kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?

Нажмите, чтобы узнать подробности

Эпигрæф  урокмæ:

                           Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –

                       Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

                       Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас,

                       Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.

  

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?»

Урочы темæ: Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?

(Миногонты дзырдарæзт фалхат кæныны урок.)

Урочы нысан: 1. Миногонæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын:

а)цы у миногон,

æ)миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ зæрдыл æрлæууын кæнын,

в)миногонты дзырдарæзт.

Хъомыладон нысан: Сывæллатты зæрдæты рæзын кæнын уарзондзинад мадæлтæм, сылгоймагмæ.

Техникон фæрæзтæ:

Компьютер, проектор, экран.

Эпигрæф урокмæ:

Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –

Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас,

Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.

Ахуыргæнæг: Цæуыл фыст сты ацы рæнхъытæ? Равзарын хъуыды.

Разы стут авторимæ? Цæмæн равзæрстон ацы темæ?

Уымæн æмæ æрхæццæ кæны Мады бон. Мах æй фæбæрæг кæнæн Джеоргуыбайы фæстаг хуыцаубон. Ахæм бæстæ нæй , æмæ Мады бон чи нæ бæрæг кæны. Уæрæсе йæ райдыдта бæрæг кæнын 1998 азæй нырмæ уæды рæстæджы президент Б.Н. Ельцины бардзырмæ гæсгæ.

Ныр та байхъусут базон-базонмæ, ама зæгъут, цавæр ныхасы хайыл дзы цæуы ныхас.

Йе ууæл номдарæн æвдисын,

Уый цæмæй зына æргом.

Бирæ хæстæ химæ исын,

Алкæддæр дæн семæ баст. (миногон)

Сывæллæттæ, уæдæ мах абон нæ урочы миногоны дзырдарæзт ахуыргæнгæйæ ныхас кæндзыстæм ныййарæг мадыл.

Ссарæм ма æмдзæвгæйы скъуыдздзаджы миногонтæ, равзарæм сæ.

Зæрдыл арлæууын кæнын миногонæй рацыд æрмæг.

Тестимæ куыст.

(Слайд) Экран сыхгæнын.

Дзырдуатон куыст.

Ныффыссын дзырдтæ, равзарын са дзырдарæзт.

Æгæрон, æдых, æмхуызон,æмзонд, æнæгъдау,æмвæнд, æдзонд, кусаг,зондджын, фæразон, бæрзондгомау, сауцæст, хæрзæгъдау.


Ахуыргæнæг: Уæдæ-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,миногнты арæзты сæйраг мадзæлттæ.

Ахуырдзауты дзуапп.

Ахуыргæнæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,

хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!

- Цы ис зæххыл зынаргъдæр мадæй? - МАД!

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Сылгоймаг у мад, чызг,хо,бинойнаг. Ис ыл бирæ хæстæ царды. Цæвæр нæмттæй ма дзурынц ирон адæм мадмæ?

(дзыцца, гыцци, æна ..)

Цавæр литературон уацмысты æмбæлæм ацы нæмттимæ?

(Чермены зарæг, «Сидзæргæс», «Бецал»…)

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, алкай цастытыл дæр , æваццæгæн, ауад йа мад, æмæ уæ алкæмæ дæр афтæ кæсы, мæн мадæй хъуыздæр нæй. Афтæ нæу? Уадæ ма ныр та уæ тетрæдты ныффыссут миногонтæ, кæцытæ авдисынц уа мадæлты миниуджытæ.

Бакæсут-ма сæ.

(Уарзон, фæлмæн, уарзæгой, аудаг, быхсон, фæразон,халарзæрдæ, зондджын, æмбаргæ, сæрæн,æрхъуыдыджын, рæсугъд, æгъдауджын, хатыргæнаг,мæтгæнаг, бараг, цингæнæг, цæстуарзон, амонæг… )


Ахуыргæнæг: Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг – бардуагмæ, Мадымайрæммæ, курынц дзы цот.


Презентаци равдисын, бакæсын Мады Майрæмы тыххæй армæг.


Ахуыргæнæг: Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, схъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс.

Чи фæнымайдзæн Мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн Мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын? Æвæццæгæн, никæй!..


Æрмæст адæммæ нæй æхæм стыр уарзондзинад мад æмæ хъæбулы астæу, фæлæ цæрæгойтæм дæр. Уый тыххæй бирæ уацмыстæ фыст.( «Хъусой», «Зæрватыкк»)


Фæйнæгыл текст.

Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.


Цады был царди хъоппæгцæст хæфс. Рауагъта дзы бирæ лæппынтæ. Мад сæ йæхицæй дæр фылдæр уарзта. Рæвдыдта сæ. Хъахъхъæдта сæ.

Иу хатт фыдзæрдæ кæсаглас бахъуызыд цъыфдзастмæ. Лæппынтæн сæ тæккæ дынджырдæры ацахста æмæ стахт арвмæ.

Хæфс фæкуыдта йæ лæппуйы сæфтыл.

Райсомæй бæстæ куы райхъал, уæд хуры зæлдаг тын сæмбæлд хæфсы риуыл. Хуры тын батавта мады зæрдæ.

– Мæ хъæбул мæм æрхæццæ! – фæхъæр кодта хæфс. Йæ риуыл цы хуры тын афынæй, ууыл йæ дыууæ къухæй ныххæцыд.

– Цæй хъарм дæ, цæй адджын дæ, мæ чысыл хъæбул!

Адæм мæнгæн нæ фæзæгъынц:

– Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.

(Айларты Черменмæ гæсгæ)



Тексты æвзæрст


3. Текст аив каст бакæнын.

4. Беседæ:

- Цæмæ ис ахæм сæргонд текстæн?

- Цæмæй бæрæг у хæфс йæ лæппынты бирæ уарзта, уый?

- Цавæр фыдми бакодта кæсаглас?

Куыд æй схуыдта автор? Куыд ма йæ схонæн ис?

- Цавæр æхсызгондзинад æрцыд мадыл райсомæй?

- Цæмæн бацин кодта хæфс хуры тыныл?

5. Куыд ма бацамонæн ис æмбисондæн (сæргондæн) «Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын»?

6. Дзырдтæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын: хъоппæгцæст, фыдзæрдæ, кæсаглас, цъыфдзастмæ; адджын.

Æрдзурын сæ дзырдарæзтыл.

7.Текстæй рафыссын дзырдбæстытæ миногонтимæ.

8. Комкоммæ ныхасимæ хъуыдыйæдтæ бакæсын


Ахуыргæнæг: Ныр та аулафам. Алчи дæр уарзы фæлмæн, рæвдауæн ныхас. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, фæлмæн ныхас калм дæр æмбары.. Уæда-ма сымах дæр уæ кæрæдзийæн зæгъут рæсугъд ныхæстæ-миногонтæ.

Къордты куыст.


Текст 1. Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ ном!.. Куыд æнæнымæц стыд дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!

Хуыцау зæгъæд, æмæ алы кæстæр дæр куыд æмбара уыцы хъуыддæгтæ æмæ куыд архайа, цæмæй Мады зæрдæмæ маст ма хæсса, фæлæ йын аккаг лæггад кæна. Хъыгагæн, Мады хæрзтæ алы хъæбул нæ фембары, æмбæлон аргъ сын нæ фæкæны.








Текст 2.

Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, схъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс. Цас фыдæбон федта Мад йæ царды, хъæбул хъомылгæнгæйæ, цал æгъуыссæг æхсæв арвыста йæ кæстæры æнæмæт фынæй хъахъхъæнгæйæ, цал хатты йæ бахызта фыдбылыз æмæ æвзæр хъуыддæгтæй, цас уарзондзинад æмæ хъармдзинад ын балæвар кодта æнæвгъау?!


Текст 3. Сылгоймаг!... Мад!.. Цас хорз миниуджытæй хайджын дæ?! – Хъæбатыр, фæразон, сæрыстыр, барджын, уынгæгзæрдæ, фидар, хиуылхæцгæ…

Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад? Чи ссардзæн уыйбæрц ныхæстæ? Цавæр аив дзырды дæсны сныв кæндзæн Мады монументалон фæлгонц?..

Фарст: Зæгъут-ма, сывæллæттæ, æнæ миногонтæй æвзагæн уæвæн ис? Цæуылнæ?(æвзаг уаид мæгуыр, тксты аив, зæрдæмæ æабæлгæ нæ уаид…)


1.Текты ссарын миногонтæ, равзарын сæ.

Нывæцæн: Мæ мад амондджын уæд уыдзæн, æмæ … (5минуты)

Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй …

Сывæллæттæ кæсынц нывæцæнтæ, кæрæдзийы фыстытæн аргъ канынц.


Ахуыргæнæг: Мады тыххæй ис бирæ æмбисæндтæ.

Мады армæй сой цæуы.

Мады хъæбыс фæлмæн у.

Мадæй уарзондæр нæй.

Мады зæрдæ-æнкъараг.

Мадæн йе лгъыст дæр арфæйау у.

Мады уындæй æхсызгондæр ницы ис.


Бакæсын амбисæндтæ.

Дзырд мады хауæнтæ сбæрæг кæнын.

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ. Сбæрæг кæнын сывæллæтты ахаст урокмæ.

Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

Урочы бамбæрстон…

Урочы мын зын уыд…

Æз банкъардтон…

Царды мын ацы урок феххуыс …


Хæдзармæ куыст . Нывæцæн «Мæ мад» Спайда кæнын миногонтæй.

«Куыд æххуыс кæнын мæ мадæн.»


Ахуыргæнæг: Мæ урок мæ фæнды фæуын ахæм ныхæстæй:

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе’ ппæт дæр’ фсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

Ахуырганаг: Сывæллæттæ, уæ мадæлты фæндиаг байрæзут. Цин æмæ сын амонд хæссут.





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Русский язык

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?

Автор: Кулаева Светлана Рубеновна

Дата: 23.05.2017

Номер свидетельства: 418102


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства