kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Сказка " Тархъусы хадзар"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Аргъау «Тӕрхъусы хӕдзар».

Амонӕг. Уӕ бонтӕ хорз! Ныртӕккӕ уын равдисдзыстӕм адӕмон аргъау «Тӕрхъусы хӕдзар». Цардысты  уыдысты Тӕрхъус ӕмӕ Рувас. Алкӕмӕн дӕр дзы уыд хӕдзар. Тӕрхъусӕн хъӕдын хӕдзар уыди, рувасӕн та-ихын хӕдзар.

Тӕрхъус: Мӕхицӕн хӕдзар сараздзынӕн. Тынг рӕсугъд хӕдзар. Уарынӕй дӕр мын тас нӕ уыдзӕн. Хур дӕр мӕ нӕ судздзӕн.

Ӕз Тӕрхъус дӕн,

Къӕлӕтджыныл бадын

Алырдӕм фӕлгӕсын.

Хъӕды сырдтӕй

Иуӕй дӕр нӕ тӕсын,

Ис мӕнӕн хӕдзар!

Рувас: Къалиу ам, къалиу уым. Мит уӕле, их бынӕй-ӕмӕ хӕдзар цӕттӕ. Диссаджы хӕдзар. Сырдтӕ сеппӕт дӕр мӕнмӕ хӕлӕг кӕндзысты.

Тӕрхъус: Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цытӕ кусыс? Цы аразыс?

Рувас: Мӕнӕ мӕхицӕн хӕдзар сарӕзтон. Диссаджы хӕдзар!

Тӕрхъус: Рувас, уӕ рувас! Нӕ тӕрсыс, зымӕг куы фӕуа ӕмӕ уалдзӕг куы ралӕууа, уӕд дӕ хӕдзар нӕ батайдзӕн?

Рувас: Ӕмӕ цӕмӕй тӕрсын? Дӕ хӕдзар мӕ хӕдзарӕй цӕмӕй хуыздӕр у? Ӕрбакӕс ма йӕм, ӕрттывдтытӕ нӕ калы! Цы зӕгъдзынӕ? Ӕви мӕм хӕлӕг кӕныс? Мӕ  хӕдзар у, мӕн куыд фӕнды, афтӕ аразын хӕдзар. Ӕз ӕппындӕр ницӕмӕй тӕрсын!

Тӕрхъус: Куыд ницӕмӕй тӕрсыс? Уалдзӕг ралӕудзӕн, ӕртавдзӕн хур, дӕ хӕдзар батайдзӕн. Ӕмӕ баззайдзынӕ бадгӕйӕ малы астӕу.

Рувас: Ма мын тӕрс, мӕ хӕлар, нӕ баззайдзынӕн. Исчи мын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн. Стӕй уалдзӕг нырма дард у.

Тӕрхъус: Хорз уӕдӕ, мӕ хӕлар. Хорзӕй уал баззай.

Рувас: Дзӕбӕх у, мӕ сыхаг.

Амонӕг: Рацыд мӕй. Рувас ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, уалдзӕг куыд ралӕууыд. Хур тавын райдыдта ӕмӕ рувасы хӕдзар батади.

Рувас: Ныр цы кӕнон? Кӕдӕм ма фӕцӕуон? Цы фӕуыдзынӕн ӕнӕ хӕдзар? Раст мын дзырдта мӕ сыхаг. Ихӕй исчи хӕдзӕрттӕ аразы? Цӕуон, ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнон тӕрхъусӕн, кӕд мӕ бауадзид йӕ хӕдзармӕ. Тӕкку, уӕ Тӕкку, хӕдзары нӕ дӕ? Ӕддӕмӕ ма мӕм ракӕс.

Тӕрхъус: Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цы кӕныс? Цӕуыл тыхсыс?

Рувас: Ӕз дӕумӕ ӕрбацыдтӕн, дӕ хорзӕхӕй, бауадз мӕ, мӕхи батавон. Уазал мын у.

Тӕрхъус: Дӕхи атавай зӕгъыс? Ӕмӕ цы кодтай? Цы дыл ӕрцыд?

Рувас: Уалдзӕг ралӕууыд… Нӕ кӕсыс, хӕдзар мын нал ис. Мӕ царм ахус кӕнон. Уым цӕмӕндӕр мал ис. Ӕз ахаудтӕ ӕмӕ ныххуылыдз дӕн. Бауадз мӕ ахъарм кӕнынмӕ, кӕннод мӕ уазал бацӕудзӕн.

Тӕрхъус: Ӕмӕ дын нӕ дзырдтон, ихӕй хӕдзӕрттӕ чи аразы? Цӕй, цы дын кӕнон ныр. Рацу, батав дӕхи.

Амонӕг. Бауагъта Тӕрхъус Рувасы. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Рувас Тӕрхъусы ратардта.

Рувас. Хъус ма, Тӕкку! Ацы хӕдзар дыууӕйӕн у тынг къуындӕг. Ацу ныр ардыгӕй. Ам ӕз иунӕгӕй дӕр тынг дзӕбӕх цӕрдзынӕн.

Тӕрхъус: Ау, уый та куыд? Мӕхи хӕдзарӕй мӕ тӕрыс?

Рувас: Тӕрын дӕ, тӕрын! Ауай ардыгӕй. Ацы хӕдзар ныр у мӕ хӕдзар.

Амонӕг. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы.  Йӕ размӕ фӕци Куыдз.

Куыдз. Цӕуыл кӕуыс Тӕкку? Цӕуыл хъыг кӕныс? Чи дӕ фӕнадта?

 Тӕрхъус: Куыд нӕ кӕуон, Хъусой? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕрӕндӕвта. Рувасӕн йӕ хӕдзар батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр  ратардта…(кӕуы).

Куыдз. Ма ку Тӕкку. Цом, ӕз ӕй ратӕрдзынӕн. Рувас, ӕддӕмӕ ма ракӕс.

Рувас: Цы кӕныс, цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?

Куыдз: Тӕрхъусы хӕдзарӕй ацу! Ау-ау-ау!

Рувас: Куы дӕм рагӕпп кӕнон, куы дӕм расӕррӕт кӕнон, уӕд дӕ къабазгай акӕндзынӕн.

Куыдз. Мӕнӕ цы тызмӕг у. Цӕуон ардыгӕй, ӕндӕра мӕ хӕргӕ дӕр бакӕндзӕн.

Амонӕг. Куыдз фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы. Йӕ размӕ фӕци Арс.

Арс:  Цӕуыл кӕуыс Тӕкку, цы дыл ӕрцыд? Чи дӕ бафхӕрдта? Тӕрхъус: О-мӕ куыд нӕ кӕуон? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕрӕндӕвта. Рувасӕн йӕ хæдзар батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ратардта…(кӕуы).

Арс. Цом, ӕз ӕй ратӕрдзынӕ. Ау, ӕз Арс нал дӕн, ӕви? Рувас, ӕддӕмӕ ма ракӕс.

 Рувас: Цы кӕныс, цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?

Арс. Ныртӕккӕ Тӕрхъусы хӕдзар суӕгъ кӕн!

Рувас: Куы дӕм рагӕпп кӕнон, куы дӕм расӕррӕт кӕнон, уӕд дӕ къабазгай акӕндзынӕн!

Арс: Цӕуон ардыгӕй, ӕндӕра мӕ ай хӕргӕ дӕр бакӕндзӕн.

Амонӕг.   Арс фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы. Йӕ размӕ фӕци Уасӕг.

Ӕз уасæг дæн, уасæг                          

Сыгъзæрин къоппа.                           

Сырхзæлдаг боцъо!                           

       Ӕз раджы сыстын,

       Ӕз хъӕрæй зарын!

       Ӕппæт цæрджыты

       Хуыссын нæ уадзын!

 Уасӕг: Хъу-хъри-хъу! Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цы кӕныс, цы дыл ӕрцыд? Чи дӕ бафхӕрдта? Цӕуыл хъыг кӕныс?

Тӕрхъус: Куыд нӕ хъыг кӕнон? Куыд нӕ кӕуон, мӕ сыхаг? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та- ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕртавта. Йӕ хӕдзар Рувасӕн батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ратардта…(кӕуы).

Уасӕг: Цом, ӕз ӕй ныртӕккӕ ратӕрдзынӕн.

Тӕрхъус: Нӕ, Хъусой йӕ тардта ӕмӕ йӕ нӕ ратардта, Арсой ӕй тардта –нӕ йӕ ратардта, ды та йӕ ӕппындӕр нӕ ратӕрдзынӕ…(кӕуы).

Уасӕг. Хъу-хъри-хъу! Ау, уый та куыд? Фӕхӕссын ме уӕхскыл цӕвӕг, фӕнды мӕ рувасы фӕнӕмын. Рацу, Рувас, ӕддӕмӕ!

Рувас: Ныртӕккӕ, ныртӕккӕ! Мӕ дзаумӕттӕ акӕнон.

Уасӕг. Хъу-хъри-хъу! Иухатт ма дӕм дзурын!

Фӕхӕссын ме уӕхскыл цӕвӕг,

Фӕнды мӕ рувасы фӕнӕмын.

Рацу, Рувас, ӕддӕмӕ!

Рувас: Ныртӕккӕ, мӕ кӕрц акӕнон.

Уасӕг: Фӕстаг хатт ма дын зӕгъын. Ацу Тӕрхъусы хӕдзарӕй!

Амонӕг. Рувас фӕтарсти ӕмӕ хъӕдмӕ алыгъди.Тӕрхъус: Бузныг дын, Уасӕг! Цы кодтаин, ды мын куы нӕ баххуыс кодтаис, уӕд?

Куыдз: Тӕрхъусы хӕдзарӕй ацу! Ау-ау-ау

Амонӕг. Рувас фӕтарсти ӕмӕ хъӕдмӕ алыгъди.Тӕрхъус: Бузныг дын, Уасӕг! Цы кодтаин, ды мын куы нӕ баххуыс кодтаис, уӕд

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Сказка " Тархъусы хадзар"»

Аргъау «Тӕрхъусы хӕдзар».

Амонӕг. Уӕ бонтӕ хорз! Ныртӕккӕ уын равдисдзыстӕм адӕмон аргъау «Тӕрхъусы хӕдзар». Цардысты уыдысты Тӕрхъус ӕмӕ Рувас. Алкӕмӕн дӕр дзы уыд хӕдзар. Тӕрхъусӕн хъӕдын хӕдзар уыди, рувасӕн та-ихын хӕдзар.

Тӕрхъус: Мӕхицӕн хӕдзар сараздзынӕн. Тынг рӕсугъд хӕдзар. Уарынӕй дӕр мын тас нӕ уыдзӕн. Хур дӕр мӕ нӕ судздзӕн.

Ӕз Тӕрхъус дӕн,

Къӕлӕтджыныл бадын

Алырдӕм фӕлгӕсын.

Хъӕды сырдтӕй

Иуӕй дӕр нӕ тӕсын,

Ис мӕнӕн хӕдзар!

Рувас: Къалиу ам, къалиу уым. Мит уӕле, их бынӕй-ӕмӕ хӕдзар цӕттӕ. Диссаджы хӕдзар. Сырдтӕ сеппӕт дӕр мӕнмӕ хӕлӕг кӕндзысты.

Тӕрхъус: Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цытӕ кусыс? Цы аразыс?

Рувас: Мӕнӕ мӕхицӕн хӕдзар сарӕзтон. Диссаджы хӕдзар!

Тӕрхъус: Рувас, уӕ рувас! Нӕ тӕрсыс, зымӕг куы фӕуа ӕмӕ уалдзӕг куы ралӕууа, уӕд дӕ хӕдзар нӕ батайдзӕн?

Рувас: Ӕмӕ цӕмӕй тӕрсын? Дӕ хӕдзар мӕ хӕдзарӕй цӕмӕй хуыздӕр у? Ӕрбакӕс ма йӕм, ӕрттывдтытӕ нӕ калы! Цы зӕгъдзынӕ? Ӕви мӕм хӕлӕг кӕныс? Мӕ хӕдзар у, мӕн куыд фӕнды, афтӕ аразын хӕдзар. Ӕз ӕппындӕр ницӕмӕй тӕрсын!

Тӕрхъус: Куыд ницӕмӕй тӕрсыс? Уалдзӕг ралӕудзӕн, ӕртавдзӕн хур, дӕ хӕдзар батайдзӕн. Ӕмӕ баззайдзынӕ бадгӕйӕ малы астӕу.

Рувас: Ма мын тӕрс, мӕ хӕлар, нӕ баззайдзынӕн. Исчи мын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн. Стӕй уалдзӕг нырма дард у.

Тӕрхъус: Хорз уӕдӕ, мӕ хӕлар. Хорзӕй уал баззай.

Рувас: Дзӕбӕх у, мӕ сыхаг.

Амонӕг: Рацыд мӕй. Рувас ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, уалдзӕг куыд ралӕууыд. Хур тавын райдыдта ӕмӕ рувасы хӕдзар батади.

Рувас: Ныр цы кӕнон? Кӕдӕм ма фӕцӕуон? Цы фӕуыдзынӕн ӕнӕ хӕдзар? Раст мын дзырдта мӕ сыхаг. Ихӕй исчи хӕдзӕрттӕ аразы? Цӕуон, ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнон тӕрхъусӕн, кӕд мӕ бауадзид йӕ хӕдзармӕ. Тӕкку, уӕ Тӕкку, хӕдзары нӕ дӕ? Ӕддӕмӕ ма мӕм ракӕс.

Тӕрхъус: Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цы кӕныс? Цӕуыл тыхсыс?

Рувас: Ӕз дӕумӕ ӕрбацыдтӕн, дӕ хорзӕхӕй, бауадз мӕ, мӕхи батавон. Уазал мын у.

Тӕрхъус: Дӕхи атавай зӕгъыс? Ӕмӕ цы кодтай? Цы дыл ӕрцыд?

Рувас: Уалдзӕг ралӕууыд… Нӕ кӕсыс, хӕдзар мын нал ис. Мӕ царм ахус кӕнон. Уым цӕмӕндӕр мал ис. Ӕз ахаудтӕ ӕмӕ ныххуылыдз дӕн. Бауадз мӕ ахъарм кӕнынмӕ, кӕннод мӕ уазал бацӕудзӕн.

Тӕрхъус: Ӕмӕ дын нӕ дзырдтон, ихӕй хӕдзӕрттӕ чи аразы? Цӕй, цы дын кӕнон ныр. Рацу, батав дӕхи.

Амонӕг. Бауагъта Тӕрхъус Рувасы. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Рувас Тӕрхъусы ратардта.

Рувас. Хъус ма, Тӕкку! Ацы хӕдзар дыууӕйӕн у тынг къуындӕг. Ацу ныр ардыгӕй. Ам ӕз иунӕгӕй дӕр тынг дзӕбӕх цӕрдзынӕн.

Тӕрхъус: Ау, уый та куыд? Мӕхи хӕдзарӕй мӕ тӕрыс?

Рувас: Тӕрын дӕ, тӕрын! Ауай ардыгӕй. Ацы хӕдзар ныр у мӕ хӕдзар.

Амонӕг. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы. Йӕ размӕ фӕци Куыдз.

Куыдз. Цӕуыл кӕуыс Тӕкку? Цӕуыл хъыг кӕныс? Чи дӕ фӕнадта?

Тӕрхъус: Куыд нӕ кӕуон, Хъусой? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕрӕндӕвта. Рувасӕн йӕ хӕдзар батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ратардта…(кӕуы).

Куыдз. Ма ку Тӕкку. Цом, ӕз ӕй ратӕрдзынӕн. Рувас, ӕддӕмӕ ма ракӕс.

Рувас: Цы кӕныс, цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?

Куыдз: Тӕрхъусы хӕдзарӕй ацу! Ау-ау-ау!

Рувас: Куы дӕм рагӕпп кӕнон, куы дӕм расӕррӕт кӕнон, уӕд дӕ къабазгай акӕндзынӕн.

Куыдз. Мӕнӕ цы тызмӕг у. Цӕуон ардыгӕй, ӕндӕра мӕ хӕргӕ дӕр бакӕндзӕн.

Амонӕг. Куыдз фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы. Йӕ размӕ фӕци Арс.

Арс: Цӕуыл кӕуыс Тӕкку, цы дыл ӕрцыд? Чи дӕ бафхӕрдта? Тӕрхъус: О-мӕ куыд нӕ кӕуон? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕрӕндӕвта. Рувасӕн йӕ хæдзар батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ратардта…(кӕуы).

Арс. Цом, ӕз ӕй ратӕрдзынӕ. Ау, ӕз Арс нал дӕн, ӕви? Рувас, ӕддӕмӕ ма ракӕс.

Рувас: Цы кӕныс, цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?

Арс. Ныртӕккӕ Тӕрхъусы хӕдзар суӕгъ кӕн!

Рувас: Куы дӕм рагӕпп кӕнон, куы дӕм расӕррӕт кӕнон, уӕд дӕ къабазгай акӕндзынӕн!

Арс: Цӕуон ардыгӕй, ӕндӕра мӕ ай хӕргӕ дӕр бакӕндзӕн.

Амонӕг. Арс фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Цӕуы Тӕрхъус ӕмӕ кӕуы. Йӕ размӕ фӕци Уасӕг.

Ӕз уасæг дæн, уасæг

Сыгъзæрин къоппа.

Сырхзæлдаг боцъо!

Ӕз раджы сыстын,

Ӕз хъӕрæй зарын!

Ӕппæт цæрджыты

Хуыссын нæ уадзын!

Уасӕг: Хъу-хъри-хъу! Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг! Цы кӕныс, цы дыл ӕрцыд? Чи дӕ бафхӕрдта? Цӕуыл хъыг кӕныс?

Тӕрхъус: Куыд нӕ хъыг кӕнон? Куыд нӕ кӕуон, мӕ сыхаг? Уыд мын хъӕдын хӕдзар, Рувасӕн та- ихын хӕдзар. Уалдзӕг ралӕууыд. Хур ӕртавта. Йӕ хӕдзар Рувасӕн батади. Бауагътон ӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ратардта…(кӕуы).

Уасӕг: Цом, ӕз ӕй ныртӕккӕ ратӕрдзынӕн.

Тӕрхъус: Нӕ, Хъусой йӕ тардта ӕмӕ йӕ нӕ ратардта, Арсой ӕй тардта –нӕ йӕ ратардта, ды та йӕ ӕппындӕр нӕ ратӕрдзынӕ…(кӕуы).

Уасӕг. Хъу-хъри-хъу! Ау, уый та куыд? Фӕхӕссын ме уӕхскыл цӕвӕг, фӕнды мӕ рувасы фӕнӕмын. Рацу, Рувас, ӕддӕмӕ!

Рувас: Ныртӕккӕ, ныртӕккӕ! Мӕ дзаумӕттӕ акӕнон.

Уасӕг. Хъу-хъри-хъу! Иухатт ма дӕм дзурын!

Фӕхӕссын ме уӕхскыл цӕвӕг,

Фӕнды мӕ рувасы фӕнӕмын.

Рацу, Рувас, ӕддӕмӕ!

Рувас: Ныртӕккӕ, мӕ кӕрц акӕнон.

Уасӕг: Фӕстаг хатт ма дын зӕгъын. Ацу Тӕрхъусы хӕдзарӕй!

Амонӕг. Рувас фӕтарсти ӕмӕ хъӕдмӕ алыгъди.Тӕрхъус: Бузныг дын, Уасӕг! Цы кодтаин, ды мын куы нӕ баххуыс кодтаис, уӕд?

Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Русский язык

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 5 класс

Скачать
Сказка " Тархъусы хадзар"

Автор: Кулаева Светлана Рубеновна

Дата: 25.05.2017

Номер свидетельства: 418594

Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства