Гом урок ирон æвзагæй. 8 кълас.
Урочы темæ: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
Урочы нысан: 1. Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнын;
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
Урочы хъомыладон хæс: Ахуырдзауты зæрдæты арф уарзондзинады æнкъарæнтæ ´взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, Ирыстоны рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ.
Урочы фæлгонц: Презентацитæ "Националон парк "Алани", "Иры зындгонд хъæбултæ", техникон фæрæзтæ.
Урочы эпигрæф: "Зæххон хæзнадæтты хуыздæр,
Быркуы мыдфæзгъæры сæрисæн...
Мæ Ир! Мæ ракæсæн къæсæр,
Рæсугъд, егъау дунемæ схизæн!
Урочы цыд:
1. Бацæттæгæнæн рæстæг:
1. Ахуыргæнæг:
- Уæ бон хорз, сывæллæттæ.
- Абон нæм нæ урокмæ æрбацыдис диссаджы хорз уазджытæ. Уазæг та Хуыцауы уазæг у, фæзæгъынц Ирыстоны æмæ сын зæрдиаг салам раттæм. (скъоладзаутæ сæ сæртæй акуывтой).
2. Ахуыргæнæг кæсы эпигрæф. Экраныл презентаци - Дыгургомы рæсугъддæр бынæттæ. Дардæй хъуысы ирон фæндыры уæздан цагъд.
- Куыд уæм кæсы, цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы?
(Скъоладзауты дзуæппытæ)
- Куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы ныхас кæндзыстæм, сæрыстыр кæмæй стæм, Ирыстоны уазджыты дисы йæ рæсугъддзинадæй чи æфтауы, аргъауы бæстæ кæй хонынц, ууыл - Фыдыбæстæ, Райгуырæн зæхх, Ирыстоныл.
- Абон нæ размæ цы хæстæ ис, уыдонæй та иу у хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ сфæлхат кæнын.
3. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг хъазты хуызы. (Ахуыргæнæг кæсы раиртæстыты райдайæнтæ, скъоладзаутæ сæ хæццæ кæнынц дарддæр). Слайд - 1
- Уыцы иу фарстæн дзуапп чи фæдæтты æмæ ...
- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзийæ хицæн кæнæм...
- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ баст цæуынц кæрæдзиимæ...
- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ загъд æрцæуынц...
- Фонетикон æвзæрст ракæнын дзырд - Фыдыбæстæ.
- Грамматикон хъазт "Сгарæг"-æй рахъазæм. Басгарæм дзырд - хъуыдыйад.
Слайд - 2. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын:
- Ирыстоны хъæдты зайы...
- Ирыстоны адæм цæрынц ...
- Нæ республикæйы горæттæ сты...
- Нæ республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы ис...
- Цæгат Кавказы цæрынц ...
Слад - 3. Схемæтæм гæсгæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ:
-
Слайд - 4. Тексты раст æрæвæрын æрхæцæн нысæнттæ:
Дыгургоммæ улæфынмæ.
Мах цæуæм Дыгургоммæ. Мæнæ разындысты айнæг къæдзæхтæ урссæр бæрзæндтæ æнусон хъæдтæ. Бæрзонд сæрвæтты хизынц хъуццытæ фысты дзугтæ фыййæутты бæхтæ урс уæрыччытæ цæрдæг сæныччытæ. Къæдзæхтæй Æрæфы донмæ хауынц æхсæрдзæнтæй цъитидæттæ цъæх суадæттæ уазал суартæ. Хъæдты фæхстыл коммæ æрцыдысты тар хъæдтæ. Ам рæзынц тæрс бæлæстæ æнусон цъæх нæзытæ æхсæры къутæртæ рæхснæг бæрзытæ. Куыд хорз уыдзæн ахæм рæсугъд æрдзы хъæбысы баулæфын.
Ахуыргæнæг: Ныр та дзырдуатон куыст бакæнæм. Тексты мах сæмбæлдыстæм æнæзонгæ дзырдтыл. Цымæ цы нысаниуæг кæнынц?
æхсæрдзæнтæ - водопад
цъитидæттæ - ледники
рæхснæг - ровный, стройный
тæрс - чинара
бæрз - береза
II. Дыгургомы рæсугъддæр къуымтæй иу у "Националон парк - Алани". (Презентаци)
1. Ахуыргæнæг:
Ныр та къордтæй акусæм. Ме ´стъолыл ис карточкæтæ. Уыдон, куыд уынут, афтæмæй сты фæйнæхуызон. Сырх карточкæйы хæслæвæрд у зынгомау. Цъæх карточкæйы хæслæвæрд - гыццыл рогдæр. Бур карточкæ та - роггомау. Алы къорд дæр исы, йæ ныфс кæмæ хæссы, уыцы карточкæ.
1 - аг къорды хæслæвæрд. Хъуыдыйæдтæ уырыссаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кæнын. Сывæрын дзы хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.
2-аг къорды хæслæвæрд: текстæй рафыссын хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ. Бахахх сæ кæнын. Цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцыдысты?
3-аг къорд: Хъуыдыйæдтæн саразын схемæтæ. Бацамонын æмхуызон уæнгты бастдзинады фæрæзтæ.
2. Ахуыргæнæг: Сбæрæг кæнæм уæ дзуæппытæ.
III. Ирыстон зындгонд у йæ культурæ, йæ аивад, йæ диссаджы цæрæнбынат, хъæздыг истори æмæ зындгонд адæмæй.
- Кæй зонут Ирыстоны зындгонд адæмæй?
Скъоладзауты дзуæппытæ:
- Хетæгкаты Къоста - ирон литературæйы бындурæвæрæг, нæ адæмы сæрхъуызой, нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг.
- Абайты Васо - зындгонд ирон ахуыргонд - лингвист.
- Плиты Иссæ - Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы хъæбатыр.
- Адырхаты Светланæ - Советон цæдисы адæмон артисткæ, балеринæ.
- Гергиты Валери - Мариинаг театры дирижер.
Ахуыргæнæг: Æмæ нæ районы та никæй зонут?
Скъоладзаутæ:
- Махъоты Алихан - Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы хъæбатыр.
- Дзарасты Солтан - экономикон ахуырæдты дохтыр, политикон æмæ æхсæнадон кусæг, ис æм экономикæ æмæ политологийæ 100 наукон куыстæй фылдæр.
- Фадзайты Арсен - хъæбысæйхæсты богал. 2 хатты Олимпиаг хъæзтыты чемпион, 6 хатты Дунейы чемпион, паддзахадон Думæйы депутат 4-аг æмæ 5-аг созывты, РЦИ - Аланийы сенатор.
- Бабочиты Руслан - поэт, публицист, критик, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уонг, "Нарты фæткъуы"-йы лауреат, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг.
- Тахъазты Харум - филологон наукæты дохтыр, ахуыргонд, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы профессор, æхсæнадон кусæг.
(Презентаци "Иры зындгонд адæм")
Ахуыргæнæг: Уыдон Ирыстоны кад бæрзонд куыд систой, афтæ мæ зæрдæ сымахæн дæр зæгъы, цæмæй уæ рауайæ зындгонд адæм. Куы нæ, уæддæр уæ райгуырæн зæхх æгæрон уарзтæй куыд уарзат æмæ йын аккаг хъæбултæ куыд уат.
- Уæдæ уæ алчи дæр фæйнæгыл иу дзырд, кæнæ дзырдбастæй ныффыссæт йæ зæрдæйы фæндон Ирыстонæн, йæ райгуырæн хъæуæн. Слайд - 5.
IV Хатдзæгтæ. Рефлекси.
- Нæ урочы нысан цавæр уыдис?
- Сæххæст æй кодтам?
- Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?
- Ныр та сæвæрæм бæрæггæнæнтæ. Алчидæр уæ йæхæдæг аргъ скæнæд йæ дзуæппытæн æмæ æрæмбырд кæнæм нæ дидинæджы сыфтæ. (Урочы размæ фæйнæджы иу фарсыл дидинæджы макет)
V Хæдзармæ куыст:
Ныффыссын нывæцæн " Ирыстон - райгуырæн уæзæг"
Урочы кæрон скъоладзаутæ уазджытæн балæвар кодтой фæндыры цагъд æмæ уæздан Ирон кафт.