kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Урок по теме " Фыццаг ирон скъола"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок связан с созданием первой школы в Осетии.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Урок по теме " Фыццаг ирон скъола"»

9-æм кълас

Темæ. Фыццаг скъола Ирыстоны.


Урочы хуыз: ног зонындзинæдтæ райсыны урок .

Урочы нысантæ:

1. Ног лексикæ бафидар кæнын, ныхасы мидæг дзы раст пайда кæнын.

2. Ныхас æмбарын æмæ дарддæр ахæццæ кæныны фæлтæрæнтæ аразын. Æмбаргæ

кæсыны арæхстдзинæдтæ фидар кæнын.

3. Монологон-диалогон ныхас аразыныл кусын.

4. Текстæн пълан аразын. Нымæцонты тыххæй æрмæг фæлхат кæнын.


Хъомыладон хæс: Ахуыр - рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын

ахуырдзаутæн.


Урочы фæлгонц: магнитофон, диск I фæлтæрæны æрмæгимæ, презентаци «Ирыстоны

зындгонд ахуыргæндтæ», презентаци «Колыты Аксо – ирон

чызджытæн скъолайы бындурæвæрæг». Урочы методикон рацарæзт

  1. Бацæттæгæнæн хай.

  2. Урочы мотивацион уавæр.

- Бакæсут, байхъусут зарæджы скъуыддзагмæ æмæ зæгъут кæй тыххæй у?

( слайд 1)

- Чи у Плиты Иссæ?

- Кæй ма зонут Ирыстоны зындгонд адæмæй?

- Æмæ цæмæй адæймаг зындгонд суа, уый тыххæй та цы кæнын хъæуы?

III. Урочы актуализаци.

- Раст, цæмæй фидæны ахуыргонд, кадджын, нымад уат, уый тыххæй хъæуы

хорз ахуыр кæнын, хиуыл кусын. Хъуамæ алчидæр йæ размæ сæвæра хæс

æмæ тырна уыцы хæс сæххæст кæнынмæ. Ныртæккæ та уæ размæ ис иу

бæрнон хæс – райсын хорз зонындзинæдтæ. Æмæ уыцы зонындзинæдтæ та

исут æрвылбон кæм?

IV. Проблемон бакуыст ног темæйыл.

- Зæгут-ма уæдæ, сымахмæ гæсгæ цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?

- Тынг раст зæгъут. Сымах ахуыр кæнут нырыккон скъолайы, нæ темæ та

баст уыдзæни фыццаг ирон скъолайы равзæрдимæ. ( слайд 2)

V. Ног темæйыл куыст:

  1. Фонетикон куыст.

Раст дзур. Диктор æмæ ахуыргæнæджы амындæй Дауырæйы æмдзæвгæйы

скъуыддзаг раст дзурын. (Хъус æрдарын бæрæггонд дамгъæты

азæлдмæ).

  1. Монологон ныхасы рæзтыл куыст.

Дарддæр дзур дæхæдæг. (Иринæ ныхас райдыдта. Ахуырдзаутæ радыгай

ныхасмæ иугай хъуыдыйæдтæ æфтауынц).

  1. Текстыл бакусын.

а) дзырдуатон куыст: (слайд 3)

гуырысхо кæнын – сомневаться

иууыл трагикондæр цауты рæстæг – время самых трагических событий

сæфты къахыл ныллæууын – быть на грани исчезновения

хъысмæт – судьба

динхæссæг къамис – комиссия по распространению религии

хыгъдæг – ведомость

æ) Байхъусын текстмæ. (Кæй æмæ цæй кой цæуы тексты? Цы дзы ис

цымыдисагæй? Цавæр сæргонд ма ис раттæн текстæн?). (слайд 4 )

б) Ахуырдзаутæ кæсынц текст абзацгай æмæ æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ.

Пълан – хуызæг (слайд 5)

1. Вильгельм де Рубрук алайнæгты тыххæй.

2. Нæ адæмы трагикон цауты рæстæг.

3. Ирон адæмы ног истори.

4. Иры динхæссæг къамис.

5. Фыццаг ирон скъола.


VI. Тексты мидисы æмбарынад сбæрæг кæнын.

Дзуапп раттын фæрстытæн. (слайд 6)

1.Цæмæй хъуыстгонд уыдысты рагæй нырмæ алайнаг адæм?

2. Цæвæр трагикон цауты кой цæуы тексты?

3. Цавæр зынгæ цау æрцыдис Ирыстоны историйы 1774 азы?

4. Цавæр хъуыддæгтæ арæзта Иры динхæссæг къамис? Цæмæн?

5. Куыд æмæ цавæр уавæрты ахуыр кодтой скъоладзаутæ Мæздæдæы скъолайы?


VII. Къордты куыст:

- Ныртæккæ та бакæсæм æмæ байхъусæм къордтæ цы проектон куыстытæ

бацæттæ кодтой, уыдонмæ.

Фыццаг къорд: презентаци «Ирыстоны зындгонд ахуыргæндтæ».

Дыккаг къорд: презентаци «Колыты Аксо – ирон чызджытæн скъолайы

бындурæвæрæг».

VIII. Кæронбæттæн хай: (рефлекси)

– Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

– Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

Æз ацы урочы бакуыстон хорз.

Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.


IX. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Пъланмæ гæсгæ тексты мидис хи ныхæстæй дзурын.





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Урок по теме " Фыццаг ирон скъола"

Автор: Мамитова Ранета Петровна

Дата: 26.01.2019

Номер свидетельства: 497267


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства