kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Урок на тему: А. Гастан "Фастаг бах"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по произведению Г. Агнаева "Фастаг бах" проведен в соответствии с Федеральными Государственными образовательными стандартами. Широко использованы ИКТ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Урок на тему: А. Гастан "Фастаг бах"»

Урок ирон литературæйæ.

11 кълас.



Урочы темæ: Этикон проблемæтæ Агънаты Гæстæны уацау "Фæстаг бæх"-ы.

Урочы эпигрæф:

"Лæджы ном чи хæссы бæрзонд,

Йæ миты чи вæййы хæдзонд,

Фæуарзы ахæмы йæ кæстæр.

Цæргæйæ баззайы йæ фарн

Æмæ йæ рухс зæрдæйы хъарм, -

Бæхгæрдæг не ´рзайы йæ фæстæ."

(Кокайты Тотраз)

"Адæймаг ацы зæххыл иу хатт цæры æмæ хъуамæ кадджын, фæрнджын лæджы цардæй фæцæра"

Урочы æрмæг: Гæстæны портрет, слайдтæ, видеофрагмент, ахуырдзауты конд бæхты нывтæ, чингуытæ.

Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Урочы хæстæ:

1. Уацауы этикон проблемæтыл æрдзурын.

2. Æрдз æмæ адæймаджы ´хсæн удхæстæгдзинады хъуыды рапарахат кæнын.

3. Персонажты удыхъæд æмæ психологон мидуавæрыл дзургæйæ хъомыладон куыст бакæнын.

Дзырдуат:

Фистон - рукоятка, идон - уздечка, барц - грива, тæлм - полоса, уырз - кончик пальца, бози - вожжи.

Урочы цыд:

Ахуыргæнæг:

Æрдз... Цæвиттон иуахæмы ахуыргæндтæ эксперимент кодтой уарди дидинджытыл. Дыууæ дидинæджы сагъд уыдысты фæрсæй - фæрстæм. Иу ахæмы сæ иуы ратыдтой. Иннæ бахуыскъ иунæгæй. Æнæ кæрæдзи дыууæ, уд кæуыл уа, ахæм цæрæгойы, зайæгойы нæ фæразынц. Уæлдайдæр та хæдзарон цæрæгойтæ: куыдз, гæды, бæх æмæ иннæтæ. Уæдæ адæймагимæ дæр сын ис æнгом бастдзинад. Йæ хæдзары кæмæн ис цæрæгойтæ, уый йæ кæй зæгъын æй хъæуы, зондзæн.

__Бакæсæм ма видеосюжетмæ.

1.Уæ зæрдæмæ фæцыди?

2.Цæуыл у ацы видеосюжет?

3.Уæдæ мын чи зæгъдзæн, нæ абоны урок цавæр хæдзарон цæрæгоимæ баст у, цæуыл цæудзæн ныхас?

Ахуыргæнæг:

Адæймаг æмæ бæх. Сæ дууæйы дæр æрдз сфæлдыста. Адæймаг дзурын зоны, бæх дзурын нæ зоны. Фæлæ бæх афтæ æмбаргæ, афтæ æнкъараг у, æмæ адæймаджы хъуыды, адæймаджы уды конд йæ къухты змæлдæй, йæ иу сныхасæй, йæ цæстынгасæй дæр æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн.

Адæймаг æмæ бæх кæрæдзи хорздзинадæн, кæрæдзи удæнцойæн равзæрдысты. Адæймаг бæхы дары, бæх - адæймаджы. Абон дæр ма афтæ, кæд æфсæн бæхтæ раджы фæзынд, уæддæр.

Адæймаг æмæ бæхæн иухуызон у сæ цардвæндаг. Иухуызон у сæ хъысмæт. Фыдæй-фыртмæ цы бирæ фыдбылызы, цы бирæ бæллæхы хæстытæ æмбу кодтой, уым адæймагау бæх стыр хъару, стыр хъæбатырдзинад æвдыста. Хæсты быдыры бæх адæймагау сыгъди пиллон арты, калдта йæ туг, æвзæрста хъизæмæрттæ. Бæх адæймагау фурды дæлдон кодта худуггæнгæйæ.

Бæхæн - иу йæ барæг куы фæцæф, уæд - иу æй йæхицæн адзалæй тæссаг уæвгæйæ, рахаста хæсты быдырæй æдас ранмæ.

Бæхæн-иу йæ барæг куы фæмард, уæд-иу бирæ фæлæууыд йæ разы æнкъардæй, сæркъулæй, йæ цæссыг-иу згъордта йæ дæрзæг рустыл.

Фыдæй - фыртмæ бæхæй кадджындæр нæ уыд цыфæнды хæзна дæр. Фæлæ бæхмæ йæ пайдайы охыл хæрамы æмæ фыдæхы цæстæй чи каст, уазал зæрдæ чи дардта, ахæмæн иу паддзах дæр, иу æфсæддон разамонæг дæр нæ барста. Александр Македойнаг Персимæ куы хæцыд, уæд йæ бæхджын æфсад персайнаг бæхджын æфсадæй къаддæр уыдысты. Персайнæгтæ та бæхыл хуыздæр арæхстысты æмæ цырддæр уадысты. Алыксандр цæмæй ныхмæ лæууæджы æфсад тагъддæр басастаид, уый тыххæй йæм иу бон йæ цатырмæ иу æнæзонгæ адæймаг фæзынд, тызмæг раздзогмæ бацæуыны тыххæй бар ракургæйæ. Алыксандр æм лæмбынæг байхъуыста, фырмæстæй рахсыст, йæ маст тыхныхъуырд кодта.

___ Чи зæгъдзæн, цæуыл смæсты Алыксандр æмæ цы тæрхон рахаста.

Ахуырдзау:

Уазæг хъуыддагхуызæй дзырдта персайнаг æфсадыл æнцонæй фæуæлахизгæнæнтæ. Уыдон та уыдысты ахæмтæ: фæйнæджыты зæгæлтæ ныкъкъуыр, сæ цыргъ фындзтæ уæлæмæ куыд уой, афтæ. Ныхмæлæууæджы æрбацæуæнтыл сæ авæр æмæ бæхты сыфтæджыты ныхсдзысты зæгæлтæ. Æфсадæн размæ бырсыны фадат нал уыдзæн, æмæ сæ æнцонæй ныццæгъд. Фæлæ зондджын æмæ бæхæн стыр аргъгæнæг раздзог йæ "хæрзгæнæджы" æнæуæлдай ныхасæй рамарын кодта.

Ахуыргæнæг:

Цæуыл дзурæг у уый?

Ахуырдзау:

Уый дзурæг у ууыл, æмæ адæймаг æмæ бæх удхæстæг кæй сты, лæджы ном чи хæссы, уый цæрæг удæн фыдбылыз кæй не скæндзæн.

Ахуыргæнæг:

Уæдæ бæх канд хæстон хъуыддæгты стыр рахæцæнтæй иу нæ уыд. Уый адæймагау кодта кусгæ дæр. Фыдæй - фыртмæ адæм, сфæлдыстадон кусджытæ бæхы тыххæй цы бирæ таурæгътæ, цы бирæ аивадон уацмыстæ ныффыстой, нывтæ скодтой, уыдоны æвдыст æрцыдысты йæ алæмæты миниуджытæ, рæсугъддзинад... Алыксандр Македойнаг йæ бæхы номыл рахуыдта горæт. Арфæйаг уæд, бæхæн Куырттаты комы цыртдзæвæн фыццагдæр чи сарæзта, уый - скульптор Цорæты Дауырбег. Арфæйаг у Агънаты Гæстæн дæр.

Уацау "Фæстаг бæх" 1988 азы рухсмæ куы фæзынд, уæд рауагъдад "Современник"-ы арæзт æрцыд ерыс "Хуыздæр уацмыс". Æмæ ацы конкурсы фæуæлахиз уацау "Фæстаг бæх". Уый хуымæтæджы нæ уыд. Уацауы ис стыр хъуыды. Автор дзы равдыста ирон лæджы зонд, уд, миниуджытæ. "Ныр колхозы бæхы сæр нал хъæуы æмæ сæм бæхтæ нал уыд. Ныр колхозы трактортæ æмæ машинæтæ кусынц, уыдоны дуг у. Æмæ чи загъта æвзæр сты? Адæймагæн стыр пайда сты, фæлæ йын зиан ницы хæссынц?". Ацы фарста фыссæг дзæгъæлы нæ сывæрдта. Йæ сæйраг хъуыды дæр уый мидæг ис.

__ 8 -æм сæрæй хæдзары рафыссын хъуыд Зыгъары æддаг бакаст æмæ йæ миниуджытæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы бынæттæ райстат, уыдон. Бакæсæм ма сæ.

Ахуырдзаутæ кæсынц сæ фыстытæ:

1.Йæ цæстытæ сагъæс æмæ æнкъарддзинадæй се ´мыдзаг.

2. Бæх æнцад лæууы, йæ сæр æруагъта æмæ Мишамæ кæсы. Æрмахуыр у, æмæ... Бæрзонд, дам, æлвæст, гуырвидауц, саджы фисынтыл амады хуызæн хæрзконд бæх. Зыгъар ныр ма цардбарæг у. Цыфæнды хæрдты æмæ суайæнты дæр йæ цыд нæма фехалдзæн.

3. Зыгъар æдзухдæр хæрзхаст, йæ хъуын цæхæры хуызæн, йæ буарыл армытъæпæн ихыл бырæгау авæр æмæ лæууыдаид. Йæ цæстытæ...

4. Зыгъар цыма æртæаздзыд байраг у, йæ фæстæгтыл слæууыд æмæ та ныммыр - мыр кодта, йæ сæр ныттылдта.

Бæхы уæллаг былæй туджы ставд æртæхтæ хауынц, цъæх нæуу сырх хъулæттæ адардта. Бæх æваст иуварс йæхи аппæрста, йæ барц арц сбадт, йæ къæдзил сау тæлм фестад. Лидзы! Йе ´рыгон бонты туг æм кæцæйдæр æрцыд æмæ йæ фæхæссы...

Ахуыргæнæг:

Уæдæ ацы рæнхъытæ иууылдæр хауынц Агънаты Гæстæн уацау "Фæстаг бæх"-ы сæйраг фæлгонцтæй иумæ - Зыгъармæ. Цæмæ йæ хонæм бæхы сæйраг фæлгонц?

Уымæн, æмæ чиныгкæсæджы зæрдæ æппæты тынгдæр фæрисын кодта фæстаг бæх. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг бынат ахсы Хъуыдайнат. Фæлæ зæронд лæг æмæ бæх афтæ æнгом баст сты кæрæдзиимæ, æмæ сын кæрæдзийæ фæиппарæн нæй.

Ахуыргæнæг:

Уæдæ бафæлварæм раттын характеристикæ Хъуыдайнатæн. Цавæр адæймагæй йæ æвдисы автор?

Ахуырдзау:

Хъуыдайнат у зæронд лæг. Кусы колхозы бæхтæрæгæй. Хæстон лæг уыди, хæсты фыдвæндæгтыл фæцыд, уым ахауд йæ къах дæр, фæлæ нæ фæцудыдта. Адæмæн хорз фæуыныл архайы, лæггад сын кæны. У рæстыл дзурæг. Кæддæриддæр йæ ныхас æргомæй фæзæгъы. Йæ бинонты ´хсæн у фæзминаг хистæр. Фæлæ йыл йæ фырты фырт Ирбегæй сæмбæлд æвзæр хабар: зоотехник Мишæ сфæнд кодта амарын Зыгъары. Йæ ныхасмæ гæсгæ галтæ æмæ бæхтæй кусæн рæстæг нал у. Уæлдайдæр та Зыгъары хуызæн зæронд бæх. Фæлæ уымæн уæвæн нæй. Хъуыдайнат никуы сразы уыдзæн Зыгъары марыныл, цыфæнды ног дуг æмæ ног цард куы уа, уæддæр адæймагдзинад хъуамæ сæфт ма уа.

Ахуыргæнæг:

Бакусæм текстимæ. Ссарут æмæ бакæсут Хъуыдайнаты цавæр адæймагæй æвдисы автор, уыцы бынæттæ.

Ахуырдзаутæ кæсынц текстæй 378-379 фæрстæ.

Ахуыргæнæг:

Куыд бамбæрстам, афтæмæй нын автор æргом кæны Хъуыдайнаты миддуне, йæ зæрдæйы хорз уаг. Уымæн æмæ царды мидæг сæйрагдæр у хорз уды хъæд. Цы фæнды ахуыргонд куы уай, бæрзонд бынаты куы бадай, уæддæр дæ зæрдæйы уаг куы нæ бæзза, уæд ницæй аргъ дæ.

Бакæсæм ма 382 фарсæй текст. Хъуыдайнатæн йæ цавæр миниуæгыл дзурæг у ацы текст?

Ахуырдзаутæ кæсынц текст æмæ дæттынц дзуапп:

Хъуыдайнат у раст адæймаг, æргомдзырд, дæлгоммæ ныхас нæ уарзы æмæ йæм афтæ кæсы, цымæ æппæт колхозы кусджытæ Мишæйы фарс не ´рлæудзысты, уымæн æмæ æгомыг фос амарын адæймаджы хуызæн адæймагæн йæ зæрдæ никуы бакомдзæн. Хъуыдайнаты та фæнды æууæндын, хорз адæм фылдæр кæй сты, ууыл.

Ахуыргæнæг:

Æрдз æмæ адæймаджы ´хсæн удхæстæгдзинад кæй ис, уый мах бафиппайдтам видеосюжетмæ бакæсгæйæ дæр, Алыксандр Македойнаг æмæ йæ бæхы дæнцæгыл дæр. Ацы дунейыл алцы дæр арæзт у уарзондзинады бындурыл. Бафæлварæм Хъуыдайнат æмæ Зыгъары удхæстæгдзинад цæй мидæг ис, уымæн тексты дзуапп ссарын. Цымæ сæ цы иу кæны.

Ахуырдзаутæ кæсынц текстæй скъуыддзæгтæ, кæцытæй фидар кæнынц сæ хъуыдытæ.

Ахуыргæнæг:

Уæдæ ма цыбырæй раттæм Мишайæн дæр характеристикæ. Цавæр адæймаг у?

Ахуырдзау:

Мишæ у ног дуджы минæвар. Хиппæлой, хинæйдзаг, æнæсæрæн, "хъæдын лæг", хистæр æмæ кæстæр чи не ´мбары, ахæм.

Ахуыргæнæг:

Ныр та акусæм къордты æмæ бафæлварæм синквейн кæныныл. Уый фæрцы скæндзыстæм хатдзæгтæ. Кусæм 3 къордæй.

1-аг рæнхъ - номдар (темæ).

2-аг рæнхъ - дыууæ миногоны (сбæрæг кæнын темæ)

3-аг рæнхъ - 3 мивдисæджы (темæйы архайд)

4-æм рæнхъ - хъуыдыйад (дæ ахаст темæмæ)

5-æм рæнхъ - резюме, иу дзырд (темæйы синоним).

1-аг къорд:

Хъуыдайнат

Уæздан, уæззаузонд

Кусы, æууæнды, æмбары

Æууæнды хорз адæм фылдæр кæй сты, ууыл.

Раст.

2-аг къорд:

Зыгъар

Æрмахуыр, хæрзконд.

Æмбары, пайда хæссы, кусы.

Адæймагæн стыр пайда у

Æмбаргæ.

3-аг къорд:

Миша.

Хиппæлой, хинæйдзаг.

Не´мбары, тæригъæд нæ кæны, нæ уарзы.

Сырды митæ кæнæг æвзæр адæймаг.

Æдзæсгом.

Ахуыргæнæг:

Цавæр хатдзæгтæ скæнæн ис, цы синквейнтæ сарæзтат, уыдонæй?

Ахуырдзау:

Æгомыг бæх Зыгъар æмæ Хъуыдайнаты ´хсæн ис удхæстæгдзинад. Фæлæ адæймагæй адæймаджы ´хсæн та ахæм хæстæгдзинад нæй. Ам Миша æмæ Хъуыдайнаты ´хсæн.

Презентаци. Адæймаг æмæ бæхы удхæстæгдзинад.

Ахуыргæнæг:

Цавæр проблемæ нын æрæвæры фыссæг нæ размæ?

Ахуырдзау:

Дыууæ фæлтæры фæйнæхуызон зондахаст: мæнгдзинад æмæ æгъатырдзинады ныхмæ лæууы уарзондзинад æмæ лæгдзинад. Иуæрдыгæй Мишæ æмæ йæ фарсмæ лæуджытæ, иннæрдыгæй Хъуыдайнат, Ирбек æмæ Зыгъар. Хъуыдайнат тох кæны, æфсарм кæмæ нæй, хистæр æмæ кæстæр чи не ´мбары, тæригъæд чи нæ зоны, сау фæндтæ кæмæ ис,уыцы цъаммар Мишайы ныхмæ. Йæ фарсмæ лæуджытæ дæр хуыздæр не ´сты. "Раст æмæ зылын бæрæг сты, æмæ кæд раст адæймаг дæ, уæд рæстдзинады фарс æрлæуу" - загъта Хъуыдайнат. Фæлæ уыдонмæ ахæм хъару нæ разынд.

Ахуыргæнæг:

Куыд уæм кæсы, абон дæр нæ царды ахæм проблемæтæ ис?

Ахуырдзау:

Мæнмæ гæсгæ, хъыгагæн, ис. Уымæн æмæ царды Хъуыыдайнаты хуызон раст адæм куыд ис, афтæ Мишайы хуызæттæ дæр ис. Æрмæст йæхи пайдайæн чи цæры, æфсарм æмæ æгъдау кæмæ нæй, ахæмтæ. Миша йæхи уымæй раст кæны, ома, дам, ног дуг ралæууыд. Фæлæ цыфæнды дуджы дæр лæг хъуамæ йæ кад æмæ намыс бæрзонд хæсса.

Ахуыргæнæг:

Æркæсæм ма нæ урочы эпигрæфмæ:

"Адæймаг ацы зæххыл иу хатт цæры æмæ хъуамæ кадджын, фæрнджын лæджы цардæй фæцæра". Гæстæн йæ уацауы æртæ фæлтæры минæвæртты равдыста: Хъуыдайнат, Миша æмæ Ирбег. Автор нын Ирбеджы æвдисы ног царды минæварæй. Уый у фыды фыды хуызæн: ныфсхаст, æргомдзырд, хистæры фарн дæлæмæ не ´руаддзæн, адæмуарзон, тæригъæдгæнаг. Уымæй нæ бон у ахæм хатдзæг скæнын, æмæ цалынмæ Ирыстоны фæрнджын зæххыл Хъуыдайнаты хуызæн хистæртæ æмæ Ирбеджы хуызæн кæстæртæ уа, уæдмæ нæй фесæфæн ирон адæймаджы фарн æмæ кадæн.

Цавæр уацмысимæ ма у нæ бон абарын "Фæстаг бæх"?

Ахуырдзау:

Мæнмæ гæсгæ йæ ис абарæн хъыргъызаг фыссæг Чингиз Айтматовы зындгонд уацау "Прощай Гюльсары" æмæ таджикак номдзыд поэт Мирзо - Турсун - задейы поэмæ "Хасан - арбакеш"-имæ. Уыдон сæ мидисмæ гæсгæ хæстæг лæууынц кæрæдзимæ. Поэмæ "Хасан - арбакеш"-мæ гæсгæ арæзт æрцыд аивадон киноныв, кæцыйы сæйраг ролы диссаджы хорз ахъазыд не ´мзæххон, уæды æрыгон артист Уататы Бибо.

Æртæ уацмысы иу кæны иу хъуыды: фæци бæхы, ома, зæронд рæстæг, ралæууыд ног дуг. Хасаны бæх амард цæугæдоныл ахизын нал бафæразгæйæ, æмæ Хасан бахызт ууылты цæуæг машинæмæ. Гюльсары - йæ фæстаг балцы æфцæгыл цæугæйæ сæумæ цъæхыл, хурыскасты размæ. Ирон Хъуыдайнаты бæхы та хъуамæ топпæй амардтаиккой, кæй ныххæррæгъ, уый тыххæй, фæлæ зæрдæскъуыд фæци.

Ахуыргæнæг:

Хатдзæгтæ скæнæм нæ урокæй. Ацы уацмысы бæх у фон. Сæйрагдæр у адæймаг. Æцæг адæймаг, бæх та æмдзу кæны йемæ. Бæх амардтой, фæлæ йæ бæллах уый у, æмæ йемæ Хъуыдайнат дæр кæй амард. Ирбег та уый тыххæй æвдыст æрцыди, æмæ мæлæт нæй ирон адæймагæн, ирондзинадæн.

Кæронбæттæн. Рефлекси.

Уæдæ ма мын зæгъут, абоны урокæй уæ чи цы райста йæхицæн?

Ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ, чи сæ цы бамбæрста, сæхицæн цы райстой хорзæй, сæ фæндонтæ, цы базыдтой, цы сæм фæкаст диссаг æмæ сын ногæй цы радта.

Аргъ кæнæм нæ дзуæппытæн, æвæрæм бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст.

Нывæцæн " Æрдз æмæ адæймаджы ´хсæн удхæстæгдзинады хъуыды уацау "Фæстаг бæх"-ы.








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Урок на тему: А. Гастан "Фастаг бах"

Автор: Бабочиева Этери Тазретовна

Дата: 31.01.2019

Номер свидетельства: 497950


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства