kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Брейн-ринг по Нартским сказаниям (цикл "Батрадз ама Хамыц")

Нажмите, чтобы узнать подробности

Брейн-ринг

Нарты кадджытæм гæсгæ

(цикл «Хæмыц æмæ Батрадз»)

Амонæг.

        Уæ бон хорз, нæ чысыл Зондабитæ! Тынг æхсызгон нын у уæ фенд ацы залы! Абон ам уыдзæн куырыхонты ерыстæ. Куыд зонæм Нарты кадджытæ? Нæ брейн-ринджы темæ у цикл «Хæмыц æмæ Батрадз».

 

Амонæг.

        Хъæздыг æмæ алывæрсыг у ирон адæмон сфæлдыстад, фæлæ дзы æппæты ирддæр, кадджындæр бынат ахсынц æнæмæлгæ, æнæферохгæнгæ Нарты кадджытæ.

Амонæг.

        Рагзаманты Нарты кадджытæ уыдысты хъомылгæнæн фæрæз; ирон адæммæ цы хуыздæр миниуджытæ уыдис, уыдоны æвæрæн: хъæбатырдзинад, уæздандзинад, рæсугъддзинад, хъару, æфсарм, лæгдзинад.  Абон дæр мах фæхонæм «нæртон» нæ лæгдæрты, нæ хъайтарты, фæзминæгты.

Амонæг.

         Нарты кадджытæ мах онг æрхæццæ сты хицæн кадджыты хуызы, сæ сæйраг архайджытæ сты цалдæр, кæрæдзимæ хæстæгдзинадæй баст æмæ аразынц хицæн мыггæгтæ.

         Уымæ гæсгæ Нарты кадджытæ дихгонд сты авд сæйраг циклтыл:  Уæрхæг æмæ йæ фырттæ.

                   Сатана æмæ Уырызмæг.

                   Сослан.

                   Сырдон.

                   Хæмыц æмæ Батрадз.

                   Ацæмæз.

 

                   Нарты сæфт.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Брейн-ринг по Нартским сказаниям (цикл "Батрадз ама Хамыц") »

Брейн-ринг

Нарты кадджытæм гæсгæ

(цикл «Хæмыц æмæ Батрадз»)


Амонæг.

Уæ бон хорз, нæ чысыл Зондабитæ! Тынг æхсызгон нын у уæ фенд ацы залы! Абон ам уыдзæн куырыхонты ерыстæ. Куыд зонæм Нарты кадджытæ? Нæ брейн-ринджы темæ у цикл «Хæмыц æмæ Батрадз».


Амонæг.

Хъæздыг æмæ алывæрсыг у ирон адæмон сфæлдыстад, фæлæ дзы æппæты ирддæр, кадджындæр бынат ахсынц æнæмæлгæ, æнæферохгæнгæ Нарты кадджытæ.


Амонæг.

Рагзаманты Нарты кадджытæ уыдысты хъомылгæнæн фæрæз; ирон адæммæ цы хуыздæр миниуджытæ уыдис, уыдоны æвæрæн: хъæбатырдзинад, уæздандзинад, рæсугъддзинад, хъару, æфсарм, лæгдзинад. Абон дæр мах фæхонæм «нæртон» нæ лæгдæрты, нæ хъайтарты, фæзминæгты.


Амонæг.

Нарты кадджытæ мах онг æрхæццæ сты хицæн кадджыты хуызы, сæ сæйраг архайджытæ сты цалдæр, кæрæдзимæ хæстæгдзинадæй баст æмæ аразынц хицæн мыггæгтæ.

Уымæ гæсгæ Нарты кадджытæ дихгонд сты авд сæйраг циклтыл: Уæрхæг æмæ йæ фырттæ.

Сатана æмæ Уырызмæг.

Сослан.

Сырдон.

Хæмыц æмæ Батрадз.

Ацæмæз.

Нарты сæфт.

Ацы циклтæй уæлдай ма ис бирæ чысыл циклтæ сæрмагондæй хицæн хъайтартимæ. Алы кадæг дæр дзы у хибар аивадон уацмыс.


Амонæг.

Нарты хъайтартæй алчидæр хайджын у йæхи сæрмагонд миниуджытæй. Тынг ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ сты Уырызмæг, Сатана, Сослан, Сырдон, Хæмыц, Батрадз æмæ Ацæмæзы фæлгонцтæ.


Амонæг.

Нæ абоны брейн-ринг уыдзæн Батрадз æмæ Хæмыцы тыххæй.


Амонæг.

Ныр та рахизæм нæ куыстмæ. Куыд зонут, афтæмæй алкæцы хъазтæн дæр ис йæхи бæрæг уагæвæрд.


Нæ хъазты уагæвæрд у ахæм:

1. Амонæг фарст кæсы, æмæ командæ хъуамæ дзуапп радта æнæ къуылымпыйæ.

2. Дзуапп дæтты уыцы командæ, кæцы раздæр сисдзæн тырыса.

3. Кæд æмæ командæ раздæр сиса йæ тырыса, уæд ын нал ис дзуапп дæттыны бар.

4. Кæд æмæ раст дзуапп радта, уæд ын лæвæрд цæуы 1 балл, кæд нæ, уæд иннæ командæтæ дарддæр хъуыды кæнынц минуты дæргъы, стæй дзуапп дæттынц.

5. Кæд командæтæй иу дæр раст дзуапп нæ радта, уæд иннæ раунды тох цæудзæн иу нæ, фæлæ дыууæ балыл.

6. Хъазт цæуы æртæ баллы онг. Уый фæстæ, чи рамбула, уыцы командæимæ хъазы иннæ командæ æмæ афтæ, цалынмæ æппæты зондджындæр командæ не сбæрæг уа, уæдмæ.


Брейн-ринджы раундты фæрстытæ.


1 раунд

1. Батрадзы мады мыггаг кæмæй уыд? (Быцентæй)

2. Кæм хъомыл кодта Батрадз? (денджызы бын)

3. Цæуылнæ уагъта Сатана Батрадзы æддæмæ, цæмæн æй бакодта

талынг агъуысты? (фыдбылыз искæмæн скæныны тæсæй)

4. Батрадзы цы хъуыди бацæттæ кæнын, цæмæй йæ Куырдалæгон

байсæра? (мæй æвзалы фæсудзын, мæй та дойнаг дзæнхъа

фæласын)

5. Нарты кадджытæм гæсгæ мæй куыд фæзынд?

(Сайнаг-æлдары кард Хæмыцæн Архъызы дæндагыл

сæмбæлд, кардæй иу къæртт фæхауди æмæ арвыл абадти – мæй

уæдæй фæстæмæ фæзынд).


2 раунд

1. Цæуылнæ уал ацыд Батрадз денджызмæ цæрынмæ, фæлæ

райдыдта цæрын Нартимæ?

(йæ сæрыхъуынтæ йын адастой æмæ йын сæ денджызы

бакалдтой)

2. Куыд хуынди Хæмыцы бæх? (Дур-Дура)

3. Нарты хистæртæ куыд æвзæрстой гуыбынæй Батрадзы кадæг

«Нарты æмбырд»-ы? (куывды фынгтæ афтæ сарæзтой, æмæ

Батрадз не ‘ххæсыд иумæ дæр).

4. Цал азы æмæ цæмæй фæхаста йæ бæхы Хызы æлдар, цæмæй

Сосланы усы, Хуры чызджы, йæхи бакæна? (авд азы, хъæбæр

хорæй)

5. Нарты ‘хсæн æрмæст Сатана æмæ Батрадз дзырдтой

ацы æвзагыл. Цавæр æвзаг у? Таурæгъ «Нарты симд»-ы

Батрадзæн ацы æвзаджы фæрцы байгом ис æфсæн чырын.

(хатиаг)


3 раунд

1. Таурæгъ «Нарты симд»-ы куыд хуындысты Хуры чызг æмæ

Мæйы чызджы нæмттæ?

(Хорческæ æмæ Мысырхан)

2. Батрадз куы райгуырд, уæд денджыз цæмæн бахуыскъ?

(Батрадз куы райгуырд, уæд сырх зынгæй ныггæпп кодта

денджызмæ æмæ денджызы дон æгасæй мигъ фестад, арвмæ

фæцыд æмæ денджыз бахуыскъ ис).

3. Цæимæ рацыдис Батрадз денджызæй кадæджы «Батрадзы

денджызæй куы расайдтой»?

(йæ дыууæ къухы дыууæ галы рахаста).

4. Цæуылнæ хастой сæ сæрмæ Нарты фæсивæды

Бурæфæрныджы авд фырты?

(уыдысты тынг дæсны фатæй æхсынæй)

5. Цæмæй ныххæцыд Куырдалæгон Батрадзыл, куы йæ

байсæрста, уæд? (æртдзысгæнæй)


4 раунд

1. Цæмæн баззад æнæ сæрыдæй Батрадзæн йæ иу тъанг?

(Дон байсыст, денджызмæ йæ куы ныппæрста Куырдалæгон, уæд)

2. Борæтæ кæй рарвыстой хонæг сæ куывдмæ Уырызмæгмæ?

(Сырдоны, ног чындзы)

3. Кадæг «Нарты æмбырд»-ы Нарты хистæртæ куыд фæлвæрдтой

Батрадзы йæ хъарутæй?

(йæ размæ йын Нарты хистæртæ арвыстой фондзыссæдз

барæджы).

4. Батрадз Хуыцауæй мард уæвгæйæ лæвар агуырдта. Цавæр

лæвар ын скодта Хуыцау?

(Хуыцау ыл æртæ цæссыджы æрæппæрста)

5. Кæд разы кодта Акулæ-рæсугъд Батрадзимæ расимын?

(фæсхохæй йын авдсæрон уæйыг Хъæндзæргæс йæ фыдæлтæй

иуы фæхаста (Уоны), æмæ йæ Хъæндзæргæсы ис-бонимæ

куы рахæсса, уæд).


5 раунд

1. Цавæр миниуджытæ уыд Уацамонгæмæ?

(йе сгуыхтдзинæдты тыххæй-иу æцæгтæ чи дзырдта, уый дзыхы

размæ-иу æнæвналгæйæ йæхи систа, науæд-иу йæ бынатæй

змæлгæ дæр нæ фæкодтаид)

2. Цы лæвар кодта Батрадз Уырызмæгæн, Акулæ-рæсугъды йын

куы фенын кодтаид, уæд?

(ивгъуыйгæ цы æрдын нæ кæны, уый)

3. Цавæр кувæндæттæ фæзынд Хуыцауы цæстысыг кæм æрхауд,

уыцы бынæтты?

(Таранджелос, Мыкалгабыртæ, Реком)

4. Цытæ радта Сатана Уырызмæгæн Борæты куывдмæ куы цыди,

уæд? (зæлдаг кæлмæрзæн, хæтæл)

5. Цавæр бон уыд Нарты хæцæн бон? (майрæмбон)


6 раунд

1. Куыд хъавыдысты Кадзитæ Батрадзыл фæтых уæвын?

(Йæ бацæуæны йын уæрм скъахтой æмæ йыл гауызтæ

байтыдтой)

2. Хуымæтæг æвзалыйы зынг Батрадзы куы нæ стæвд кодта,

уæд ын Куырдалæгон цы хæссын кодта æвзалыйы бæсты?

(залиаг кæлмытæ)

3. Цытæ æрæвæрдтой мысанæн Бурæфæрныджы авд фырты,

Батрадз куы æхста, уæд? (сæ худтæ, сæ куырæттæ)

4. Цы-иу ракодта Сатана, кувæн къуыппæй-иу Батрадзмæ

æххуысмæ куы сидти, уæд? (æртæ мыдамæсты)

5. Кæм хæцыдысты Батрадз æмæ Мукара? (Хызы быдыры)



7 раунд

1. Сатана цъæхснаг уисæй цъыччытæ кæнгæ Батрадзы цæмæн

батардта сæхимæ?

(Нарты сывæллæттимæ хъазгæйæ кæмæн йæ цонг атыдта, кæмæн

йæ зæнг фæмур кодта)

2. Куыдæй басаста Батрадз Хызы фидар? (Фатмæ йæхи бабæттын

кодта æмæ йæ Нарт æрдынæй фехстой)

3. Нарты гуыппырсартæ цæмæн æрæмбырд сты Сау хохы сæрмæ

æмæ самадтой симд? (Цæмæй Агуындæ-рæсугъды феной)

4. Фурды бын Мукарайæн фысым чи уыд? (Кадзитæ)

5. Цавæр таурæгъæй ис сты ацы ныхæстæ æмæ цы нысан кæнынц?

«Нæ зæронд галæн йе ‘ргæвдын афон æрхæстæг кæны».

(«Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта», Уырызмæджы

хъавыдысты марынмæ)


Амонæг.

Ныр та нæ хъазтæн хатдзæгтæ скæнæм, сбæлвырд кæнæм бынæттæ.



Маринæ, ацы æрмæг бацæттæ кодтон Гæбуты Неляимæ.



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Внеурочная работа

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Брейн-ринг по Нартским сказаниям (цикл "Батрадз ама Хамыц")

Автор: Битарова Светлана Шамильевна

Дата: 18.01.2015

Номер свидетельства: 157225


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства