æхсæн. Каст фёци йæ райгуырæн хъæуы дины райдиан скъола.1913 азы йæ фыдыфсымæр Темырболаты æххуысæй бацыди Бакуйы денджызы съоламæ. Ам базонгæ сусæг куыстгæнæг революцион къордтимæ. Денджызон скъола кæронмæ каст нæ фёци, 1916 азы æрбаздæхтис Дæргъæвсмæ.

Иуцасдæр ацахуыр кодта Петербурджы нывкæнынады академийы. 1917 азы уалдзæджы афтыди Ригæмæ, куыста æфсæнвæндаджы.

Уыцы аз фæззæджы сыздæхт Ирыстонмæ, сси парти «Кермены» уæнг, кодта сусæг революцион куыст.

Алихан фыссын райдыдта 1910 азы. Поэт райгуырд æмæ схъомыл хохаг ирон хъæуы æмæ йæ поэзийæн фидар бындур ис. Цы нывтæ, цы фæлгонцтæ аразы, уыдон хохаг адæмы цардæй гуырынц. Алихан хæрз сабийæ цы зынтæ бавзæрста, уыдон, æвæдза, куыд дæсны сныв кодта. Поэт бирæ уарзта йæ райгуырæн хæхбæстæ, фæлæ-иу æй кæдфæнды æрымысыдаид, фыццаг-иу йæ хъасты сæр уыд хохаг царды фыдвадат, стæй та иу уæд йæ уарзондзинады ныхас ракодта. Йе мдзæвгæ «Хох! Мæ хох!-ы поэт фæнымадта хохаг тухитæ, адæймаджы туг сур кæмæй кодта, уыдон. Æрцыд иу хъуыдымæ: ам цæрæн нæй, адæм дзы тухийæ мæлынц.  Æмдзæвгæ «Хох! Мæ хох!».

Алихан фыссын райдыдта 1910 азы. Поэт райгуырд æмæ схъомыл хохаг ирон хъæуы æмæ йæ поэзийæн фидар бындур ис. Цы нывтæ, цы фæлгонцтæ аразы, уыдон хохаг адæмы цардæй гуырынц. Алихан хæрз сабийæ цы зынтæ бавзæрста, уыдон, æвæдза, куыд дæсны сныв кодта. Поэт бирæ уарзта йæ райгуырæн хæхбæстæ, фæлæ-иу æй кæдфæнды æрымысыдаид, фыццаг-иу йæ хъасты сæр уыд хохаг царды фыдвадат, стæй та иу уæд йæ уарзондзинады ныхас ракодта.

Йе мдзæвгæ «Хох! Мæ хох!-ы поэт фæнымадта хохаг тухитæ, адæймаджы туг сур кæмæй кодта, уыдон. Æрцыд иу хъуыдымæ: ам цæрæн нæй, адæм дзы тухийæ мæлынц.

Æмдзæвгæ «Хох! Мæ хох!».

Алихан хорз зыдта хохаг ирон хъæуы хъизæмайраг цард æмæ-иу йæ адæмы социалон хъысмæтыл куы катай кодта, уæд йæ сагъæстæ хæххон хъæуы царды нывтæй æвдыста Йе мдзæвгæтæ фылдæр хæхты маст, хохаг мæгуыр дзыллæйы мæтыл амад сты! Æмдзæвгæ «Хохы цард». Токаты Алихан дæсны уыд ахорæнтæй ныв кæнынмæ. Æрдзы нывæй поэт æвдыста адæмы зæрдæйы уаг, йе нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ. Уымæн æвдисæн æмдзæвгæтæ: «Уалдзæг», «Дидинджытæ», «Арвы цæф», «Хæхтё судзынц», «Цъити». Æмдзæвгæтæ: «Фиалкæты баст», «Дидинджытæ».

Алихан хорз зыдта хохаг ирон хъæуы хъизæмайраг цард æмæ-иу йæ адæмы социалон хъысмæтыл куы катай кодта, уæд йæ сагъæстæ хæххон хъæуы царды нывтæй æвдыста

Йе мдзæвгæтæ фылдæр хæхты маст, хохаг мæгуыр дзыллæйы мæтыл амад сты!

Æмдзæвгæ «Хохы цард».

Токаты Алихан дæсны уыд ахорæнтæй ныв кæнынмæ. Æрдзы нывæй поэт æвдыста адæмы зæрдæйы уаг, йе нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ.

Уымæн æвдисæн æмдзæвгæтæ: «Уалдзæг», «Дидинджытæ», «Арвы цæф», «Хæхтё судзынц», «Цъити».

Æмдзæвгæтæ: «Фиалкæты баст»,

«Дидинджытæ».

Ацы æмдзæвгæты дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн нæ зæрдæ бакъуыры, фыццаджыдæр, ахст лæджы маст, уый æнтъыснæгдзинад. Цæй тыххæй бады ахæстоны, уый бæрæг нæу, фæлæ йæ ныхас «Давæг æз нæ уыдтæн» амоны, уыцы лæг цыдæр бæрзонд хъуыддаджы тыххæй кæй ис ахæстоны къуымы. «Фиалкæйы баст» нæ зæрдæйы баззад сæрибармæ тырныны рæстæй æфхæрды фарс хæцыны символау. Æрдзы ныв æмæ лæджы сагъæсты иудзинад бæлвырддæр зыны æмдзæвгæ «Малусæг»-ы.

Ацы æмдзæвгæты дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн нæ зæрдæ бакъуыры, фыццаджыдæр, ахст лæджы маст, уый æнтъыснæгдзинад. Цæй тыххæй бады ахæстоны, уый бæрæг нæу, фæлæ йæ ныхас «Давæг æз нæ уыдтæн» амоны, уыцы лæг цыдæр бæрзонд хъуыддаджы тыххæй кæй ис ахæстоны къуымы.

«Фиалкæйы баст» нæ зæрдæйы баззад сæрибармæ тырныны рæстæй æфхæрды фарс хæцыны символау.

Æрдзы ныв æмæ лæджы сагъæсты иудзинад бæлвырддæр зыны æмдзæвгæ «Малусæг»-ы.

Æмдзæвгæ «Малусæг» у автобиографион. Сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг. Фыст у йæхи цардыл. Малусæг у поэт йæхæдæг. Равдыста дзы. Деникины ныхмæ цы хæст цыди, уый. Уый хæцыд сæруæлдай мидхæсты советон царды сæрыл æмæ Рухс куы фæуæлахиз, уæд поэт йæхæдæг амард. Поэт ацы æмдзæвгæйы зæгъынмæ хъавы зындзинæдтæй, æфхæрдæй тæрсын нæ хъæуы, сæ ныхмæ хъазуатæй бацу æмæ акæн фæндаг Рухсмæ, стæй уадз æмæ дæ мæлæт æрцæуæд, малусæг уалдзджы куыд амæлы, афтæ. Ирон поэзийы историйы фæзынд æмдзæвгæйы ног хуыз сонет. Уый йæхæдæг фæзындис 13-14 æнусы Италийы. У уыдоны дзырд. Сонеттё фыстой Данте, Петраркæ, Английы та – Шекспир. Ирон поэзийы фæзындис фыццаг хатт 20-æм æнусы Токаты Алиханы руаджы. Сонет конд у 14 строфайæ. Æмдзæвгæ-сонет «Цыкурайы фæрдыг».

Æмдзæвгæ «Малусæг» у автобиографион. Сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг. Фыст у йæхи цардыл. Малусæг у поэт йæхæдæг. Равдыста дзы. Деникины ныхмæ цы хæст цыди, уый. Уый хæцыд сæруæлдай мидхæсты советон царды сæрыл æмæ Рухс куы фæуæлахиз, уæд поэт йæхæдæг амард. Поэт ацы æмдзæвгæйы зæгъынмæ хъавы зындзинæдтæй, æфхæрдæй тæрсын нæ хъæуы, сæ ныхмæ хъазуатæй бацу æмæ акæн фæндаг Рухсмæ, стæй уадз æмæ дæ мæлæт æрцæуæд, малусæг уалдзджы куыд амæлы, афтæ.

Ирон поэзийы историйы фæзынд æмдзæвгæйы ног хуыз сонет. Уый йæхæдæг фæзындис 13-14 æнусы Италийы. У уыдоны дзырд. Сонеттё фыстой Данте, Петраркæ, Английы та – Шекспир. Ирон поэзийы фæзындис фыццаг хатт 20-æм æнусы Токаты Алиханы руаджы. Сонет конд у 14 строфайæ.

Æмдзæвгæ-сонет «Цыкурайы фæрдыг».

«Цыкурайы фæрдыг» у фыццаг сонет ирон литературæйы. У символикон хуызы фыст, æвдисы дзы йæ рæсугъд бæллицтæ. Цыкурайы фæрдыг у лæджы идеал, цæрæнбонты бæллиц, фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс. Уый у зæрдæйы амонд. Калмы дзыхæй, ома, æрдзы æмæ æхсæнады сау тыхты дзæмбытæй Рухс ратонын, зæххыл æмæ адæмы зæрдæйы байтауын – ахæм у лæджы нысан. Уый къухы æнцонтæй не фты, фæлæ йæм хъуамæ тырна алчидæр. Хъуамæ тохы монц макуы бамынæг уа зæрдæйы. Алихан уыдис драматург дæр. 1913 азы фыст фæци йæ пьесæ «Урс сынтытæ». Арвыстой йæ Калакмæ, цæмæй йын бар лæвæрд æрцæуа сценæйы равдисынмæ.

«Цыкурайы фæрдыг» у фыццаг сонет ирон литературæйы. У символикон хуызы фыст, æвдисы дзы йæ рæсугъд бæллицтæ. Цыкурайы фæрдыг у лæджы идеал, цæрæнбонты бæллиц, фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс. Уый у зæрдæйы амонд. Калмы дзыхæй, ома, æрдзы æмæ æхсæнады сау тыхты дзæмбытæй Рухс ратонын, зæххыл æмæ адæмы зæрдæйы байтауын – ахæм у лæджы нысан. Уый къухы æнцонтæй не фты, фæлæ йæм хъуамæ тырна алчидæр. Хъуамæ тохы монц макуы бамынæг уа зæрдæйы.

Алихан уыдис драматург дæр. 1913 азы фыст фæци йæ пьесæ «Урс сынтытæ». Арвыстой йæ Калакмæ, цæмæй йын бар лæвæрд æрцæуа сценæйы равдисынмæ.

Дзуапп æрбаздæхти мæйы фæстæ. Уыцы рæстæджы Алихан ахуыр кодта Бакуйы денджызон скъолайы æмæ уым ирон драмон къорды уæнгтæ бавнæлдтой пьесæ сценæйы равдисынмæ. Алихан йæ пьесæйы æрæвæрдта бирæ ахсджиаг проблемæтæ:

Дзуапп æрбаздæхти мæйы фæстæ. Уыцы рæстæджы Алихан ахуыр кодта Бакуйы денджызон скъолайы æмæ уым ирон драмон къорды уæнгтæ бавнæлдтой пьесæ сценæйы равдисынмæ.

Алихан йæ пьесæйы æрæвæрдта бирæ ахсджиаг проблемæтæ:

  • Сылгоймаджы фыдæлтыккон æгъдæутты хъадамантæй суæгъд кæныны фарста.
  • Хурмæ рахæссын кæрæф æмæ мæрддзæст ныййарджыты, кæцытё æхца æмæ мулчы фæдыл уæй кæнынц сæ чызджыты, алцæмæ дæр кæсынц æхцайы гуыбыны цæстæй. Хъæубæсты ныхасы сæ сæйраг койаг вæййынц хист кæнæ чындзæхсæв, æргæвст дзы цытæ уыдзæн, кусæрттæгтæ сфаг уыдзысты æви нæ.
  • 19- æнусы кæро н ирон адæм бирæгæйттæй ивылдыс ты Уæрæсемæ зонды фæдыл нæ – æхцайы фæдыл. Драматург карз тæрхон хæссы, адæймаджы ном чи худинаг кæны, гуыбыны хардзыл йæ фыдæлты зæхх, йæ адæмы взаг чи уæй кæны, уыдоны ныхмæ.
  • Кæронбæттæны равдисын скъуыддзаг пьесæ «Урс сынтытæ»-йæ.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Внеурочная работа

Категория: Презентации

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Тем?: Токаты Алихан. «?рзади малус?г Д?ргъ?всы».

Автор: Битарова Вера Муратовна

Дата: 02.01.2016

Номер свидетельства: 271674


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства