kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Зыд ?м? к?р?фдзинады тем?Хет?гкаты Къостайы басня «Марходар?г» -ы

Нажмите, чтобы узнать подробности

Сравнительная характеристика басен И. Крылова и К. Хетагурова.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Зыд ?м? к?р?фдзинады тем?Хет?гкаты Къостайы басня «Марходар?г» -ы»

Темæ: Зыд æмæ кæрæфдзинады темæХетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг» -ы

Нысан: Абарын Хетæгкаты Къ. басня «Марходарæг» æмæ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград»



Универсиалон ахуырадон архайдтытæ



Ахуырадон:

Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын тексты мидæг.

Цалдæр текстимæ кусын.

Дыууæ уацмысы кæрæдзийыл абарст, анализ.



Коммуникативон:

Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын

Къордты кусын



Регулятивон:

Хатдзæгтæ аразын

Аив кæсын текст



Æрмæг: Басняты чингуыты равдыст, презентаци, карточкæтæ таблицæимæ



Эпиграф: «Рагон адӕймаг йӕхи ӕмбарынхъом куы фӕци, уӕд йӕ алыварс акаст ӕмӕ ӕрсагъӕс кодта дунейыл, стӕй йӕхиуыл. Йӕ размӕ сӕвзӕрд дыууӕ фарстайы: куыд арӕзт у дуне, стӕй адӕймаг йӕхи хъуамӕ куыд дара? Фыццаг фарстӕн дзуапп лӕвӕрдта мифтӕй, дыккагӕн та – басняйӕ»

Эзоп.

Урочы цыд:

1 Бацæттæгæнæн рæстæг.

Уазджытæн салам раттын.

2 - Сывæллæттæ, нæ урок райдайын мæ фæнды дзырдбыдæй. Баххæст ма йæ кæнæм æмæ базонæм, нæ урочы абон цæуыл дзурдзыстæм, уый.

1 з

ы

м

æ

г


2 а

л

о

л

л

а

й

3 г

и

н

о


4 ф

ы

д

у

а

г



5 м

а

д



6 а

м

о

н

д

7 ф

ы

д



8 ф

æ

н

д

ы

р

9 к

а

д






Фæрсырдæм:

1 Хетæгкадты Къ. æмдзæвгæ афæдзы афонтæй иуы тыххæй

2 Авдæны зарæджы ном

3 Къостайы æмдзæвгæ гæдыйы тыххæй

4 Коммæ чи нæ фæкæсы, уыцы лæппуйы ном

5 Æппæтæй зынаргъдæр адæймаг сывæллоны царды

6 Къоста цæрæнбонты цæмæ бæллыд йæ адæмæн?

7 Къоста йæ … Леуанæн стыр аргъ кодта

8 Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд

9 Ирон адæм Къостайæн кæндзысты …

Цы дзырд уæм рауад сырх цæджындзы, уый ма бакæсут. Цавæр литературон жанры фембæлæм зондамындыл?

Эпиграфмæ рахизын æмæ йæ бамбарын кæнын





3 - Цы у басня?

4 - Басняты сæйраг архайджытæ чи вæййынц?



- Хæдзармæ уын лæвæрд уыди ахæм хæс: бацагурут æмæ бацæттæ кæнут æрмæг зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг басняфысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй, базонгæ нæ кæнут, цы зонындзинæдтæ райстат, уыдонимæ.



1-аг ахуырдзау: Раныхас Эзопы тыххæй.

- Эзоп уыди рагон бердзенаг басняфыссæг, басняйы бындурæвæрæг. Царди æхсæзæм æнусы нæ эрæйы агъоммæ. Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ бон рæстдзинад æргом дзурын нæ уыд, уый тæссаг уыд йæ цардæн. Фæсномыг ныхас кæй æрхъуыды кодта, уымæ гæсгæ йæ ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».

Эзопæн йæ æддаг бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ цыргъзонд адæймаг, хорз арæхстис баснятæ фыссынмæ. Йæ баснятæ фыст уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй, цыргъзонд.

Таурæгъмæ гæсгæ, Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ тарстысты, сæ гæды, фæлывды митæ сын Эзоп куы рахъæр кæна æмæ адæмы цæсты куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмæй дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ хызыны сусæгæй нывæрдтой аргъуанæй ист сыгъзæрин къус. Схуыдтой йæ давæг, рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдзæхæй раппæрстой. Æнаххос адæймаджы кæй амардтой, уый тыххæй сыл æрцыд тынг бирæ фыдбылызтæ.



2-аг ахуырдзау: Раныхас Иван Крыловы тыххæй.

Уырыссаг басняфыссæг Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг тынг зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм февралы мин авдсæдæ æхсай фарæстæм(1769) азы. Йæ фыд службæ кодта æфсады, фесгуыхт Пугачёвы растады рæстæг. Амард мæгуырæй капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд уыд, уæддæр æрдзæй уыд тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ цот ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ æмæ хуыцаумæ кувыныл. Мин авдсæдæ æвдай цыппæрæм (1774) азы Крыловты бинонтæ æрцардысты Тверы. Иванæн ахуыр кæныны фадат фæцис цыппар азы фæстæ. Бынæттон хъæздыг лæг тынг фæдис кодта лæппуйы тырнындзинадыл ахуырмæ æмæ йын бар радта йæ сывæллæттимæ ахуыр кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ, математикæ, французаг æмæ италиаг æвзæгтæ.

Мин астсæдæ фарæстæм(1809) азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ: хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мӕнгарддзинад.

3-аг ахуырдзау: Жан де Лафонтен

Жан де Лафонтен у зындгонд французаг поэт æмæ басняфыссæг. Царди æхсæрдæсæм æнусы. Йæ сывæллоны бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ йæ ныййарджытæ арвыстой Парижмæ, семинарийы барад ахуыр кæнынмæ.Фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд цард йæ ныййарджытимæ. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ Парижмæ ацыд æмæ литературон куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс(12) басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымыдисаг, аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Равзæрстой йæ Французаг академийы уæнгæй.



- Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?

- Цавæр басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?

- Чи нын æй æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл?

-Цавæр зондамынд райстам уыцы басняйæ?

- Цавæр хорз миниуджытыл нæ ахуыр кæны?

- Æвзæр миниуджытæй та дзы кæцытыл худы Къоста?

Цы зонындзинæдтæ райстам, уыдоныл ма ноджыдæр бафтаудзыстæм, цæмæй нæ миддуне хъæздыгдæр кæна, ууыл бацархайдзыстæм.





Хъазт:

- Ныр та мæ фæнды, цæмæй иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Уырны уæ…?». Алы партæйыл дæр ис сыфтæ таблицæимæ. Цифрæтæй æз фæбæрæг кодтон фарстаты нымæцтæ. Мæ алы фарст дæр-иу райдайдзынæн ахæм дзырдтæй «Уырны уæ…?» Кæд уæ фарст уырна, уæд дыккаг рæнхъы сæвæрдзыстут «+» нысан, кæд нæ, уад та – « - « нысан.

1

2

3

4

5

6

7

















-Цæттæ стут? Уæдæ райдайæм!

1) Уырны уæ, æмæ басня цыбыр уацмыс кæй у? Йæ архайджытæ сты зайæгойтæ, сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ дзы ныхас фæцæуы адæймаджы миниуджытыл?

2) Уырны уæ, басняйы адæймаджы хорз миниуджытыл кæй фæхудынц, уый?

3) Уырны уæ, басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй загъд кæй æрцæуы, уый?

4) Уырны уæ, фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты, уый?

5) Уырны уæ, Хетæгкаты Къоста баснятæ фыста, уый?

6) Уырны уæ, баснятæ чи æрхъуыды кæны, уыцы адæймаджы басняфыссæг

хонынц, уый?

7) Уырны уæ, басня прозæйæ фыст вæййы, уый?

- Кæцы фарстатæ уæм фæкастысты зын?

Ныр та уал уæ сыфтæ иуварс авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы темæ куы раргом кæнæм, уæд.

НОГ ÆРМÆГ



Радзурын таурæгъ адæймаджы зыд æмæ æнæфсисы тыххæй





Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мæ. Кæсы йæ актёр Мерденты Юрий

Равзарæм ма, цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы ис, уыдоны нысаниуæг.

Дзырдуатон куыст:

МАРХОДАРÆГ – комдарæг адæймаг. Дингæнæг адæймагæн афæдз иу мæйы дæргъы сойаг хæрын нæ фембæлы. Уыцы бæрæгбон хуындис мархо. Мархо чи дардта, уый та - марходарæг.

УРСАГ – æхсыр æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ.

МÆХЪИ – хохы фæхстæй хос цæмæй ластой, ахæм хъилтæ.

УÆРДÆХ – здыхст лыстæг уис, бæттæн, синаг

ГУЫДЫНХЪУС – чъынды, гуыбындзæл, бирæхæраг

Басняйы анализ

  1. Чи сты басняйы архайджытæ?

(куыдз æмæ гæды)

  1. Цæмæ у сæ каст сæ дыууæйæн дæр?

(сæ каст у фиумæ, сæ бæллиц- сæххæссын æм, фæлæ уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не фты)

  1. Цавæр сусæгдзинад æмбæхсынц сæ кæрæдзийæ куыдз æмæ гæды?

(Сæ былыцъæрттæ хæрынц фиумæ, фæлæ уыцы хабарыл сæ иу дæр нæ сæтты)

  1. Басняйы тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг у?

(Уый бæрæг у куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм, цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй «Ма тæрс, æз мæ цардæн базыдтон æгъдау… Æз нал дæн мархохор дæуау»)



- Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын у уæ бон ацы баснямæ?

«Зыдгæнæг æфсис куы зонид, уæд зыд дæр нæ кæнид»

«Бирæйæ бирæгъ дæр не фсæды»

«Зыд æмæ кæрæфы æфцæгыл маргъ дæр тæхын нæ уæнды»

«Лæджы цæстæн бафсис нæй»

«Цæст сыджыты йеддæмæ ницæмæй æфсæды»

«Хæлæггæнаг цармæ цъындæй кæсы»

«Гуыбындзæлыл йæ гуыбын комдзог цæуы»

«Гуыбын дæ куыд фæхудинаг кæна, афтæ – ницы»



- Крыловы баснятæй уын уæ зæрдыл кæцы æрлæууын кодта? («Лисица и виноград» (байхъусын æм)

- Æнгæс сюжет ма ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры басня)

Ныр та ахæм хæс: Абарæм Къостайы æмæ Иван Крыловы баснятæ – цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Адих уыдзыстут къордтыл.

1-аг къорд сæхимæ бæрæг кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.

2-аг къорд та – сæ хицæндзинæдтæ. Æххуысæн уæ разы уыдзысты басняты тексттæ. Алы къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау (рæстæг 5 мин.)



Къоста. «Марходарæг»

Крылов И.А.

«Лисица и виноград»















- Æрмæг куыд бамбæстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин)

ТЕСТ

  1. Басня у …

а) цыбыр радзырд

б) зондамонæн радзырд

в) цыбыр фæсномыг ныхасæй фыст уацмыс зондамындимæ



  1. Басняйы архайджытæ сты…

а) адæм

б) цæрæгойтæ, мæргътæ, зайæгойтæ

в) адæм, сырдтæ



  1. Баснятæ фыстой…

а) адæмы аиппытыл ахудыны тыххæй

б) хи раст дарын куыд хъæуы, ууыл

в) ахудыны тыххæй



  1. Йæ формæмæ гæсгæ басняйæн вæййы…

а) комкоммæ нысаниуæг

б) фæсномыг/ахæсгæ нысаниуæг



  1. Басняйы вæййы…

а) хатдзæг

б) хатдзæг дзы нæй, алчи йæ æрхъуыды кæны йæхæдæг

в) хатдзæг дзы нæ хъæуы



- Раздæхæм ма нæ 1-аг таблицæмæ. Ногæй дзуапп раттæм нæ фарстатæн æмæ баххæст кæнæм 2-аг рæнхъ.

- Кæцы фарстатæм гæсгæ уæ хъуыдытæ фæхицæн сты?

- Цæмæн?

- Нæ урочы дæргъы дзуапп цавæр фæрстытæн нæ райстат?

Хатдзæгтæ

_Цалынмæ хатдзæгтæ кæнæм, уадмæ алы рæнхъæй дæр сæрæндæр чи у, уыдон размæ рауайдзысты æмæ ацæттæ кæндзысты къулы газет.



Хæдзармæ куыст:

1 Аив кæсын басня «Марходарæг»

2 Саразын нывтæ баснямæ гæсгæ.





























Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Зыд ?м? к?р?фдзинады тем?Хет?гкаты Къостайы басня «Марходар?г» -ы

Автор: Тебиева Лариса Касполатовна

Дата: 27.04.2016

Номер свидетельства: 323202


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства