kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Технологическая карта урока по осетинской литературе в 9 классе

Нажмите, чтобы узнать подробности

Тема урока: «Уды хъизмар  рухсдзинадыл -  фндаг рсугъд фиднм

                    (Цæллыкаты Ахмæты радзырд  «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ )

Тип урока: урок - беседа.

Дидактическая задача урока: формирование у учащихся умений реализации новых способов действия, расширение понятийной базы за счет включения в нее новых элементов.
 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Технологическая карта урока по осетинской литературе в 9 классе»

Кълас: 9 ( ирон литературæ)

Ахуыргæнæг: Гуытъиаты Индир



Темæ: «Уды хъизмар рухсдзинадыл - фндаг рсугъд фиднм

(Цæллыкаты Ахмæты радзырд «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ)



Урочы нысантæ.

Хæххон адæмы трагеди равдисын,

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентаци, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф:

«Покинув Родину –теряешь все.»

(Кавказская пословица)

Урочы структурæ



Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА


Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)


- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты. (слайд 1)

- Байхъусут зарæгæй скъуыддзагмæ æмæ дзуапп раттут фарстæн цæй тыххæй у зарæг?

(слайд 2)


-Раст зæгъут.


салам дæттынц




хъусынц зарæгмæ æмæ дзуапп дæттынц

(Райгуырæн бæстæйы тыххæй)

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),



Актуализаци


(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)









- Райгуырæн бæстæ....

Райгуырæн зæхх!

Цас хорз æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытыл æфтауы адæймаджы. Уайтагъд зæрдæ айдзаг вæййы цыдæр æхсызгондинадæй, цæстытыл ауайынц нæ урссæр хæхтæ, нæ диссаджы цъæх фæзтæ æмæ быдыртæ. Адæймаг сулæфы арфдæр æмæ уæндондæр. Райгуырæн бæстæ алкæмæндæр зынаргъ у. (слайд 3)


- Мæнæн дæр, сымахæн дæр æмæ нæ абоны ныхасы хъайтар уыбыхаг Хатажукæн дæр.

Мах абон равзардзыстæм Цæлыккаты Ахмæты радзырд «Бынылзад уыбыхаг», скæндзыстæм хатдзæгтæ.





кæсынц видеороликмæ






Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци,

хи куыстæн пълан аразын)


удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)





Ног æрмæгыл куыст.


Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.



































Чиныгимæ куыст



- Ӕркæсæм тексты композицион арæзтмæ.

- Цы у композици?

- Цал хайæ арæзт у ацы радзырд?

- Цы æвдыст цæуы 1 хайы?

-Чи ма равдыста уыцы трангедийы нывтæ?

- Нæ зæрдыл нын чи æрлæууын кæндзæн уыцы азты трагедийы цаутæ?




































- Ӕркæсæм уал Ахмæт йæ радзырды куыд равдыста уыцы трагеди.


















- Сæ маст ныхъуыргæйæ ныууагътой сæ райгуырæн хæхтæ, сæ фыдæлты ингæнтæ, бонрухс кæм федтой, уыцы хæдзæрттæ, сæ фосы рæгъæуттæ сæ туг æмæ хидæй æлхæд зæххытæ, ныууагътой сæ фыдæлты бирæ фæлтæрты мулк æмæ фæллой.

( слайд 4)


- Тексты ссарут лыгъд адæмы хъизæмæрттæ кæм æвдыст цæуынц, уыцы рæнхъытæ æмæ сæ абарæм Темырболаты сфæлдыстадимæ.







- Ацы цаутæ уын уæ зæрдыл цавæр уацмыс æрбалæууын кодтой?

- Абарæм – ма сæ Темырболаты уацмысимæ.

- Кæсы æмдзæвгæйæ скъуыддзаг.

(слайд 5)


-Цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц?






- Ахæм зынтæ æвзаргæйæ æрбахæццæ сты сæ былыцъæрттæ кæмæ хордтой, уыцы денджызы былмæ.

- Цавæр уавæры уыдысты денджызы раз?


- Уыцы адæмимиæ бады уырыссæгтимæ -иу мæлæтдзаг тохы чи бацыд, мæлæты цæстытæм ком-коммæ чи каст, уыцы уыбыхаг лæппу Хатажук.

- Чи уыди Хатажук?

- Цы базыдтат Хатажучы тыххæй?

















- Цымæ цæмæн?

(слайд 6)





дзуапп дæттынц

Радзырд арæзт у 3 хайæ

Кавказаг адæмы трагедии


Мамсыраты Темырболат


- 1774 азы Ирыстон барвæндонæй баиу Уæрæсейы паддзахадимæ. Уый сын фæпайда фыссынад саразынæн, скъолайы къæсæрæй бахизынæн, иннæ адæмты æхсæнмæ цæуын, дунейы цивилизацийы рæзтæй хайджын фæуын. Ӕцæг, паддзах, нæ колониалон режим куы æрæвæрдта Кавказы, уæд бирæ адæмтæ растадысты нæ ныхмæ, уæлдайдæр та пысылмон диныл лæуд адæмтæ. Хæст ныддаргъ ис дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр. Ӕргом хæст фæци, фæлæ сæ зæрдæйы хæрам нæ байсысти. Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ сæ маст исыны фæдыл, протесты хуызы лыгъдысты се ᾽мдин Туркмæ, иннæтæ сæ кæрдтæ цыргъ кодтой.

- Уыцы уавæры Турчы хицæутты дæр æмæ Уырысы паддзахы дæр фæндыд, хæрам адæм, Уырысы паддзахады хицауиуæгæй разы чи нæ у, уыдон Туркмæ куы алидзиккой, уый. Туркæн пайда уыд ацы хабар, Кавказаг адæм кæддæриддæр цæттæ уыдысты Уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Уырысы паддзахадæн дæр пайда уыд, уымæн æмæ хæрам адæмæй сцух уыдаид, æнæнцой тохы лæуд Кавказы адæмтæ ныссабыр уыдаиккой. Дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст. Ардауджытæй иу уыд Куындыхаты инæлар Муссæ, Темырболаты мады фсымæр. Уый бирæ адæм алидзын кодта йемæ Туркмæ 1865 азы.


- Тагъддæр лидзын хъæуы ацы æнаггæгтæй, зæрæдтæ, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæн дæр хатыр чи нæ зоны, мард æмæ дзуар кæмæн нæй. Цалынмæ рухс кувæндæттæй нæ фæхынджылæг кодтой, чызджытæ æмæ лæппутæй нæ фæхъазыдысты, сæхи закъонтæ æмæ æгъдæуттæ не ᾽рæвæрдтой, уæдмæ хъуамæ нæ сæрæн исты хос скæнæм, кæннод байрæджы уыдзæн.

Адæм хъомпалæй размæ лæгæрстой. Тагъд кодтой иууылдæр... Алырдыгæй хъуысти къамбецты æмбу, бæхты мыр-мыр, фысты уасын, куыйты ниуын æмæ рæйын, сылгоймæгтæ æмæ сывæлæтты æрдиаг, топпы гæрæхтæ. Хатгай-иу адæмы æхсæнæй райхъуыстысты æнкъард зарæджы мыртæ. Бирæты рустыл судзаг цæссыгтæ уадысты, афтæмæй цыдысты, сæ райгуырæн хæхтæй сæ дарддæрæй - дарддæр чи хуыдта, уыцы æнамонд фæндагыл.












Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой лыгъд адæм фæндагыл, фондзыссæдзгæйттæй цагъды кодтой. Мардысты сæ фос æнæ холлаг, æнæ донæй. Фæндаг стæгдарæй нал зынд.

Цалынмæ денджызы былмæ хæццæ кодтой, уæдмæ Хатажук баныгæдта йæ мад æмæ йæ фыды. Амы уазал , æххормаг, æнæкæрон хъизæмæрттæн - нæ бафæрæзтой йæ дыууæ кæстæр æфсымæры æмæ хо.



«Дыууæ æмбалы»



хъусынц



Ахмæт нын йæ радзырды æвдисы иу бинонты хъысмæт. Темырболат та равдыста йæ æмдзæвгæты зæххыл цы бирæ сайд адæмтæ уыд, Кавказы хæхтæй алидзгæ, уыдон.



Мардæрцыд ма цы у - алыхуызон низтæ сарæх сты. Адæмыл емынæ сыстад.








Хатажук уыди фæлмæнзæрдæ адæймаг, йæ маст ныхъуыргæйæ ныууагъта йæ райгуырæн хæхтæ, йæ фыдæлты ингæнтæ, ныууагъта йæ фыдæлты бирæ фæлтæрты мулк æмæ фæллой.

Стамбулмæ! Стамбулмæ!..-зæгъгæ, æнкъард кæмттæ æмæ сæрбæрзонд къæдзæхтыл кæйдæр фæдисхъæр куы айхъуыст, уæд Хатажучы зæрдæ æнахуыр рæхуыст скодта.

Æнхъæлмæ кæсы Хатажук дæр. Кæд ын цыфæнды зын у, уæддæр йæ тыхст уавæр æддæмæ не вдисы. Лæг кæмдæриддæр хъуамæ лæг уа. Цæрæгойты бафынæйы размæ, Хатажук, бæхтæ кæм хизынц, уырдæм ацæуы æмæ йæ диссаджы рæсугъд æнæрцæф æфсургъмæ кæсынæй нал фефсæды..









Йæ иузæрдион æмбалы уынд æй ивгъуыд бонты балæууын кæны, æмæ йæ зæрдæмæ хуры тын ныккæсы.

Алцæмæй дæр бавдæлон Хатажук. Йæ иунæг ныфс ма уыдис йе'нæрцæф æфсургъ, йæ иузæрдион хæлар, гадзрахатæй йыл чи никуы рацыд, бирæ хæттыты йæ чи фервæзын кодта.



Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын),


коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),


удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

































Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),


удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).









Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.






- Бæх æмæ адæймаг - уыдон æрдз кæрæдзийæн æххуыссæн сфæлдыста, бæхы зондджын æмæ æмбаргæ зæрдæ. Цал æмæ цал æфсæддоны фервæзын кодтой тохы быдыры, уымæн бирæ дæнцæгтæ ис.

- Нæ зæрдыл ма дзы иу цалдæр æрлæууын кæнæм.





- Уæдæ – Æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр Хъантемыраты Алыбеджы кой чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Ӕрмæст ыл нæуæдз азы куы сæххæст, уæд æрхызт йæ бæхæй. Абон Алыбеджы фарн дарддæр хæссынц йæ фæдонтæ. Уæлдай тынгдæр ын æххæст кæнынц йæ сæйрагдæр фæдзæхстытæй иу «Бæх у, адæймаджы зæрдæ æппæтæй тынгдæр чи ᾽нкъары æмæ æмбары, ахæм цæрæгой æмæ йæ зæрдæхудты макуы бацæут». Йæ фырт Ирбегæй никуы рох кодта мæнæ ацы хабар.

- Байхъусæм æм.





















- Хатажук æмæ йæ бæхы ᾽хсæн дæр ахæм ахастдзинæдтæ уыди æмæ ныр райсом хъуамæ фæхицæн уой.



- Цæмæн? Тексты дыккаг хайæ пайдагæнгæйæ дзуапп раттут.





















- Цæмæн суынгæг йæ зæрдæ Хæтæжукæн?

- Куыд хицæн кæны йæ бæхæй?

Тексты æртыккаг хайæ пайдагæнгæйæ ма дзуапп раттут.




- Цавæр маст ын бауагътой йæ зæрдæйы æмæ цы сфæнд кодта?





- Бæх йæ иузæрдион æмбал кæмæн у, уый уæм цавæр фæкаст?



-Ракæсут фæйнæгмæ æмæ абарут уæ дзуæппытæ. (слайд 7)


Удæй сыгъдæг,

фæлмæнзæрдæ,

æцæг æмбал,

хъаруджын,

хъæбатыр,

ныфсджын,

сæрыстыр,

хиуылхæцгæ.










Мачъыдон Алыксандры бæх - Буцефал;

Нарты кадджыты бæх – Æрфæн;

Плиты Иссæйы бæх.
















Алыбеджы кæсгон бæхæн йæ ном хуынди Терк. Æхсæв-иу цы бæхдоны уыд, уымæн йæ рудзынг асаст. Алыбег цалдæр хаты бæхдоны кусæгæн загъта, цæмæй уыцы саст рудзынг раивтаид ногæй. Фæлæ йын уый абон-райсом кодта Иухатт Алыбег тынг смæсты æмæ йын карзæй загъта, цæмæй æвæстиатæй бæхдоны рудзынджы сæвæрдтаид авг. Уыцы рæстæг Алыбег бахызт бæхдонмæ æмæ джихæй кæсгæйæ баззад йæ бæхмæ. Уый-иу дзыхы дзаг хъæмп систа æма иу æй саст рудзынджы зыхъыры батъыста. Иæ «куыст» куы фæцис, уæд Алыбегмæ æнкъард цæстытæй ракаст, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыд, ома, сымахмæ куы кæсон, уæд мæ ам уазал дымгæтæ фæхойдзысты, зæгъгæ.





Райсом хъуамæ Хатажукы дæр нау аласа цытджын падишахы бæстæмæ. Фæлæ уымæй Хатажукæн нæ фенцондæр. Йæ катайыл ма бафтыд. Иæ бæхы йын ласын нæ бауагътой, бынæттæ адæмæн нæ фаг кæны, зæгъгæ.

Куы рталынг, уæд йæ бæхы цурмæ бацыд. Фаста йæ. Удæй хæстæг уыдысты Хатажук æмæ йæ бæх, уый йеддæмæ йын ничиуал ис. Хатажукæн йæ царды цыдæриддæр æхсызгондзинадæй æрцыд, уыдон ыл иууылдæр йæ бæхимæ æрцыдысты. Æмæ мæнæ ралæууыд сæ фæхицæны рæстæг. Йæ царды тæккæ уæззаудæр сахат. Зыбыты иунæгæй куы баззад, уæд Хæтæжукы зæрдæ суынгæг æмæ бæхы бæрзæйæ йæ æмыр кæуын райхъуыст.





Йæ бæхæй кæй хицæн кæны, уымæн.


Ныхсадта йæ сабыргай араст.

Хатажук бæхы фæрстæ æрбацавта.

Тæхгæ-тæхын - хъримаг аивтыгъта.



Хатажук йæ сæрмæ не 'рхаста йæ цæдисон æмбалæн ын æндæр аргъ кæй не скодтой, тынг æфхæрдыл æй банымадта. Ӕмæ йæ масты фæдыл ацыд, йæхи æд бæх денджызы баппæрста.



дзуапп дæттынц.


кæсынц







Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),


коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ)



удгоймагон

(мадæлон æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)






















Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),


коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)





удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)







Рефлекси.



Æрмæг бафидар кæныныл куыст.


Хатдзæгтæ скæнын.












































































- Цы нысан кæны Хатажук æмæ бæхы сæфт?











- Уæдæ нæ урочы темæ дæр уый нысан кæны.

- Кæд символы кой скодтам, бамбарын кæнæм цы у символ?







- Нæ цæст ахæссæм текстыл æмæ ма æрхъуыды кæнæм, цавæр ныхæстæй райдыдта?













- Туркмæ чи ацыд, уыцы адæмæй уыбыхæгтæй æнамонддæр ничи разынд. Нæ баци сæ бон бахъхъахъæнын се ᾽взаг, сæ культурæ, сæ традицитæ. Иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ убыхæгты нымайынц абхазты æмæ адыгты фыдæлтæй.

- Абон нæ урочы эпиграф хуымæтæджы нæ райстон уырыссагау, уымæн æмæ ацы æмбисонд Кавказы адæмтæм се ᾽ппæтмæ дæр ис, алы æвзæгтыл алыхуызон хъуысы.

(слайд 9)



- Бакæсут видеоæрмæгмæ.



- Уыбыхæгтæ фесæфтысты. Фæстаг уыбыхаг Тевфик Эсенчы тыххæй ныффыста Баграт Шинкуба йæ роман «Последний из ушедших»-ы.

Уый цард Турчы, хорз зыдта йæ адæмы культурæ æмæ традицитæ, уыбыхаг æвзаг. Фехъуыста сæ фыды фыд Ибрагимæй, зыдта Французаг лингвист Ж. Дюмезилы. 1992 азы амард, уыимæ амард уыбыхаг æвзаг дæр.

(слайд 10)



- Хъыгагæн, абон ЮНЕСКО бахаста ирон æвзаг, сæфгæ чи кæны, уыцы æвзæгты къордмæ.

Ныртæккæ мах цы царды цæрæм, уый арæзт æрцыди тынг раджы, бирæ фæлтæрты зондæй. Уыцы хъæздыгдзинадæй мах пайда кæнæм дунейы рухсмæ куы рахизæм уæдæй нæ амæлæтмæ. Нæ фыдæлты æгъдауыл чи хæцы, уыдоны кад, æфсарм æмæ уæздандзинад зынаргъ кæмæн не сты, йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи у, уый цæй ирон у?



- Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

- Уæ зæрдæмæ хæстæгдæр цы айстат?

- Зæгъут – ма уæ хъуыдытæ.



- Цæмæй мах дæр уыбыхæгты хъысмæт ма баййафæм, уый тыххæй нæ хæс у нæ рагфыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ фидар кæнын æмæ сæ дарддæр хæссын фæлтæрæй фæлтæрмæ. Æвзаг сафын ма бауадзæм, фылдæр ыл дзурæм æмæ йын кад кæнæм.




Уыбыхаг адæмы национ трагедии. Фæстаг адæймаджы онг Туркмæ кæй фæлыгъдысты, уымæ гæсгæ сæ фæд фесæфт. Уыбыхаг Хатажук йæхи денджызы кæй баппæрста, уый у нацийы сæфты символ. Уый размæ æппæт хиуæтты æмæ хæстæджыты амæлæты æвдисæн кæй уыд, уымæй та скæнæн ис хатдзæг - фæдонтæ йын нал ис æмæ фыдæлты фарн мæрдтæй ничиуал раздахдзæн.





Символ у - уæрæх арф нысаниуæг чи райсы, ахæм фæлгонц. Ацы радзырды Хатажук æмæ йæ бæх сæхи денджызы кæй баппæрстой, уый у нацийы сæфты символ.


Иæхимæ ныхъхъуыста уыбыхаг лæппу. Уыцы хъуыдыйы нын Ахмæт бамбарын кодта, зæрдæ кæмæй фæриссы, ахæм цаутæ кæй æрцæудзæн. Афтæ мæм кæсы, цыма адæмы трагедии уыцы цыбыр хъуыдыйады бавæрдта. Уый у уацмысы экспозици.

(слайд 8)






.





кæсынц

















дзуапп дæттынц





Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),


коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),




удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

































Хæдзармæ куыст


Ныффыссын нывæцæн « Мæ мадæлон æвзаджы сомбон»




Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.





























Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Технологическая карта урока по осетинской литературе в 9 классе

Автор: Гутиева Индира Дмитриевна

Дата: 02.01.2020

Номер свидетельства: 534253


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства