kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Урок на тему "Древняя осетинская сакля"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок на тему "Древняя осетинская сакля" знакомит учащихся с предметами быта и образом жизни осетинской семьи в прошлом. Урок способствует нравственному воспитанию учащихся и прививает любовь к родной земле. Задания к уроку позволяют расширить знания об истории своего народа, представления о традициях и обычаях осетин.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Урок на тему "Древняя осетинская сакля"»

4-æм кълас.


Урочы темӕ: «Рагон ирон хӕдзар»

Цӕсгомон номивджыты тасындзӕг


Урочы нысан:

базонгӕ кӕнын нӕ фыдӕлты царды уагӕвӕрдимӕ; цымыдисдзинад ӕвзӕрын кӕнын ирон адӕмы историмӕ; уарзондзинад ӕвзӕрын кӕнын фыдӕлты уӕзӕгмӕ; ивгъуыд ӕмӕ абоны цард абарын;

цӕсгомон номивджыты тасындзӕг бацамонын.


Урочы эпиграф. Слайд 1.

«Лӕг хъуамӕ йӕ фӕдыл исты Хорздзинӕдтӕ ныууадза адӕмӕн»

Токаты Асӕх


Урочы цыд:

Ι. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Ахуыргӕнӕг: Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ. Скъоладзаутӕ: Ӕгас цӕут, нӕ уазджытӕ.


ΙΙ. Ахуыргӕнӕджы разныхас.

Ахуыргӕнӕг ӕмбарын кӕны урочы темӕ ӕмӕ йӕ хӕс. Ахуыргӕнӕг эпиграф кӕсы, ӕмбарын ын кӕны йӕ хъуыды.


  • Цӕмӕй свӕййы адӕймаг кадджын?

Слайд 2 (ӕгъдау, ӕфсармӕй, лӕгдзинадӕй, намысӕй)


  • Ӕцӕг адӕймаг суӕвынӕн цы хъӕуы аразын?

Слайд 2. (цӕсгомджынӕй цӕрын, адӕмы уарзын, куыстуарзаг уӕвын, ныййарджытӕн лӕггад кӕнын, хистӕртӕн аргъ кӕнын)


  • Сымах та куыд хъуыды кӕнут?

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

1-аг скъоладзау: Мӕн фӕнды суӕвын хӕдзӕрттӕ аразӕг. 2-аг скъоладзау: Мӕн та фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын.

3-аг скъоладзау: Мӕн та фӕнды рынчынты дзӕбӕх кӕнын.


ΙΙΙ. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Сывӕллӕттӕ кӕсынц текст «Хӕдзармӕ куыст» Джиоты Катяйы

    • Цы куыста чызг?

    • Цӕмӕн бамбӕхста йӕ фыссинаг?

    • Ӕцӕгӕй та куыд ӕххуыс кодта йӕ мадӕн?

    • Сымах та куыд ӕххуыс кӕнут уӕ мадӕлтӕн?

    • Радзур, ды та куыд ӕххуыс кӕныс дӕ мадӕн?

Ахуыргӕнӕг. Нӕ кадджын фыдӕлтӕй нын баззад стыр ӕгъдау – ныййарджытӕм хъусын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын.

Бакӕсӕм ма мӕнӕ ацы ӕмбисонд ӕмӕ йын йӕ хъуыды бамбарын кӕнӕм: Слайд 4. Хистӕры зондмӕ чи нӕ хъусы, уый фӕсмонгӕнаг у.

Скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр» Бады Хъазыбег.


Ахуыргӕнӕг: Уӕ ныййарджытӕн (уӕ мадӕлтӕн) ут хорз кӕстӕртӕ, рӕстдзинады фӕндагӕй макуы фӕиппӕрд ут!


ΙV. Ног ӕрмӕгмӕ рахызт.

Слайд 5. Рагон ирон хъӕу. Ирон рагон хӕдзар. Рагон мӕсыг.

Хъуысы сабыр мелоди.


1. Ахуыргӕнӕг. Нӕ фыдӕлтӕ уыдысты хъаруджын, цыргъзонд ӕмӕ куыстуарзаг адӕм. Уыдон цардысты карз дуджы ӕмӕ зын уавӕрты. Знаг

ӕппынӕдзух кодта ныббырстытӕ, мардтой ӕмӕ стыгътой адӕмы. Фӕлӕ нӕ рагфыдӕлтӕ уыдысты фӕразон адӕм, амадтой хӕдзӕрттӕ, кодтой фосы ӕмӕ зӕххы куыст, хъомыл кодтой сабиты, тох кодтой сӕ фидӕныл.


Ахуыргӕнӕг. Сывӕллӕттӕ, бакӕсут-ма фӕйнӕгмӕ ӕмӕ зӕгъут, ахӕм хӕдзӕрттӕ ма фенӕн ис искуы?

Скъоладзауты дзуаппытӕ:

1-аг скъоладзау: Ис фенӕн иуӕй-иу рӕтты хохы. 2-аг скъоладзау: Хъобангомы, Хъӕрмыдоны.


Ахуыргӕнӕг. Нӕ фыдӕлтӕ тъӕпӕнсӕр хӕдзӕрттӕ арӕзтой хохаг дурӕй.

Фыццаг – иу сарӕзтой фосӕн бынат, йӕ сӕрыл та – цӕрӕн хӕдзар. Хӕдзары астӕу уыд астӕуарт. Хуыдтой йӕ къона. Къонайы сӕрмӕ царыл ауыгъд уыдис рӕхыс, рӕхысыл та ауыгътой аг. Къонайы сӕрмӕ уыдис ердо, фӕздӕгдзӕуӕн. Рагон ирон хӕдзар дихгонд цыдис дыууӕ хайыл. Иуӕрдыгӕй – нӕлгоймӕгты бынат,

иннӕрдыгӕй – сылгоймӕгты.

Хӕдзары бӕлвырд бынӕтты ӕвӕрд уыдысты хӕдзары дзауматӕ:

Слайд 6. Дзырдуат:

Рӕхыс – цепь Аг – котел Фӕздӕг – дым

Ердо – дымоход Къӕй - плита

Уырындыхъ – деревянная кровать Сивыр – корыто с дырочкой

Сасир – сито

Хъуылӕг – маслобойка Мигӕнӕнтӕ – посуда


Ахуыргӕнӕг. Къонайы арт бинонтӕ хъахъхъӕдтой цӕстыгагуыйау, къонайы арт хъуамӕ ӕппынӕдзух кодтаит судзгӕ. Ӕрвылбон дӕр сыгъдӕг кодтой рӕхыс

ӕмӕ артдзӕсты къӕйдуртӕ. Къона нӕ фыдӕлтӕм уыд царды символ,

ӕнгомдзинады символ, артдзӕсты алыварс иу бинонтӕ ӕрбамбырд сты, сӕхи иу тавтой, даргъ ӕхсӕвты иу таурӕгътӕ кодтой.


Слайд 7. Къонайы ныв (фӕйнӕгыл)

Слайд 8. «Мӕ къона», «Мӕ хур» - рӕвдаугӕ ныхӕстӕ.


Ахуыргӕнӕг: Къонайы артӕн царды нысан кӕй уыдис (ӕнӕ артӕй, ӕнӕ хъармӕй цӕрӕн нӕй). Хӕдзар хъарм дӕр кӕй кодта ӕмӕ рухс дӕр, уымӕ гӕсгӕ – иу хистӕртӕ рӕвдауӕнхуызы сабитӕм дзырдтой «мӕ хур», «мӕ къона».


Слайд 9. Мӕсыг. Мӕсгуытӕ.


Ахуыргӕнӕг. Нӕ фыдӕлтӕ дӕсны уыдысты мӕсгуытӕ амайынмӕ дӕр.

Амадтой мыггаджы мӕсгуытӕ, хӕстон мӕсгуытӕ, кӕнӕ та иумӕйаг хӕстон мӕсыг хъӕубӕстӕн. Уыдонӕн сӕ нысаниуӕг уыдис знагӕй адӕмы бахъахъхъӕнын

ныббырстыты рӕстӕджы.

Скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ «Мӕсыг».

Текст бакӕсын, ног дзырдтӕ бацамонын.


Хатдзӕгтӕ скӕнын:

    • Абон нӕ урочы уӕ зӕрдыл цы бадардтат

    • Цӕмӕй амадтой рагон хӕдзӕрттӕ?

    • Цахӕм уыдысты сӕ сӕртӕ?

    • Къонайы сӕрмӕ цы уыд ауыгъд?

    • Фӕздӕг кӕцӕй цыдис?

    • Цал хайыл дих цыдис хӕдзар?

    • Цӕмӕн амадтой мӕсгуытӕ?

    • Цы нысӕн кӕны дзырд «мӕ къона»?


Слайд 10. Фӕйнӕгыл дзырдтӕ фыст.

Хӕслӕвӕрд. Уӕ тетрӕдтӕм рафыссут дзырдтӕ – синонимтӕ:

Фынг – сынтӕг

Уырындыхъ – стъол Къона – къаннӕг Гыццыл – аив

Стыр – астӕуарт Рӕсугъд – егъау


Къордгай куыст бакӕнын

Ι къорд – радзурын ирон хӕдзары тыххӕй

ΙΙ къорд – хӕдзары дзауматӕ ранымайын

ΙΙΙ къорд – ӕмбисӕндтӕ бакӕсын карточкӕтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сын сӕ хъуыды бамбарын кӕнын.


  1. аг

Ӕмбисонд. Слаид 11. Уӕ хӕдзары фӕздӕг макуы бамынӕг уӕт.
  1. аг ӕмбисонд. Слаид. Артдзӕсты хъармӕй ӕфсӕст ут.

  2. аг ӕмбисонд. Слаид. Мӕсыг хи дурӕй хӕлы.

  3. аг ӕмбисонд. Слаид. Ӕнгом бинонтӕ цард арынц.

  4. аг ӕмбисонд. Слаид. Хӕдзар дарӕг – нӕлгоймаг, хӕдзаргӕнӕг - сылгоймаг.


Ахуыргӕнӕг: Сымах зонут цӕсгомон номивджытӕ. Ранымауйт-ма сӕ. Фӕйнӕгыл:

Ӕз Мах

Ды Сымах

Уый Уыдон


Цӕсгомон номивджытӕ кӕнынц тасындзӕг.

Номон

– ӕз

ды

уый

Гуырынон

– мӕн

дӕу

уый

Дӕттынон

– мӕнӕн

дӕуӕн

уымӕн

Иртӕстон

– мӕнӕй

дӕуӕй

уымӕй

Арӕзтон

– мӕнмӕ

дӕумӕ

уымӕ

Ӕддаг-бынатон

– мӕныл

дӕуыл

ууыл

Цӕдисон

– мӕнимӕ

дӕуимӕ

уыимӕ

Хуызӕнон

– мӕнау

дӕуау

уыйау


Ӕддаг-бынатон хауӕны номивӕг уый фыссын хъӕуы ууыл. Цӕдисон хауӕны – уыимӕ

Хуызӕнон хауӕны – уыйау


Хатдзӕгтӕ скӕнын.
    • Цавӕр дзырдтӕ хонӕм цӕсгомон номивджытӕ?

    • Цал нымӕцы ис номивӕгӕн?

    • Цавӕр ныхасы хӕцы хуызӕн тасындзӕг кӕнынц цӕсгомон номивджытӕ?


Ахуыргӕнӕг Цы сты цӕсгомон номивджытӕ?

Скъоладзау. Цӕсгомон номивджытӕ ӕвдисынц предметты цӕсгӕмттӕ ӕмӕ дзы фӕивынц номдарты.

Уыдон сты цӕсгомон номивджытӕ.


Физминуткӕ: Рыст нӕ дарын мурмӕ: У мӕ буар фӕлтӕрд.

Уарзын физкультурӕ:

Иу!

Дыууӕ!

Ӕртӕ!


Хатдзӕгтӕ скӕнын.
    • Цы бызыдтат цымыдисагӕй ацы урочы?

    • Куыд цардысты нӕ фыдӕлтӕ?

    • Цӕмӕн арӕзтой мӕсгуытӕ?

    • Цӕсгомон номивджытӕ куыд тасындзӕг кӕнынц?

    • Абоны царды мӕсгуытӕ цӕуылнӕ хъӕуы аразын?

    • Куыд цӕрынц абон адӕм?

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.



Кӕронбӕттӕны уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, сывӕллӕттӕ:

    • Макуы фӕцудӕт уӕ кады мӕсыг.

    • Фыдӕлты ӕгъдӕуттӕй хайджын ут.

    • Ды дӕр, скъоладзау, Къостайау дӕ адӕмӕн бӕзз лӕгӕн!


Хӕдзармӕ куыст:

Аив кӕсынмӕ текст.

Ног дзырдтӕ сахуыр кӕнын. Фӕрстытӕн дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 4 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Урок на тему "Древняя осетинская сакля"

Автор: Кодалаева Залина Викторовна

Дата: 27.02.2022

Номер свидетельства: 601394


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства