kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Æнæмæлгæ уарзт»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темæ: «Æнæмæлгæ уарзт» -ы таурæгъ

                   (Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау» -мæ гæсгæ). 

 

Урочы нысан:

  1. Урочы ног хуыз – урок – тæрхон-ы руаджы равдисын сывæллæттæн, ирæды фыдæгъдау кæй у худинаг æмæ амæлинаг. Уыцы хъуыды æвдыст æрцæудзæн радзырды æппæрццæг хъайтартæн тæрхон скæныны руаджы.

  2. Скъоладзаутæ сæ хъарутæ хъуамæ аразой ирон мæлинаг фыдæгъдæутты ныхмæ æмæ бæззонтæй та исой хорз дæнцæгтæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Æнæмæлгæ уарзт»»

Урочы темæ: «Æнæмæлгæ уарзт» -ы таурæгъ

(Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау» -мæ гæсгæ).


Урочы нысан:

  1. Урочы ног хуыз – урок – тæрхон -ы руаджы равдисын сывæллæттæн, ирæды фыдæгъдау кæй у худинаг æмæ амæлинаг. Уыцы хъуыды æвдыст æрцæудзæн радзырды æппæрццæг хъайтартæн тæрхон скæныны руаджы.

  2. Скъоладзаутæ сæ хъарутæ хъуамæ аразой ирон мæлинаг фыдæгъдæутты ныхмæ æмæ бæззонтæй та исой хорз дæнцæгтæ.

  3. Хи хъуыдытыл æфтауын скъоладзауты, æдæрсгæ хъуамæ зоной хатдзæгтæ кæнын.


Урочы фæлгонц: Фæйнæг фыстытимæ, цитатæтæ, фыссæджы

къам, иллюстрацитæ радзырдмæ гæсгæ.

Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.



Эпигрæф

Уарзондзинады æфхæрд низæй низдæр у.


Урочы цыд.

Ахуыргæнæджы разныхас. Уæ бонтæ хорз æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ!Абон мах нæ размæ сæвæрдтам ахæм хæс, равзарын, кæй аххосæй æрцыдысты Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау» - ы сæйраг персонажтæ Азау æмæ Таймуразы уарзондзинад трагикон кæронмæ.

«Фыссын куыст у, фæлæ хаттæй – хатт фыссын свæййы стыр сгуыхт. Ацы хъуыддаг базонын кæй фæнды, уый лæмбынæг æркæсæд Секъайы цардмæ». Афтæ фыста Абайты Васо.

Уæдæ ма байхъусæм мах дæр Секъайы царды хаббæрттæм. Йæ чызг Верæйы мысинæгтæ. (Скъоладзау дзуры Секъайы хабæрттæ)

Мах нæ урочы спайда кæндзыстæм урочы ног хуызæй-урок тæрхон.

Æнусты сæрты цы уарзондзинад æрбахызт нæ дугмæ, уый у æнæмæлгæ. Равзæрд æмæ рахъомыл дард Ганисы хъæуы. Цардысты Ганисы хъæуы тынг хæларæй дыууæ сыхаджы-Сечъынаты Боба æмæ Тогъызаты Бибо. Бобайы хæдзары райгуырд чызг-Азау, Бибойы хæдзары та лæппу-Таймураз. Бинонтæ, сæрмагондæй мадæлтæ, кæрæдзийæн дзырд раттой, сабитæ куы бахъомыл уой, уæд уыдзысты бинонтæ, ус æмæ лæг. Сывæллæттæ хъомыл кодтой уыцы хъуыдыимæ. Сæххæст сыл ссæдзгай азтæ. Се хсæн пилон калдта æхсидгæ уарзондзинад.

Стыр фæлварæн рауад сæ уарзондзинадыл, Таймуразы фыд Бибо æд фос зæйы бын куы фæци, уæд лæппу нал уыд чызгæн æмсæр, уымæн æмæ фæмæгуыр.

Фæлæ уый нæ бамынæг кодта, æрыгæтты зæрдæты цы уарзондзинады арт сыгъд, уый. Уыцы артыл сын их дон бакæлдæуыд.

Абон у тæрхоны бон, хъуамæ æнусты фæстæ тæригъæд удты рæстдзинад фæуæлахиз уа. Аххосджынтæ та æфхæрд баййафой.

Æрбахуыдтам нæ тæрхондонмæ радзырд «Ахау»-ы персонажты иууылдæр-æвæрццæгæй, æппæрццæгæй. Тæрхонгæнджытæ сты: суды лæг, адвокат, присяжнытæ. Уæдæ бакæсæм, куыд иртæст цæуы раст æмæ зылын нæ тæрхондоны.

Прокурор. Мæнмæ ис иу хæс: цæмæй рабæрæг уа, кæй аххосæй фесæфтысты Азау æмæ Таймураз. Аххосджынтæ хъуамæ ацы бон æфхæрд баййафой. Алчидæр нæ Хуыцауæй басомы кодта, рæстдзинад кæй дзурдзæн.

(Хъуысы музыкæ-оперæ «Азау»-æй. Музыкæ куы æрныллæг уа, уæд тæрхондоны лæг æрцавта йæ дзæбугæй æмæ райдыдта йæ ныхас).

Прокурор. Байхъусæм уал Сечъынаты Бобамæ. Сечъынаты Боба, радзур ма æцæгдзинад. Дæ чызг Азауы æвæндонæй моймæ цæмæн радтай Бигъанатæн?

Боба.Уымæн æмæ мæ чызджы амондджын хъысмæтыл хъуыды кодтон. Амонд та æрмæст хъæздыгдзинадæй цæуы.

Прокурор. Уыцы амонд цасæй балхæнынмæ хъавыдтæ?

Адвокат. Уый йæхи хъуыддаг у, чызджы миниуджытæ цас хуыздæр сты, уыйас ирæд хуыздæр.

Тæрхоны лæг. Дæхиуыл фæхæц, адвокат. Прокурор, дарддæр дзур! (Дзæбугæй æрцавта).

Прокурор. Боба, цæмæн фехæлдтай æрдхорддзинады ард? Бибо æд фос куы нæ фесæфтаид, уæддæр ыл афтæ сыстырзæрдæ уыдаис?

Адвокат. Алчи дæр йæхæдæг æвзары æрдхорддзинад!

Прокурор. Уыдон æгæр уæлæнгай ныхæстæ сты. Уымæ гæсгæ зæгъын, Боба, ды æрдхорддзинадыл гадзрахатæй кæй рацыдтæ, мулчы цæстæй йæм кæй акастæ.

Адвокат. Уыцы рæстæг æнæ ирæд чызг раттын худинаг уыд!

Прокурор. Алы рæстæджы дæр ис парахатзæрдæ адæм, фæлæ Боба, сæ къордмæ нæ бахаудтæ! Тынг хъæбæрзæрдæ разындтæ.

Тæрхоны лæг. Прокурор, дæ хъуыдытæ присяжнытæн уадз æмæ дæм кæд ницыуал фарста ис Бобамæ, уæд иннæ аххосджын рацæуæд!

Прокурор. Бобамæ нал дæттын фарстатæ. Ныр та рацæуæд йæ бинойнаг Хъаныхъон. (Боба йæ бынаты сбадт. Хъаныхъон рацыд æмæ слæууыд æвдисæны бынаты).

Прокурор. Хъаныхъон, Томианимæ зæрдиаг ныхас цæуылнæ уал кодтай, сæ гыццылæй фæстæмæ сæ амондджын хъысмæтыл цы сабиты тыххæй ныхасгонд уыдыстут, уыдоныл.

Хъаныхъон. Нæ бирæгъ лæгæй тарстæн.

Адвокат. Йæ бон ницы уыд ахæм æгъатыр рæстæджы сылгоймагæн. Прокурор. Ницæййаг ныхæстæ! Ды дæр, Хъаныхъон, мæгуырдзинадæй фæтарстæ дæхицæн æмæ дæ чызгæн. Куыд мад, афтæ йын нæ бамбæрстай йæ зæрдæйы хъынцым, йæ бæрзонд сыгъдæг æнкъарæнтæ. Ауæй кодтай дæ чызджы егъау ирæдыл, дæс æмæ æртиссæдз хъугыл. Дæ моимæ нал аныхас кодтай.

Адвокат. Сылгоймаджы ничи ницæмæй фарста, йæ мой йæм нæ байхъуыстаид.

Тæрхоны лæг. Уæ хъуыды æмбæрстгонд у. Прокурор, ныр та кæй хоныс æвдисæны бынатмæ?

Прокурор. Рацæуæд, фыдбон кæуыл ныккодта, уый. Хонын дæ, Таймураз. (Хъаныхъон ацыд. Таймураз рацыд æвдисæны бынатмæ).

Тæрхоны лæг. Адвокат, дæ фарстатæ ратт. (Адвокат размæ рацыд).

Адвокат. Таймураз, кæйдæр куырд усы цæмæн аскъæфтай? Зонгæ йæ куы кодтай, туг кæй ныккæлдзæн. Цæмæн бабын кодтай фæсивæды хуыздæрты чызг скъæфгæйæ?

Таймураз. Уарзондзинады тыххæй. Мæ сонтбонтæй фæстæмæ мæ удæй фылдæр кæй бауарзтон, æнæ уымæй цард мæхицæн кæй тыххæй нæ аккаг кодтон, уыцы æнæрцæф чызджы тыххæй.

Адвокат. Æгъдауæй цæуылнæ ракуырдтай дæ уарзон Азауы?

Таймураз. Мæ фыд æд фос зæйы бын куы фæци, уæд смæгуыр дæн, мæ бон Азауы бинонтæн стыр ирæд бафидын нал баци. Йæ фыд та æнæ ирæд йæ чызджы нæ лæвæрдта.

Боба. (репликæ). Æз мæ чызджы амондыл дзырдтон!

Прокурор. Адæймаджы амонд мулчы нæй, фæлæ уарзондзинады!

Адвокат. Æмæ уæд мад æмæ фыды уарзондзинад та? Сæ чызгыл æрхъæцмæ чи нæ хъæцыд…

Тæрхоны лæг. Хатдзæгтæ кæнынмæ уæ ницы кæсы, присяжныты бар уадзут уыцы хъуыддаг! Адвокат, искæйы ма дæ зæрды ис бафæрсын?

Адвокат. Æнæмæнг, хонын æвдисæны бынатмæ Азауы. (Таймураз йæ бынатмæ ацыд. Азау рацыд æвдисæны бынатмæ).

Адвокат. Азау, кæйдæр ус уæвгæйæ, цæмæн сразы дæ Таймуразы фæдыл? Цæмæн ахызтæ æнусон æгъдауы сæрты, дæ ныййарджыты ныхасы сæрты? Цæмæн бауагътай тугныккалд дыууæ мыггаджы æхсæн?

Азау. Мæ уарзондзинад мæ зондыл фæтых. Хуыцау мын Таймуразы сныв кодта мæ зæрдæйы, æндæр нæлгоймаг равзарын мæнæн мæлæт равзарæгау уыд. Хуыцау ма ныббарæд мæ ныййарджытæн. Мæ фыд та у æууæнкхор, сомыхалæг, мæрдтæм йе рдхорды зæрдæхудты бацыд.

Боба. Дæ амонды тыххæй афтæ бакодтон.

Азау. Мæ амонд мæнæн æрмæст Таймураз уыд! Бæргæ дæ фæндыд ме намондыл дæ мулк фæфылдæр кæнын. Мæ тæригъæд цæрæнбонты фæхæсс! Тæрхоны лæг. Æгъгъæд цæстысыг калынæн! Хабар кæронмæ алыг кæнын хъæуы!

Прокурор. Æвдисæн бынатмæ рацæуæд Дыса. (Азау ацыд йæ бынатмæ. Дыса рацыд æвдисæны бынатмæ).

Прокурор. Дыса, радзур ма, куыд суазæг кодтай Азауы, куыд нæ фæтарстæ хъодыйы азарæй.

Дыса. Мæгуыры сау бонтæ! Уый мæм æхсæвы куы æрбахоста, уæд ын йæ уындæй фæтарстæн. Скъæфджытæ æмæ фæдисæттæ кæрæдзийы куы ныццагътой, уæд Азау дуры бын бамбæхст, Таймураз та фыдцæфтæй йæ мадæрвадæлтæм, Урстуалтæм тыххæйты аирвæзт. Азау, мæгуыр, дуры бын куы сфæлмæцыд, уæд сусæгæй мæнмæ æрбацыд–адæм ыл уæдмæ хъоды бакодтой. Ахæм тыхст адæймагæн баххуыс кæнын æз нымайын удыбæстæйыл. Хъодыйы азарæй тыхджындæрыл. Æлгъыст фæуæд уыцы адæймаг, фыццаг хатт йæ чызджы фосау ирæдыл чи ауæй кодта. Азау мæ хур акæнæд, ахæм фыдрæстæджы йæ зæрдæйы фæндоныл чи ацыд. Æцæг нал базыдтон, уыцы фæстаг изæр кæдæм ацыд, цы фæци, хæринаг ма йын куы бахастон лæгæтмæ, уæд. Бирæ ма йæ фæцагуырдтон æмæ йæ куы нæ уал ссардтон, уæд фæкуыдтон нæ тæригъæддаг хъысмæтыл.

Прокурор. Дыса, ды сбад.

Адвокат.Цы йын фæци Дыса? Цалдæр хус къæбæры йын баппæрста æмæ уымæй уæ зæрдæ алхæдта…Фæлæ уын æз ныртæккæ æвдисæнæй ракæндзынæн æцæг адæймаг, Азауы йæ зын сахаты чи фервæзын чи кодта. Хиуаг, æвдисæн банатмæ рацу.(Дыса йæ бынатмæ ацыд. Хиуаг рацыд æвдисæн бынатмæ).

Адвокат. Хиуаг, радзур ма, цы уавæрты сæмбæлдтæ ды Азауыл?

Хиуаг. Мах нæ фос хохæй тардтам быдырмæ, уымæн æмæ уазалтæ кæнын куы райдыдта, уæд сын уым дарæн нал уыд. Нæ куыйтæ срæйдтой æмæ баййæфтон къæдзæхы рæбын æрыгон сылгоймаг тæнæг къабайы. Уыцы уавæры дæр тынг рæсугъд уыд, мæ зæрдæ дзы баззад. Æмæ йæ æз нæхимæ акодтон.

Прокурор. Раст æй цыма барвæндонæй акодтай!

Хиуаг. О, нæ йæ фæндыд, йæхи кæуынæй мардта, фæлæ æз æнхъæлдтон, искуы мæ бауарздзæн, æмæ йæ мæхицæн ус скодтон.

Прокурор. Ды æцæг адæймаг куы уыдаис æмæ сылгоймаджы зæрдæйы уаг куы бамбæрстай, уæд æй фæхæццæ кодтаис йæ уарзонмæ. Фæлæ ахæм сылгоймаг æнæ ирæдæй дæ къухы бафтыд. Æмæ равдыстай дæ цæсгом. Дæ дыууæ фырты дæр дæхи хуызæн æдзæсгом. Азауæн дæр зæнæджы ад уымæн не скодтой.

Азау. (репликæ йæ бынатæй) Цæрæнбонты мын залиаг калмы ад фæкодта.

Тæрхоны лæг. Фæлæуут ма иу гыццыл. Кадджын хистæр Мистъала, хонын дæ æвдисæн бынатмæ.(Хиуаг ацыд. Мистъала рацыд æвдисæн бынатмæ).

Тæрхоны лæг. Мистъала. Цæмæн рахастай хъодыйы тæрхон дæ цардбæллон кæстæртæн?

Мистъала. Уый æппæтæй дæр рогдæр тæрхон уыд сæ уавæры. Адæм сæ дурты бын кæнинаг уыдысты, марын фæнд сын кодтой.

Тæрхоны лæг. Фендджын лæг куы дæ, цæуылнæ сын фæтæригъæд кодтай?

Мистъала. Ирон æгъдау куыд амоны, афтæ бакодтон.

Тæрхоны лæг. Ирон æгъдау уарзондзинады ныхмæ у?

Мистъала. Бынтондæр ныссуйтæ дæн мæ хъуыдыты. Нал æй æмбарын, цы у растдæр, уый. Таймураз æмæ Азау ирон æгъдауы сæрты ахызтысты, сæ фæстæ тугныккалд расайдта. Мыггæгтæн æндæр ницы хуызы нал уыд бафидауын кæнын.

Прокурор. Æмæ йæ чи æрхъуыды кодта уыцы æгъдау: уарзæгой удты кæрæдзийæ чи фæхицæн кодта.

Мистъала. Уый нæм фыдæлтæй баззад. Мæн азымджын кæнын нæ хъæуы. Æз æрмæстдæр рахастон, нæ фыдæлтыккон æгъдæуттæ куыд амыдтой, ахæм тæрхон. Уыцы уавæрмæ хъуыддаг чи бауагъта. Уыдон сты æцæг аххосæгтæ!

Тæрхоны лæг. Бузыг, Мистъала, дæ хъуыды æмбæртгонд у. Присяжнытæм байхъуысæд дæ ныхас.(Мистъала ацыд йæ бынатмæ).

Прокурор. Тæрхоны лæг, курдиат мæм ис: фæдзурон ма иу æвдисæнмæ.

Тæрхоны лæг. Табуафси, æцæг фæтагъддæр кæнут.

Прокурор. Æвдисæны бынатмæ хонын Магдайы.(Магда рацыд æмæ æвдисæны бынаты æрлæууыд).

Прокурор. Магда, ды фæстаг хатт федтай Азауы удæгасæй. Радзур-ма, цы уавæрты?

Магда. Бирæ азты фæстæ Азау йæ иу фыртимæ æрбацыд Ганисы хъæумæ. Тынг ыл бацин кодтой æфсымæртæ, хъæубæстæ, фæлæ бæрæг уыд, йæ цыды сæр Таймураз кæй уыд, уый. Æз ын радзырдтон, Таймураз Урстуалты кæй фæцард æмæ æрыгонæй æнæ бинойнаг, йæ зæрдæйы хъæдгомæй кæй амард æмæ йæ йæ фыд Бибойы фарсмæ нæхи уæлмæрдты кæй бавæрдтой. Цалдæр хатты Азауы агургæ дæр кæй кодта йæ удæгасæй. Уыцы ныхæстæм Азау йæ хуыз цалдæр фæлывды акодта æмæ йæ курдиатмæ гæсгæ ацыдыстæм уæлмæрдмæ. Уыцы диссаг куы нæ федтаин: Азау Таймуразы ингæныл ныддæлгом, йæ дзыхыдзаг ма сыджыт фелвæста æмæ уым йæ уд систа.

Прокурор. Магда, куыд дæм кæсы хъодыбакæнд Азау æмæ Таймуразыл?

Магда. Фæсмон, фæсмон…Фæсмон фæкæнæд ирæды фыдæгъдау æрхъуыдыгæнæг. Æнæраст хъодыйæн та йæхиуыл хъоды бакæнын хъæуы. Раст, æнæхин уарзæгой удты тæригъæды чи бацыд. Ацы мæнг дуне сæ фæхицæн кодта, фæлæ дзæнæты та иумæ фæбадæнт. (Магда йæ бынатмæ ацыд).

Тæрхоны лæг. (Дзæбугæй æрцавта). Алкæмæ дæр байхъуыстам æвдисæнтæй. Ныр та ныхасы бар нæ зынаргъ присяжнытæн. Табуафси, кæнут хатдзæгтæ.(Хъуысы музыкæ).

Ахуыргæнæг. Байхъуыстам тæрхонгæнджытæм æмæ скæнæм хатдзæгтæ.

  1. Раст уыд тæрхон æви нæ? Раст уыдысты Азауы мад æмæ фыд, сæ чызджытæвæндонæй кæй радтой, уый?

  2. Куыд дарынц сæхи Азау æмæ Таймураз? Автор сын цавæр характеристикæ дæтты?

  3. Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты æгъдæуттæ, мæгуырдзинад, тугкалæн тас? Фæтарстысты уыдонæй Азау æмæ Таймураз?

  4. Секъа уарзонæй ныв кæны йæ радзырды хъæуы хистæр Мистъалайы: «Лæдзæг йæ къухы, урс-урсид зачъе цыллæйы хуызæн, сæвджын риуыл ирдгæ фæйлаыдта». Куыд уæм кæсы, уыцы тæрхон рахæссын зæронд лæгæн æнцон уыд?

  5. Азау Дысамæ куы рбацыд, уæд иу ран афтæ дзуры: «Ды мын ныййарæг мадæй адджындæр мад. Мæ хæрзæбонæй-æнæхай, мæ фыдæбонæй-хайджын». Автор куыд æвдисы Дысайы?


Присяжныты дзуæппытæ.

Ахуыргæнæг. Азау æмæ Таймуразы хсæн уыд тынг рæсугъд æнкъарæнтæ. Фæлæ мыггагон патриархалон цард дыууæ уарзоны рухс бæллицты размæ æрæвæрдта, аиуварс кæмæн нæй, ахæм цæлхдуртæ.

Амонды суадон кæй хуыдтой Азау æмæ Таймураз, уыцы уарзондзинад сын фыдбылызы суадон фестын кодтой Азауы ныййарджытæ æмæ уыцы рæстæджы патриархалон царды уаг.

Уарзондзинады темæ, куыд загътам, афтæ ног нæу. Уыцы тыхджын æнкъарæн æвдыст цæуы æнусæй-æнусмæ фæсарæйнаг æмæ уырыссаг литературæйы.(Дæнцæгтæ)

«Арвыкомыл ц уджытæ куыддæр æфцæгæй ахизынц. Афтæ сæ цæстæнгас саразынц Хъуды коммæ. Кувæндонау фæкæсынц Ганисмæ, сусæг-æргомæй фæрсынц кæрæдзийы. Агурынц Азау æмæ Таймуразы бæлас…»-фыссы Джыккайты Шамил.

Секъа уарзæтты ном адæмæн уарзон скодта. Уымæн æмæ рæсугъд.зæрдæмæдзæугæ сты йæ уацмыстæ. Уыцы уацмыстæ уыдзысты цардхъом, фæлтæртæ сæ кæсдзысты, уымæн æмæ Секъа равдыста карз æмæ зын уавæрты æхсыст, домбай характертæ, æнæкæрон уарзт æмæ æнæуынондзинад. Уый цы сылгоймæгты фæлгонцтæ сарæзта-Азау, Зæлда, дысы, Марине, Манидзе, Айса-уыдон сты хæххон сылгоймаджы удыхъæды хуыздæр цыртдзæвæнтæ.

Æнус æмæ æрдæгæй фылдæры сæрты нæм нæ рæстæджы поэты æмдзæвгæйы рæнхъытæй хъуысы Секъайы хъæлæс.(Скъоладзау кæсы Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ «Секъа»).

Тæрхоны лæг. Ис ныртæккæ дæр æнæгъдау адæм, мулчы цæстæй чи кæсы цардмæ. Ахæмтæ сæ удыхъæдæй сты хæрзмæгуыр. Ницæмæ дарынц цард рæсугъ цы æнкъарæнты фæрцыу, нæ фыдæлтæ домбай цæмæй уыдысты. уыцы æгъдау, æфсарм, намыс. Фæлæ мах семæ дæр кæндзыстæм æнæауæрдон тох. Абоны суд ахæмтæн зондамонæг фæуæд, сæ зæрдыл дарæд, цард кæй æхсиды æрмæст сыгъдæг ахастдзинæдтæй, æууæнкæй, хорз æмгарæй, уарзондзинадæй. Присяжныты тæрхон у раст: фыдæлтыккон мæлинаг æгъдау-ирæд исынæн-хъоды! (Дзæбугæй æрцавта.Хъуысы музыкæ).










Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Русский язык

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 8 класс

Скачать
«Æнæмæлгæ уарзт»

Автор: Кулаева Светлана Рубеновна

Дата: 23.05.2017

Номер свидетельства: 418095

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(79) "Тема:"Хетагкаты Къоста -ирон адамон фыссаг"."
    ["seo_title"] => string(39) "tiemakhietaghkatykostaironadamonfyssagh"
    ["file_id"] => string(6) "275274"
    ["category_seo"] => string(10) "literatura"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1452534920"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства