Урочы темæ: « Хорзæн кад- æвзæрæн уайдзæф ».
Дарчиты Дауыт «Дыууæ зæрваттыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - мæ гæсгæ ».
Ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг Бызыккаты Р.Т.
Урочы темæ: «Хорзæн кад - æвзæрæн уайдзæф ». Дарчиты Дауыт
«Дыууæ зæрваттыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - мæ гæсгæ ».
Урочы нысантæ:
- Дзанайты Иваны сæйрагдæр фæзилæнтыл æрдзурын;
- фыссæджы сæрмагонд æууæлтæ равзарын
- ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæмæ,адæммæ, æгъдæуттæм;
- скъоладзауты ахуыр кæнын сæ хъуыдытæ раст дзурыныл, сæ цæстæнгас фæарфдæр кæныныл, сæ зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл;
- ахуыргæнинæгты хиæмбарынады æууæлтæ фæиртасын æмæ бафидар кæнын.
Урочы фæлгонц: Презентаци, æмбисæндтæ, музыкæ.
Урочы цыд!
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотивацион уавæр.
Урочы архайынмæ скъоладзауты сразæнгард кæнын.
Ахуыргæнæг:
- цы æмбисæндтыл дзырдтам уыдон баст сты нæ уацмысимæ
- ныр та мах нæ рацыд æрмæг дарддæр ахæццæ кæнæм
- зæгъæм ма литературон аргъау, адæмон аргъауæй цæмæй хицæн кæны?
- литературон аргъау ма мах цавæр зонæм?(Слайд урочы темæ)
Урочы эпиграф: ( Слайд)
« Хæрзгæнæг хорз ары æвзæргæнæг æфхæрд æййафы».
( Æмбисонд.)
Урочы темæйыл куыст.
Аргъау равзарын.
(слайд Дзырдуат)
Нæ зæрдыл ма æрллæууын кæнæм нæ зын æмбарынгæнæн дзырдтæ
Цъиты –ризы, зыр - зыр кæны. Ронбæгъд æмæ худаистæй-æнæ рон . æнæ худæй. Рифтаг-хызын ,дзæкъул.
Хæс
аргъау аив бакæсын -фæрстытæм гæсгæ мидис æвзарын, -аргъауы иу хайы мидис дзурын.
4. Текстимæ куыст.
Уæдæ ма нæ уацмыс нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.
Цæуыл цæуы ныхас нæ аргъауы?
Зæгъæм ма цавæр рæстæг æвдыст цæуы нæ аргъауы райдайæны? Цæмæй бæрæг у? Тексты ма ссарæм уыцы бынæттæ æмæ цæ бакæсæм.
Тексты ссарут фæззæджы миниуджытæ.
Куыд дарынц сæхи фæззæджы цæрæгойтæ,сырдтæ,мæргътæ?
Цæуылнæ атахт кауыл бадæг зæрватыкк хъарм бæстæм?
Ссарут ма тексты маргъыл цавæр уынгæг бонтæ скодта уый?
Маргъы тыхст уаст куыд æгъдауæй айхъуыста хъæддзау?
Цæмæн суынгæг ис йæзæрдæ?
Куыд базылд хъæддзау зæрватыччы саст базырмæ?
Куыд бафыста зæрватыкк йæ ирвæзынгæнæг адæймаджы хорздзинад? Гæдойы фыддзинад та куыд бафыста?
5.Урочы темæ раргом кæнын
- Цæмæн у ацы уацмыс аргъау? Уæдæ ма мын зæгъут уæхи хъуыдытæ . Сымах та куыд бакодтаиккат, исчи уæ афтæ куы бакодтаид уæд? -Æрдз хъахъхъæнын хъæуы сыгъдæг æй хъæуы дарын .
-Маргъ дæр ма æмбары раст æмæ зылын,уæд адæймаг ахæм фыдзæрдæ цæмæн разынд?
-Адæмы æхсæн разыны цардхалджытæ,фыдгæнджытæ , фыдзæрдæтæ , искæй хорздзинад уынгæйæ рынчын чи кæны, ахæм хæлæггæнджытæ. Фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы сæ фыдмитæн æрцæуы кæрон кæддæриддæр.
6.Къордтæй куыст:
Фыццаг къорд æххæст кæнынц фыццаг цæджындз
Дыккаг къорд та дыккаг цæджындз( слайд)
7. Рефлекси
- Æз абон бызыдтон….
- Урочы мæм цымидиссаг фæкаст…
- мæ зæрдæмæ фæцыд…
- мæ зæрдыл дардзынæн…
- нæхимæ радзурдзынæн…
-уæдæ ма нæ куыстæн аргъ скæнæм,сæвæрæм ма нæхæдæг нæхицæн бæрæггæнæнтæ, смайликты руаджы.
III. Хæдзармæ куыст
Аргъаумæ ныффыссын æмбисæндтæ,
Нывтæ саразын аргъауы сюжетмæ.