kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Урок-бесед? «Урсдоны былыл Б?р?гъуын»

Нажмите, чтобы узнать подробности

           Нысан:1.Уацмысæн лæмбынæг анализ скæнын.

2.Ныхасы рæзтыл бакусын.Хи хъуыдытæ загъынмæ арæхсыныл ахуыр кæнын.

3.Сабиты хистæры ныхасæн аргъ кæныныл ахуыр кæанын,хорз,хъуддæгтæм тырнындзинад рæзын кæнын.

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Уæ райсом хорз.

-Абон нæ урокмæ  æрбамбæлдысты уазджытæ не скъолайы ахургæнджытæ.Уазæг буц кæнын рагон ирон æгъдау у æмæ мæ тынг фæнды цæмæй мах сымахимæ,нæ дзабæх куыстæй  уазджыты зæрдæ барухс кæнæм

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Урок-бесед? «Урсдоны былыл Б?р?гъуын»»

,


44-æм скъола

Гом урок




Урок-беседæ


«Урсдоны былыл

Бæрæгъуын»




Ахуыргæнæг Цакъоты Л.К

Дзæуджыхъæу

Урок-беседæ

Темæ:Дзасохты Музафер

«Урсдоны былыл Бæрæгъуын»

Нысан:1.Уацмысæн лæмбынæг анализ скæнын.

2.Ныхасы рæзтыл бакусын.Хи хъуыдытæ загъынмæ арæхсыныл ахуыр кæнын.

3.Сабиты хистæры ныхасæн аргъ кæныныл ахуыр кæанын,хорз,хъуддæгтæм тырнындзинад рæзын кæнын.



Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Уæ райсом хорз.

-Абон нæ урокмæ æрбамбæлдысты уазджытæ не скъолайы ахургæнджытæ.Уазæг буц кæнын рагон ирон æгъдау у æмæ мæ тынг фæнды цæмæй мах сымахимæ,нæ дзабæх куыстæй уазджыты зæрдæ барухс кæнæм.

2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

-Хæдзармæ куыст уын лæвæрд уыди Дзасохты Музаферы уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын». Нæ абоны урок у ,кæронбæттæн урок ацы уацаумæ гасгæ.Йæ темæ у «Урсдоны былыл Бæрæгъуын».

Нæ урочы формæ у урок-беседæ.

Уацауæн скæндзыстæм бындурон анализ.Стæй мæ урочы рæстæг фæнды уæ хъуыдытæ ,уæ ахастдзинад фехъусын цы проблемон фарстатæ æвæрд цæуа уæ разы,уыдонимæ.

Нæ урокæн эпигрæфæн райстон ирон æмбисонд.

«ᴁнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц».

Фæстæдæр мын ратдзыстут дзуапп цæмæ райстон æмбисонды ныхæстæ эпигрæфæн.

Уацмысыл лæмбынæг дзургæйæ,авторы цард æмæ сфæлдыстад нæ зæрдыл куы не рлæууын кæнæм,уæд уый раст нæу.

-Чи у уацауы автор?

-Йæ царды хæбæрттæ нын хæрзцыбырæй нæ зæрдыл чи рлæууын кæндзæн?

-Литерæтурæйы теории дæр нæ зæрдыл чи рлæууын кæнæм ?

-Цæвæр уацмысы хузтæ зонут лит-йы?

-Цæмæй райдайы уацау?

-Хæлардзинадмæ та цы цæстæй кæсы Хъазыбег?

-ᴁцæг хæлардзинад цавæр у?


Ис ахæмтæ семæ знаг уæвын куыд тæссаг у,афтæ хæлартуæвын дар.

-Куыд æркæстыстæм афтæмæй Хъазыбег у рæстдзинад,уарзаг, æцæг хæлар æмæ æгæрон уарзтæй , кæй бон у уарзын ахæм лæппу.Чи балæвар кодта ацы хæзнатæ лæппуйæн?(Дзыцца).


-Дзыццайы фæлгонцыл æрдзурын.

А)Рæстдзинадмæ цы цæстæй кæсы.

Б)Салдаты мардыл æхсæв бонмæ фæкуыдта.

В)Хæдон.Мæгуыр цард кодтой,фæлæ уæддæр Дзыцца не смæсты æмæ Хъазыбегæн зæрдæ бавæрдта йа хæдон ын йæ аккаг,кæй скæндзæн.

Г)Клумбæ иу куы ацыди Хъазыбег ,уæд иу Дзыцца не схуссыд , цалынмæ æрбацыд,уæдмæ.

Д)Дзыццайы фæцæф .Дзыццайы уарзондзинад.ᴁгМрон уарзт, æцæг уарзондзинад,Йæхи уд æй нæ хъуыди.ᴁдзухдæр йæ цотæн тарсти,уыдон уыдысты йæ ис,йæ бон. йæ уарзон хъæбултæ,йæ уалдзыгон стъалытæ.

Мæлгæ-мæлын йе стыр мæт уыдысты йæ цот-Бæди бинонты кæстæр ,Дунетхан æмæ Хъауырбег.Фдæмимæ хæларæй цæрын йæ царды нысан кæй цыди,уый бæрæг у уымæй-дæр æмæ йæ цоты бафæдзæхста йæ сыхыл: «Нæ сыхбæстæ ,мæ сывæллæттæ ,уе уазæг».

(Хъазыбеджы хъарæг)

-Амондджын у,уыцы адæймаг æмæ мад дæр кæмæн и,фыд дæр.Уыдон сты нæ царды ныфс.Уыдонæй райдайы алцыдæр .Мад æмæ фыдæн кад кæнын ,уыдонæй агъдау дæттын у кæстæрты хæс.Бинонтæ фыды уæзæг у дæ Фыццаг Райгуырæн бæстæ(начало начал).

Уырдыгæй райдайы ,уырдыгай рацæуы алы хъуыддаг дæр.Мад æмæ фыд арæхдæр вæййынц фæлмæнзæрдæ,аудаг.

Дæхи хиз ахæм фдæмтай æмæ йæ ныййарæгæн кад чи нæ кæны,уыдон уыл райсомы боны рацæудзысты гадзрахатæй.

«Дæхи цæттæ кæн уымæ,цæмæй дæ ныййарджытæн сæ зæронды бон канд ныфс ма уай,фæлæ ма дæ сæрыстыр дæр хъуамæ уой».Мамсыраты Таймураз

Иоган Вольфган Гете,немыцаг поэт афтæ фыста мады тыххæй: «Самой превосходной из женщин сочтена будет та,которая окажется в состоянии заменить своим детям умершего отца».

-Ацы ныхæстæ Дзыццамæ исты бар дарынц?

-Цæуыл ахуыр кодта Дзыцца йæ сывæллæтты?

-Хъазыбег йе`мкъласонтимæ хъæдмæ ацыд.Калмимæ фембæлд.

Бехъаны æрдз.

-Ирыстоны алæмæттаг къуымтæй иу у Бехъан.Мæнæ фæйнæгмæ ракæсут,мæ фендзыстут Бехъаны рæсугъд бынæттæ.

-Ингæны сард.Мард разынди Непринцев Алексей Филлиппы фырт.Хæсты рæстæг дам Къобосты хъæды нæхи хæдтæхæг æрхауд.Тæхæг парашютæй рагæпп ласта,фæл йæ фашисттæ фехстой.Алексей Непринцев фæмард Фыдыбæстæйы стыр хæсты.

-Кæцы аз фæци хæст?

Цал æмæ цал азы рацыд,фæлæ нырма бирæ салдæттæ нымад сты «без вести пропавшими». æнæбæрæгæй фесæфтысты.

Уымæ гæсгæ Уæрæссейы арæзт цæуы поисковой отрядтæ.Тынг ахтстдиаг куыст кæнынц.Бирæ бинонтæ уыдоны руаджы сæ салдæтты æнæбæрæгæй сæфтыл нал нымайынц.Ирыстоны дæр ис æхæм хæдтæхæджы.312(æртæ сæдæ дыууадæс)тæхæгæн сæ нæмттæ сбæрæг кодтой.



-Цы ахадындзинад уыдис ,Хъазыбег фыццаг хатт газетмæ цы уацхъуыд ныффыста,уымæн.

-Хъазыбег хъæрæй загъта,бирæтæ æргом зæгъын кæй нæ уæндыдысты,уыцы хъуыддаг.

-Сымахмæ та куыд кæсы адæмæн сæ рæдыд æргом дзургæ у?Рæстдзинад дзурын алкæддæр хъæуы?

(Ответы)

-Нæ республикæйы сæргълæццæг.Мамсыраты Таймураз цы чиныг ныффыста «Дæ мæсыг самай уым рæстдзинады тыххæй ахæм хъуыдытæ бакастæн».

-Куыд æвдыст цæуы фыццаг уарзондзинад романы?

(Темырхъан æмæ Мæдинæт).

-Куыд æмбары Хъазыбег та æцæг уарзондзинад?

-Земфирæимæ сæ ахастдзинæдтæ.

-Сымах мæ гæсгæ та ацæг уарзондзинад цавæр хъуамæ уа?

-Кæй ранымадтат уыдон се`ппæт дæр сты ирон лæгæн йæ удварны хæзнæтæ.Ацы хæзнæтæ æнусты дæргъы фыдæй фыртмæ цæуынц.Сæ цæджындзытæ та сты æгъдау æмæ æфсарм .

-Дзыццайы кæимæ,кæимæ,кæннод та цæимæ у уæ бон абарын.

-Мæнмæ та уалдзæджы хуызæн фæкаст.Уалдзæджы хуызæн рæсугъд.Мæнмæ афтæ кæсы цыма Дзыцца уыди бæрзонд,сæрыстыр адæйймаг.

-Дзыцца йæ фæстæ цавæр бинонтæ ныууагьта?

-Дзыццайы фæстæ бинонты хæбæрттæ куыд рауадысты?

-Куыд æвдыст цæуы бинонты аудындзинад?Хæстæджыты,хиуæтты бастдзинæдтæ.

Урочы кæронбæттæн.

-Раттут ма мын дзуапп урочы райдайæн уын цы фарст раттон уымæн: «Цæмæн райстам нæ абоны урокмæ ацы эриграф?»

ᴁнгом бинонты хæзнатæм цы хауы?

1­)Рæстдзинад.

2)Уарзондзинад.

3)Кæрæдзийæн аргъ кæнын.

4)Хистæрæн аргъ кæнын.

-Цавæр хатдзæг скодтат,цы зæгъы нын уацауы кæрон автор.

Бузныг.Хорз бакуыстат,фæнды мæ цæмæй мА нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм аттестаты тыххæй.Хъазыбег цы хъуыды кæны.

(Чиныгæй бакæсын,кæд рæстæг баззайа)

Музафер раст зæгъы .11 азы скъолайы фæахуыр кодтат.Уæ зонындзинæдтæ уын абарæн ис къуыбылоимæ.Кæй зæгъын æй хъæуы,уæ къуыбылæйттæ иухуызон не сты.Фæлæ мæ фæнды ,цæмæй уæ алкæй къуыбылой дæр атула раст фæндагыл æмæ уæ бæрзæндтæм куыд ахæсса.

Куыд никуы фегад кæнат кæм уат,уæддæр уæ ныййарджыты.Ирыстоны кад æмæ намыс бæрзонддæр куыд кæнат.

Ирон æгъдау уæ туджы куыд уа.



Хæдзармæ куыст



Ныффыссут нывæцæн «ᴁнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц».











Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс

Скачать
Урок-бесед? «Урсдоны былыл Б?р?гъуын»

Автор: Цакоева Людмила Касболатовна

Дата: 27.11.2015

Номер свидетельства: 259054


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства