kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Урок-ерыс 5 къласы. Темæ: «Лексикæ».

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан: лексикæйæ рацыд æрмæг сфæлхат кæнын, фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат, разæнгард сæ кæнын предмет ахуыр кæнынмæ. (Урок цæуы ерысы хуызы, кълас дыууæ дихы, афтæмæй).

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Урок-ерыс 5 къласы. Темæ: «Лексикæ».»

4


Урок-ерыс в 5 къласы.

Темæ: «Лексикæ».


Урочы нысан: лексикæйæ рацыд æрмæг сфæлхат кæнын, фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат, разæнгард сæ кæнын предмет ахуыр кæнынмæ.

(Урок цæуы ерысы хуызы, кълас дыууæ дихы, афтæмæй).

1. Капитанты ерыс.


Дзырдбыд рæвдздæр чи баххæст кæндзæн.

Бынмæ:

1. Иумæйаг темæ æмæ грамматикон æгъдауæй баст хъуыдыйæдты къорд.


т











е




2





л

е

к

с

и

к

а







с




н







т




т








2

о

м

о

н

и

м

т

æ







н











и











м











т





æ

2. Сæ нысаниуæг ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

Фæрсырдæм:

1. Æвзаджы æппæт дзырдтæ.

2. Сæ зæлынад æмхуызон кæмæн у, сæ нысаниуæг та алыхуызон, ахæм дзырдтæ.





Бынмæ:

1. Сæ нысаниуæг æмхуызон кæмæн у, сæ фыссынад æмæ зæлынад та

алыхуызон, уыцы дзырдтæ.

л

е

к

с

и

к

о

л

о

г

и




и


æ










н


р










о


о










н


н










и











м












т









æ

2. Дзырды ивæг хай.

Фæрсырдæм:

1. Æвзаджы дзырдуат цы наукæ ахуыр кæны, уый.







Хæслæвæрдтæ командæтæн.

1. Дзырд йæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ базон.

(Кæд скъоладзаутæн зын сæххæстгæнæн уа ацы куыст, уæд сын дзырдтæ-дзуæппытæ фæйнæгыл ныффыссын. Ахуырдзаутæ хъуамæ равзарой хъæугæ дзырд).


1). Парахат, арæх, фæрныгдзинад (бæркад)

2). Æлыгæй конд егъау мигæнæн сæн æвæрынæн, йæ хъуыр уынгæг (быркуы).

3). Истæй чысыл хай, гæбаз (гæппæл).

4). Сгуыхтдзинад чи равдыста, уыцы адæймаг (хъайтар)

5). Дурæй, сыджытæй арæзт забор (быру).

6). Гопп кæмæн ис, ахæм цъиу (гоппой).

7). Балцы цæуæг адæймаг (бæлццон)

8). Предметы кæнæ исты фæзынды ном мырты фæрцы чи ’вдисы, ныхасы уыцы и)уæг (дзырд).

9). Дзырдтæ алфавитмæ гæсгæ æндæр æвзагмæ тæлмац кæм цæуынц, кæнæ сæ кæм æмбарын кæнынц, уыцы чиныг (дзырдуат)

10). Лыстæг лæдзæгыл фидаргонд даргъ быд гæрз бæх скъæрынæн (ехс).

11). Ирон адæм хуым кæныны афон цы цъиуы æртахтимæ бæттынц, уый (дзывылдар).

12). Афæдзы цыппар афонæй иууыл уазалдæр (зымæг).

13). Донмæ æввахс зайæг къутæрджын бæлас (донхæрис).

14). Асæй стыр (егъау).

15). Бирæ адæм иумæ (дзыллæ).

16). Бæхы сæрыл кæй кæнынц, уыцы гæрзтæ (идон).

17). Исты хъуыддаджы искæмæй хуыздæр фæуыны тыххæй быцæу (ерыс).

18). Къуырийы дыккаг бон (дыццæг).

19). Калд, фæлдæхт бæласы бындзæфхад (къодах).

20). Цырд згъораг цуанон куыдз (егар).


3.Бацамонын, цы сты синонимтæ. Тексты сæ ссарын.

Дымгæ

Дымгæ хъазы, дымгæ ниуы,

Дымгæ футтытæ кæны.

Дымгæ тъизы хохы риуыл,

Тар, æрхæндæгæй кæуы.


Урс дзæнхъадуртæ лæхуры,

Дымгæ хæдзæрттæм лæбуры,

Дымгæ дуæрттæ сæтты,

Хъæдты, арф кæмтты хæты. (Хъороты Хъ.)



4. Цы сты омонимтæ? Текстты омонимтæ ссарын.


1). Давгæ чи кæны нæ хъæуы,

Ахæм æмбал мæн нæ хъæуы.


2). Фыййау фосы рæгъау хизы,

Сырдтæй, давджытæй сæ хизы.


3). Нæ хъулон гал хизы комы,

Хæдзармæ тæрын нæ комы.


4). Æз æдзух мæ зæрдыл дарын:

Дарæс зонын хъæуы дарын.




5. Цавæр дзырдтæ сты бирæнысанонтæ? Бацамонут дзырд «сæр»-ы нысаниуæг.


1). Уалынмæ къуыбырæй разынди арсы сæр.

2). Ныхас йæ сæрæй райдайынц.

3). Аджы сæр фесæфт.


6. Дзырбæстытæ дыууæ цæджындзæй рафыссын:

1-аг цæджындзы дзырдбæстытæ комкоммæ нысаниуæгимæ,

2-аг цæджындзы – дзырдбæстытæ ахæсгæ нысаниуæгимæ.


Стыр хæдзар, стыр пайда, фæлмæн дзул, фæлмæн зæрдæ, сыгъзæрин къухтæ, сыгъзæрин къухдарæн.


7. Нысангонд дзырдтæ афтæ аивут, цæмæй дзырдбастæй пайдагонд цæуа ахæсгæ нысаниуæджы.

Къуырма адæймаг

Сыгъзæрин сахат

Урс зачъетæ

Сау дзыккутæ

Хъарм дымгæ

Уазал къухтæ



8. Нысангонд дзырдтæ синонимтæй рæвдздæр чи аивдзæн.

1). Бæлццæттæ дзæвгар ауадысты.

2).Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый-иу кæн (Къ.)

3). Сабитæ хъæлдзæгæй зарынц.

4). О мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, –

Цухъхъатæ дарæн мын нæй!.. (Къ.)

5). Гыццыл чызг мæ разы алæууыд.



9. Текст бакæсын. Зæгъын, цавæр зиллаччы æмæ бæлццæтты кой кæны автор?

Ссарын антонимтæ, рафыссын сæ.

Зиллаккыл – дыууæ бæлццоны,

Зон, цæуынц æхсæвæй-бонæй.

Иу – цыбырдæр, иннæ – даргъдæр.

Иу – сындæгдæр, иннæ – тагъддæр.

Уыдон фæрцы зоны лæг

Куыстæн, улæфтæн рæстæг. (Тохты И.)



10. Нысангонд дзырдтæ антонимтæй рæвдздæр чи аивдзæн.

1). Æвзæры фæндаг хæрдмæ нæ цæуы.

2). Тагъд де скъоламæ уай.

3). Фесафын æнцон у.

4). Хуылыдз дзаума уæлæ кæнæн нæй.

5). Амондджын адæймаджы раз цæрын æнцон у.


11. Æнгом дзырдбасты хъуыды иу дзырдæй зæгъын:

1). Цæсты фæныкъуылдмæ (рæвдз).

2). Гуыбын хурмæ тавын (ницы кусын).

3). Хъæлæсы дзагæй (хъæрæй)



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс

Скачать
Урок-ерыс 5 къласы. Темæ: «Лексикæ».

Автор: Дауева Эльза Сергеевна

Дата: 26.12.2020

Номер свидетельства: 568623


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства