kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Тем?: Ц?рукъаты Алыксандр «Ныхас авд?ны сыв?ллоним?». Поэты ф?дз?хстыт? р?зг? ф?лт?р?н.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантæ:    1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Цæрукъаты

  Алыксандры лирикæйы сæйраг        

   мотивтимæ.

                                             2. Скъоладзауты ахуыр кæнын:

   а) райгуырæн   бæстæ уарзыныл;

                                   б) цардмæ гуманон цæстæнгас дарыныл;

                                   в) рæстдзинадыл æнувыд уæвын.

  1. Æмдзæвгæйы фæлтæрты бастдзинады фарст раргом кæнын.
  2. Скъоладзауты сæ хъуыдытæ аив æмæ рæвдз дзурыныл ахуыр кæнын. Сæ зондахаст æмæ хъуыдыкæнынад сын рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц:      1. Поэты портрет.

  1.  Поэты æмдзæвгæты чингуытæ.

Эпиграф: «Фыдыуæзæг нæ дыууæйæн – нæ исбон»

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Тем?: Ц?рукъаты Алыксандр «Ныхас авд?ны сыв?ллоним?». Поэты ф?дз?хстыт? р?зг? ф?лт?р?н. »

Джиоты З.И.

Темæ: Цæрукъаты Алыксандр «Ныхас авдæны сывæллонимæ». Поэты фæдзæхстытæ рæзгæ фæлтæрæн.

Урочы нысантæ: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Цæрукъаты

Алыксандры лирикæйы сæйраг

мотивтимæ.

2. Скъоладзауты ахуыр кæнын:

а) райгуырæн бæстæ уарзыныл;

б) цардмæ гуманон цæстæнгас дарыныл;

в) рæстдзинадыл æнувыд уæвын.

  1. Æмдзæвгæйы фæлтæрты бастдзинады фарст раргом кæнын.

  2. Скъоладзауты сæ хъуыдытæ аив æмæ рæвдз дзурыныл ахуыр кæнын. Сæ зондахаст æмæ хъуыдыкæнынад сын рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц: 1. Поэты портрет.

  1. Поэты æмдзæвгæты чингуытæ.

Эпиграф: «Фыдыуæзæг нæ дыууæйæн – нæ исбон»

  1. Организацион хай.

  2. 1. Хæдзары скъоладзаутæ хъуамæ бакастаиккой лæмбынæг «Ныхас авдæны сывæллонимæ».

  1. Скъоладзаутæ сæ зæрдыл хъуамæ æрлæууын кодтаиккой, раздæр Цæрукъаты Алыксандр сфæлдыстадæй цы æмдзæвгæтæ сахуыр кодтой, уыдон.

  1. Фарст:

- Зæгъут-ма, раздæр кълæсты Алыксандры лирикæйæ цавæр æмдзæвгæтимæ базонгæ стут?

Скъоладзау дзуапп дæтты.

Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстадимæ фыццаг хатт базонгæ стæм 6-æм къласы. Ахуыр ын кодтам йе 'мдзæвгæтæ «Хæхтыл хурзæрин рæдау…» æмæ «Райгуырæн къона». Фыццаг æмдзæвгæйæ поэт аивæй æрфыста æрдзы нывтæ, фæллойы цин у ацы æмдзæвгæйæ лирикон геройы зæрдæйы уагыл.

Йæ иннæ æмдзæвгæ «Райгуырæн къона»-йы æвдисы фыдыуæзæгмæ уарзыны темæ.

Скъоладзау дзуры наизусть æмдзæвгæйæ скъуыддзаг.

Æвдæлон – æвдæлдæй

Цы бирæ бæстæты фæзылдтæн кæддæр!

Æгæрон хæтæнтæй

Нæ зонын хæдзармæ фæндæгтæй хуыздæр.

Куырм уæвын кæй бон у!

Нывæфтыд галуантæ цæй бæрц фæдтон æз!..

Цы хъарм у, цы хцон у

Мæ райгуырæн къона, мæ фыдæлты къæс!

Иннæ скъоладзау дзуры.

«Гъе уæдæй куы зонын, фыдыбæстæ, дæу!»-æй скъуыддзаг наизусть.

Куы райгуырдтæн – федтон фыццаджыдæр арв.

Мæ зæрдæ кæд уымæн у денджызау арф.

Бæрзондæй уæйыгау егъау къæдзæх каст,

- Ныфсджын дæн кæд уымæн, нæ зонын æз маст.

Хатдзæг: Ацы нывæфтыд рæнхъыты ис бæрзонд этикон хъуыды: лирикон героймæ хорзæй цы ис, уыдон сты йæ бæстæ æмæ йæ адæмы хæрзиуджытæй.

- « Цымæ мын цы дзуры, цымæ мын цы зæгъы». Цæуыл фыст у ацы æмдзæвгæ та?

Дзуапп. Ацы æмдзæвгæ фыст у фыдæлты бæстæ æмæ фыдæлты историон цаутыл. Лирикон хъайтар иумæйагæй зилы «сагъæсдзаст хъæдбынты», «обауджын быдырты», хъуыдытæ кæны Ирыстоны ивгъуыдыл.

Мæ фыдæлты сау зæхх,

Мæ хуыссæн дæ уæлæ – мæ мады хъæбыс,

Мæ бадæн дæ уæлæ – мæ фыды уæхскау.

Фæкæсы мæм афтæ,

Цыма æз гъеныртæккæ райгуырдтæн раст…

Фæкæсы мæм афтæ:

Æз мин азты демæ æмудæй цæрын,

Дæн мин азты дæргъы дæуимæ æмбай.

Ахуыргæнæджы ныхас.

Куыд уынæм, афтæмæй йе 'сфæлдыстады сæйрагдæр фарстатæй иу у райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Фæлæ цæмæй поэты гуманон хъуыдытæ хуыздæр бамбарæм æмæ йын аргъ скæнæм, уый тыххæй хъуамæ зонæм, цы уавæрты рæзыд, уыдон.

Алы адæймагæн æппæты зынаргъдæр сты, æнæмæт сабийæ кæм хъазыд, лæппуйæ кæм куыста, фыццаг уарзт кæм базыдта, уыцы бынæттæ йæ хъæуы алыварс цы æрдзон дуне ис, уый. Цæрукъаты Алыксандр йæ сабибонтæ кæм арвыста, уыцы бынæттæ йын сты адджын, зынаргъ. Ацы ран æмбæлы дæнцæгæн Боциты Алыксандры хъуыдытæ æрхæссын скъоладзаутæн:

«Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстадон рæзтыл сахадыдта йæ райгуырæн Урсдоны диссаджы æрдз. Хатгай мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма Алыксандры хи хъæлæсæй зарынмæ дæр Урсдоны æрдз сифтыгъта, цыма йыл уый бафтыдта фæндарасты дзуар дæр, стыр поэзимæ йæ балцы æрвитгæйæ.»1

Æвæццæгæн, Алыксандр уымæн сцардхъом кодта ирон пейзажон лирикæ. Фадауы тъæпæн, Скъæтты ком, Тырмоны æфцæг – дæсгай ахæм нæмттæ сæхæдæг поэзи сты.

Иннæрдыгæй Алыксандры дуг уыд уæззау историон заман. Поэт йæ фыццаг къахдзæфтæ кодта 30-æм азты. Бавзæрста 37-æм азы трагеди. Йæ фыд бабын репрессийы цалхы бын. Æрыгон лæппу канд сидзæрæй нæ баззад, - йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта социалон æмæ моралон æфхæрд. Кæддæры æнæрастдзинад поэты бафтыдта мидсагъæсыл, æнæнцой фарстытыл.

Зæрдæ, зæрдæ, зæгъ-ма мын, цы фæци мæ фыд? Мæнмæ уымæн цæй бирæ зæгъинæгтæ уыд! Зæгъ, уый чи айста махæй? Цæй тыххæй уæддæр? Æз цæмæн хастон хаудæй мæ риуыл мæ сæр?!

«Адæймагæй цы рисса, ууыл дзуры æдзух», - зæгъы адæмон æмбисонд. Æмæ, æвæццæгæн, Алыксандр æнæ фыдæй кæй рæзыд, ууыл æдзух тыхсгæйæ ныффыста зæрдæйы уидæгтæй фыст æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ».

- Цæмæй райдайы Цæрукъаты Алыксандрæн йе'мдзæвгæ, цæуыл у йæ лирикон геройы цин, цавæр бæллиц ын сæххæст?

- Лирикон герой цин кæны ноггуырдыл, йæ цæстытæй кæлынц цины цæссыгтæ, фæзынд æм ног ныфсытæ царды, дзургæ дæр æм афтæ кæны: Мæ ныфсы сæр, мæ уд æмæ мæ цæст.

- Цавæр зæрдæуагимæ цард нæ лирикон герой?

- Цыфæнды хорз куыстæй дæр йæ зæрдæ нæ рад, уалдзæг ын бæлас не 'фтыдта сыфтæр, бæлæсты 'хсæн цы къанæуттæ къахта, уым дон нæ цыд.

- Цы йын дæтты ныфс?

- Сывæллоны фæзынд ын дæтты стыр ныфс. Сывæллоны «хъæр æмæ худт» ын йæ царды бауагътой ног тых.

- Куыд цыдысты йæ сабибонтæ нæ лирикон геройæн?

- Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй федта бирæ зындзинæдтæ, фыды рæвдыд нæ бавзæрста йæ царды. Лæппу æрмæст сидзæрæй нæ баззад, йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта алыхуызон æфхæрд. Ныр йæхæдæг йæ хъæбулæн фæдзæхсы, цæмæй дзы рæстдзинад макуы уа рох.

- Куыд æмбарут ацы рæнхъыты хъуыды?

Цæмæ бæллыдтæн рухс дунейыл, уымæ. Куы саразис дæхирдыгон фæндаг!

- Фыдæн уæлæуыл ницы бантыст, ныууагъта бирæ сфæлдисинаг æмæ йæ зæрдæйæн уый зын у. Фæнды йæ, цæмæй йæ хъæбул уа тыхджын æмæ уæндаг, цæмæй йæхæдæг цæмæ бæллыд йæ царды, уымæ сараза йæхирдыгон фæндаг.

- Цы нысан кæнынц лирикон геройы хъуыдытæ:

Ныууадзы тулдз æвзонг тала йæ фæстæ,

Фæззæг нызгъалы дидинæг мыггаг…

Æз хъуамæ ногæй рацæуон дæ хуызы,

Дæ хуызы фенон ног райсомтæ æз?

Ацы хъуыдытæ нысан кæнынц уый, æмæ зæххон фарн иу адæймаджы цардимæ нæ аскъуыддзаг вæййы. Фыдæн цы нæ бантыса, уый хъуамæ бантыса йæ фыртæн. Уым ис фæлтæрты бастдзинад, царды æнæмæлæт уидаг. Уый мидæг ис адæймаджы æнусондзинад. Æмæ уый тыххæй зæгъы нæ герой.

Нæ ахуысдзæн, нæ ахуысдзæн мæ арт,

Дæумæ тыхджындæр сабухдзæн мæ цард.

(Æрхæссын æмбисонд: «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы»).

- Цы ма фæдзæхсы ноджыдæр фыд йæ фыртæн?

  1. Кæндзæнис дыл тымыгъбон хаттæй-хатт, - Дæ зын сахаты дзыллæтæм æрхат.

- Ацы рæнхъыты ис стыр хъуыды. Алы адæймагæн дæр йæ царды, æвæццæгæн, вæййы цыдæр зындзинæдтæ, ахизын æй фæхъæуы цавæрдæр цæлхдурты сæрты, æмæ ахæм зын рæстæджы адæймаджы фæхъæуы йæ адæмы хорзæх.

Поэты гуманон хъуыды.

  1. Нæ хъæуы загъд, нæ хъæуы хæст…

- Фыды фæнды, цæмæй зæххыл уа æрмæст сабырдзинад. Фæнды йæ цæмæй йæ фырт разына Батырадзау нæртон æмæ йæм разына уыйбæрц хъару, цæмæй иу лæгау ныддома, нæ хъæуы загъд, нæ хъæуы хæст, зæгъгæ.

Уацмысы бастдзинад абоны цардимæ.

Хæсты цæхæр зæххы къорийыл куы иу ран ссудзы, куы иннæ ран, фæзынд, терроризм, кæцыйы фæстиуджытæ мах нæхиуыл банкъардтам. Бесланы уыцы æбуалгъ митæ кæй зæрдæтæ бакуымдтой кæнын, уыдон рахонæн ис æрмæст лæгсырдтæ, уыдонмæ искæйы рис хъардтайыд, уæд ахæм фыдмитæ нæ бакодтаиккой рæзгæ сабитæн. Цæмæй ахæмтæ не 'хсæн мауал уа, уыцы фæндон рахаста нæ размæ Хостыхъоты Зинæ йæ æмдзæвгæ «Мæ зæрдæ»-йы.

Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, цавæр адæймаджы хоны намысджын?

Ды ма рох кæн, лæг намысджын цæмæй у, - Кæйдæр мастыл дæхи мастау дзыназ…

Ахуыргæнæг.

Уыцы бонты æфхæрд цы ныййарджытæ баййæфтой, уыдон разындысты хъаруджын æмæ ныфсджын, сæ цæссыг калгæйæ, уæддæр хъуыды кæнынц сæ иннæ кæстæрты фидæныл. Нæ асасти сæ ныфс, раст сæм цыма мæнæ Хостыхъоты Зинæйы сидт фехъуыст, афтæ. Сымахмæ гæсгæ, цавæр?

Куы уай æфхæрд, уæддæр-иу базон уарзон, ыссудз цырагъау, макуы ахуысс, ма.

  1. Сызгъæрин тын дæ хæрзгæнæг фæуæд,

Фæндæгтыл-иу дæ хæдразæй цæуæд!

  1. Фыдцæст æмæ фыдкъухæй дæ æмбæхсын.

Зæрдæбынæй йын арфæ кæны, цæмæй Уастырджи нæ урс зыгъар æфсургъыл цæуа зынты йæ рахиз фарс.

- Æркæсут-ма 21 х. æмæ зæгъут, цы зæгъынмæ хъавыд поэт ацы рæнхъытæй та?

- Фыд куры, цæмæй сомбон йæ фырт куы бахъомыл уа, уæд ын йæ фыстытæм æркæса, фæнды йæ, цæмæй йын йæ зæрдæбынæй, цæмæй дзы рæстаг лæг рауайа.

Куы рацæуай ды а зæххæн йæ риуыл,

Фæныхсæд-иу дæ чысыл къахы сындз… Цæмæн?

Цæмæй цардæн йæ цинимæ бамбара йæ рисхæссæг хъыг дæр, цæмæй æвадат, зын уавæры куы бахауа, уæд йæ сæр бынмæ ма руадза.

- Цавæр рæнхъыты æвдыст æрцыд национ хизонынад æмæ сæрыстыры æнкъарæн?

Фыдæлты 'хсар дæумæ куы дæттын æз…

Æмбар дæхи – дæ равзæрæн, дæ ран:

Мæ ног æвзар, мæ къабаз дæ – Алан.

Цæмæн нæ хъæуы зонын нæ фыдæлты истори?

Йæ фыдæлты истори чи нæ зоны æмæ йæ чи рох кæны, уымæн цы уыдзæн йæ фидæн?!

Æркæсæм ма ныр нæ урочы эпиграфмæ

«Фыдыуæзæг – нæ дыууæйæн нæ исбон»

- Куыд æмбарут Алыксандры хъуыды, йе та цы зæгъынмæ хъавы?

- Фыдыуæзæг адæймагæн йæ исбон у, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, æрмæст уый бын у рæсугъддзинад æнкъарын, рæстдзинадыл тох кæнын, намысджынæй цæрын.

- Уæдæ нын цы фæдзæхсы поэт, скæнут-ма хатдзæгтæ.

- Поэт фæдзæхсы рæзгæ фæлтæрæн рæстдзинад уарзын, сабырдзинадыл тох кæнын, адæмыл æнувыд уæвын, фыдæлты ном сыгъдæгæй хæссын, уарзын æмæ мысын фыдæлты истори, райгуырæн зæхх уарзын.

Æрныхас кæнæм Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ»-йы композицийы тыххæй, ома, уацмыс куыд арæзт у, уый тыххæй.

Æмдзæвгæ арæзт у æртæ строфайæ. Фыццаг æмæ дыккаг строфатæ арæзт сты цыппæргай рæнхъытæй, æртыккаг та – дыгай. Рифмæгонд цæуынц фыццаг æмæ æртыккаг, дыккаг æмæ цыппæрæм.

3æгъæм: «мæлынц» - «æмбæлынц»

«зæххыл» - «цъæхыл».

Алыксандр йе'мдзæвгæ ныффыста ямбы размерæй, ома кæрæдзийы æмхуызонæй ивынц дыууæуæнгон къордтæ, фыццаг – æнæцавдон, дыккаг – цавдон.

Дæ у́/лæфт ды́н нæ та́г/джын бы́/дыр хъу́/сы

Кæ/ны́ дын за́/рæг су́/сæ/гǽй /нæ до́н/

Дæ а́/вдæн ды́н нæ хǽх/ты ды́м/гæ у́зы,

Дæ/уǽн куы хуы́/иы ху́р/зæ/ри́н хæ/до́н

Цæмæй чиныгкæсæг афдæр банкъара æмдзæвгæйы лирикон геройы хъуыдытæ, йæ сагъæстæ æмæ бæллицтæ, уый тыххæй Алыксандр арæхстджынæй пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæй.

3æгъæм, абарстытæй. Лирикон герой йæ сабимæ бадзуры æмæ бæллы

Дæ авдæны дæр бирæ у дæ бон,

Батырадзау куы разынис нæртон!

Лирикон геройæн «…ызнаджы фырт…» зæгъгæ-иу йæ фæстæ куы дзырдтой, уæд-иу … ингæнау батар и мæ зæрдæ, æмæ ным химидæг бынтон…

Æрдзы нывтæ æвдисгæйæ поэт арæх спайда кæны олицетворенитæй, метафорæтæй:

Сæ къухтæ тилынц дидинæг бæлæстæ

Сæ быны зæхх цъæх гауызау ысси. – эпитетæй

… Нæу ноггуырд мæй сырды дзæмбы, мыййаг…

кæнæ:

Æрзилдыстæм нæ арф кæмттыл, нæ хъæдтыл,

Æрбаддзыстæм сызгъæрин доны цур.

Арæх поэт йæ хъуыды фæтыхджындæр æмæ фæбæлвырддæр кæныны тыххæй фæдывæр кæны уыцы иу дзырдтæ:

Дзырдтæ:

О, ма мæм кæс, æппынæдзух фæрсæгау

О, ма мæм кæс æппынæдзух тæрсæгау!

Кæнæ:

Æз хъуамæ рацæуон дæ хуызы

Дæ хуызы фенон ног райсомтæ æз.

Поэт йæ геройы хъуыдытæ æмæ йе'нкъарæнтæ æргомдæрæй равдисыны тыххæй спайда кæны антитезæйæ – ныхæй-ныхмæ сæвæры хицæн дзырдтæ, исты эпизодтæ, царды цыбыр нывтæ:

« Ис райхалæн ызгæ рæхысты бастæн –

Нæ райхæлдзæнис ме'рфгуыты æлхынцъ.

Кæнæ:

Цæмæй ды цардæн бамбарай фыццаг хатт

Йæ цинимæ йæ рисхæссæг хъыг дæр.

Арæх фыссæг арæхстджынæй пайда кæны лексикон æмæ морфологион фæрæзтæй:

  1. Архаизмтæй

Бæрæг у, лирикон герой йæ сабийы бонты хорз кæй арæхсыд зæххы, хосы, фосы, хæдзары куыстытæм.

Нæ фендзынæ æрмгуырæй, фæхт, зынгдзæгъдæн,

Цæлласæн, нæрв, цыхцырæджы сыкъа…

Мæ мад-иу раиста пирæн, йе'фæтдзæгъдæн,

Мæ фыд – дзывыр, дзæккор, кæнæ гæркъа.

  1. Синонимтæй:

Нæма райгуырд æнкъарæнтæ дæ риуы,

Нæма змæлынц дæ хъуыдытæ, дæ зонд.

  1. Антонимтæй:

Нæма зоныс, циу амонд, йе'фыдбылыз,

Циу бон, æхсæв – нæма хатыс нырма.

Текст аивгонд æрцæуы алыхуызон морфологион æмæ синтаксисон мадзæлттæй. Уацмысы арæх пайдагонд цæуынц сидæнтæ. Уыймæ лирикон герой йæ сабимæ дзуры фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй, бадзуры йæм алы рæсугъд нæмттæй:

Мæ гыццыл хур, о бахæрон дæ рын…

Дæ фæрцы ногæй байдыдтон цæрын.

Кæнæ:

Мæ ныфсы сæр, мæ уд æмæ мæ цæст!

Дæумæ хъусын, дæумæ кæсын æрмæст!

Поэт йæ хъуыды, йæ сагъæс фæтыхджындæр æмæ фæбæлвырддæр кæныны тыххæй пайда кæны иувæрсыг хъуыдыйæдтæй:

Дæуæн цы зæгъон – никæмæн зæгъдзынæн

Цы дын зæгъон?.. Нырма дæ зæрдæ – сонт

  1. Бæллицаг здæхæны мивдисджытæй

Куы бацæуис ныфсджындæрæй мæ уды

Куы бацæрис тыхджындæрæй, тæхуды.

  1. Фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæй:

Дæу-иу рæстдзинад ма ныууадзæд рохы!

Сызгъæрин тын дæ хæрзгæнæг фæуæд!

Фæндæгтыл-иу дæ хæдразæй цæуæд!

Дзырдты нысаниуæг:

  1. Æдзæм – а) мертвый, безмолвный, молчаливый; б) тихо, молча, молчаливо.

  2. Цъысцъысаг – кузнечик, сверчок.

  3. Хæрв – а) чешуя; б) змеинная шкура.

  4. Гуырдз – зародыш, эмбрион; гуырд – рожденный.

  5. Æгъдæнцой – стремя.

  6. Æргъæу – а) жестянка, жестяной; б) перламутр, перламутровый.

  7. Æргъиу – хрящ.

  8. Галуан – замок, дворец.

  9. Сидт – воззвание, обращение.

  10. Хъаст – жалоба

  11. Монц – соблазн, желание.

  12. Æрхуым – удрученный, æрхуым зæрдæ

  13. Æвзар – всходы, ростки.


Царды зындзинæдтæ нæхиуыл бавзæрста Алыксандр йæ сывæллонæй фæстæмæ (йæ фыды йын æнаххосæй куы ахастой, уæддæр суанг йæ кары куы бацыд уæддæр). Бинонты уæз æмæ æфсарм дæр уыд Алыксандрыл.

« Цыфæндыйæ дæр нæ хæр, нæ мæтгæнæг кæронмæ дæр Алыксандр уыд. Йæ фæстаг æмдзæвгæ куы, нæ фыдмæ мæрдтæм хатгæйæ, зæгъы:

Сæ сау тæригъæдæй, дæ байсæфты мастæй

Æвзонгæй зæрондмæ нывзалы дæн æз!


1 Боциты Алыксандр «Урсдоны æрдз ын – поэзийы бæстæ». Мах дуг, 2003, № 4


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Тем?: Ц?рукъаты Алыксандр «Ныхас авд?ны сыв?ллоним?». Поэты ф?дз?хстыт? р?зг? ф?лт?р?н.

Автор: Джиоева Зарема Итлбековна

Дата: 09.06.2015

Номер свидетельства: 218626


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства