kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Композиция "Моя Осетия"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Эта разработка для 9 класса о  любови  к родному краю. Прививать детям любовь к родному краю и беречь родину

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Композиция "Моя Осетия"»




Кочиты Анжеликӕ

39 скъола







Литературон-музыкалон композици







«Мæхи кæнын Ирыстонæн нывонд

Фыдыуæзæг – мæ зæрдæйы нывгонд»

















Дзӕуджыхъӕу

2014 аз















Урочы нысан. 1. Поэзи æмæ прозæйы фæрцы æргом кæнын цы у Фыдыбæстæ, цавæр ахадындзинад ын ис адæймаджы царды, цæмæн æй уарзæм афтæ бирæ.

2. Скъоладзаутæм уарзондзинад сæвзæрын, ныффидар кæнын Райгуырæн бæстæмæ.

Урочы æрмæг. Чингуыты равдыст. Ирыстоны æрдзы нывтæ. Тухгæ чингуытæ: «Иры кад», «Иры ном», «Ирыстоны хъæбатыртæ», газет «Рæстдзинады» æрмæг. Магнитофоны пленкæйыл фыст зардджытæ мад, Фыдыбæстæ æмæ Ирыстоны тыххæй. Фæйнæгыл æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй.

Скъоладзауты сочиненитæ.

Ды мын, Ирыстон,

Мин азы фæцæр!

Мæ фæндиаг –

Дæ цардбæллон фæндæгтæ

Баситы Мысост.

Райгуырæн бæстæ мæнæн мæ цардæй зынаргъдæр у.

Гораций.

Райгуырæн бæстæ уарзын уый тыххæй æмæ æгæрон у, фæлæ дæхи кæй у, уымæн.

Сенека.

Мæ бон цы уыд, уый сарæзтон, цы адæмæй рацыдтæн, уый аккаг уæвыны тыххæй. Æз уарзын Ирыстон, æз дæн уыцы адæмы туг æмæ стæгæй.

Уруймæгты Езетхан.

Зæлы зарæг «Мæ Ирыстон».

  • Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар.

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, -

Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.

«Фыдыбæстæ – ныййарæг мад…» Адæймаг куы сæвзæрд, уæдæй фæстæмæ нæ загъта уымæй рæсугъддæр ныхас. Адæймаг йæ райгуырæн бæстæ йæ мад куы схуыдта уæдæй уæздандæр æмæ куырыхондæр никуы уыд.


Райгуырæн Зæхх.

Бæстæтæ бирæ сты, дуне – уæрæх,

Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.

Фæлæ дæу хуызæн,

мæ Райгуырæн зæхх,

Ацы стыр дунейы нæй.

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,

Амонд мæн хурмæ хæссы,

Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,

Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Бауарзтон раджы

мæ фæндыры цагъд,

Ме уæнгты рог цин зылди.

Арвæн йæ бæрзæндты

урс цæргæс тахт,

уый кæд мæ зæрдæ уыди,

Ирæн йæ куывды бон –

цин æмæ хъаст,

Амонд Хуыцауæй куырдтон.

Ам æз мæ сыгъдæг, мæ сызгъæрин уарзт

Зæдтæн иронау дзырдтон.

Бæстæтæ бирæ сты, дуне – уæрæх,

Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.

Фæлæ дæу хуызæн,

мæ Райгуырæн зæхх,

Ацы стыр дунейы нæй.

Мæ цин, мæ хъыг, мæ сагъæстæ… Дæуыл сты, мæ Ирыстон… Нæ зонын, кæд райгуырдысты уыцы ныхæстæ. Чи зоны, кæд Нары къуыппыл срæмыгътой Къостайы нæрæмон зæрдæйæ? Чи зоны, кæддæр æнæбары йæ Райгуырæн зæхх чи ныууагъта æмæ æцæгæлон Туркмæ адзалы фæндагыл чи араст, уыдонæй искæйы зæрдæйы райгуырдысты? Кæд, хæсты фæстаг бон Берлины уынгтæй иуы йæ уд чи иста, уыцы ирон лæппутæй искæцы тугæрхæм былтыл бахус сты?…

Райгуырæн бæстæ… Йæ ном мыггагмæ ардхæрæнæн баззайæд, дæу æппæты фыццаг мады номимæ чи сбарста, дæу мады сыгъдæг номы бæрзæндмæ чи систа!


Мæ райгуырæн бæстæ. Брытъиты Аслæнбег.

Уарзы алчи райгуырæн бæстæ,

Хурджын фæзтæн сæ мидбылты худт.

Иу фæкæны мæлгъæвзаг ныхæстæ,

Иннæ сисы æнæсым йæ худ.


Ир, мæ зæрдыл дæзондамынд дарын:

«У дæ дугæн æхсарджын, сæрæн,

Лæг йæ фæндаг фæсаууон нæ ары,

Нæй фæсвæдты лæсгæйæ цæрæн».


Æз тындзыдтон нæ цардæн йæ арфмæ,

Куысты зынæй мæм хъардта фæллад, -

Хъæлдзæг зарæг-иу систон уæларвмæ,

Маст, рыстæн-иу æмбæхстон йæ ад.


Æз фæцух дæн дæ уындæй рæстæгмæ,

(Раст хъуыддагæн нæ хъæуы æфсон),

Балцы дардæй куы здæхтæн æрæгмæ –

Дæу мæ сæнтты зæрдæйæ уыдтон.


О, мæ уарзон, мæ райгуырæн бæстæ,

Ды – рæвдауæг, у мадау дæ цин.

Æз фæмысын æдзухдæр дæ хæрзтæ –

Мадæй хурварсдæр царды цы и?!


Нæ, нæ кæнын арды ныхæстæ,

Сисын Ирæн æнæсым мæ худ.

Æз – дæ хъæбул! Мæ райгуырæн бæстæ,

Ды – мæ цардæн йæ ныфс æмæ уд.


Ирыстон… Мæ дзуар, мæ уды рухс… Æнæ дæу ирон лæг хуыскъ бæласы хуызæн у. Ды нæ хохвæллад фыдæлты уæзæг, зæрдæйы гыццыл дæ, фæлæ не ппæты дæр уарзыс, рæвдауыс, базырджын кæныс.


Ирыстонæн.

Зæххыл куыд нæ у зын фæцæрын,

Кæм ис зæрдæйы фаг бæркад,

Фæлæ, мæ Ир, дæуыл узæлын,

Фæнды мæ фаг дæуæн лæггад.

Фæнды мæ, сис дæуæн дæ намыс,

Дæ кад тырысайау бæрзонд,

Цæмæй мыл мауал æфта сагъæс:

«Кæм ис дæу фаг хъару 'мæ зонд».

Æз хъуамæ бафидон дæ хæстæ,

Дæ Мæсыг саразон бæрзонд,

Цæмæй мын ма зæгъой мæ фæстæ:

«Цы ис йæ хорздзинадæй конд?»


Томайты Шамил


Адæймаджы цард цæргæ – цæрæнбонты тох уыдис. Тох кодта æрдзы тыхтимæ тох кодта царды фæрæзтæ ссарыныл. Фæлæ тохмæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд куы рацыд, уæды хуызæн уæздан æмæ æхсарджын никуы уыд..


Ирон туг.


Макуы дын уа амæлæн, ирон туг,

Макуы у фæдисхъæрмæ къуырма.

Ды алантæй баззайгæ æхсон туг

Макуы аххуысс а зæххыл ды, ма


Уадз дæ арт нæртон уæнгты æхсида,

Арвæрттывдау кала уадз цæхæр,

Де стыр тых Уæлахизмæ куы сида,

Алантæн сæ фæдон уæд ды дæ,


Кæд æрæгиæ рафыцыс дæ мастæй,

Кæд дæ «Зæйтæй» риу æсвæййы мал.

Хаттæй-хатт ды сабухыс, фыр карзæй

Уромын уæд нал фæкомыс, нал!


Бахсыстæ Куырдалæгоны арты,

Миты сæр дæр судзыс ды зынгау.

Фесæфтой уæларвон зæдтæ нарты,

Сухы цагъд сæ бакодта Хуыцау.


Макуы рацу ды мæнгардæй 'мбалыл,

Тугæй туг нæ фехсадæуы 'дзух.

Тох кæнын лæгдзинадыл æмбæлы,

Сис æргом лæгæй-лæгмæ дæ къух.


Кад æмæ æгъдауыл мард ирон лæг,

Хæсты дæр уæлахизимæ сгуыхт.

Никуы уыдис фау хæссæн иронмæ

Сахъдзинад йæ нæртон туджы сфыхт.


Макуы дын уа амæлæн, ирон туг,

Макуы ахуысса – зæххыл ды, ма!

Ды алантæй баззайгæ æхсон туг,

Бахъæудзæн дæу тох кæнын нырма.


Фыдыбæстæ… Фыды уæзæг… Æнусты арфæйаг, æнусты хъæбулы фидар æнцой, не скаст, нæ сомыгæнæн! Дæ дон, дæ хус къæбæр иннæ хуртæй дзæбæхдæр тавы. Уæлдæф дæр сыгъдæгдæр у. Нæ хистæрты зарæг дæр дзы рæсугъддæрæй хъуысы.

Фыды къона – фыды уæзæг… Дæуыл фæдзæхсæм нæхи нæ райгуырдæй нæ базæрондмæ. Дæ рухс, дæ уарзондзинад нæ сайынц сæхимæ кæддæриддæр. Нæ дард балцы дæр дæуыл у нæ тыхст, нæ сагъæс. Цал ранæй дыл сæмбалынц, цал ранæй фехъусыс дæ хъæбулты зæрдæбын ныхæстæ:

  • Мæ цин, мæ хъыг, мæ сагъæстæ дæуыл сты, фыды уæзæг.

Фыдыбæстæ… Дæуæй зынаргъддæр, адджындæр ницы ис. Фыдæлты зæххыл алы бæлас дæр уарзон у. Уыдон адæймагæн дæттынц царды тых, дзæбæх ын кæнынц йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ.


Ирыстонæн


Цæуынц æнустæ. Дугтæ 'мæ замантæ

Кæрæдзи ивынц – уромæн сын нæй.

Нæ рагон Ир, - сæ байзæддаг Алантæн,

Дæ райсом хорз! Фæрнæй нын цæр фæрнæй!


Зæххон дзæнæт дæ урс хæхтæ, дæ хъæдтæ,

Дæ быдыртæ, дæ алæмæты æрдз.

Рæстмæ-иу уæнт дæ хъуыддæгтæ, дæ фæндтæ.

Мах уарзæм дæу ныййарæг мады бæрц!


Фыдæй фыртмæ рæстдзинадыл фæкуыстай,

Гъе, уымæн дардыл айхъуыстис дæ кой.

Дæ тырысайыл хи къухæй ныффыстай:

Сабырдзинад, хæлардзинад, фæллой.


Кæрдзындæттын фыдæлтæй баззад Ирæн,

Нæ уазæгдон нæ кодта никæд цух.

Сыхæгтæм никуы кодтай ды æртхъирæн,

Нæ систай никуы раст лæгмæ дæ къух.


Ныууагътой дын дæ рагфыдæлтæ Нартæ.

Уæздандзинад, хъару æмæ æгъдау.

Куы-иу хъуыд тох дæ цард æмæ дæ бартыл

Лæгдзинад уæд нæ агуырдтай æфстау.


Фæдисы хъæр та ацы бонты айхъуыст:

Фæнды кæйдæр фæфос кæнын дæуæй,

Йæ фарн нырма Ирыстонæн нæ байсыст,

Йæ амонд дæр нæма акодта уæй…


Нæртон хъару дæ фæсивæд æвдисы

Кæм хъæуы уым: куысты æмæ хæсты.

Фæстейы никуы баззадис фæдисы,

Йæ Иры никуы бафтыдта цæсты.


У бæстæ фаг æппæтæн дæр цæрынæн,

Сабыр цæрын у алкæмæн йæ бон.

Лымæн кæй хъæуы – уымæн Ир йæ лымæн.

Ызнаг кæй хъæуа – уый хардз та фæсмон!


Нæ рагон Ир! Дæ æгъдæуттыл, дæ уагыл

Уыдзыстæм алкæд иузæрдион мах!

Рæстфæндаг у дæ фидæны фæндагыл,

Кæнæд ыл фидар къахдзæфтæ дæ къах!


Нæ Иры зæхх, нæ Иры хæхтæ, зæнæгæй амондджын фестут. Зæнæгæй амондджын та æппæтæй дæр арфæйаг вæййы. Лæгæвзарæны фæсте никуы баззадысты уæ хъæбултæ. Уæ номæй, уæ ныфсæй сæ риуы æмбæрц лæгæрстой саумæйдарæй рухсмæ, æнусон æфсæрддзинадæй сæрибары хурмæ.

Ныййарæг мад, ныййарæг зæххы хæрзтæ никуыма ничи бафыста. Уый раст у. Фæлæ… Тылатты кæвдæсард Чермен та? Кæнæ Иры хæххон стъалы Къоста! Уæд Бæтæхъæйыхъæуккаг хъæбатыр Иссæ та? Йæ авд фырты, йæ авд хуры хæстон намысы фæндагыл кæмæн ахуыссыдысты, уыцы Дзуарыхъæуккаг мад та? Куыд ма ис æндæр хуызы ныййарæг мад, ныййарæг зæххы хæрзтæ бафидæн?

Æмæ-иу уымæн æрæмбырд сты нæ разагъды хистæртæ сæ рагон Ныхасы. Уымæн-иу систы Иры хъæбатыртæ сæ зарджыты, сæ кадджыты, сæ таурæгъты сæр. Ныхасы фæзæй-иу уымæн атахтысты сæ зарджытæ иу номæй номмæ, иу хъæуæй иннæ хъæумæ, иу зæрдæйæ иннæ зæрдæмæ.

Зарæг «Тохмæ лæппутæ».

Ирон адæм незаманæй нырмæ æрæмбырд кодтой стыр æхсæнадон фæлтæрддзинад, сарæзтой бирæ адæмтæн бæллиццаг чи уыд, ахæм цардахаст, бахъахъхъæдтой се 'взаг, дунейы зæронддæр æмæ мадзалджындæр æвзæгтæй иу.

20-æм æнус – ирон адæмæн стыр культурон æнтыстдзинæдты æнус. Аивады æмæ наукæйы арвыл ссыгъта ирд стъалыты нæмттæ:

Гасситы Афанаси – 1-аг ирон философ-гуманист. Иттæг хорз зыдта ирон, уырыссаг, рагон дзуттаг, грекъаг, латинаг, францаг, немыцаг æмæ рагон славяйнаг æвзæгтæ, этнографи, педагогикæ, дины истори, юридикон наукæтæ. Ныууагътон бирæ сфæлдыстадон бынтæ.

Гасситы Виктор – ирон намысджын сылгоймаг, фыццаг ирон профессионалон балеринæ. Уый 20-æм æнусы райдайæны зындгонд фыссæг Гæздæнты Гайтойы фыды хо, йæ арм ыл дардта. Уый фæрцы Гайтойы цардвæндаг уыд аивдæр æмæ рæсугъддæр.

Абайты Васо – номдзыд æвзагиртасæг. Йæ бындурон фæллæйттæ «Историко-этимологический словарь осетинского языка», «Осетинский язык и фольклор», «Нартовский эпос», «Грамматический очерк осетинского языка», æмæ бирæ æндæртæ стыр баварæн бахастой дунеон ираниетикæйы рæзтмæ. Тæлмацгонд ын сты англисаг, немыцаг, францаг, италиаг, венгриаг, балгариаг æмæ æндæр æвзæгтæм.

Мамсыраты Темырболат – 1-аг ирон профессионалон поэт. Цыма ахæм адæймаг ис, æмæ Темырболат æмдзæвгæтæ кæсгæ кæй зæрдæ не сриссы. Курдиатджын лæппуйæн æцæгæлон бæстæ ад не скодта, фæсмон æмæ бæллицтæй йæхи бахордта.

Нæ райгуырæн нæ бæстæ,

Цардæн адджын ды куы дæ!

Цард н 'агурæм дæ фæстæ

Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ!

Хетæгкаты Къоста – ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, 1-аг ирон профессионалон нывгæнæг, Петербурджы Нывгæныны академийы фыццаг ирон рауагъдон.

Туаты Ольгæ – филологон наукæты доктор, 1-аг ирон сылгоймаг – профессор.

Хетæгкаты Ларисæ – медицинон наукæты доктор, фыццаг ирон сылгоймаг-академик.

Тæбæхсæуты Бало – дардыл айхъуыст йæ ном. Уый йæ диссаджы арæхстдзинад æмæ курдиатæй бирæ адæмты минæвæрты нырризын кодта, Шекспиры уацмысты хъазгæйæ. Къарол Лир, Отелло, Макбеты чи федта, уыдон цæрæнбонтæм нал ферох кæндзысты номдзыд актеры.

Дудараты Вероникæ – нæ бæстæйы æмæ, чи зоны, дунейы дæр иунæг сылгоймаг – симфонион оркестры разамонæг. Йæ аивадæн ын стыр аргъ кæнынц Германы, Кубæйы Венесуэлæ, Дани, Мексикæ, Югославийы Перуйы. Аивадуарзджыты зæрдæтæ басаста, музыкæйæн уыцыиу рæстæг скульптор дæр æмæ режесер дæр кæй у, уымæй.

Адырхаты Светланæ – Иры номдзыд чызг, балеты æцæг дæсны. Балеринæ суæвын бирæты фæфæнды. Фæлæ алкæй бон бавæййы уыцы æрдхæрæны аивады бæрзæндмæ схизын. Уый йæ къухы бафтыд Адырхаты Светланæйæн не 'мзæххон хуымæтæг ирон лæджы чызгæн.

Андиаты Сослан – олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион, дунейы Кубочы дыууæ хатты уæлахиздзау, дунейы Европæйы ССР Цæдисы бирæ хæттыты чемпион, ССР Цæдисы спорты сгуыхт мастер.

Æвæццæгæн, ахæм адæймаг Ирыстоны нæй æмæ бæсты цирчы зындгонд Хъантемыраты чи нæ зоны. Сæ диссаджы аивад æмæ арæхстдзинадæй зæрдæскъæфт фæкодтой æнæхъæн дуне.

Тугъанты Дзерассæ. Йæ бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-имæ дунейы бирæ паддзахæдты циркуадджытæ æмдзæгъд кодтой лæугæйæ.

Плиты Иссæ – советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, æфсады инæлар.

Гæззаты Валери – дунеон къласы спорты мастер. Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер футболæй. Уый у стыр кад канд йæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Бæстæйы сæйраг командæйы сæргъы æрлæууыд Ирон лæг. Иры нæртон тырыса ноджы бæрзонд дæр рандзыл куыд æрсадза, ахæм хъару йæм разынæд.

Гергиты Валери – Ирыстоны сæрыстырдзинад, дунейы нымаддæр. 24-аздзыдæй йæ къухы бафтыд стыр æндыстдзинад – фæуæлахиз тынг зын дунеон музыкалон ерысы Герберт фон Караяны конкурсы, Санкт-Петербурджы Мариины театры аивадон разамонæг уæвгæйæ уыцы-иу рæстæг хуынд æрцыд АИШ-ы Калифорнийы симфонион оркестрмæ дирижерæй.

Иры зæхх, Иры хæхтæ! Зæнæгæй амондджын фестут. Чи фæуыдзæн нымад Ирæн ном чи скодта, уыдоны нæмттæ. Хуыцауы цæст нын уый бауарзæд æмæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæной.

Цытджын лæгтæ цытджын адæммæ равзæры. Ирыстоны у цытджын ирон адæмы бæстæ æмæ дзы райгуыры цытджын лæгтæ. Афтæ уыд. Афтæ уæд кæддæриддæр.




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Внеурочная работа

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
Композиция "Моя Осетия"

Автор: Хуцистова Алена Руслановна

Дата: 30.10.2016

Номер свидетельства: 353553

Похожие файлы

object(ArrayObject)#867 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(53) ""Женщина, пред именем твоим...""
    ["seo_title"] => string(30) "zhienshchinapriedimieniemtvoim"
    ["file_id"] => string(6) "317003"
    ["category_seo"] => string(10) "vneurochka"
    ["subcategory_seo"] => string(12) "meropriyatia"
    ["date"] => string(10) "1460225021"
  }
}
object(ArrayObject)#889 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(60) "«Экстремизму и терроризму - НЕТ» "
    ["seo_title"] => string(31) "ekstriemizmu-i-tierrorizmu-niet"
    ["file_id"] => string(6) "228641"
    ["category_seo"] => string(10) "vneurochka"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1441438279"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства