kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Таурæгъ «Кодзырты Таймураз».

Нажмите, чтобы узнать подробности

  1. Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.
  2. Бамбарын кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Таурæгъ «Кодзырты Таймураз».»

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 7-æм къласы

Темæ: Таурагъ «Кодзырты Таймураз».

Ахуыргæнæг: Хъайттаты Л.М.



Урочы нысантæ.

  1. Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.

  2. Бамбарын кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

  3. Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.



Урочы эпиграф:

«Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,

йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай, уæд»



М.Горький










Урочы структурæ



Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.


Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)


«Кодзырты Таймураз» -æй скъуыддзаг сæвæрын.



Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.


Актуализаци


(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)










- Кæй номыл у зарæг?


- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?


-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?


-Сбæрæг - ма кæнут нæ абоны урочы темæ.


- Цæмæн хонæм Таймуразы зарæг адæмон?


- Зындгонд уырыссаг фыссæг

М.Горький дæр раст загъта «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.













Урочы темæйыл куыст.




- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг презентациимæ «Адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт».


Хатдзæг:

Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се’ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сфæлдыстад. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм сæхæдæг дæр.

Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.


Хъусынц æрмæгмæ æмæ кæсынц презентацимæ. (адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт)







Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.


Къордты куыст:

- Уæдæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы зонæм, уый.

- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдисмæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.

1 къорд:

1.Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

2.Чи уыдис Кодзырты Таймураз?

3.Куыд равдыста йæхи Таймураз знæгтимæ тохы?


2 къорд:

1.Цавæр адæмон сфалдыстады хуызмæ хауы на абоны урочы темæ?


2. Цы тæрхон рахастой кæсгон алдæрттæ Таймуразæн æмæ сæ къухы куыд бафтыд?


3.Цавæр адæмон зарджытæ ма зонут?




Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.


















«Чермены зарæг», «Антъоны зарæг»


Ног æрмæгыл куыст.


Раныхас:

- Æз уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст:цавæр уацмыстæ ма зонут аддагон знæгты ныхмæ тохы темæйыл ирон литературæйы? Чи сты сæ архайджытæ - хъæбатыртæ?

Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ. Адæм сæ бирæ уарзтой, сæрыстыр сæ уыдысты. Сæ уарзондæр хъæбатыртыл-иу скодтой канд таурæгътæ нæ, фæлæ зарджытæ дæр. Ахæм ирон нæлгоймаг нæ уыдис æмæ зарын, хъырнын чи нæ уарзта. Хъæбатырты зарджытæ-иу ахæлиу сты комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ, æппæт адæмæн-иу систы æмхуызон æмæ-иу сыл æрыгон лæппутæ, фæсивæд, ахуыр кодтой лæгдзинадыл, Фыдыбæстæ уарзыныл. Амыдтой сын се ᾽фхæрæг тыхгæнджыты раз сæрыстыр уæвын, адæймаджы,ирон лæджы сæры кад бæрзонд æмæ сыгъдæг дарын.

Ирон адæм ахæм кады зарджытæ скодтой Тлаттаты Ч., Берозты Т. æмæ иннæтыл. Фæлæ абон мах дзурæм Кодзырты Таймуразыл.

Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, Таймуразы номæй сæрыстыр чи нæ у. Суанг ма ирон лæг фыр буцæн йæ фыртæн ратты Таймуразы ном. Таймураз у нæ национ хъæбатыр. Уый тох самадта кæсгон æлдæртты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Хъæбатыр лæджы номыл ис саразæн цыртдзæвæн, кæнæ мæсыг, цæмæй йæ ном ма ферох уа. Фæлæ рацæудзæн рæстæг æмæ цырты фыстытæ фесæфдзысты, гæнæн ис, æмæ акæла мæсыг. Фæлæ нæй амæлæн, фесæфæн, адæмы зæрдæйы цы цыртдзæвæн ис, уымæн – зарæгæн.

- Байхъуыстам скъуыддзагмæ, ныр- та æнæхъæнæй йæм байхъусут.


-Таймураз ирон адæмæн у сæ кадджындæр хъæбатыртæй иу. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ йыл адам сарæзтой героикон зарæг. Йæ ном хъуыстгонд æмæ уарзон уыд ирон адæмæн, хъæбатыр цæхæрцæст Кодзырты Таймураз. Ахæм зарæггæнджыты къорд, кæнæ хицан зарæггæнæг нæ уыд, Таймуразы зæрæг иу йæ репертуармæ чи нæ бахаста.



Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та зарæгмæ.






























































Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.



- Ныр та бакæсæм æмæ равзарæм таурæгъ.

(Кæсынц документалон нывмæ.

Кæсы Секъинаты Альбина.)



Беседæ уацмысы мидисмæ гæсгæ.




  1. Цавæр дуг æвдыст цауы таурæгъы?


  1. Æлдар Санибамæ цæмæн бацыд?


  1. Куыд дардта йæхи Таймуразы хæдзары?


  1. Цы миниуджытæ раиртæстат Дзиццамæ?


  1. Цы тæрхон рахастой кæсгон æлдæрттæ?


  1. Куыд бафтыд Таймураз йе знæгты къухы?


  1. Цавæр миниуджытæй хайджын у Таймураз?


  1. Кæд фæзæгъынц æмбисонд:

«Мæсыг хи дурæй хæлы»?








Дзуапп дæттынц чиныгæй пайдагæнгæйæ.











Скъоладзаутæ дæттынц дзуаппытæ





Уæздан, хиуылхæцгæ. Кæд смæсты, уæддæр йæхи уромы. Æлдармæ дзуры фæлмæнæй. Æгъдауджын.






Равдыста стыр хъабатырдзинад. У кусаг, тыхджын, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, уæззаузонд.


Скъоладзаутæ дæттынц дзуаппытæ. Халынц æмбисонды хъуыды.








Рефлекси.


Æрмæг бафидар кæныныл куыст.


Хатдзæгтæ скæнын.








- Куыд ис схонæн ацы миниудждытæ иу ныхасæй?

- Куыд уæм кæсы, ныртæккæ Таймуразы таурагъан (зарæгæн) мах царды исты ахадындзинад ис?

- Цæуыл нæ ахуыр кæны?


-Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:

фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.


1.Æфхæрд нæ ныббарын.

- Абоны царды актуалон у?


Иуыл иумæ та сты…


-Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ, сбуц кодтам таурæгътæ æмæ зарджыты фæрцы нæ ивгъуыд заманты уарзон хъæбатыр - Кодзырты Таймуразы рухс ном. На урочы кæрон фидарæй нæ бон загъын у: «Хъæбатыртæ нæ мæлынц. Цæрынц нæ зæрдæты»!


Синквейн.

1. Таймураз

2. хъæбатыр,уæздан

3. тох кæны, маст исы,уарзы

4. сæрибарыл тох кæны.

5. тохгæнæг




лæгдзинад



2. Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.

3. Адæмы сæраппонд дæ цард раттын.







лæгдзинады нысаниуджытæ.


кластер.

хъæбатыр




Тыхджын


Таймураз


Фæразон


Уæззаузонд






Ныфсджынн


Хиуылхæцгææ



Хæдзармæ куыст.

Таурæгъ бакæсын. Бацæттæ кæнын цыбыр раныхас: «Таймуразы сгуыхт». Спайда кæнын текстæй.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.






Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
Таурæгъ «Кодзырты Таймураз».

Автор: Кайтова Лариса Максимовна

Дата: 17.11.2021

Номер свидетельства: 591731


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства